Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

37 УРОК

Сӕйраг хъуыдытӕ бӕрӕг куыд уой, ууыл архай

Сӕйраг хъуыдытӕ бӕрӕг куыд уой, ууыл архай

НЫХАСЫ сӕйраг хъуыдытӕ — цы сты? Уыдон не сты, «цӕугӕ-цӕуын» дыууӕ ныхасӕй кӕй зӕгъай, ахӕм цымыдисаг фиппаинӕгтӕ. Сӕйраг хъуыдытӕ сты, бӕлвырд-бӕстон дзырд кӕуыл фӕцӕуы, уыцы ахсджиаг хъуыдытӕ. Ӕнӕ уыдонӕй дӕ ныхас йӕ нысаныл нӕ сӕмбӕлдзӕн.

Цӕмӕй сӕйраг хъуыдытӕ иннӕты ’хсӕн бӕрӕг уой, уый тыххӕй фыццаджыдӕр хъӕуы, ӕцӕгдӕр дӕ чи хъӕуы, ахӕм ӕрмӕг ссарын ӕмӕ йӕ раст равӕрын. Ӕрмӕг агургӕйӕ адӕймаг, цас ӕй бахъӕудзӕн, уымӕй бирӕ фылдӕр цӕуылдӕрты фӕхӕст вӕййы. Цы дӕ дзы хъӕуы ӕмӕ цы нӕ хъӕуы, уый куыд ис базонӕн?

Фыццаджыдӕр, ахъуыды кӕн, чи сты дӕ ныхасмӕхъусджытӕ. Дӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн, уыимӕ хорз зонгӕ сты ӕви нӕ? Уыцы фарстайы фӕдыл Библи цы дзуры, уыимӕ сӕ фылдӕр разы сты ӕви сӕ чидӕртӕ гыццыл гуырысхо кӕнынц? Уыцы фарстайы фӕдыл Библийӕ цы зонынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ куы фӕфӕнды архайын, уӕд царды мидӕг цавӕр цӕлхдуртыл сӕмбӕлынц? Дыккаджыдӕр, дӕ хъуыдыйы дар, цӕуыл дзурдзынӕ ӕмӕ кӕмӕн дзурдзынӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕ разы цы нысан сӕвӕрдтай. Ацы дыууӕ уынаффӕйы дӕ зӕрдыл даргӕйӕ лӕмбынӕг ӕркӕс, цы ӕрмӕг дӕм ис, уымӕ, ӕмӕ дзы ныууадз, ӕрмӕстдӕр дӕ ӕцӕгӕй цы хъӕуы, уый.

Кӕд дын раныхас бахӕс кӕнгӕйӕ, йӕ ном ӕмӕ сӕйраг хъуыдытӕ кӕм ис, ахӕм пълан радтой, уӕд дӕ ныхас уымӕ гӕсгӕ араз. Фӕлӕ афтӕмӕй дӕр дӕ раныхас хуыздӕр рауайдзӕн, алы сӕйраг хъуыды халгӕйӕ дӕр, уӕлдӕр цы уынаффӕты кой кодтам, уыдон дӕ зӕрдыл куы дарай. Пълан дын куы нӕ раттой, уӕд та сӕйраг хъуыдытӕ цавӕртӕ уыдзысты, уый уыдзӕн дӕхи ӕвзаринаг.

Сӕйраг хъуыдытӕ дзӕбӕх куы бамбарай ӕмӕ сын иннӕ ӕмбарынгӕнӕн хъуыдытӕ сӕ бынмӕ раст куы равӕрай, уӕд дын дзурын уыдзӕн ӕнцондӕр. Ӕмӕ дзы, ӕвӕццӕгӕн, адӕм дӕр сӕхицӕн зондӕн фылдӕр райсдзысты.

Ӕрмӕг фӕд-фӕдыл равӕрыны мадзӕлттӕ. Раныхасы ӕрмӕг фӕд-фӕдыл равӕрынӕн алыхуызон мадзӕлттӕ ис. Цавӕртӕ сты, уый куы базонай, уӕд дзы равзар, дӕ нысан сӕххӕст кӕнынӕн дзы стырдӕр ахъаз чи уыдзӕн, ахӕмтӕ.

Ӕрмӕг фӕд-фӕдыл равӕрынӕн замманайы мадзал — хицӕн фарстатӕм гӕсгӕ йӕ равӕрын. (Сӕйраг хъуыдытӕй никӕцы ис айсӕн, уымӕн ӕмӕ дзы иу дӕр куы айсай, уӕд ныхасмӕхъусджытӕ, дзырд цӕуыл цӕуы, уый дзӕбӕх нӕ бамбардзысты ӕмӕ дӕ ныхас йӕ нысаныл нӕ сӕмбӕлдзӕн.) Ис ма ноджыдӕр иу мадзал — ӕрмӕг, цаутӕ куыд цыдысты (кӕнӕ куыд цӕуынц), уымӕ гӕсгӕ равӕрын. (Зӕгъӕм, нырма уал дзурыс, Доны хъаймӕты размӕ цы хабӕрттӕ ӕрцыди, уыдоныл, стӕй — н. э. 70 азы Иерусалимы ныппырхы размӕ цаутыл, уый фӕстӕ та — абон цытӕ цӕуы, ууыл.) Ӕртыккаг мадзал та ахӕм фӕткмӕ гӕсгӕ: цы ’рцыд ӕмӕ цӕмӕн. (Дӕ бон у, ӕмӕ уал нырма, цы ӕрцыд, уый кой ракӕнай, стӕй та, афтӕ цӕмӕн рауад, ууыл ӕрдзурай, йе та иннӕрдӕм.) Цыппӕрӕм мадзал — ныхӕй-ныхмӕ ӕвӕрын. (Зӕгъӕм, ныхӕй-ныхмӕ ӕрӕвӕрӕн ис хорз ӕмӕ ӕвзӕр.) Иу раныхасы спайдагӕнӕн вӕййы цалдӕр мадзалӕй дӕр.

Стефаны рӕстӕй куы фӕаххосджын кодтой ӕмӕ йӕ иудейты Синедрионы раз куы ӕрлӕууын кодтой, уӕд, зӕрдӕйыл чи ӕмбӕлы, йӕ уыцы раныхас снывӕзта, цаутӕ куыд цыдысты, уымӕ гӕсгӕ. Куыстытӕ 7:2—53 куы кӕсай, уӕд ма дӕ хъус ӕрдар, алы хъуыды дӕр дзы куыд лыстӕг ӕвзӕрст у, уымӕ. Иууыл райдианӕй Стефан бӕлвырдӕй бамбарын кодта, йӕ ныхасмӕхъусджытӕ хорз кӕй зыдтой, уыцы хабӕрттыл кӕй уыдзӕн йӕ ныхас. Уый фӕстӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, зӕгъгӕ, кӕд Иосиф йе ’фсымӕртӕн уӕлдайаг сси, уӕддӕр Хуыцау уый равзӕрста йӕ адӕмы фервӕзын кӕнынӕн. Дарддӕр сын сӕ хъус ӕрдардта, иудейтӕ кӕй нӕ хъуыстой Моисеймӕ — Хуыцауы ӕвӕрд раздзӕуӕгмӕ. Ӕмӕ сын ӕппынфӕстаг ӕргом загъта, Израилы адӕм уӕды заманты цы зондыл хӕст уыдысты, уыцы зондыл хӕст кӕй сты, Йесо Чырыстийы чи амардта, уыдон дӕр.

Сӕйраг хъуыдытӕ хъуамӕ бирӕ ма уой. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ цыфӕнды фарста райхалынӕн дӕр цалдӕр сӕйраг хъуыдыйӕ фылдӕр нӕ хъӕуы. Фӕнды 5 минуты дзур, фӕнды 10, ӕрдӕг сахат ӕви уымӕй фылдӕр,— сӕйраг хъуыдытӕ фондзӕй фылдӕр стӕм хатт вӕййынц. Уымӕ гӕсгӕ дӕ раныхасы цас къаддӕр уа сӕйраг хъуыдытӕ, уыйас хуыздӕр. Иу раныхасӕй адӕм цалдӕр хицӕн хъуыдыйӕ фылдӕр нӕ бамбардзысты дзӕбӕх. Ӕмӕ дӕ раныхас цас стырдӕр уа, уыйас тыхджындӕр ӕмӕ бӕлвырддӕр хъуамӕ уой сӕйраг хъуыдытӕ дӕр.

Сӕйраг хъуыдытӕ цалфӕнды ма уой,— алкӕцыдӕр дзы райхалын хъӕуы бӕстон. Ныхасмӕхъусджытӕн фаг рӕстӕг хъуамӕ уа, сӕйраг хъуыдытӕй алкӕцыйыл дӕр дзӕбӕх куыд ахъуыды кӕной ӕмӕ сӕ сӕры цыдӕр фӕд куыд ныууадза.

Дӕ раныхас хъуамӕ уа хуымӕтӕг. Ӕмӕ уый та алыхатт, зӕгъинаг дӕм куыд бирӕ уа, уымӕй аразгӕ нӕ вӕййы. Сӕйраг хъуыдытӕ цалдӕр йедтӕмӕ куы нӕ уой, фӕлӕ ӕппӕт иннӕ хъуыдытӕ сӕ бынмӕ раст ӕвӕрд куы уой, ӕмӕ сӕйраг хъуыдытӕ радгай, кӕрӕдзийы фӕдыл куы райхалай, уӕд дӕ раныхасмӕ хъусын дӕр ӕнцон уыдзӕн, ӕмӕ йӕ бахъуыды кӕнын дӕр.

Сӕйраг хъуыдытӕ бӕрӕг куыд уой, ууыл архай. Дӕ раныхасы ӕрмӕг фӕд-фӕдыл раст ӕвӕрд куы уа, уӕд дын дзургӕ-дзурын зын нӕ уыдзӕн уӕз тынгдӕр сӕйраг хъуыдытыл ӕруадзын.

Цӕмӕй сӕйраг хъуыды иннӕ хъуыдыты ’хсӕн бӕрӕг дара, уымӕн ис фыццаджыдӕр ахӕм мадзал: бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Библийы стихтӕ, уӕлӕмхасӕн хъуыдытӕ иууылдӕр афтӕ радзурын, сӕйраг хъуыдымӕ куыд амоной, тыхджындӕр ӕй куыд кӕной. Ӕппӕт иннӕ хъуыдытӕ уымӕн хъӕуынц, ӕмӕ сӕйраг хъуыды уа бӕлвырддӕр, уырнинагдӕр ӕмӕ ахадгӕдӕр. Дӕ раныхасы дӕ цыдӕр хъуыды, цымыдисаг кӕй у, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй куы фӕнда зӕгъын, уӕд ӕй фӕлтау ма зӕгъ. Уӕлӕмхасӕн хъуыды халгӕйӕ бӕлвырдӕй ӕвдис, цы сӕйраг хъуыды дзы ӕмбарын кӕныс, уыимӕ куыд баст у, уый. Афтӕ макуы хъуыды кӕн, ныхасмӕхъусджытӕ йӕ сӕхӕдӕг бамбардзысты, зӕгъгӕ. Сӕ зӕрдыл сын ӕрлӕууын кӕн кӕнӕ сӕйраг хъуыды ӕвдисӕг ахсджиаг дзырдтӕ, кӕнӕ йӕ мидис.

Сӕйраг хъуыдытӕ ирддӕрӕй равдисынӕн ныхасгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ та сӕ радгай ранымайынц. Ӕмӕ уый хорз у, фӕлӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, уымӕй дарддӕр ма хорз ӕрмӕг ссарын ӕмӕ йӕ бӕстон райхалын дӕр кӕй хъӕуы.

Чи зоны дӕ бафӕнда райдианы сӕйраг хъуыды ӕвдисӕйнаджы хуызы ӕрхӕссын, уый фӕстӕ та, афтӕ цӕмӕн у, уый сбӕлвырд кӕнын. Ахӕм мадзал хорз уымӕй у, ӕмӕ иуӕй, дарддӕр цы зӕгъай, уымӕн дӕтты стыр тых, иннӕмӕй та — ӕргом здахы сӕйраг хъуыдымӕ. Сӕйраг хъуыды ӕххӕстӕй куы райхалай, уӕд ӕй дыууӕ ныхасӕй балхынцъ кӕн, ӕмӕ йӕ уымӕй дӕр фӕкӕндзынӕ ноджы ахадгӕдӕр.

Уацамынды. Уӕлдӕр цӕуылдӕриддӕр дзырдтам, уый ӕрмӕст раныхӕстӕм нӕ хауы, фӕлӕ уацамынды адӕмимӕ куы фӕныхас кӕнӕм, уымӕ дӕр. Уацамындмӕ дӕхи куы фӕцӕттӕ кӕныс, уӕд-иу ахъуыды кӕн, кӕм хъусын кӕныс, уым адӕм цӕуыл тыхсынц. Асагъӕс кӕн, хуыздӕр цӕуыл уаид аныхас кӕнӕн, уыцы зындзинадӕй фервӕзынӕн Библи цы ныфс дӕтты, уый равдисын дӕ бон куыд уа. Равзар уыцы фарста райхалынӕн дыууӕ сӕйраг хъуыдыйы. Алы хъуыдымӕ дӕр ссар стих Библийӕ. Ӕппынфӕстаг ахъуыды кӕн, куыд райдайдзынӕ дӕ ныхас. Хорз цӕттӕ куы уай, уӕд не стыхсдзынӕ, ныхас ӕндӕрырдӕм фӕзилын куы хъӕуа, уӕддӕр. Стӕй адӕймагӕн дӕр, йӕ зӕрдыл цы бадара, ахӕм исты зӕгъдзынӕ.