Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

7 УРОК

Сӕйраг хъуыдытӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй кӕс

Сӕйраг хъуыдытӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй кӕс

КӔСЫНМӔ хорз чи арӕхсы, уый ӕрмӕст хицӕн хъуыдыйад кӕнӕ, хъуыдыйад кӕм ис, ӕрмӕст уыцы абзац нӕ фӕуыны. Кӕсгӕ-кӕсын ӕппынӕдзух йӕ хъуыдыйы дары, ӕнӕхъӕн ӕрмӕджы сӕйраг цы хъуыдытӕ сты, уыдон. Уымӕй аразгӕ у, кӕсгӕ-кӕсын тыхджындӕр хъӕлӕсӕй цы зӕгъдзӕн, уый.

Ӕнӕ уымӕй ныхас уыдзӕн иугъӕдон. Нӕдӕр дзы фӕз уыдзӕн, нӕдӕр къуылдым. Ӕмӕ йӕ каст куы фӕуа, уӕд ӕм чи хъуыста, уыдонӕн дзы бӕлвырд-бӕрӕгӕй сӕ бон ницы уыдзӕн ӕрхъуыды кӕнын.

Сӕйраг хъуыдытӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй кӕсыныл куы архайай, уӕд дын Библи хъӕрӕй кӕсын дӕр бӕрӕг хуыздӕр уайдзӕн. Уый дын стыр ахъаз уыдзӕн Библи искӕимӕ ахуыр кӕнгӕйӕ кӕнӕ фембӕлдты ӕрмӕг кӕсгӕйӕ дӕр. Сӕйраг хъуыдытӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй кӕсын зонын уӕлдайдӕр хъӕуы, зӕгъӕм, конгрессы ӕнӕхъӕнӕй фыст раныхас кӕмӕн вӕййы, уыдоны.

Куыд ис сӕйраг хъуыдытӕ ссарӕн ӕмӕ сӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй бакӕсӕн. Скъолайы дын, гӕнӕн ис, бахӕс кӕной Библийӕ скъуыддзаг бакӕсын. Цавӕр хъуыдытӕ дзы хъӕуы тыхджындӕр хъӕлӕсӕй бакӕсын? Кӕд уыцы скъуыддзаджы цавӕрдӕр сӕйраг хъуыды ис кӕнӕ дзы цыдӕр ахсджиаг цауы кой цӕуы, уӕд тыхджындӕр хъӕлӕсӕй бакӕсын хъӕуы растдӕр уый.

Уыцы скъуыддзаг ӕмдзӕвгӕ уа, ӕмбисонд уа ӕви ӕнӕуи радзырд,— ныхасмӕхъусджытӕн ӕцӕг пайда уӕд фӕуыдзӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ йӕ куы бакӕсай (2 Тим. 3:16, 17). Уый тыххӕй хъуамӕ хорз ӕмбарай кӕсинаг ӕрмӕг дӕр ӕмӕ, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ чи сты, уый дӕр зонай.

Библи искӕимӕ куы ахуыр кӕнай кӕнӕ ӕмбырды куы кӕсай хъӕрӕй, уӕд та дзы цавӕр хъуыдытӕ хъӕудзӕн тыхджындӕр хъӕлӕсӕй зӕгъын? Сӕйраг хъуыдытӕ, ома абзацмӕ фарстытӕн дзуапп чи дӕтта, уыцы хъуыдытӕ. Афтӕ ма, ставдӕй фыст сӕргондимӕ комкоммӕ цы хъуыдытӕ баст сты, уыдон.

Ӕмбырды ныхасимӕ чи рацӕуы, уыдоны сӕ ныхас кӕрӕй-кӕронмӕ гӕххӕттыл фыссын ӕмӕ йӕ уырдыгӕй кӕсын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ конгрессты раныхӕстӕ кӕмӕн вӕййы, уыдонӕн хаттӕй-хатт бахӕс кӕнынц ӕнӕхъӕнӕй фыст раныхӕстӕ. Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ ӕппӕт конгрессты дӕр адӕм хъуамӕ фехъусой уыцы иу хъуыдытӕ ӕмӕ хъуамӕ ӕмхуызон загъд ӕрцӕуой. Цӕмӕй ахӕм раныхасы ныхасгӕнӕджы сӕйраг хъуыдытӕ тыхджындӕрӕй загъд уой, уый тыххӕй фыццаджыдӕр хъӕуы ӕрмӕг бӕстон равзарын. Цы сты раныхасы сӕйраг хъуыдытӕ? Ныхасы рацӕуӕг сӕ иннӕ хъуыдытимӕ хъуамӕ ма хӕццӕ кӕна. Сӕйраг хъуыдытӕ уыдон не сты, йӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр чи фӕцыди. Уыдон сты ӕгас ӕрмӕгӕн дӕр йӕ рахӕцӕн — тӕккӕ ахсджиагдӕр хъуыдытӕ. Хатт сӕйраг хъуыды загъд вӕййы дыууӕ ныхасӕй, ӕмӕ йӕ фӕстӕ та вӕййы цавӕрдӕр цау кӕнӕ къорд бӕлвырдгӕнӕны. Фӕлӕ арӕхдӕр фыццаг вӕййы бӕлвырдгӕнӕнтӕ, уый фӕстӕ та, цы хатдзӕг сӕ скӕнӕн ис, уый — зӕрдӕ чи агайы, ахӕм арф хъуыдытӕ. Ныхасгӕнӕг уыцы ахсджиаг хъуыдытӕ куы сбӕлвырд кӕна, уӕд сӕ йӕ бон у тексты фӕнысан кӕнын. Уыдон бирӕ нӕ вӕййынц, иууыл фылдӕр — цыппар-фондз. Уый фӕстӕ хъуамӕ раныхас ӕнӕхъӕнӕй дӕр афтӕ бакӕса, адӕм уыцы хъуыдытӕ ӕнцонӕй куыд рахатой. Уыдон сты раныхасӕн йӕ «астӕумагъз», ӕхсызгонӕй дзы цы хъӕуы бахъуыды кӕнын, уый. Ӕмӕ ныхасгӕнӕг уыцы хъуыдытӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй куы бакӕса, уӕд сӕ адӕм хуыздӕр бахъуыды кӕндзысты. Уый хъуамӕ уа йӕ нысан.

Сӕйраг хъуыдытӕ, иннӕ хъуыдыты ’хсӕн бӕрӕг куыд уой, афтӕ бакӕсынӕн алыхуызон мадзӕлттӕ ис. Зӕгъӕм, ис сӕ зӕрдӕбындӕрӕй зӕгъӕн, хъӕлӕсы уагӕй ӕнкъарӕнтӕ тынгдӕр равдисӕн, йе та каст фӕсындӕгдӕр кӕнӕн, къухамындтӕ, уӕнгты змӕлдӕй йӕ равдисӕн ӕмӕ а. д.