Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

12 УРОК

Уӕнгтӕ ӕмӕ цӕсгомы змӕлд

Уӕнгтӕ ӕмӕ цӕсгомы змӕлд

КӔЦЫДӔР бӕстӕты адӕм ныхасгӕнгӕйӕ сӕ къухтӕ, сӕ уӕнгтӕ тынгдӕр фезмӕлын кӕнынц, иннӕты та — къаддӕр. Фӕлӕ дзургӕ-дзурын йӕ цӕсгомы нуӕрттӕ кӕнӕ йӕ къухтӕ ӕппын чи не змӕлын кӕны, ахӕм адӕймаг уӕвгӕ дӕр нӕй — фӕнды ӕнӕуи искӕимӕ ныхас кӕнӕд, фӕнды сценӕйӕ дзурӕд.

Йесо ӕмӕ-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр дзургӕ-дзурын къухтӕй цыдӕртӕ арӕх амыдтой. Иухатт Йесойӕн фӕхабар чындӕуыд, дӕ мад ӕмӕ де ’фсымӕрты демӕ аныхас кӕнын фӕнды, зӕгъгӕ. Ууыл Йесо загъта: «Чи у Мӕ мад, ӕмӕ чи сты Мӕ ӕфсымӕртӕ?» Дарддӕр Библийы кӕсӕм: «Бацамонгӕйӕ Йӕ къухӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, загъта: мӕнӕ Мӕ мад ӕмӕ Мӕ ӕфсымӕртӕ» (Матф. 12:48, 49). Библи нын куыд ӕвдисы, афтӕмӕй-иу апостолтӕ Петр ӕмӕ Павел дӕр дзургӕ-дзурын арӕх амыдтой къухӕй. Уымӕн цӕвиттонтӕ бакӕсӕн ис, зӕгъӕм, Куыстыты 12:17 ӕмӕ 13:16.

Хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ айдагъ ныхӕстӕй нӕй радӕттӕн, фӕлӕ ма уӕнгтӕ ӕмӕ цӕсгомы змӕлдӕй дӕр. Ӕнӕ уыдонӕй дӕ ныхасмӕхъусджытӕм афтӕ кӕсдзӕн, цыма дӕ уыдон дӕр не ’ндавынц ӕмӕ, цы дзурыс, уый дӕр. Адӕймагӕн йӕ цӕсгом, йӕ къухтӕ ӕмӕ йе уӕнгты алы фезмӕлд дӕр цӕуылдӕр дзурӕг вӕййы, ӕмӕ уыцы фӕрӕзтӕй арӕхстджынӕй куы пайда кӕнай, уӕд дӕ ныхас уыдзӕн хъӕздыгдӕр ӕмӕ фӕлгонцджындӕр. Суанг ма телефонӕй ныхасгӕнгӕйӕ дӕр дӕ цӕсгом ӕмӕ де уӕнгтӕ куы змӕлой, уӕд дӕ хъӕлӕсӕй тынгдӕр бӕрӕг уыдзӕн, цы дзурыс, уый куыд ахсджиаг у ӕмӕ дын дӕхи зӕрдӕ дӕр куыд агайы, уый. Иугӕр афтӕ у, уӕд,— ныхасы рацӕуай ӕви иннӕтӕн кӕсай, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ дӕумӕ кӕсой ӕви сӕ Библитӕм,— уӕнгтӕ ӕмӕ цӕсгомы змӕлдӕй бирӕ аразгӕ у.

Дӕ къухтӕ ӕмӕ дӕ цӕсгомы змӕлд, кӕмдӕр чиныджы куыд бакастӕ, афтӕ хъуамӕ ма уой. Цӕвиттон, худын кӕнӕ дӕ мӕсты кӕныныл ахуыр кӕнын хъуыди? Уӕдӕ де уӕнгты змӕлд дӕр, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый хъуамӕ ӕвдиса. Де уӕнгтӕ ӕмӕ дӕ къухты змӕлд йӕхигъӕдӕй куы уайа, уый уыдзӕн иууыл хуыздӕр.

Къухты змӕлд, къухамындтӕ дих кӕнынц дыууӕ сӕйраг къордыл: иутӕ — амонӕн къухамындтӕ, иннӕтӕ — хъуыды фӕтыхджындӕр кӕнынӕн. Амонӕн къухамындтӕ ӕвдисынц архайд, кӕнӕ фӕамонынц ас, дӕрддзӕг ӕмӕ бынат. Ацы урокыл кусгӕйӕ хорз уаид, къухтӕй иу-дыууӕ нӕ, фӕлӕ бирӕ алыхуызон амындтӕ куы бафӕлварис равдисын. Дӕ ныхасӕн йӕ райдианӕй йӕ кӕронмӕ бацархай, цӕмӕй дӕ къухты змӕлд йӕхигъӕдӕй уайа. Кӕд уый дӕ къухы зынтӕй ӕфты, уӕд дзы ссар, бынат, дӕрддзӕг, ас ӕмӕ уавӕр амонӕг дзырдтӕ, ӕмӕ дын уӕд ӕнцондӕр уыдзӕн. Йӕ хуыздӕр хос та уый у, ӕмӕ дӕ цы ахъуыды кӕндзысты, ууыл ма тыхс, аразгӕ ныхас, аразгӕ змӕлд ма кӕн, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр дӕ раныхасыл хъуыды кӕн. Адӕймаг куы нӕ фӕтыхсы, уӕд къухтӕ сӕхӕдӕг дӕр «дзурын» байдайынц.

Фӕтыхджындӕргӕнӕн къухамындтӕй адӕймаг ӕвдисы йе ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ, цӕуыл дзуры, ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕнды. Ахӕм къухамындты руаджы, цы дзуры, уый цӕстыты раз сысты, ӕмӕ йӕ ныхасы вӕййы стырдӕр уӕз, тынгдӕр фӕхъары зӕрдӕмӕ. Бӕгуыдӕр, хъуыды фӕтыхджындӕргӕнӕн къухамындтӕй бирӕ аразгӕ у, фӕлӕ ам дӕр ӕгӕр кӕнын нӕ хъӕуы. Адӕймаг, кӕм хъӕуа, ӕмӕ кӕм нӕ хъӕуа, уым уыцы иухуызон куы амона йӕ къухӕй, уӕд ын уый йӕ ныхас рӕсугъддӕр нӕ фӕкӕндзӕн, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр адӕмы ӕргом ӕнӕхъуаджы йӕхимӕ здахдзӕн. Скъолайы цӕстдарӕг дын куы зӕгъа, ахӕм ӕвзӕр ахуыр дӕм ис, зӕгъгӕ, уӕд цасдӕр рӕстӕг пайда кӕн ӕрмӕстдӕр амонӕн къухамындтӕй. Фӕстӕдӕр та ногӕй райдайдзынӕ фӕтыхджындӕргӕнӕн къухамындтӕй пайда кӕнын.

Дӕ ныхасы хуыздӕр цавӕр фӕтыхджындӕргӕнӕн къухамындтӕ сфидаудзысты ӕмӕ цас, уый сбӕрӕг кӕнынӕн дӕ зӕрдыл дар: дӕ ныхасмӕхъусджытӕ сӕхи куыд хатдзысты, цы ахъуыды кӕндзысты. Аив нӕ уыдзӕн, къухӕй сӕм куы амонай. Иуӕй-иу адӕмтӕм нӕлгоймагыл алы къухамынд нӕ фидауы. Зӕгъӕм, фырдисӕй йӕ къух йӕ дзыхыл куы авӕра, уӕд ын уый худинагыл нымад уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ афтӕ сылгоймӕгтӕ фӕкӕнынц. Кӕцыдӕр адӕмтӕм та аив нӕу, сылгоймаг ныхасгӕнгӕйӕ йӕ къухтӕ куы тила. Уымӕ гӕсгӕ ахӕм бӕстӕты хоты хъӕуы сӕ ныхас фылдӕр сӕ цӕсгомы змӕлдӕй тыхджындӕр кӕнын. Зӕгъӕн ма ис уый дӕр, ӕмӕ гыццыл къорд адӕмы раз къухтӕ дардыл тилын цыфӕнды бӕстӕйы дӕр худӕгӕй дарддӕр рӕсугъд никӕмӕ фӕкӕсдзӕн.

Цас фылдӕр кусай дӕхиуыл, уыйас тынгдӕр фӕлтӕрдзынӕ ӕмӕ ныхасгӕнгӕйӕ дӕхи сӕрибардӕр хатдзынӕ. Ӕмӕ уӕд дӕ къухамындтӕ бӕрӕг ӕвдисдзысты дӕ зӕрдӕйы арф ӕнкъарӕнтӕ, бӕлвырд кӕндзысты, зӕрдӕбынӕй, фидарӕй кӕй дзурыс. Ӕмӕ уый фӕрцы та дӕ ныхас уыдзӕн бирӕ хъӕздыгдӕр ӕмӕ аивдӕр.

Цӕсгомы змӕлд. Нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый иууыл тынгдӕр бӕрӕг вӕййы нӕ цӕсгомӕй. Цӕстӕнгас, былты змӕлд, сӕр кӕцырдӕм къул у — уыдӕттӕ бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг сты. Адӕймаг, гӕнӕн ис, иу ныхас дӕр ма зӕгъа, фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый фыст уыдзӕн йӕ цӕсгомыл: ӕнӕмӕт, ӕнӕуынон ахаст, цин, дис кӕнӕ тыхст. Уӕдӕ цы дзурыс, уый дӕ цӕсгомыл дӕр куы уа фыст, уӕд ӕй адӕймаг ӕрмӕст хъусӕй нӕ хъусы, фӕлӕ ма йӕ уынгӕ дӕр кӕны ӕмӕ уӕд зӕрдӕмӕ тынгдӕр хъары. Хуыцау адӕймаджы афтӕ скодта, ӕмӕ йӕ цӕсгомыл ис тынг бирӕ нуӕрттӕ — дӕс ӕмӕ ссӕдзӕй фылдӕр. Ӕмӕ уыдонӕн се ’мбис сызмӕлынц айдагъ иу мидбылхудтӕй.

Уӕдӕ ныхасы рацӕуай ӕви уацамынды уай,— адӕмӕн хӕссыс ӕхсызгон хабар, цины хабар. Ӕмӕ афтӕ кӕй у, уый та бӕрӕг уыдзӕн дӕ фӕлмӕн мидбылхудтӕй. Ӕрхуымӕй куы кӕсай, ӕмӕ афтӕмӕй куы ныхас кӕнай семӕ, уӕд та дызӕрдыг кӕндзысты, цы дзурыс, уый ӕцӕг хорз хабар у ӕмӕ дӕхи уырны, ууыл.

Адӕймаг дын дӕ цӕсгомыл фӕлмӕн мидбылхудт куы фена, уӕд ын уый ууыл дзурӕг дӕр уыдзӕн, ӕмӕ йӕм хӕлары зӕрдӕ дарыс. Ӕмӕ уый та абоны хуызӕн никуы хъӕуы, уымӕн ӕмӕ арӕх адӕм ӕнӕзонгӕтӕй тӕрсгӕ фӕкӕнынц. Адӕймагмӕ дӕ мидбылты куы бахудай, уӕд тынг нал тыхсдзӕн, ӕмӕ йын цы зӕгъай, уымӕ дӕр хуыздӕр байхъусдзӕн.