Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

33 УРОК

У уӕздан, фӕлӕ фидар

У уӕздан, фӕлӕ фидар

УӔЗДАН адӕймаг уый у, ӕмӕ ӕнӕхъуаджы искӕй зӕрдӕ чи нӕ фӕриссын кӕндзӕн. Ахӕм адӕймаг зоны, кӕд цы хъӕуы зӕгъын ӕмӕ йӕ куыд хъӕуы зӕгъын. Фӕлӕ уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ йӕм йӕ мидзӕрдӕйы рӕстдзинады хъӕлӕс цы дзуры, уый фыруӕзданӕй ныммынӕг кӕна кӕнӕ гӕдыныхас кӕна. Уӕздандзинад ӕмӕ адӕмӕй тӕрсын хӕццӕ кӕнын нӕ хъӕуы (Ӕмб. 29:25).

Адӕймагӕн йӕ удыхъӕды Хуыцауы сыгъдӕг уды дыргъ — йӕ арфӕйаг миниуджытӕ — куы уа, ӕцӕг уӕздан уӕд уыдзӕн. Зӕгъӕм, адӕмы чи уарзы, уымӕн йӕ зӕрдӕ сӕ хъыджы бацӕуын никуы бакомдзӕн — йӕ бон сын цы уа, уымӕй сын ӕххуыс кӕндзӕн. Адӕймаг хӕларзӕрдӕ, сабыр удыхъӕды хицау куы уа, уӕд йе сныхас дӕр ӕмӕ йӕ ахаст дӕр уыдзӕн фӕлмӕн. Фарнуарзаг адӕймаг та алкӕддӕр агуры мадзӕлттӕ, адӕмимӕ фидыдӕй, хӕларӕй куыд цӕра, уымӕн. Уӕдӕ бирӕфӕразон адӕймаг, хыл чи кӕна, уыимӕ ныхас кӕнгӕйӕ дӕр йӕ масты фӕдыл нӕ ацӕудзӕн (Гал. 5:22, 23).

Уӕвгӕ, Библийы цы фыст ис, уый цыфӕнды хорз ма дзурӕм, уӕддӕр иуӕй-иутӕм хъыг фӕкӕсы. Фыццаг ӕнусы цӕрӕг иудейтӕн сӕ фылдӕр уыдысты фыдзӕрдӕ, ӕмӕ сын Йесо Чырысти «фӕкӕлӕны дур ӕмӕ фӕрӕдийыны къӕдзӕх» уымӕн сси (1 Пет. 2:7, 8, НФ). Йесо Паддзахады тыххӕй кӕй хъусын кодта, уый фӕдыл ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Зынг ӕрхӕссынмӕ ӕрцыдтӕн Ӕз зӕхмӕ» (Лук. 12:49). Иегъовӕйы Паддзахады хабар — адӕмы сӕхи се Сфӕлдисӕджы бар бакӕнын кӕй хъӕуы, уый,— абоны онг дӕр у дзырддаг фарста. Хуыцауы Паддзахад тагъд ацы дуне кӕй фесафдзӕн, уыцы хабар бирӕты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр мах хъусын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау бахӕс кодта уыцы хъуыддаг. Ӕрмӕст нӕ хӕс ӕххӕстгӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм Библийы фӕдзӕхст: «Уӕхи ’рдыгӕй, гӕнӕн куы уа, уӕд-иу фӕрнӕй цӕрут адӕмимӕ се ’ппӕтимӕ» (Ром. 12:18, НФ).

Уӕздан у хъусын кӕнгӕйӕ. Нӕ уырнындзинады тыххӕй алы ӕмӕ алы уавӕрты фӕныхас кӕнӕм адӕмимӕ. Сӕйраджыдӕр уый вӕййы уацамынды. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай кӕм нӕ хиуӕттимӕ аныхас кӕнӕм, кӕм та не ’мкусджытимӕ ӕмӕ ахуырӕмбӕлттимӕ. Ӕмӕ ӕппӕт уавӕрты дӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ ныхасӕй макӕй фӕхъыг кӕнӕм.

Паддзахады хабар адӕмӕн афтӕ куы дзурӕм, цыма сын нӕхи зондамонӕг кӕнӕм, уӕд сӕм уый хъыг кӕсдзӕн. Кӕд дӕ адӕймаг йӕхӕдӕг нӕ фӕрсы кӕнӕ йӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ уынаффӕхъуаг нӕу, уӕд ын ахӕмӕй мацы зӕгъ, ӕмӕ йӕм зондамонӕн фӕкӕса, кӕннод ӕй йӕхицӕн ӕфхӕрдыл банымайдзӕн. Нӕ ныхас адӕммӕ цӕмӕй хъыг ма кӕса, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы? Семӕ хӕлӕрттау ныхас кӕнын ахуыр кӕнын.

Дӕ ныхас-иу райдай, адӕймаджы чи цымыдис кӕны, ахӕм фарстӕй. Кӕд уый дӕ хӕстӕг, де ’мкусӕг кӕнӕ дӕ ахуырӕмбал уа, уӕд ӕй, ӕвӕццӕгӕн, зондзынӕ, аныхас кӕнын цӕуыл уарзы, уый. Кӕд адӕймаджы фыццаг хатт уыныс, уӕд та йын ӕрхӕсс, газеты кӕй бакастӕ кӕнӕ телевизорӕй кӕй фехъуыстай, ахӕм хабар. Уыцы фарстытӕ ӕппындӕр кӕй ма ӕндавой, ахӕм адӕймаг стӕм ис. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы хъусын кӕнай, уӕд та дӕ цӕст уӕд алцыуынӕг. Дӕ хъус дар мӕнӕ ахӕм лыстӕг цӕмӕдӕрты: хӕдзарыл фидауцӕн цы конд ис, дзуары нывтӕ кӕнӕ ӕндӕр ахӕм дзауматӕ, кӕрты хъазӕнтӕ ис, хӕдзары раз кӕд машинӕ ис, уӕд ыл цы фыстытӕ ис, ӕмӕ ӕндӕр ахӕмтӕ. Уыдӕттӕй бирӕ цыдӕртӕ базондзынӕ, хӕдзары цавӕр адӕм цӕры, уый тыххӕй. Чи дӕм ракӕса, уый цы дзура, уымӕ лӕмбынӕг байхъус. Уӕд бамбардзынӕ, цы дзы ахъуыды кодтай, уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у кӕнӕ бынтон раст кӕй нӕ хъуыды кодтай. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы та ноджы хуыздӕр фӕхатдзынӕ, цы дӕ хъӕуы зӕрдыл дарын, цӕмӕй адӕймагӕн дӕ бон суа, цӕй фӕдыл ӕрбацыдтӕ, уый зӕгъын.

Уӕ ныхас кӕрӕдзийыл куы сбада, уӕд ын Библийӕ кӕнӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы литературӕйӕ исты хъуыды ӕрхӕсс. Фӕлӕ ӕрмӕст ды ма дзур (Еккл. 3:7). Кӕд дӕ ныхасӕмбалы фӕнды йӕ хъуыды зӕгъын, уӕд ӕй бауадз. Цы хъуыды кӕны, хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый базоныныл архай. Ӕмӕ уӕд ахӕм цыдӕр нӕ зӕгъдзынӕ, йӕ зӕрдӕ йын цы скъаха.

Дӕ ныхас зӕгъыны размӕ уал ахъуыды кӕн, куыд ӕм фӕкӕсдзӕн. Ӕмбисӕндтӕ 12:8 нӕ разӕнгард кӕны, зӕгъгӕ уӕ «дзыхӕй цӕуӕд ӕмбаргӕ ныхас». Ацы дзуттаг дзырдбаст йӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ тынг хӕстӕг у ахӕм миниуджытӕм: арфуынӕг ӕмӕ ӕрхъуыдыджын. Уӕдӕ ӕмбаргӕ адӕймаг ныхасыл тагъд нӕ кӕны, хъуыддагмӕ алырдыгӕй дӕр бӕстон ӕркӕсы, куыд нӕ фӕрӕдийа. Ӕмбисӕндты уыцы сӕры 18-ӕм стих та нӕ фӕдзӕхсы, уӕ ныхас «карды цӕфау» ма уӕд, зӕгъгӕ («Мах дуг» № 12, 1999). Библийы ӕцӕгады тыххӕй дзургӕйӕ рӕхуыст ныхас ницӕмӕн хъӕуы.

Цӕмӕй дӕм адӕймаг ӕнӕхъуаджы ма сныхмӕ уа, уый тыххӕй хатт бирӕ нӕ фӕхъӕуы: ахъуыды кӕн, цавӕр дзырд хуыздӕр уаид зӕгъын. Кӕд, дзырд «Библийӕ» кӕй пайда кӕныс, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй нӕ фӕнды адӕймаджы демӕ ныхас кӕнын, уӕд дзур «сыгъдӕг фыстытӕ» кӕнӕ «дыууӕ мин ӕвзагӕй фылдӕрыл чи ис, иу ахӕм чиныг». Библийӕ дӕ цыдӕр бакӕсын куы фӕнда, уӕд та уал раздӕр адӕймаджы бафӕрс, цы хъуыды кӕны уыцы чиныджы тыххӕй, ӕмӕ цы зӕгъа, уымӕ гӕсгӕ араз дӕ ныхас дарддӕр.

Уӕздан адӕймаг зоны, цыдӕр зӕгъын хуыздӕр кӕд уыдзӕни, уый дӕр (Ӕмб. 25:11). Дӕ ныхасӕмбалимӕ, чи зоны, алцӕуыл разы нӕ уай, фӕлӕ йӕ хъуыды Библимӕ гӕсгӕ раст кӕм нӕу, уым ӕй алыхатт раст кӕнын нӕ хъӕуы. Цыдӕриддӕр зоныс, уыдон-иу ын иууылдӕр иу хаттӕн радзурыныл ма схӕц. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ загъта: «Ноджы Мӕм бирӕ ис сымахӕн зӕгъинаг, фӕлӕ сымах ныр уый бамбарын нӕ бафӕраздзыстут» (Иоан. 16:12, НФ).

Гӕнӕн кӕм уа, уым адӕймагӕй сыгъдӕгзӕрдӕйӕ раппӕл. Кӕд быцӕууарзаг у, уӕддӕр дзы раппӕлӕн ис, йӕхи хъуыды йын кӕй ис, уый тыххӕй. Цӕвиттон, афтӕ бакодта апостол Павел, Афины сахары Ареопагыл философтимӕ ныхас кӕнгӕйӕ. Философтӕ «райдыдтой быцӕу кӕнын йемӕ». Куыд хъуамӕ бакодтаид Павел, йӕ хъуыды афтӕ куыд загътаид, ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕ ма скъахтаид? Уымӕй гыццыл раздӕр бафиппайдта, Афины цӕрджытӕ сӕ хуыцӕуттӕн куыд бирӕ нывондхӕссӕнтӕ сӕвӕрдтой, уый. Ӕмӕ сӕ афтӕ нӕ загъта, сымах мӕнгхуыцӕуттӕн кувут, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕхи уӕзданӕй равдыста — раппӕлыд сӕ, афтӕ дингӕнӕг кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Мӕнӕ йӕ ныхӕстӕ: «Ӕппӕтӕй дӕр уынын ӕз, сымах кӕй стут тынг дингӕнджытӕ». Павел йӕ ныхас афтӕ кӕй райдыдта, уый фӕрцы йӕ бон сси ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй радзурын. Ӕмӕ уыйадыл уыдонӕй иуӕй-иутӕ систы чырыстӕттӕ (Ап. к. 17:18, 22, 34).

Адӕймаг демӕ разы куы нӕ уа, уӕд мӕсты ма кӕн. Дарддӕр дӕр йемӕ сабыр ныхас кӕн. Афтӕ йӕ нымай, ӕмӕ дын ис хорз фадат, куыд хъуыды кӕны, уый хуыздӕр бамбарынӕн. Йӕ хъуыды кӕй загъта, уый тыххӕй йын бузныг зӕгъ. Адӕймаг дӕ дзурын дӕр куы нӕ суадза, «мӕнӕн мӕхи дин ис», зӕгъгӕ, уӕд ын сабырӕй зӕгъ: «Бафӕрсын аипп ма уӕд, Хуыцауыл алкӕддӕр ӕууӕндыдтӕ?» Йӕ ныхас куы зӕгъа, уӕд та йӕ бафӕрс: «Куыд хъуыды кӕныс, искуы ахӕм рӕстӕг уыдзӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕм дӕр иу диныл хӕст уой?» Цы нӕ вӕййы, чи зоны уын афтӕмӕй ныхас бацайдагъ уа.

Бонзонгӕ куы уӕм, уӕд адӕймагӕн ахӕмӕй ницы зӕгъдзыстӕм, ӕмӕ йӕ фӕхъыг кӕнӕм. Мах фидарӕй зонӕм, Иегъовӕйы фӕндӕгтӕ ӕмӕ нын йӕ Ныхасы цы дзуры, уыдон раст кӕй сты. Ӕмӕ сыл дзургӕ дӕр кӕнӕм фидарӕй. Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ махӕй растдӕр нӕй, уый бар нын нӕй (Лук. 18:9). Мах бузныг стӕм, ӕцӕгад кӕй зонӕм ӕмӕ нын Иегъовӕ ӕххуысгӕнӕг кӕй у, уымӕй. Фӕлӕ ма иттӕг хорз зонӕм ноджыдӕр иу хъуыддаг: уый аккаг мах нӕхӕдӕг не стӕм — ахӕм стыр хорзӕх нӕ Хуыцауы ӕнувыд уарзт ӕмӕ, Чырыстийыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы ис (Еф. 2:8, 9). Мах не ’ппӕт дӕр хъуамӕ «фӕлварӕм нӕхуыдтӕг нӕхи, стӕм цымӕ уырниады; нӕхуыдтӕг нӕхимӕ лыстӕг-иу ӕркӕсӕм» (2 Кор. 13:5, НФ). Уӕдӕ, адӕмимӕ ууыл куы фӕдзурӕм, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын хъӕуы, зӕгъгӕ, уӕд уыдзыстӕм сӕрныллӕг: рох нӕ нӕ уыдзӕн, Библийы амындтӕ махмӕ дӕр кӕй хауынц. Махӕн уый бар ничи радта, ӕмӕ нӕхи хуызӕн адӕмыл тӕрхон кӕнӕм. Иегъовӕ «ӕппӕт тӕрхон ратта Фыртмӕ», ӕмӕ нӕ нӕ хъуыддӕгты тыххӕй уый раз хъӕудзӕн дзуапп раттын (Иоан. 5:22; 2 Кор. 5:10).

Бинонты ’хсӕн ӕмӕ нӕ чырыстон ӕфсымӕртимӕ. Уӕздан уӕм, уый нӕ айдагъ уацамынды нӕ хъӕуы. Ацы миниуӕг тынг ӕввахс лӕууы Хуыцауы сыгъдӕг уды дыргъмӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уӕздан уӕм хӕдзары дӕр. Нӕ уарзаг зӕрдӕ нӕ бакомдзӕн, нӕ бинонтӕм хъыг цы кӕсы, уый кӕнын. Ус-паддзах Есфиры сӕрыхицау Иегъовӕйӕн кувӕг нӕ уыд, фӕлӕ йын Есфир уӕддӕр кад кодта ӕмӕ Иегъовӕйы адӕмы тыххӕй йемӕ куы ныхас кодта, уӕд йӕхи равдыста ӕмбаргӕ сылгоймагӕй (Есф., 3—8 сӕртӕ). Ахӕм уавӕртӕ вӕййы, ӕмӕ, нӕ хиуӕттӕй Хуыцауы фӕндагыл чи нӕй, уыдонӕн ӕцӕгад бауарзын кӕнын хуыздӕр вӕййы нӕ хорз хъуыддӕгтӕй, цӕуыл ӕмӕ цӕмӕн ӕууӕндӕм, уый ӕмбарын кӕнгӕйӕ нӕ, фӕлӕ (1 Пет. 3:1, 2).

Уӕдӕ афтӕ ӕмбырды дӕр: ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты хорз кӕй зонӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ тъӕпп ныхас кӕнӕм семӕ кӕнӕ сӕ мацӕмӕ дарӕм. Афтӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, ӕмбаргӕ чырыстӕттӕ сты, ницы зӕгъдзысты. Раст нӕ уыдзӕн, нӕхи куы рӕстытӕ кӕнӕм, уый дӕр, «ахӕм адӕймаг дӕн, ӕмӕ ныр цы акӕнон», зӕгъгӕ. Кӕд ӕй уынӕм, ӕмӕ нӕ ныхӕстӕ, нӕ митӕ кӕмӕдӕр хъыг кӕсынц, уӕд хъуамӕ нӕхицӕн фидарӕй зӕгъӕм, зӕгъгӕ, дарддӕр афтӕ кӕнӕн нӕй. Кӕд «нӕ кӕрӕдзи зӕрдиагӕй уарзӕм», уӕд хъуамӕ «хорздзинад кӕнӕм... уырнындзинады иу кӕимӕ стӕм», уыдонӕн (1 Пет. 4:8, 15, НФ; Гал. 6:10).

Сценӕйӕ дзургӕйӕ. Сценӕйӕ чи фӕдзуры, уыдон дӕр хъуамӕ хъуыды кӕной иннӕты ӕнкъарӕнтыл. Ныхасмӕхъусджытӕ алыхуызон адӕймӕгтӕ сты, ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр сты сӕ царды уавӕртӕ дӕр. Чырыстон фӕндагыл дӕр сӕ чи раздӕр слӕууыд, чи — фӕстӕдӕр. Уӕдӕ, Паддзахады залмӕ фыццаг хатт чи ӕрбацыд, ахӕмтӕ дӕр дзы куыннӕ вӕййы. Чидӕр та дзы у тынг тыхст, фӕлӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уымӕн ныхасгӕнӕг ницы зоны. Ӕмӕ йӕ уӕд куыд бакӕнын хъӕуы, ӕмӕ макӕй зӕрдӕ фӕриссын кӕна?

Апостол Павел Титӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ гӕсгӕ архай: «Макӕй фыдкой кӕн... у ӕмбаргӕ, адӕмӕй дын алкӕмӕдӕр фӕлмӕн ахаст уӕд» (Тит. 3:2, НД). Ацы дунейы адӕмау мах ахӕм ныхӕстӕй ма пайда кӕнӕм, ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у кӕнӕ ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыдоны дӕлджиныг чи кӕны (Рарг. 7:9, 10). Уӕндонӕй дзур, Иегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй; адӕмӕн ӕмбарын кӕн, йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрын иууыл хуыздӕр кӕй у. Фӕлӕ, Иегъовӕйы фӕндагыл фидарӕй чи нӕма слӕууыд, уыдоны цӕсты ма ӕфтау. Уый бӕсты се ’ппӕты дӕр сразӕнгард кӕн, Хуыцауы фӕндон цы у, уый хуыздӕр куыд базоной ӕмӕ йын ӕхсызгон цы у, уый куыд кӕной. Дӕ ныхасмӕхъусджытӕн уынаффӕтӕ кӕм дӕттай, уым-иу сӕ дӕ зӕрдӕйы хъармӕй дӕр батав ӕмӕ-иу сӕ ӕппӕлгӕ дӕр ракӕн. Дӕ ныхас ӕмӕ дӕ хъӕлӕсы уагӕй бӕрӕг уӕд, алкӕмӕдӕр нӕ чи хъуамӕ уа, уыцы ӕфсымӕруарзондзинад (1 Фес. 4:1—12; 1 Пет. 3:8).