Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

44 УРОК

Фарстытӕ дӕттынмӕ арӕхс

Фарстытӕ дӕттынмӕ арӕхс

ФАРСТЫТӔН дзуапп раттын кӕй фӕхъӕуы,— кӕнӕ хъӕрӕй, кӕнӕ та хинымӕр,— уый фӕрцы цырен кӕны ныхасмӕхъусджыты зонд. Фарстытӕ ӕххуыс кӕнынц искӕимӕ ныхас райдайынӕн ӕмӕ дзӕбӕх аныхас кӕнынӕн. Уӕдӕ ныхасы рацӕуай ӕви ӕнӕуи искӕмӕн исты амонай, алкӕддӕр дӕтт фарстытӕ: адӕмы ӕргом раздахынӕн, сӕ зонд сын цырен кӕнынӕн кӕнӕ дӕ ныхӕсты стырдӕр уӕз бавӕрынӕн. Кӕм цавӕр фарст раттын хъӕуы, уый куы зонай, уӕд дӕм адӕм ӕнӕуи нӕ хъусдзысты, фӕлӕ сӕ разӕнгард кӕндзынӕ арф хъуыды кӕнынмӕ. Фарстытӕ афтӕ дӕтт, дӕ разы цы нысан сӕвӕрдтай, уый сӕххӕст кӕнынӕн дын куыд ӕххуыс кӕной.

Ныхас кӕй фӕрцы бацайдагъ вӕййы, ахӕм фарстытӕ. Уацамынды-иу дын куыддӕр фадат фӕуа, афтӕ-иу адӕмы разӕнгард кӕн сӕ хъуыдытӕ зӕгъынмӕ, кӕд сӕ фӕнда, уӕд.

Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕй бирӕтӕн адӕмимӕ цымыдисаг ныхас бацайдагъ вӕййы хуымӕтӕг фарсты руаджы: «Никуы хъуыды кодтай?» Адӕмӕн ӕнцой чи нӕ дӕтты, ахӕм фарст сӕм кӕй раттынц, уый фӕрцы бирӕтимӕ хорз аныхас кӕнынц. Кӕд адӕймаг уыцы фарстыл никуы хъуыды кодта, уӕддӕр ӕй, чи зоны, йӕ базонын бафӕнда. Цыфӕнды хъуыддаджы фӕдыл дӕр ныхас райдайӕн ис афтӕ: «Куыд дӕм кӕсы мӕнӕ уый?» «Цы хъуыды кӕныс уый тыххӕй?» ӕмӕ «Уырны дӕ?»

Евангели хъусынгӕнӕг Филипп Ефиопийы ус-паддзахы фӕсдзӕуинимӕ йӕ ныхас райдыдта хуымӕтӕг фарстӕй. Уыцы лӕг хъӕрӕй каст Исайы пехуымпарад ӕмӕ йӕ Филипп бафарста: «Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?» (Ап. к. 8:30). Уыцы фарсты руаджы Филиппӕн фӕзынд диссаджы фадат, Йесо Чырысти чи у, уый йын бамбарын кӕнынӕн. Ахӕм фарстытӕ дӕтгӕйӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ абон дӕр ссарынц, Библийы цы фыст ис, уый хорз бамбарынмӕ чи бӕллы, ахӕм адӕймӕгты.

Бирӕтӕн сӕ хъуыды зӕгъыны фадат куы раттынц, уӕд сӕхӕдӕг дӕр хуыздӕр байхъусынц, цы сын фӕдзурынц, уымӕ. Уӕдӕ адӕймагмӕ фарст куы раттыс, уӕд-иу ӕм лӕмбынӕг байхъус. «Раст нӕ дӕ» зӕгъыныл тагъд ма кӕн — у хӕларзӕрдӕ. Кӕд дзы истӕй тыххӕй раппӕлӕн ис, уӕд дзы ӕнӕмӕнг раппӕл. Иухатт Йесо раппӕлыд, йӕ фарстӕн ын «зондджын дзуапп» чи радта, уыцы чиныджы дӕсныйӕ: «Дард нӕ дӕ Хуыцауы Паддзахадӕй» (Маркы 12:34). Ӕниу адӕймагимӕ разы куы нӕ уай, уӕддӕр ын раарфӕ кӕнӕн ис, йӕ хъуыды кӕй загъта, уый тыххӕй. Цы зӕгъа, уый фӕрцы йын хуыздӕр бамбардзынӕ йӕ зондахаст ӕмӕ дын ӕнцондӕр уыдзӕн дарддӕр йемӕ Библийы ӕцӕгадыл ныхас кӕнын.

Ахсджиаг хъуыдымӕ рахизыны размӕ. Бирӕ адӕмы раз дзурай ӕви иу адӕймагимӕ ныхас кӕнай, исты ахсджиаг хъуыды дӕ куы фӕнда зӕгъын, уӕд уал-иу раздӕр ратт фарст. Цӕмӕй сӕ бафӕрсай, уый хъуамӕ цымыдисаг уа дӕ ныхасмӕхъусджытӕн (кӕнӕ дӕ ныхасӕмбалӕн). Хорз сты, адӕймаджы цымыдис чи сцырен кӕны, ахӕм фарстытӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ сын уайтагъд нӕ вӕййы дзуапп раттӕн. Фарст ратгӕйӕ иу гыццыл куы банхъӕлмӕ кӕсай, уӕд дӕ ныхасмӕхъусджытӕ ноджы тынгдӕр сцымыдис уыдзысты, дарддӕр цы зӕгъдзӕн, зӕгъгӕ.

Адӕмимӕ ныхасгӕнгӕйӕ фарстытӕ арӕх лӕвӕрдта Йесо. Зӕгъӕм, Аргъауӕг Иоаннӕн Иегъовӕйы фӕндоны цавӕр ахадындзинад уыди, уый тыххӕй дзургӕйӕ спайда кодта фӕд-фӕдыл цалдӕр фарстӕй. Йесо радта ӕртӕ фарсты, ӕмӕ дзы алкӕцыйы фӕстӕ дӕр, адӕм цы дзуапп радтаиккой, уый йӕхӕдӕг, дзуапп дӕттын кӕмӕн нӕ хъӕуы, ахӕм фарсты хуызы загъта. Уыцы фарстытӕ ныхасмӕхъусӕг адӕмӕн ӕххуыс кодтой, Йесо кӕронбӕттӕны цы раст дзуапп радта, уый сӕ зӕрдӕмӕ айсынӕн (Матф. 11:7—14). Хорз нӕ уаид, иннӕты ахуыр кӕнгӕйӕ ды дӕр афтӕ куы аразис? Бацархай.

Хъуыдытыл ӕфтауӕг фарстытӕ. Фарстытӕ ма хорз уымӕй сты, ӕмӕ ныхасмӕхъусджытӕн ӕххуыс кӕнынц бӕлвырдгӕнӕнты хал уынынӕн. 1 Коринфӕгтӕм 14:4—12 кӕсгӕйӕ уынӕм, раст афтӕ кӕй бакодта апостол Павел, ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ. Павел йӕ фыстӕг кӕмӕ фыста, уыдонӕн сӕ хъус ӕрдардта, исчи ӕндӕр ӕвзӕгтыл куы дзура, уӕд уый ӕмбырдӕн цыдӕр ахъаз кӕй хъуамӕ уа. Уый фӕстӕ, адӕймаджы ныхас ӕнцонӕмбарӕн кӕй хъуамӕ уа, уыцы хъуыды фӕтыхджындӕр кӕнынӕн радта фарст: «Ныр, ӕз куы бацӕуон сымахмӕ, ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ куы дзурон ӕнӕзонгӕ ӕвзӕгтыл, уӕд сымахӕн ӕз цы пайда ӕрхӕсдзынӕн, куы нӕ уын бамбарын кӕнон, кӕнӕ раргомы фӕрцы, кӕнӕ зонды, кӕнӕ пехуымпариуӕгӕй, кӕнӕ ахуырады фӕрцы?» Ӕмӕ дарддӕр цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ фарстыты хуызы ӕрхӕсгӕйӕ ноджы ирддӕрӕй равдыста, ӕвзӕгтыл дзурын сӕйраг кӕй нӕу. Павел йӕ ныхас куыд нывӕнды, уый адӕймаг кӕсынӕй не ’фсӕды, йӕ ныхӕсты дон нӕ тӕдзы, цы хъуыдытӕ загъта, уыдон та рох нӕ кӕнынц.

Фарстытӕ ахӕм хуызы дӕттынмӕ хорз арӕхсынц иуӕй-иу ныхасгӕнджытӕ дӕр. Кӕд ныхасмӕхъусджыты дзуапп дӕттын хъӕрӕй нӕ фӕхъӕуы, уӕддӕр ыл сӕхимидӕг фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ цыма йемӕ ныхас кӕнынц, афтӕ вӕййы.

Искӕимӕ Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд дзурын фӕхъӕуы ахуыргӕнинаджы дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг дзуапп чиныгӕй куы нӕ кӕса, фӕлӕ фарст куыд бамбӕрста, уый йӕхи ныхӕстӕй куы ӕмбарын кӕна, уӕд ын бирӕ пайдадӕр уыдзӕн. Зӕрдӕхӕларӕй йӕм дӕтт уӕлӕмхасӕн фарстытӕ, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕхицӕн ӕххуыс кӕн хъуыды кӕнынӕн. Разӕнгард ӕй кӕн, сӕйраг хъуыдытӕн дзуапп Библийӕ куыд дӕтта. Кӕнӕ та йӕ ис бафӕрсӕн: «Ныртӕккӕ цӕуыл дзурӕм, уый куыд баст у, раздӕр цы хъуыды райхӕлдтам, уыимӕ? Ахсджиаг цӕмӕн у? Иугӕр афтӕ у, уӕд уый нӕ цардыл куыд хъуамӕ фӕзына?» Дӕхӕдӕг цыфӕнды хорз хатдзӕгтӕ ма скӕнай кӕнӕ йын цыфӕнды бӕстон ма ӕмбарын кӕнай хъуыддаг,— йӕхимӕ йын куы дӕттай фарстытӕ, уый уыдзӕн бирӕ хуыздӕр. Фарстыты руаджы адӕймагӕн ӕххуыс кӕндзынӕ, Хуыцауӕн ӕй цӕмӕн фӕнды лӕггад кӕнын, ууыл хъуыды кӕнынӕн (Ром. 12:1).

Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый цыдӕр куы нӕ ӕмбара, уӕд у фӕразон. Чи зоны, рагӕй цӕуыл ӕууӕнды ӕмӕ йын ныр ды цы дзурыс, уыдон кӕрӕдзиимӕ абарыныл архайы. Баххуыс ын кӕн фарстмӕ ӕндӕрырдыгӕй ӕркӕсынӕн. Хатт гыццыл цыдӕр йедтӕмӕ нӕ фӕхъӕуы. Дӕ сӕйраг хотых уӕд Библи. Ӕрхӕсс ын исты цӕвиттонтӕ дӕр. Хуымӕтӕг фарстытӕ-иу ӕм ратт, цӕмӕй, хъуыддаг афтӕ цӕмӕн у, ууыл хъуыды кӕна ӕмӕ раст хатдзӕгмӕ ӕрцӕуа.

Адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый базонынӕн. Дзуапп дӕтгӕйӕ адӕймаг алыхатт, йӕ зӕрдӕйы ӕцӕгӕй цы ис, уый нӕ фӕдзуры. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дын ӕнӕуи, дӕу цы фӕнды фехъусын, уый зӕгъа. Хъуамӕ «арфуынӕг» уай (Ӕмб. 20:5). Йесойау ӕй ды дӕр бафӕрс: «[Дӕхӕдӕг] ӕууӕндыс ууыл?» (Иоан. 11:26).

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ йӕ ныхӕстыл куы «фӕкалдысты» ӕмӕ йӕ куы ныууагътой, уӕд ӕй фӕндыд, йӕ апостолтӕ цы хъуыды кӕнынц, уый базонын. Ӕмӕ сӕ бафарста: «Нӕ фӕнды сымах дӕр ацӕуын?» Се ’ппӕты хъуыдытӕ дӕр загъта Петр: «Хицау! кӕмӕ ацӕуӕм? Дӕумӕ ис мыггагмӕйы царды ныхӕстӕ, ӕмӕ мах баууӕндыдыстӕм ӕмӕ базыдтам, Ды — кӕй Дӕ Чырысти, Ӕгас Хуыцауы Фырт» (Иоан. 6:67—69). Ӕндӕр хатт та Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Кӕуыл нымайынц адӕм... Адӕймаджы Фырты?» Уый фӕстӕ сӕ фарсты руаджы баразӕнгард кодта сӕхи хъуыды зӕгъынмӕ. «Сымах та кӕуыл нымайут Мӕн?» Петр загъта: «Ды — Чырысти, Ӕгас Хуыцауы Фырт» (Матф. 16:13—16).

Хатт хорз вӕййы, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕ дӕр ахӕм фарстытӕ раттын. Зӕгъӕм: «Ацы хъуыддагмӕ дӕ ахуырӕмбӕлттӕ (кӕнӕ куыстӕмбӕлттӕ) цы цӕстӕй кӕсынц?» Ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ бафӕрс: «Дӕхӕдӕг та цы хъуыды кӕныс?» Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый куы зонай, уӕд ын ды, ахуыргӕнӕг уӕвгӕйӕ, хуыздӕр баххуыс кӕндзынӕ.

Хъуыды фӕтыхджындӕр кӕнынӕн. Фарстыты руаджы ма ис хъуыдыты стырдӕр тых бавӕрӕн дӕр. Ромӕгтӕм 8:31, 32 кӕсӕм, раст афтӕ кӕй бакодта Павел: «Кӕд Хуыцау мах фарс у, уӕд нӕ ныхмӕ чи у? Уый, Кӕцы нӕ бавгъау кодта Йӕ Фырты, фӕлӕ Йӕ ратта мах неппӕты тыххӕй, уӕд нын Йемӕ куыннӕ лӕвар кӕны [«ралӕвар кӕндзӕн», НФ] алцыдӕр?» Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ дыууӕ фарстӕн дӕр сӕ рахӕцӕн ис хъуыдыйӕдты фыццаг хайы.

Пехуымпар Исай, Иегъовӕ Вавилоны паддзахӕн цы тӕрхон скодта, уый тыххӕй куы ныффыста, уӕд фидарӕй загъта: «Ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕйӕн йӕ фӕнд конд у, ӕмӕ йӕ чи фехалдзӕн? Йӕ къух систа, ӕмӕ йын чи зӕгъдзӕн, ӕруадз ӕй?» (Ис. 14:27). Ацы фарстытӕн дзуапп ис сӕхимидӕг — цӕй кой дзы цӕуы, уый афтӕ у, ӕндӕр ма куыд хъуамӕ уа. Ахӕм фарстытӕ дзуапп нӕ домынц.

Адӕймаг раст кӕй нӕ хъуыды кӕны, уый сбӕрӕг кӕнынӕн. Рӕстдзӕвин фарстытӕ хорз сты, адӕймаг раст кӕй нӕ хъуыды кӕны, уый сбӕрӕг кӕнынӕн дӕр. Иухатт рынчын лӕджы сдзӕбӕх кӕныны размӕ Йесо бафарста фарисейты ӕмӕ, Закъон хорз чи зыдта, уыдоны: «Сабаты дзӕбӕх кӕнын ӕмбӕлы?» Рынчыны куы сдзӕбӕх кодта, уӕд та сӕм радта ӕндӕр фарст: «Искӕмӕн сымахӕй йӕ хӕрӕг [«йӕ фырт», НД] кӕнӕ гал куы ныххауа цъайы, уӕд ӕй уыцы сахат нӕ сисдзӕн сабаты дӕр?» (Лук. 14:1—6). Йесо дзуапмӕ не ’нхъӕлмӕ каст, уӕвгӕ сӕ никӕмӕн уыди йӕ зӕрды дзуапп раттын. Уыцы фарстытӕ сын сӕ зыгъуыммӕ хъуыдытӕ хурмӕ рахастой.

Хатт раст нӕ фӕхъуыды кӕнынц ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр. Зӕгъӕм, фыццаг ӕнусы Коринфы чидӕртӕ се ’фсымӕрты тӕрхондонмӕ лӕвӕрдтой, сӕхӕдӕг сӕхи ’хсӕн кӕй хъуамӕ алыг кодтаиккой, ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй. Цы сарӕзта апостол Павел уыцы уавӕры? Фӕд-фӕдыл сӕм цалдӕр рӕстдзӕвин фарсты радта, раст кӕй нӕ хъуыды кодтой, уый куыд бамбӕрстаиккой (1 Кор. 6:1—8).

Дӕхиуыл кус, ӕмӕ цадӕггай сахуыр уыдзынӕ фарстытӕ дӕттынмӕ. Фӕлӕ дӕ рох макуы уӕд уӕздандзинад, уӕлдайдӕр дӕхицӕй хистӕртимӕ, ӕнӕзонгӕтимӕ ӕмӕ хицӕуттимӕ ныхас кӕнгӕйӕ. Фарстытӕ дӕтгӕйӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕн, Библийы ӕцӕгад куыд рӕсугъд у, уый фенынӕн.