Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фыстӕджытӕ фыссын куыд хъӕуы

Фыстӕджытӕ фыссын куыд хъӕуы

УӔВГӔ, фыстӕджытӕ цал ӕмӕ цал адӕймагӕн баххуыс кодтой сӕ цард ӕмӕ се ’гъдау фӕхуыздӕр кӕнынӕн. Чырыстон Грекъаг Фыстыты цы чингуытӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр фыстӕджытӕ сты. Махӕн дӕр нӕ бон у фыстӕджытӕ фыссын ӕмӕ дзы нӕ хӕлӕрттӕн нӕ хъуыдытӕ дзурын, чырыстон фӕндагыл ӕрӕджы чи слӕууыд, ахӕмты бафидар кӕнын, Хуыцауы хъуыддаджы стыр бӕрндзинад кӕуыл ис, уымӕн раарфӕ кӕнын кӕнӕ ӕнӕнхъӕлӕджы уӕззау уаргъ кӕй уӕхсчытыл ӕрӕнцад, царды уӕлдай зын кӕмӕн у, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн ныфсы ныхас зӕгъын. Фыстӕджытӕ фыссын бахъӕуы ӕмбырды хъуыддӕгты тыххӕй дӕр (1 Фес. 1:1—7; 5:27; 2 Пет. 3:1, 2).

Уымӕй дарддӕр фыстӕджы руаджы ис хъусын кӕнӕн дӕр. Иуӕй-иу рӕтты адӕмӕй бирӕтӕ цӕрынц, бацӕуӕны бар кӕдӕм нӕй, хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕнынц, ахӕм хӕдзӕртты, ӕмӕ дзы хъусын кӕнынӕн фадат нӕй. Бирӕтӕ та иу-стӕм хатт йедтӕмӕ хӕдзары никуы вӕййынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд сӕ никуы баййафӕм. Иннӕтӕ та цӕрынц дард хъӕуты.

Хатт афтӕ вӕйййы, ӕмӕ нӕ низ кӕй хъыгдары, боныхъӕд ӕвзӕр кӕй у кӕнӕ горӕты комендантон рӕстӕг кӕй ис, уый аххосӕй хӕдзарӕй рацӕуӕн нӕ вӕййы. Дӕ бон нӕу уыцы рӕстӕгӕй спайда кӕнын, ӕмӕ дӕ хӕстӕгмӕ кӕнӕ ӕцӕгады тыххӕй кӕимӕ ныхас кодтай, уымӕ фыстӕг ныффыссын, цӕмӕй, Библийӕ цӕуыл дзырдтат, уый фӕдыл ныхас адарддӕр кӕнай? Йе та кӕд, Библи кӕимӕ ахуыр кодтай, уыдонӕй чидӕр ӕндӕр ранмӕ алыгъд цӕрынмӕ, уӕд ын дӕ фыстӕг стыр ахъаз уыдзӕн, цӕмӕй, Хуыцауы Ныхас ахуыргӕнгӕйӕ йӕ зӕрдӕйы цы зынг ссыгъд, уый ма бамынӕг уа. Афтӕ ма дӕ бон у, ӕрӕджы бинонты хъуыддаг чи бакодта, сывӕллон кӕмӕн райгуырд, йе та зиан кӕуыл ӕрцыд, ахӕмтӕм Библийӕ цалдӕр хъуыдыйы ныффыссын.

Фыстӕджыты руаджы хъусын кӕнын

Ӕнӕзонгӕ адӕймагмӕ ӕцӕгады тыххӕй куы фыссай, уӕд уал ын фыццаджыдӕр дӕхи бацамон. Уый фӕстӕ йын бамбарын кӕн, ӕгас дунейы дӕр бархийӕ цы куыст цӕуы, уым кӕй архайыс. Кӕд уый хъуыддагӕн ахъаз уа, уӕд зӕгъ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ. Бамбарын ын кӕн, цӕугӕ йӕм цӕуылнӕ кӕныс, фӕлӕ йӕм фыстӕг цӕмӕн фыссыс. Афтӕ фысс, цыма йемӕ лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кӕныс. Ӕрмӕст дӕ зӕрдыл дар, «кӕлмытау зондджын ӕмӕ бӕлӕттау хуымӕтӕг» кӕй хъуамӕ уӕм, ӕмӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕн, дӕхи тыххӕй зӕгъӕн цы ис ӕмӕ цы нӕй, ууыл (Матф. 10:16).

Дӕ фыстӕджы ныффысс, адӕймагмӕ хӕдзармӕ куы бацыдаис, уӕд ын цы загътаис, уый. Цы зӕгъӕн ис, уый тыххӕй кӕс къаннӕг чиныг «Куыд райдайӕм ӕмӕ куыд адарддӕр кӕнӕм нӕ ныхас Библийыл» кӕнӕ та «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» фӕстаг номыртӕ. Дӕ бон у ныффыссын, мӕнӕ ахӕм фарстайы фӕдыл цы хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ. Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ ӕнӕуи бамбарын кӕнынц, адӕммӕ Библийӕ цы фарстытӕ фӕзыны, уыдонӕн ӕнӕхцайӕ кӕй дӕттӕм дзуапп, ӕмӕ стӕй ӕрхӕссынц цалдӕр фарстайы, Библи ахуыр кӕнынӕн нӕм цы ӕххуысчингуытӕ ис, уыдонӕй. Искӕмӕн дӕ хорз хабар фехъусын кӕнын куы фӕнда, уӕд фыстӕг куыд ис ныффыссӕн, уый фенӕн ис 73-ӕм фарсыл. Ӕрмӕст хорз уаид, уым цы фыст ис, комкоммӕ уый куы нӕ фыссис, фӕлӕ-иу дзы алы хатт дӕр ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр хъуыдытӕ куы бафтауис. Кӕннод афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ адӕймаг уыцы иу фыстӕг цалдӕр хатты райсдзӕн.

Чи дӕ нӕ зоны, уый дын дӕ фыстӕг кӕсынмӕ, гӕнӕн ис, фӕзивӕг кӕна, ӕгӕр даргъ куы уа, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, цы зӕгъинаг дӕ, уый дыууӕ ныхасӕй куы ныффыссис. Науӕд, дӕ фыстӕг даргъ куы уа, уӕд ӕй адӕймаг, чи зоны, кӕронмӕ кӕсгӕ дӕр ма бакӕна. Хорз уаид, фыстӕджы куы бавӕрис Паддзахады залы фембӕлдтӕм хуынды гӕххӕтт. Фыстӕджы бавӕрӕн ис трактат, брошюрӕ кӕнӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», йе та «Райхъал ут!»; бамбарын ын кӕн, кӕд ӕй фӕнды, уӕд йӕ бон кӕй у уыцы журналты алы номыр дӕр исын. Йе та йӕ бафӕрс, ис ӕм хӕдзармӕ бацӕуӕн ӕмӕ уӕ ныхас адарддӕр кӕнӕн.

Цалдӕр ныхасы фыстӕгӕн йӕхи тыххӕй

Ӕркӕс, иннӕ фарсыл хуызӕгӕн цы фыстӕг ис, уымӕ. Цы дзы зӕгъӕн ис? 1) У рӕсугъд фыст, хъулӕттӕ дзы никуы ис. 2) Мыййаг, къонверт куы фесӕфа, уӕд ӕй чи фыссы, уымӕн йӕ ном ӕмӕ йӕ адрис фыст сты фыстӕгӕн йӕхи мидӕг дӕр. 3) Фыстӕгӕн йӕ нысан цы у, ууыл хуымӕтӕгӕй ӕмӕ комкоммӕ дзырд цӕуы тӕккӕ райдианы. 4) Алы сӕйраг хицӕн хъуыды дӕр дзы райдайы ног рӕнхъӕй. 5) Фыстӕгӕн йӕ нысан бӕлвырд у — ахӕм дӕр нӕу, цыма ӕввахс хӕлармӕ фыст у, ӕмӕ йӕ хицауадмӕ фыстӕг дӕр не схондзынӕ.

Бынтон хъуыддаджы фыстӕг дӕ куы хъӕуа ныффыссын (зӕгъӕм, ӕмбырды секретарь филиалмӕ кӕй фервиты, ахӕм), уӕд дзы ӕнӕмӕнг хъуамӕ уа ӕмбырды ном, стӕй секретарӕн йӕхи ном, йӕ адрис ӕмӕ йӕ цы бон ныффыста, уый дӕр. Афтӕ ма фыстӕджы хъуамӕ уа, фыстӕг кӕмӕ ӕрвитыс, уыцы адӕймаг кӕнӕ организацийы ном ӕмӕ адрис дӕр. Уый фӕстӕ хъӕуы салам раттын. Фыстӕг фӕуӕн ис ахӕм ныхӕстӕй, «аргъ дын чи кӕны, уыцы...», зӕгъгӕ. Ӕмӕ дзы уый фӕстӕ дӕ къух бафысс.

Кӕмӕфӕнды ма фыссай фыстӕг, хъуамӕ дзы алы дзырд дӕр уа раст фыст, хъуыдыйӕдтӕ раст арӕзт, къӕдзыгтӕ сӕ бынаты, стӕй дзы мацы хъулӕттӕ хъуамӕ уа. Уӕд адӕймаг дӕуӕн дӕр ӕмӕ йӕм фыстӕджы цы ныффыссай, уымӕн дӕр стырдӕр аргъ скӕндзӕн.

Адӕймаджы дзуапп раттын куы бафӕнда, уӕд кӕдӕм ныффысса, уый йын къонвертыл бацамонын ма ферох кӕн (иууыл хуыздӕр уыдзӕн дӕхи адрис). Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕнӕзонгӕтӕн дӕхи адрис бацамонын бынтон ӕдас нӕу, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты бафӕрс, нӕй гӕнӕн, ӕмӕ дзы Паддзахады залы адрис бацамонай. Фыстӕджы руаджы хъусын кӕнгӕйӕ къонвертыл филиалы адрис макуы фысс, кӕннод ӕй адӕймаг афтӕ бамбардзӕн, цыма йӕм фыстӕг филиалӕй ӕрбацыд ӕмӕ, гӕнӕн ис, хъуыддаг цӕй мидӕг ис, уый ма бамбара. Уӕдӕ фыстӕджы литературӕ куы уа ӕмӕ къонвертыл та, кӕмӕй у, уый фыст куы нӕ уа, уӕд дӕр та адӕймаг афтӕ фенхъӕлдзӕн, ӕмӕ йӕм филиалӕй ӕрбацыд фыстӕг.

Къонвертыл фаг баныхасын хъӕуы посты маркӕтӕ дӕр, уӕлдайдӕр йӕ мидӕг литературӕ куы уа, уӕд. Маркӕтӕ фаг куы нӕ уой, уӕд, гӕнӕн ис, фыстӕг чи райса, уымӕн ӕй бафидын кӕной, ӕмӕ йӕм уӕд цы ныффыстай, уымӕн йӕ цӕсты аргъ нӕ уыдзӕн. Дӕ зӕрдыл дар, бирӕ бӕстӕты, фыстӕгимӕ журнал исты куы ӕрвитай, уӕд ын фидын дӕр фылдӕр кӕй хъӕуы.

Ӕмбӕлон «хъӕлӕсы уаг»

Дӕ фыстӕг фыст куы фӕуай, уӕд ӕй бакӕс. Куыд хъуысы? Дӕ «хъӕлӕсы уаг» фӕлмӕн у, адӕймагмӕ хъыг цы фӕкӕса, ахӕмӕй дзы ницы ис? Адӕммӕ хъуамӕ уӕм зӕрдӕхӕлар, хъуамӕ уыной, кӕй сӕ уарзӕм, уый (Гал. 5:22, 23). Зӕгъгӕ дзы, адӕймагмӕ хъыг цы фӕкӕса кӕнӕ йын йе онг цы амара, ахӕмӕй гыццыл исты дӕр фӕхатыдтӕ, уӕд ӕй фӕив.

Фыстӕг нын нӕ ныхас фӕхӕццӕ кӕндзӕн, нӕхицӕн нӕ бон кӕдӕм нӕу бафтын, ахӕм рӕттӕм дӕр. Ӕмӕ ӕрмӕст уый тыххӕй дӕр диссаджы хорз ӕххуыс у хъусын кӕнынӕн. Дӕ фыстӕг, чи дӕ ӕмӕ цардмӕ цы цӕстӕй кӕсыс, цы дӕ уырны, ууыл дзурӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, цы дзы зӕгъынмӕ хъавыс, куыд фыст у ӕмӕ куыд «хъуысы», уыдӕттыл. Чи зоны, ӕмӕ ма дӕ фыстӕг сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕй ноджыдӕр искӕмӕн баххуыс кӕна царды фӕндагыл слӕууынӕн, йе та йыл чи цӕуы, уыдонӕн ныфсы хос фӕуа.