Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

35 УРОК

Фӕлхат — хъуыды фӕтыхджындӕр кӕнынӕн

Фӕлхат — хъуыды фӕтыхджындӕр кӕнынӕн

ЦӔМӔЙ искӕмӕн цыдӕр дзӕбӕх бацамонай, уый тыххӕй фӕлхат ӕнӕмӕнг хъӕуы. Цавӕрдӕр хъуыды адӕймаг иу хаттӕй фылдӕр куы фехъуса, уӕд стырдӕр ныфс ис, кӕй йӕ бахъуыды кӕндзӕн. Ӕмӕ ма уыцы хъуыды гыццыл ӕндӕр хуызы куы зӕгъай, уӕд та йӕ ӕмбаргӕ дӕр хуыздӕр бакӕндзӕн.

Цӕуыл дзурыс, уый адӕм куы нӕ бахъуыды кӕной, уӕд дӕ ныхӕстӕ нӕдӕр сӕ цардыл фӕзындзысты, нӕдӕр, цӕуыл ӕууӕндынц, ууыл. Фӕлӕ сын цавӕрдӕр хъуыдытӕм сӕ хъус тынгдӕр куы ӕрдарай, уӕд ма сыл уый фӕстӕ дӕр хъуыды кӕндзысты.

Фӕлхат кӕнын куыд хъӕуы, уый нын равдыста не Стыр Зондамонӕг Иегъовӕ. Израилы адӕмӕн радта Дӕс фӕдзӕхсты. Синайы хохрӕбын сын сӕ йӕ минӕвар зӕдты дзыхӕй фехъусын кодта. Фӕстӕдӕр та сӕ Моисейӕн радта фыстӕй (Рац. 20:1—17; 31:18; Дык. з. 5:22). Иегъовӕйы фӕндӕй Моисей уыцы фӕдзӕхстытӕ адӕмӕн ногӕй сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куы уыдысты, уӕд, ӕмӕ уый фӕстӕ, сыгъдӕг удӕй зӕрдӕргъӕвд уӕвгӕйӕ, уыцы хабар фысгӕ дӕр ныккодта (бакӕсӕн ӕй ис Дыккаг закъоны 5:6—21). Иегъовӕ израилӕгтӕн цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдонӕй иу уыди, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы уарз ӕмӕ йын лӕггад кӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй. Ӕмӕ ма цал ӕмӕ цал хатты ӕрцыд фӕлхат уыцы фӕдзӕхст! (Дык. з. 6:5; 10:12; 11:13; 30:6). Цӕмӕн? Йесо куыд загъта, афтӕмӕй уый у «фыццаг ӕмӕ ӕппӕтӕй стылдӕр фӕдзӕхст» (Матф. 22:34—38). Иегъовӕ йӕ пехуымпар Иеремийы дзыхӕй йӕ адӕмӕн ссӕдз хаттӕй фылдӕр сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, цыдӕриддӕр сын бафӕдзӕхста, уымӕ хъусын сӕ кӕй хъӕуы (Иер. 7:23; 11:4; 12:17; 19:15). Пехуымпар Иезекилы дзыхӕй та Хуыцау ӕртиссӕдз хаттӕй фылдӕр загъта, зӕгъгӕ, адӕмтӕ «базондзысты, ӕз Иегъовӕ кӕй дӕн» (Иез. 6:10; 38:23).

Йесо зӕххыл куыд лӕггад кодта, уый тыххӕй кӕсгӕйӕ дӕр уынӕм, хъуыдытӕ куыд арӕхстджынӕй фӕлхат цыдысты, уый. Зӕгъӕм, цыппар Евангелийӕ алкӕцыйы дӕр ис, иннӕ Евангелиты дӕр (кӕнӕ дзы иу кӕцыдӕры) чи ӕмбӕлы, ахӕм ахсджиаг цауты кой. Фӕлӕ дзы алы ран дӕр уыцы цау ӕвдыст цӕуы ӕндӕр цӕстӕнгасӕй. Стӕй-иу адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ Йесо йӕхӕдӕг дӕр уыцы иу ахсджиаг хъуыды загъта цалдӕр хатты, ӕрмӕст алыхуызӕтты (Маркы 9:34—37; 10:35—45; Иоан. 13:2—17). Йӕ мӕлӕтӕй цалдӕр боны раздӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Елеоны хохыл куы уыди, уӕд сын фӕд-фӕдыл цалдӕр хатты сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта йе стыр фӕдзӕхст: «Уӕхи цӕттӕ дарут... Уымӕн ӕмӕ уыцы афон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут» (Маркы 13:33, 35, МСЕ).

Уацамынды. Мах фӕнды, ӕмӕ адӕмӕн цы дзурӕм, уый-иу бахъуыды кӕной. Ӕмӕ уый нӕ къухы ӕфтдзӕн, фӕлхат кӕнынмӕ куы арӕхсӕм, уӕд.

Дзургӕ-дзурын, ныхас цӕуыл у, уый цалдӕр хатты куы сфӕлхат кӕнай, уӕд ӕй адӕймаг хуыздӕр бахъуыды кӕндзӕн. Уымӕ гӕсгӕ, Библийӕ стих куы бакӕсат, уӕд ын йӕ хъус ӕрдар, уӕ ныхас цӕуыл у, уымӕ — стихы йӕ цы ныхӕстӕ бӕлвырд кӕнынц, уыдонмӕ бацамон ӕмӕ йӕ бафӕрс: «Бафиппайдтай, цӕуыл дзурӕм, уый дзы бӕрӕг куыд у?»

Хорз вӕййы, цӕуыл дзырдтат, уый уӕ ныхасы кӕрон цалдӕр хъуыдыйадӕй сфӕлхат кӕнын. Зӕгъӕм, ныхас афтӕ балхынцъ кӕнӕн ис: «Ныфс мӕ ис, абон нӕ ныхасы сӕйраг цы уыд, уый дӕ кӕй нӕ ферох уыдзӕн, бӕлвырдӕй та...» — ӕмӕ йын уый фӕстӕ сӕйраг хъуыды дыууӕ ныхасӕй йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн. Зӕгъӕн ис афтӕ дӕр: «Хуыцауы фӕнд уый у, ӕмӕ ӕгас зӕхх дӕр суа дзӕнӕт. Ӕмӕ уыцы фӕнд ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн». Кӕнӕ та мӕнӕ афтӕ: «Уӕдӕ нын Библи ирдӕй ӕвдисы, ацы дунейӕн йӕ фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый. Йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд цӕмӕй удӕгас баззайӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы, Хуыцау нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый базонын». Йе та зӕгъӕн ис афтӕ дӕр: «Куыд федтам, афтӕмӕй Библийы ис хорз уынаффӕтӕ, бинонты царды цы зындзинӕдтӕ фӕзыны, уыдон алыг кӕнынӕн». Хатт та ӕнӕуи сфӕлхат кӕнӕн вӕййы Библийы стих — уый йӕ хъӕудзӕн бахъуыды кӕнын. Цӕмӕй нын фӕлхат кӕнын хорз уайа, уый тыххӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алцӕуыл дӕр рагацау хъӕуы ахъуыды кӕнын.

Дыккаг-ӕртыккаг хатт кӕмӕ бацӕуӕм, стӕй Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонмӕ та ӕрмӕг сфӕлхат кӕнынӕн раттӕн ис фарстытӕ.

Адӕймаг Библийы уынаффӕтӕй цыдӕр дзӕбӕх куы нӕ ӕмбара кӕнӕ йын уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ бакӕнын зын куы уа, уӕд уыцы иу фарста йемӕ равзарын бахъӕуы цалдӕр хатты дӕр. Алы хатт дӕр архай фарстамӕ ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр цӕстӕнгасӕй ӕркӕсын. Дӕрдтыл дзурын дзы нӕ хъӕуы — сӕйраг у адӕймаджы дарддӕр дӕр уыцы фарстайыл хъуыды кӕнынмӕ сразӕнгард кӕнын. Раст афтӕ бакодта Йесо: цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхи фыццаг бынаты ӕвӕрынмӕ ма тырныдтаиккой, уый тыххӕй сын ногӕй ӕмӕ ногӕй хаста зондзонӕн цӕвиттонтӕ (Матф. 18:1—6; 20:20—28; Лук. 22:24—27).

Ныхасы рацӕугӕйӕ. Сценӕмӕ ныхасы рацӕугӕйӕ дӕ нысан уый нӕу, ӕмӕ ӕнӕуи цыдӕртӕ радзурай. Цы дзурыс, уый хъуамӕ адӕм бамбарой, бахъуыды йӕ кӕной ӕмӕ дзы царды спайда кӕной. Ӕмӕ дӕ уый тыххӕй та хъӕуы, ӕрмӕг кӕм куыд сфӕлхат кӕнын хъӕуы, уый зонын.

Фӕлӕ ахсджиаг хъуыдытӕ ӕгӕр арӕх куы фӕлхат кӕнай, уӕд дӕм адӕм нал хъусдзысты. Уӕдӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕн, дӕ раныхасы уӕлдай хъусдарды аккаг цавӕр хъуыдытӕ сты, ууыл. Арӕхдӕр уыдон вӕййынц, дӕ ныхас кӕуыл амад у, уыцы сӕйраг хъуыдытӕ. Фӕлӕ ма вӕййы, дӕ ныхасмӕхъусджыты ӕхсызгонӕй чи хъӕуы, ӕндӕр ахӕм хъуыдытӕ дӕр.

Фӕлхат кӕныны мадзӕлттӕй иу у — райдианы сӕйраг хъуыдытӕ ранымайын. Зӕгъ сӕ хӕрз цыбыртӕй, ома сын иумӕйагӕй бамбарын кӕн, дзырд цӕуыл цӕудзӕн, уый. Зӕгъӕм, дӕ ныхас уыдзӕн, цыдӕр хъуыддаг куыд аскъуыддзаг кӕнӕн ис, ууыл: ратт сӕм уый фӕдыл фарстытӕ кӕнӕ цыбыр цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс. Йе та зӕгъ, цал сӕйраг хъуыдыйы дзы уыдзӕн, ӕмӕ сӕ ранымай. Ӕмӕ дзы стӕй дӕ раныхасы сӕйраг хайы алкӕцыдӕр хицӕнӕй райхал. Дарддӕр уыцы ахсджиаг хъуыдытӕм хъус ӕрдарӕн ис раныхасы сӕйраг хайы: алкӕцыдӕр дзы сфӕлхат кӕн, цалынмӕ иннӕмӕ нӕ ахизай, уӕдмӕ. Кӕнӕ та ӕрхӕсс цӕвиттон, уыцы сӕйраг хъуыдымӕ гӕсгӕ царды куыд ис архайӕн, уый равдисынӕн. Кӕронбӕттӕны дӕр та сын дӕ бон у сӕйраг хъуыдытӕ ногӕй сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын: кӕнӕ сӕ ӕнӕуи сфӕлхат кӕн, кӕнӕ дыууӕ хъуыддаджы ныхӕй-ныхмӕ ӕрӕвӕр, ӕмӕ сӕм афтӕмӕй ӕргом аздах, кӕнӕ та, райдианы цы фарстытӕ сӕвӕрдтай, уыдонӕн дзуапп ратт, йе та хӕрз цыбыртӕй бамбарын кӕн, уӕлдӕр цы зындзинады кой ракодтай, уымӕн йӕ хос цы у, уый.

Дӕсны ныхасгӕнджытӕ ма пайда кӕнынц ноджыдӕр иу мадзалӕй: уыдон адӕммӕ лӕмбынӕг фӕкӕсынц ӕмӕ дзы, зӕгъгӕ, чидӕр цыдӕр нӕ бамбӕрста, уӕд ӕй фӕхатынц. Кӕд уыцы хъуыды тынг ахсджиаг вӕййы, уӕд ӕй ногӕй бамбарын кӕнынц. Фӕлӕ та йӕ растдӕр уыцы дзырдтӕй сфӕлхат кӕнай, уый бирӕ ницы дӕтты, йӕ бамбарынӕн уый фаг нӕу. Иннӕты ахуыр кӕнынӕн фылдӕр цыдӕр хъӕуы — ныхасгӕнӕг хъуамӕ уавӕртӕм фӕцарӕхсын зона. Гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ зӕгъын бахъӕуа, рагацау цӕуыл нӕ хъуыды кодта, ахӕм исты. Дӕ ныхас, чи дӕм хъусы, уыдон ӕй хуыздӕр куыд бамбарой, афтӕ фӕзилынмӕ куы арӕхсай, уӕд дӕ зӕгъӕн уыдзӕн, дӕсны ахуыргӕнӕг дӕ, зӕгъгӕ.