Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

16 УРОК

Хиуыл хӕцын фӕраз

Хиуыл хӕцын фӕраз

НЫХАСЫ рацӕугӕйӕ дӕхимидӕг кӕй фӕтыхсыс, уым диссагӕй ницы ис, уӕлдайдӕр та дӕ кӕд сценӕмӕ рацӕуыны сӕр арӕх нӕ фӕхъӕуы, уӕд. Уӕдӕ уацамынды дӕр райдианы куыннӕ фӕтыхсӕм. Иереми пехуымпарӕй ӕвӕрд куы ’рцыд, уӕд афтӕ загъта: «Ӕз дзурынмӕ нӕ арӕхсын, нырма ӕрыгон дӕн» (Иер. 1:5, 6). Фӕлӕ йын Иегъовӕ баххуыс кодта. Ӕмӕ Иегъовӕ ахъазгӕнӕг уыдзӕн дӕуӕн дӕр. Цадӕггай сахуыр уыдзынӕ дӕхиуыл хӕцын, ӕмӕ-иу афтӕ тынг нал тыхсдзынӕ.

Ныхасы рацӕуӕг йӕхиуыл хӕцын фӕразы, зӕгъгӕ, уӕд ис зӕгъӕн, ӕмӕ тыхсгӕ куы нӕ фӕкӕны. Ӕмӕ уый та бӕрӕг вӕййы йӕ алы фезмӕлдӕй дӕр. Йӕ лӕуд дӕр вӕййы зӕрдӕмӕдзӕугӕ, уавӕр куыд домы, уымӕ гӕсгӕ; стӕй йӕ къухтӕ уӕлдай тылд, уӕлдай змӕлд нӕ фӕкӕны. Уӕдӕ йӕ хъӕлӕс дӕр уыцы зӕлланг фӕкӕны, алцӕмӕй дӕр ыл йӕ бар фӕцӕуы.

Кӕд ӕй хатыс, ӕмӕ ныхасгӕнгӕйӕ ды афтӕ хиуылхӕцгӕ нӕ вӕййыс, уӕддӕр ницы кӕны: уый ахӕм хъуыддаг нӕу, ӕмӕ дзы фӕхуыздӕргӕнӕн мацы уа. Ӕркӕсӕм, ныхасгӕнӕг цӕмӕн фӕтыхсы, йӕхиуыл хӕцын йӕ бон цӕуылнӕ вӕййы, уымӕ. Иуӕй уымӕн, ӕмӕ не сконд ахӕм у.

Цӕвиттон, дӕ бӕрны дын цыдӕр ахсджиаг хъуыддаг бакодтой. Дӕу фӕнды, куыд хуыздӕр ӕй бакӕнай, фӕлӕ дын рауайдзӕн, уый ныфс дӕ нӕй, ӕмӕ тыхсыс. Уыцы уысм магъз буарӕн базонын кӕны, фӕфылдӕр кӕнын кӕй хъӕуы, туджы ӕлхъывдад чи бӕрзонд кӕны, уыцы буаргъӕд, адреналин, зӕгъгӕ. Уыйадыл зӕрдӕ йӕ куыст фӕтагъддӕр кӕны, адӕймаг тыхулӕфт кӕнын райдайы, хид фӕкӕлы, хатт къухтӕ ӕмӕ уӕрджытыл дӕр зыр-зырӕг бафты, хъӕлӕс фӕризы. Иу дзырдӕй, нӕ буар йӕ хъарутӕ иууылдӕр уымӕ ратты, уыцы уавӕр нӕ бон сфӕразын куыд бауа. Ӕрмӕст нӕ уыцы хъарутӕ уымӕ хъӕуы саразын, нӕ хъуыдытӕ куыд нӕ схӕццӕ уой ӕмӕ зӕрдиагӕй куыд дзурӕм.

Цы саразӕн ис, цӕмӕй къаддӕр тыхсай. Дӕ зӕрдыл дар, иу гыццыл алы адӕймаг дӕр кӕй фӕтыхсы. Фӕлӕ ӕгӕр куы тыхсай, уӕд дӕхиуыл хӕцын дӕ бон нӕ уыдзӕн ӕмӕ дын сабыр, ныфсджынӕй дзурын зын уыдзӕн. Уӕдӕ цы саразӕн ис?

Хорз цӕттӕ кӕн. Дӕ раныхас бацӕттӕ кӕнынӕн рӕстӕг ма ӕвгъау кӕн. Хъуамӕ дзӕбӕх ӕмбарай, дӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн, уый. Сӕйраг хъуыдытӕ дӕхи куы хъӕуа равзарын, уӕд ахъуыды кӕн, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ уый тыххӕй цы зонынц ӕмӕ дӕ разы цавӕр хӕс ис. Уӕд дӕ бон суыдзӕн, тынгдӕр дӕ чи бахъӕудзӕн, ахӕм ӕрмӕг ссарын. Кӕд уый бакӕнын нырма дӕхицӕн зын у, уӕд бафӕрс, раныхӕстӕ цӕттӕ кӕнынмӕ хорз чи арӕхсы, ахӕм искӕй. Уый дын баххуыс кӕндзӕн ӕрмӕгмӕ дӕр, ӕмӕ йӕ кӕмӕн дзурдзынӕ, уыдонмӕ дӕр ӕмбаргӕ цӕстӕй кӕсынӕн. Цӕуыл дзурдзынӕ, уый дзӕбӕх куы ӕмбарай ӕмӕ, дӕ ныхасмӕхъусджыты ӕхсызгонӕй кӕй хъӕуы, уый фидарӕй куы зонай, уӕд дӕ йӕ радзурын афтӕ тынг фӕнддзӕн, ӕмӕ дӕ тыхст уый цур аууоны аззайдзӕн.

Уӕлдай хорз дӕ бакусын хъӕуы, фыццаг цы ныхӕстӕ зӕгъдзынӕ, уыдоныл. Дӕ ныхас цӕмӕй райдайдзынӕ, уый хъуамӕ бӕлвырдӕй зонай. Цалдӕр ныхасы дзӕбӕх куы зӕгъай, уӕд дын дарддӕр ӕнцондӕр уыдзӕн, тынг нал тыхсдзынӕ.

Афтӕ цӕттӕ кӕнын хъӕуы хъусын кӕнынмӕ дӕр. Ахъуыды-иу кӕн, цӕуыл дзурдзынӕ, ӕрмӕст ууыл нӕ, фӕлӕ кӕмӕн хъусын кӕндзынӕ, уыдоныл дӕр — чи сты, цавӕр адӕм сты. Цӕмӕй райдайдзынӕ дӕ ныхас, уый бӕстон бацӕттӕ кӕн. Кӕс фӕлтӕрд хъусынгӕнджытӕм, ӕмӕ ахуыр кӕн, фӕрсгӕ дӕр-иу сӕ бакӕн.

Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ раныхас кӕрӕй-кӕронмӕ фыст куы уа, уӕд ныфсджындӕр уыдзынӕ. Ӕцӕгӕй та йӕ фысгӕ куы ныккӕнай, тынгдӕр уӕд тыхсдзынӕ. Раст у, ныхасгӕнджытӕй чи бӕстон ныффыссы алцыдӕр, чи та цыбыртӕй фӕнысан кӕны, цы зӕгъын ӕй фӕнды, уыдӕттӕ. Фӕлӕ дӕ зӕрдӕйы мидӕг фидарӕй куы зонай, цы ӕрмӕг бацӕттӕ кодтай, уый дӕ ныхасмӕхъусджыты ӕхсызгонӕй кӕй хъӕуы, уӕд дӕхиуыл нӕ хъуыды кӕндзынӕ ӕмӕ нӕ тыхсдзынӕ.

Дӕ раныхас дӕхицӕн хъӕрӕй дзур. Дӕ раныхас куыд дзурдзынӕ, уый куы фӕлварай, уӕд фендзынӕ, дӕ бон кӕй у дӕ хъуыдытӕ дӕхи ныхӕстӕй дзурын, ӕмӕ дын уый дӕр уыдзӕн ныфсы хос. Хъӕрӕй цы хъуыдытӕ дзурай, уыдон магъзы бӕрӕгдӕр фӕд ныууадздзысты, ӕмӕ дын ныхасы рацӕугӕйӕ се ’рхъуыды кӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн. Кӕнӕ лӕугӕ скӕн, кӕнӕ та стъолы фарсмӕ ӕрбад ӕмӕ дӕ раныхас афтӕ дзур, цыма сценӕйыл дӕ.

Кув Иегъовӕмӕ. Чи зоны ды зӕгъай, исты Иегъовӕмӕ ахӕм цӕйдӕрты фӕдыл мӕ куывд фехъуысдзӕн? «Мӕнӕ, мах Уымӕ цы ныфс зӕрдӕ дарӕм, уый: исты дзы куы курӕм Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ, уӕд нӕм Уый байхъусы» (1 Иоан. 5:14, НФ). Кӕд дӕ фӕнды Хуыцауы кадджын кӕнын ӕмӕ йын йӕ Ныхас адӕмӕн хуыздӕр ӕмбарын кӕнын, уӕд дын дӕ куывд ӕнӕмӕнг фехъусдзӕн. Ӕмӕ уый зонгӕйӕ та бирӕ ӕнцондӕр у, дӕ разы цы хӕс ис, уый сӕххӕст кӕнын. Уымӕй уӕлдай, сыгъдӕг уды дыргъ — уарзондзинад, циндзинад, фидыддзинад, фӕлмасдзинад ӕмӕ хиуылхӕцындзинад — дӕ удыхъӕды куыд фылдӕр кӕна, афтӕ царды бирӕ цӕмӕдӕрты ӕндӕр цӕстӕй кӕсдзынӕ, ӕмӕ уый фӕрцы цыфӕнды уавӕры дӕр дӕхиуыл хӕцын фӕраздзынӕ (Гал. 5:22, 23).

Фӕлтӕр. Цас фылдӕр хъусын кӕнай, уыйас къаддӕр тыхсдзынӕ. Цас арӕхдӕр дзуапп дӕттай ӕмбырды фембӕлдты, уыйас дын ӕнцондӕр уыдзӕн адӕмы раз дзурын. Ӕмбырды дын хӕслӕвӕрдтӕ арӕх куы уа, уӕд-иу, сценӕмӕ рацӕугӕйӕ, дӕ зӕрдӕ афтӕ тынг нал гуыпп-гуыпп кӕндзӕн. Фӕнды дӕ, ӕмӕ дын уый фадат арӕхдӕр уа? Скъолайы хӕслӕвӕрд кӕмӕн уа, уыдонӕй искӕй баивын куы хъӕуа, уӕд-иу уыцы хӕс дӕхимӕ райс.

Ныр ды зоныс, цы саразӕн ис, цӕмӕй къаддӕр тыхсай. Хорз ма уаид, адӕймагӕн йӕ тыхст цӕмӕй бӕрӕг вӕййы, уый базонын дӕр. Аппаринаг миниуджытӕй дӕм цы ис, уый куы сбӕрӕг кӕнай ӕмӕ семӕ тох кӕнын куы сахуыр уай, уӕд ныхасгӕнгӕйӕ хиуыл хӕцын фӕраздзынӕ ӕмӕ дӕхи хатдзынӕ сабырдӕр. Адӕймаг кӕй тыхсы, уый та бӕрӕг вӕййы йе уӕнгты змӕлд ӕмӕ йӕ хъӕлӕсӕй.

Уӕнгты змӕлд. Тыхсыс ӕви нӕ, уый бӕрӕг уыдзӕн, куыд лӕууыс ӕмӕ дӕ къухтӕй цы кусыс, уымӕй. Фыццаг уал аныхас кӕнӕм къухтыл. Ныхасгӕнӕг йӕ къухтӕ йӕ чъылдымыл куы дара, салдаты лӕуд куы кӕна, кӕнӕ чингуыты быцӕуӕвӕрӕныл куы ныххӕца, йӕ къухтӕ йӕ дзыппыты куы фӕтъысс-фӕтъысс кӕна, йе ’гънӕджытӕ куы рафтау-бафтау кӕна; хъӕуа-нӕхъӕуа йӕ рус кӕнӕ йӕ фындзмӕ куы ӕвнала, йӕ кӕсӕнцӕстытӕ куы бараст-бараст кӕна; йӕ сахатимӕ цыдӕртӕ куы архайа, йӕ ручкӕ йӕ къухы куы ракӕ-бакӕ кӕна, йӕ къухдарӕн раздух-баздух куы кӕна кӕнӕ ӕппынӕдзух йӕ гӕххӕттытӕ куы рафӕлдах-бафӕлдах кӕна; йӕ къухтӕй йӕ цыдӕр бацамонын куы фӕнда, фӕлӕ-иу ӕй кӕронмӕ куы нӕ ахӕццӕ кӕна, уӕд бӕрӕг у — тыхсы.

Адӕймаг йӕхиуыл хӕцын кӕй нӕ фӕразы, уый ма бӕрӕг вӕййы ӕндӕр цӕмӕйдӕрты дӕр: зӕгъӕм, йӕ къӕхтӕй сыртт-сыртт кӕны, йӕ гуыр дыууӕрдӕм кӕны, йе уӕнгтӕ ныттынг кӕны, ныггуыбыр вӕййы, ӕппынӕдзух йӕ былтӕ стӕры кӕнӕ йӕ сӕт ныхъуыры, стӕй тыхулӕфт кӕны.

Уыцы ӕвзӕр ахуыртӕ аппарыныл зонгӕ-зонын куы архайай, уӕд сӕ ис фервӕзӕн. Кус дзы алкӕцыйыл дӕр хицӕнӕй. Фыццаг уал дзы иу искӕцы равзар ӕмӕ ӕркӕс, цы саразын дӕ хъӕудзӕн, уымӕ. Зивӕг ма кӕн, ӕмӕ уӕд ӕнӕмӕнг дӕ къухы бафтдзӕн — дӕ алы фезмӕлдыл дӕр дӕ бар цӕудзӕн.

Хъӕлӕс. Хатт фыртыхстӕй адӕймаджы хъӕлӕс кӕнӕ ризын райдайы, кӕнӕ та афтӕ цъӕхснаг свӕййы, ӕмӕ адӕмы хъустӕ ӕмыр фӕкӕнынц. Иуӕй-иутӕ та схуыф-схуыф фӕкӕнынц кӕнӕ тагъд-тагъд райдайынц дзурын. Уыцы ӕвзӕр миниуджытӕй ис фервӕзӕн, кӕд ӕмӕ, дӕ хъӕлӕсыл дӕ бар куыд цӕуа, ууыл архайай.

Зӕгъгӕ, сценӕмӕ рацӕуыны размӕ уый хатыс, ӕмӕ дӕхимидӕг тыхсыс, уӕд дӕ риуы ’мбӕрц цалдӕр улӕфты скӕн. Цас дӕ бон у, уыйас де уӕнгтӕ айтынг кӕн, дӕ нуӕрттӕ сӕхибар ауадз. Кӕй тыхсыс, ууыл ма хъуыды кӕн, фӕлӕ, цы бацӕттӕ кодтай, уый дӕ дӕ ныхасмӕхъусджытӕн цӕмӕн фӕнды радзурын, ууыл. Дӕ цӕст ахӕсс адӕмыл, хӕлар цӕстӕй дӕм чи кӕсы, ахӕмы дзы ссар, бахуд ӕм, ӕмӕ уый фӕстӕ райдай дзурын. Дӕ фыццаг ныхӕстӕ зӕгъ сабырӕй, тагъд ма кӕн, ӕмӕ тӕккӕ райдианӕй дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дӕ ныхасимӕ уӕд.

Цы бафтдзӕн дӕ къухы. Уый ӕнхъӕл ма у, ӕмӕ тыхсын цы у, уый зонгӕ дӕр нал кӕндзынӕ. Бирӕ азты дӕргъы адӕмы раз ныхасы чи рацӕуы, уыдон дӕр фӕтыхсынц сӕ раныхасы размӕ. Фӕлӕ уыдон сахуыр сты хиуыл хӕцын.

Дӕ хъарутӕ иууылдӕр уымӕ куы раттай, ӕмӕ кӕй тыхсыс, уый ма зына, уӕд дӕ ныхасмӕхъусджыты цӕсты уыдзынӕ уӕззаузонд ӕмӕ хиуылхӕцгӕ ныхасгӕнӕг. Тыхсгӕ, чи зоны, кӕнай, фӕлӕ уый дӕу йедтӕмӕ ничи зондзӕн.

Ма дӕ рох кӕнӕд, туджы мидӕг адреналин куы фӕфылдӕр вӕййы, уӕд кӕд тыхсын райдайӕм, уӕддӕр нын иннӕрдыгӕй та уый ӕххуыс кӕны нӕ хъарутӕ ӕрбамбырд кӕнынӕн дӕр. Ӕмӕ дын уӕдӕ уыцы хъарутӕ зӕрдиагӕй дзурыны хос фӕуӕнт.

Сценӕмӕ кӕд рацӕудзынӕ, уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕс. Ӕнӕуи царды мидӕг дӕр ахуыр кӕн дӕхиуыл хӕцын, стӕй, кӕм куыд фидауы, афтӕ зӕрдӕбынӕй дзурын. Ӕмӕ уӕд ныфсджын уыдзынӕ, ныфсы сӕр дӕ тынгдӕр кӕм хъӕуы, уым дӕр, ома сценӕйыл ӕмӕ уацамынды.