Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

27 УРОК

Хи ныхӕстӕй дзур

Хи ныхӕстӕй дзур

РАНЫХАСЫЛ бирӕ фӕфыдӕбон кодтай, арфмидисджын ӕрмӕг ссардтай. Хъуыдытӕ дӕр кӕрӕдзийыл баст сты. Дӕ бон ӕй у ӕнӕрхӕцгӕйӕ радзурын. Фӕлӕ дӕм адӕм хъусынӕй куы афӕлмӕцой ӕмӕ та-иу сӕ хъуыдытӕ ӕндӕр цӕуылдӕрты куы адзӕгъӕл уой, уӕд дӕ ныхас йӕ нысаныл сӕмбӕлдзӕн? Дӕ ныхасмӕ хъусын сын зын куы уа, уӕд сын сӕ зӕрдӕтӕ бацагайдзынӕ?

Афтӕ цӕмӕн рауайы? Йӕ аххосӕгтӕ иу ӕмӕ дыууӕ не сты, фӕлӕ арӕхдӕр бӕллӕх уый мидӕг вӕййы, ӕмӕ адӕймаг сӕрибарӕй нӕ фӕдзуры. Бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ та, ныхасгӕнӕг йӕ фыстытӕм ӕгӕр арӕх фӕкӕсы, йӕ ныхасы уд нӕ вӕййы. Ацы къуылымпытӕ иууылдӕр, адӕймаг йӕ раныхас куыд фӕцӕттӕ кӕны, уымӕй цӕуынц.

Фыццаг дӕ ныхас кӕрӕй-кӕронмӕ куы ныффыссай ӕмӕ дзы стӕй пълан куы саразай, уӕд дӕхи ныхӕстӕй, сӕрибарӕй дзурын дӕ бон не суыдзӕн. Цӕуылнӕ? Алы дзырд дӕр дын лыстӕг луӕрст уыди, ӕмӕ уымӕн. Кӕд дзургӕ пъланмӕ гӕсгӕ кӕнай, уӕддӕр дӕ бар-ӕнӕбары фӕнддзӕн, иууыл райдианы цы ныхӕстӕ ныффыстай, уыдон ӕрхъуыды кӕнын. Фысгӕ цы ныккӕнӕм, уый ӕнӕуи ныхасы хуызӕн хуымӕтӕг нӕ вӕййы, стӕй хъуыдыйӕдтӕ дӕр, ӕнӕуи искӕимӕ ныхасгӕнгӕйӕ куыд фӕдзурӕм, афтӕ арӕзт нӕ вӕййынц. Ӕмӕ уый та ӕнӕмӕнг фӕзындзӕн дӕ ныхасыл.

Алы дзырд дӕр гӕххӕттыл фыссыны бӕсты мӕнӕ афтӕ сараз: 1. Сбӕлвырд кӕн дӕ ныхасы сӕр ӕмӕ йӕ кӕй фӕрцы райхалдзынӕ, уыцы сӕйраг хъуыдытӕ. Цыбыр раныхасы дыууӕ сӕйраг хъуыдыйӕ фылдӕр нӕ хъӕуы, стырдӕры та — цыппар-фондз. 2. Алы сӕйраг хъуыдыйы бынмӕ дӕр бацамон, йӕ райхалынӕн цы стихтӕ, цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ӕмӕ сӕйраг бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссинаг дӕ, уыдон. 3. Ахъуыды кӕн, цӕмӕй райдайдзынӕ дӕ ныхас. Дӕ бон у, ӕмӕ иу кӕнӕ дыууӕ хъуыдыйады фысгӕ дӕр ныккӕнай. Спълан кӕн, кӕронбӕттӕны цы зӕгъдзынӕ, уый дӕр.

Раныхасмӕ цӕттӕ кӕнын ӕнӕмӕнг хъӕуы. Фӕлӕ афтӕ нӕ, ӕмӕ дзы алы дзырд дӕр бахъуыды кӕнай. Цӕмӕй сӕрибарӕй ӕмӕ дӕхи ныхӕстӕй дзурай, уый тыххӕй цӕттӕгӕнгӕйӕ хъуыды кӕн ӕрмӕстдӕр, цы зӕгъинаг дӕ, ууыл; куыд ӕй зӕгъдзынӕ, цавӕр ныхӕстӕй спайда кӕндзынӕ, уый та рагацау ма луар. Алы хъуыды дӕр дзы дӕхицӕн уӕдмӕ дзур, цалынмӕ дзы дӕ сӕры иу иннӕйы фӕдыл йӕхигъӕдӕй нӕ гуыра. Дӕ ныхасы алы хъуыды дӕр йӕ бынаты куы уа, уӕд дын уый зын нӕ уыдзӕн — ныхасы рацӕугӕйӕ хъуыдытӕ сӕхӕдӕг цӕудзысты дӕ сӕрмӕ.

Хи ныхӕстӕй дзурын цӕмӕй хорз у. Фыццаджыдӕр уый хорз уымӕй у, ӕмӕ гӕххӕтмӕ куы нӕ кӕсай, афтӕмӕй куы дзурай, уӕд дӕ ныхас уыдзӕн тынг хуымӕтӕг ӕмӕ адӕмы зӕрдӕты уидӕгтӕ агайдзӕн. Дӕ ныхас уыдзӕн цардӕгас ӕмӕ дӕм уымӕ гӕсгӕ хъусынӕй не ’фсӕддзысты.

Хи ныхӕстӕй дзургӕйӕ дын дӕ ныхасмӕхъусджытӕм кӕсыны фадат дӕр уыдзӕн, ӕмӕ сын уый фӕрцы дӕ хъуыдытӕ ирддӕрӕй зӕгъын бафӕраздзынӕ. Алы ныхасы фӕстӕ дӕ фыстытӕм куы нӕ кӕсай, уӕд ӕй хатдзысты, цы дзурыс, уый хорз кӕй ӕмбарыс ӕмӕ дӕхи дӕр кӕй уырны. Уӕдӕ дӕхи ныхӕстӕй цы радзурай, уым ис зӕрдӕйы хъарм, уый у хуымӕтӕг ныхас, уӕвгӕ, зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхас.

Хи ныхӕстӕй куы дзурай, уӕд сӕрибардӕр уыдзынӕ. Дӕ ӕрмӕг афтӕ тадзгӕ барст нӕ уыдзӕн, ӕмӕ дзы бахъуаджы сахат фӕивӕн мацы уа. Зӕгъӕм, ныхасимӕ рацӕуын дӕ цы бон хъӕуа, уыцы бон райсомӕй фехъуыстай, дӕ раныхасы иттӕг хорз чи сфидаудзӕн, ахӕм ног хабар. Куы дзы спайда кӕнис, хорз нӕ уаид? Кӕнӕ ныхасы рӕстӕджы фӕхатыдтӕ, дӕ ныхасмӕхъусджыты ’хсӕн кӕй ис бирӕ скъоладзау фӕсивӕд. Хорз нӕ уаид, цы цӕвиттонтӕ дзуринаг уыдтӕ, уыдоны бӕсты, зонгӕ сын цы у, ахӕм цыдӕр ӕрхӕссын цӕвиттонӕн ӕмӕ дӕ ныхас уыдонмӕ куыд хауы, уый равдисын?

Сӕрибарӕй дзурын ма ноджыдӕр уымӕй хорз у, ӕмӕ уӕд дӕхи магъз дӕр хуыздӕр кусдзӕн. Адӕм дын дӕ алы ныхасмӕ дӕр ӕнӕрхъӕцӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уый уынгӕйӕ зӕрдиагдӕрӕй дзурдзынӕ, ӕмӕ уӕд дӕ хъуыдытӕ арфдӕр райхалдзынӕ, сӕйраг хъуыдытӕ фӕлхат кӕндзынӕ, цӕмӕй сӕ хуыздӕр бахъуыды кӕной. Зӕгъгӕ, уый фӕхатыдтӕ, ӕмӕ адӕм хъусынӕй афӕлладысты, уӕд та фӕцарӕхс цыдӕр фӕивын, афтӕ куыд нӕ рауайа, ӕмӕ дӕхицӕн дӕ ныхас дарддӕр кӕныс ӕмӕ уыдон дӕр сӕхицӕн ӕндӕр цӕуылдӕрты хъуыдытӕ кӕнынц.

Цӕмӕй хъӕуы хи хизын. Фӕлӕ сӕрибар ныхасы дӕр цӕмӕйдӕрты хъӕуы хи хизын. Сӕ иу — цы рӕстӕг дын уа, уымӕй ма ахиз. Дзургӕ-дзурын дӕ ныхасмӕ ӕгӕр бирӕ ног хъуыдытӕ куы бафтауай, уӕд дӕ рӕстӕгӕй ахиздзынӕ. Уымӕ гӕсгӕ дӕхимӕ фӕнысан кӕн, дӕ раныхасы алы хайӕн дӕр дын рӕстӕг цас ис, уый, ӕмӕ уыцы пъланмӕ гӕсгӕ дзур.

Иу цӕмӕйдӕр ма хъӕуы хи хизын, уӕлдайдӕр фӕлтӕрд ныхасгӕнджыты — ӕгӕр ныфсджын уай, уымӕй. Адӕмы раз иу ӕмӕ дыууӕ раныхасы кӕмӕн нӕ уыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ раныхас цӕттӕ кӕныны зынӕй ницы ис: цалдӕр хъуыдыйы кӕрӕдзийыл абастай ӕмӕ — раныхас цӕттӕ. Фӕлӕ сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ уый куы ӕмбарӕм, Стыр Зондамонӕг Иегъовӕ зӕххыл цы ахуырадон куыст уадзы, уым кӕй архайӕм, уӕд нын уӕлӕнгай ахаст никӕцы хӕслӕвӕрдмӕ уыдзӕн: алкӕцы дӕр дзы цӕттӕ кӕндзыстӕм бӕстон, Иегъовӕйӕ зонд курдзыстӕм, афтӕмӕй (Ис. 30:20; Ром. 12:6—8).

Хи ныхӕстӕй дзурын ахуыр чи нӕу, уыцы ныхасгӕнджытӕй бирӕтӕ фӕмӕт кӕнынц, мӕ зӕгъинӕгтӕй мӕ исты куы ферох уа, зӕгъгӕ. Фӕлӕ хъуыддаг уымӕ ма ӕруадз, ӕмӕ уый тыххӕй хи ныхӕстӕй дзурынмӕ дӕ ныфс ма хӕссай: сӕрибарӕй дзурын куы сахуыр уай, уӕд бӕрӕг фӕхуыздӕр уыдзӕн дӕ дзырдарӕхстдзинад. Дзӕбӕх цӕттӕ кӕн ӕмӕ кув Иегъовӕмӕ, кур дзы йӕ сыгъдӕг уды ӕххуыс (Иоан. 14:26).

Иннӕтӕ та сӕрибарӕй дзурын уымӕн нӕ фӕуӕндынц, ӕмӕ ӕгӕр бирӕ хъуыды кӕнынц дзырдтыл. Раст у, фыст ныхасы алы дзырд дӕр йӕ бынаты вӕййы, хъуыдыйӕдтӕ дӕр рӕсугъддӕр арӕзт вӕййынц. Фӕлӕ хуымӕтӕг ныхас та у адӕмы зӕрдӕтӕн адджын ӕмӕ ӕхсызгон, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы хъӕндзинӕдтӕ зынгӕ дӕр никуы фӕкӕндзысты. Адӕмы зӕрдӕмӕ тынгдӕр хъары, ӕнцонӕмбарӕн дзырдтӕй ӕмӕ хуымӕтӕг хъуыдыйӕдтӕй цы зӕгъай, уый. Хорз куы бацӕттӕ кӕнай ӕмӕ цы зӕгъдзынӕ, ууыл бӕстон куы ахъуыды кӕнай, уӕд дӕ алы дзырд бахъуыды кӕныны сӕр ӕппындӕр нӕ хъӕудзӕн, дзырдтӕ сӕхигъӕдӕй баддзысты де ’взаджы цъуппыл. Стӕй ӕнӕуи искӕимӕ дзургӕйӕ дӕ ныхас аив куы уа, уӕд дын сценӕйыл дӕр ӕнцон уыдзӕн.

Цы дын ис гӕххӕттыл фыст. Дӕхиуыл куы кусай ӕмӕ дзӕбӕх куы сфӕлтӕрай, уӕд дӕ бон уыдзӕн дӕ раныхасӕн хӕрз цыбыр пълан саразын — алы хъуыды дӕр дзы дыууӕ ныхасӕй бацамонын ӕмӕ цы стихтӕ ӕрхӕссинаг дӕ, уыдон дзы афыссын, ӕндӕр ницы. Ахӕм пълан гыццыл гӕххӕтты гӕбазыл дӕр бацӕудзӕн, ӕмӕ дын йемӕ ӕнцон архайӕн уыдзӕн. Уацамынды цы зӕгъдзынӕ, уымӕн хуыздӕр уыдзӕн хуымӕтӕг пълан ӕнӕуи бахъуыды кӕнын. Кӕд ӕмӕ дӕ адӕймаг уымӕй размӕ цӕмӕйдӕр бафарста, ды йӕ раиртӕстай, ӕмӕ дӕ ныр йӕ фарстӕн дзуапп раттын фӕнды, уӕд та дӕ хъуыдытӕ цыбыртӕй иу сыфыл фӕнысан кӕн ӕмӕ йӕ дӕ Библийы бавӕр. Йе та спайдагӕнӕн ис, «Цӕуыл ис адӕмимӕ Библийӕ ныхас кӕнӕн», зӕгъгӕ, уым цы цӕттӕ пълантӕ ис, уыдонӕй; кӕннод та дӕ бон у, «Бӕлвырдгӕнӕнтӕ Фыстадӕй» (англ.), зӕгъгӕ, уыцы чиныджы цы ӕрмӕг ссарай, уымӕ гӕсгӕ саразай дӕ ныхас.

Фӕлӕ, зӕгъгӕ, афтӕ рауад, ӕмӕ дын цалдӕр къуырийы мидӕг фембӕлдты фӕд-фӕдыл цалдӕр хӕслӕвӕрды ис, стӕй ма дӕ ӕргом раныхас дӕр хъӕуы бацӕттӕ кӕнын, уӕд хуыздӕр уаид, алкӕцыйӕн дӕр дзы бӕстондӕр пълан куы скӕнис. Цӕмӕн? Цӕмӕй дзы алы хӕслӕвӕрды размӕ дӕр ӕрмӕг дӕ бон уа дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын. Фӕлӕ ныхасы рацӕугӕйӕ, алы ныхас дӕр, куыд ныффыстай, афтӕ зӕгъыныл куы архайай, ӕппынӕдзух дӕ фыстытӕм куы кӕсай, уӕд нӕ сахуыр уыдзынӕ сӕрибарӕй дзурын. Бӕстон фыстытӕй куы пайда кӕнай, уӕд дзы ӕнцондӕрӕн фӕнысан кӕн, дӕ ныхасы стӕгдар чи сты, уыцы цалдӕр сӕйраг дзырды ӕмӕ стихы.

Фӕлтӕрд ныхасгӕнӕг фылдӕр хъуамӕ сӕрибарӕй дзура, фӕлӕ уыимӕ спайдагӕнӕн ис ӕндӕр мадзӕлттӕй дӕр. Разныхас ӕмӕ кӕронбӕттӕн дзургӕйӕ хъуамӕ ныхасмӕхъусджытӕм кӕсай, стӕй ма дӕ ныхӕстӕ хъуамӕ уой бӕлвырд ӕмӕ фатау рӕстдзӕвин. Ӕмӕ уый тыххӕй хорз уаид, цалдӕр хъуыдыйады дзы куы сахуыр кӕнис. Бӕрӕггӕнӕнтӕ, нымӕцтӕ, кӕйдӕр ныхӕстӕ ӕмӕ Библийӕ стихтӕ та хуыздӕр уыдзӕн бакӕсын.

Ӕнӕнхъӕлӕджы дӕ куы бахъӕуа дзуапп дӕттын. Хатт нӕ ӕнӕнхъӕлӕджы бахъӕуы, цӕуыл ӕмӕ цӕмӕн ӕууӕндӕм, уый кӕмӕндӕр бамбарын кӕнын. Зӕгъӕм, уацамынды чидӕр нӕ ныхмӕ цыдӕр куы зӕгъа, кӕнӕ нӕ хиуӕттимӕ, йе та куысты кӕнӕ скъолайы куы вӕййӕм, уӕд дӕр. Хуыцау нӕ афтӕ цӕмӕн уырны кӕнӕ афтӕ цӕмӕн цӕрӕм, уымӕй нӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ бафӕрсой хицӕуттӕ дӕр. Уӕвгӕ, Сыгъдӕг Фыстад нӕм йӕхӕдӕг дӕр уымӕ сиды, зӕгъгӕ, «цӕттӕ ут кӕддӕриддӕр ӕмӕ кӕмӕндӕриддӕр, сымахӕй дзуапп чи агура уӕ ӕнхъӕлады тыххӕй, дзуапп раттын фӕлмасӕй ӕмӕ уӕзданӕй» (1 Пет. 3:15, НФ).

Ӕркӕс ма, Куыстыты 4:19, 20 цы фыст ис, Петр ӕмӕ Иоанн иудейты Синедрионы раз дзуапп куыд лӕвӕрдтой, уый тыххӕй. Бӕрцӕй дыууӕ хъуыдыйадӕй бамбарын кодтой сӕ хъуыды. Уымӕй дӕр сӕхи, тӕрхонгӕнджыты, ӕвзагӕй — ӕргом сын загътой, апостолтӕ цы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ архайдтой, уыцы уагӕвӕрд тӕрхоны лӕгтӕм дӕр кӕй хауди. Фӕстӕдӕр иудейты дины разамонджытӕ рӕстӕй фӕзылын кодтой Стефаны, ӕмӕ уый дӕр ӕрлӕууыд уыцы Синедрионы раз. Стефан йӕхи нӕ цӕттӕ кодта, фӕлӕ йӕ раныхас зӕрдӕйы хизы (фыст у Куыстыты 7:2—53). Куыд снывӕзта Стефан йӕ ныхас? Рагзаманты цаутӕ кӕрӕдзийы фӕдыл куыд цыдысты, афтӕ сӕ радзырдта. Иу афон йӕ ныхасмӕхъусджыты ӕргом здахын райдыдта иу хъуыддагмӕ — Израилы адӕм куыд хивӕнд уыдысты, уымӕ. Кӕронбӕттӕны сын ӕргом загъта, ахӕм зондахаст кӕй равдыста Синедрион дӕр, Хуыцауы Фырты мӕлӕтмӕ ратгӕйӕ.

Дӕ уырнындзинады тыххӕй дӕ ӕнӕнхъӕлӕджы дзурын куы бахъӕуа, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн аккаг дзуапп раттынӕн? Нееми куыд бакодта, ды дӕр-иу афтӕ бакӕн: паддзах Артаксерксы фарстӕн дзуапп раттыны размӕ уый йӕхимидӕг скуывта Иегъовӕмӕ (Неем. 2:4). Уый фӕстӕ, цы зӕгъдзынӕ, уый уайтагъд дӕ мидхъуыдыйы спълан кӕн. Ӕнӕмӕнг дӕ цы хъӕуы, уый: 1) равзар иу-дыууӕ хъуыдыйы (ссарӕн сӕ ис брошюрӕйы «Цӕуыл ис адӕмимӕ Библийӕ ныхас кӕнӕн»); 2) ахъуыды кӕн, цавӕр стихтӕй сбӕлвырд кӕндзынӕ уыцы хъуыдытӕ; 3) ахъуыды кӕн, дӕ ныхас афтӕ куыд райдайай, ӕмӕ адӕймаджы ма фӕхъыг кӕнай ӕмӕ дӕм ӕнӕзивӕгӕй байхъуса. Уый фӕстӕ райдай дзурын.

Фӕлӕ, чи зоны, ды зӕгъай, зӕгъгӕ, фыртыхстӕй куы нӕ фӕцарӕхсон, уӕд та? Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ загъта: «Ма мӕт кӕнут, куыд, кӕнӕ цы зӕгъат, ууыл; цӕмӕйдӕриддӕр уын уыцы сахат лӕвӕрд уыдзӕни, цы зӕгъын хъӕуа, уый. Цӕмӕйдӕриддӕр сымах нӕ, фӕлӕ сымах дзыхӕй уӕ Фыды Уд дзурдзӕни» (Матф. 10:19, 20, НФ). Йесойы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн цы «тарфхъуыдыйы дзырд» лӕвӕрд уыди, уый дын Хуыцау диссаг ӕгъдауӕй де ’взагыл авӕрдзӕн (1 Кор. 12:8, НФ). Фӕлӕ Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕрвылкъуыри дӕр чырыстон фембӕлдты цӕуыл ахуыр кӕны, уый дӕ зӕрдӕмӕ куы исай, уӕд дын бахъуаджы сахат йӕ сыгъдӕг уд, цы зӕгъын хъӕуа, уый дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн (Ис. 50:4).

Куыд федтам, афтӕмӕй адӕймаг хи ныхӕстӕй цы зӕгъа, уымӕн ӕмбал нӕй. Ӕмбырды дӕ хӕслӕвӕрдтӕ алы хатт дӕр, гӕххӕттыл дын фыст куыд нӕ уой, афтӕмӕй куы дзурай, уӕд дын ӕнӕнхъӕлӕджы фарстӕн дӕр зын нӕ уыдзӕн аккаг дзуапп раттын, уымӕн ӕмӕ дыууӕ уавӕры дӕр иухуызон фӕтк ис пълан аразынӕн. Уӕдӕ тӕрсгӕ ма кӕн. Дӕхи ныхӕстӕй дзурын куы ахуыр кӕнай, уӕд уацамынды дӕ ныхас адӕмы зӕрдӕмӕ тынгдӕр хъардзӕн. Ӕмбырды дын куы бахӕс кӕной ныхасимӕ рацӕуын, уӕд дӕм адӕм хъусдзысты зӕрдиагдӕрӕй ӕмӕ сын дӕ ныхас арфдӕр агайдзӕн сӕ зӕрдӕтӕ.