Хонӕм дӕ Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъоламӕ
ӔГАС дунейы 200 бӕстӕйӕ фылдӕры милуантӕ ахуыр кӕнынц Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. Иутӕ сӕ уыцы скъолайы ахуыр кӕнын райдыдтой ӕрӕджы. Иннӕтӕ та дзы ахуыр кӕнынц бирӕ азты дӕргъы. Уыцы Скъола алы къуыри дӕр уагъд цӕуы дӕсгай мин рӕтты. Кӕмфӕнды ма цӕрай, уыцы иу программӕмӕ гӕсгӕ ахуыр кӕныны фадат ис дӕуӕн дӕр. Уыцы Скъолайы, Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнын хъӕуы, ууыл ахуыр кӕнынц алыхуызон адӕймӕгтӕ алы дзыллӕтӕй, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй ӕхца фидын нӕ хъӕуы. Се ’хсӕн ис, ахуыргонд чи у ӕмӕ, бынтондӕр кӕмӕ ницы ахуыр ис, ахӕмтӕ, ӕрыгӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕтӕ.
1943 азы, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты ацы Скъола уадзын куы райдыдтой, уӕд йӕ нысаны тыххӕй загъд уыди ахӕм ныхӕстӕ: «Хуыцауы Ныхас чи хъусы ӕмӕ йыл ӕцӕгӕй чи ӕууӕнды, ӕппӕт уыцы „иузӕрдыг адӕмы“ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ срӕвдз кӕнын... цӕмӕй сӕ алкӕмӕндӕр йӕ бон уа, йӕхицӕн цы ныфс ис, уый тыххӕй ӕргом дзурын» («Хуыцауы Ныхас хъусын кӕнын ахуыр кӕнӕм», 4 ф. англ.). Ӕмӕ уыцы Скъолайӕн абоны онг дӕр уый у йӕ нысан.
Уӕвгӕ та ӕппӕты хуыздӕр куыд у нӕ бон Хуыцауӕй лӕвӕрд дзурыны курдиатӕй пайда кӕнын? Мӕнӕ цы зӕгъы Библи: «Царды улӕфт кӕй мидӕг ис,— уадз иууылдӕр кадджын кӕнӕнт Иагъы» (Пс. 150:6, НД). Нӕ уӕларвон Фыдӕн, бӕгуыдӕр, ӕхсызгон у, кӕй йӕ кадджын кӕнӕм, уый. Афтӕмӕй ӕвдисӕм, йӕ хорздзинад ын кӕй нӕ рох кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ уарзтӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Уымӕн разӕнгард кӕны Библи чырыстӕтты, зӕгъгӕ, «ӕнӕрынцойӕ хӕссут Хуыцауӕн ӕппӕлды нывонд, ома Уый ном кадджынгӕнджыты дзыхы дыргъ» (Дзут. 13:15). Уӕдӕ дын Иегъовӕ Хуыцау цы курдиӕттӕ радта, уыдонӕй цӕмӕй йӕ ном кадджын кӕнынӕн арӕхстджындӕрӕй пайда кӕнай, уый тыххӕй дӕ зӕрдӕбынӕй хонӕм Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъоламӕ.
Скъолайы сӕйрагдӕр нысӕнттӕ сты, цӕмӕй алы хъусынгӕнӕг дӕр сахуыр уа иннӕты раз хъӕрӕй аив кӕсын, йӕ ахуыргӕнӕджы дӕсныдзинад фӕхуыздӕр уа ӕмӕ дзырдарӕхстдӕр суа. Фӕлӕ йӕ пайда ӕрмӕст уый мидӕг нӕй. Ды сахуыр уыдзынӕ дӕхицӕн хибарӕй хорз кӕсын, лӕмбынӕг хъусын ӕмӕ ӕрмӕг хуыздӕр хъуыды кӕнын, Библи кӕнӕ йӕ бындурыл цы ӕрмӕг ис, уый ахуыр кӕнын, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг агурын, ӕрмӕг бӕстон ӕвзарын ӕмӕ йӕ хицӕн хӕйттыл дих кӕнын, ныхас кӕнын, фарстытӕн дзуапп дӕттын ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ гӕххӕттыл фыссын. Скъолайы ахуыргӕнӕн ӕрмӕг ӕгасӕй дӕр ист у Библийӕ ӕмӕ нӕ Ӕхсӕнады уагъд библион литературӕйӕ. Хуыцауы Ныхасы цы диссаджы хъуыдытӕ ис, уыдон цас хуыздӕр ӕмбарай, уыйас алы хъуыддагмӕ дӕр кӕсдзынӕ Хуыцауы цӕстӕй. Ӕмӕ дын уый та, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕххуыс уыдзӕни царды ӕппӕт фӕзилӕнты дӕр. Хуыцауы Ныхас нӕ куыд тынг хъӕуы, уый тыххӕй XX ӕнусы Уилльям Лайон Фелпс, университеты ахуыргӕнӕг, фыста: «Библи хорз чи зоны, уый ис схонӕн ӕцӕг ахуыргонд адӕймаг... Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕймаг цӕйнӕфӕлтау университет каст фӕуа, Библи та ма зона, фӕлтау ӕнӕ университетӕй Библи зонӕд, ӕмӕ йын уый бирӕ хуыздӕр уыдзӕн».
Иууыл стырдӕр ӕххуыс дын кӕд фӕуыдзӕн
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола, чи дзы ахуыр кӕны, уыдонӕн куыд стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн, уый сӕ алкӕмӕндӕр йӕхицӕй кӕнгӕ у. Апостол Павел йӕ чырыстон ӕмбал Тимофейы разӕнгард кодта: «Ууыл хъуыды кӕн, уый уӕд ӕдзухдӕр дӕ мӕт, цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уына» (1 Тим. 4:15, НД). Цы у дӕуӕй кӕнгӕ?
Гӕнӕн ӕмӕ амал уӕвгӕйӕ, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъоламӕ цу алы къуыри дӕр. Дзӕбӕх пайда кӕн ацы ахуыргӕнӕн чиныгӕй. Фыццаг фарсыл бынӕй ныффысс дӕ ном ӕмӕ чиныг алы хатт дӕр Скъоламӕ демӕ хӕсс. Скъолайы чиныг афтӕ арӕзт у, ӕмӕ дзы ис фиппаинӕгтӕ кӕнӕн дӕр. Чи дӕ бахъӕудзӕн, ахӕм хъуыдыты бын-иу бахахх кӕн. Алы фарсыл дӕр кӕрӕтты ис бирӕ афтид бынат, ӕмӕ дзы дӕ бон у, ахуыры рӕстӕджы цы хорз уынаффӕтӕ хъусай, уыдон фыссын.
Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы программӕ алы аз дӕр уагъд цӕудзӕн хицӕнӕй. Уым бӕстон дзырд цӕудзӕн, Скъолайы цы уыдзӕн, уый тыххӕй. Хорз уаид, программӕ чиныджы мидӕг куы бавӕрис, цӕмӕй-иу дын ӕй агурын ма хъӕуа.
Алы къуыри дӕр Скъоламӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ дӕ зӕрдыл дар уый, ӕмӕ мах сӕйраджыдӕр Библи ахуыр кӕнӕм. Уӕдӕ-иу фыццаджыдӕр бакӕс, уыцы къуыри Библийӕ цы скъуыддзӕгтӕ хъӕуы бакӕсын, уыдон. Хорз уаид развӕлгъау бакӕсын, программӕйы иннӕ хӕйтты цы ӕрмӕг ис, уый дӕр.
Скъолайы хаттӕй-хатт вӕййы ӕрмӕгыл иумӕ ӕрныхас кӕныны фадат. Уӕд-иу дӕ хъуыдытӕ зӕгъынмӕ зивӕг ма кӕн. Афтӕмӕй дын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн, цы хъусыс, уый бахъуыды кӕнын ӕмӕ дӕ царды мидӕг кӕм бахъӕуа, уым дзы спайда кӕнын.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕй-иу алкӕмӕндӕр уыдзӕн ӕмбырды раз ныхасы рацӕуын кӕнӕ, куыд хъусын кӕнын хъӕуы, уый искӕимӕ равдисыны фадат. Ахӕм фадат-иу дын куы уа, уӕд-иу, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый сараз. Скъолайы дын цавӕрфӕнды хӕслӕвӕрд ма уа, хорз-иу ыл бакус. Исты-иу дӕ фӕхуыздӕр кӕнын куы хъӕуа, уӕд-иу дын уый тыххӕй зӕгъдзысты. Алкӕддӕр бузныг у ахӕм уынаффӕтӕй. Дӕ чиныджы-иу фӕнысан кӕн, цӕуыл дӕ хъӕуы кусын, уыдӕттӕ. Куыд фӕзӕгъынц, искӕй цӕст уынагдӕр у, зӕгъгӕ, ӕмӕ дын Библимӕ гӕсгӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цы амындтӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ дӕттой, уыдон, зӕгъӕн куыд нӕй, ахӕм ӕххуыс уыдзысты дӕ ныхасыхъӕд фӕхуыздӕр кӕнынӕн. Уый афтӕ уыдзӕн, кӕд Скъолайы рагӕй ахуыр кӕныс, уӕддӕр (Ӕмб. 1:5).
Фӕнды дӕ, цӕмӕй тагъддӕр фӕхуыздӕр кӕнай дӕ курдиӕттӕ? Уӕд ма ’нхъӕлмӕ кӕс, хӕслӕвӕрд дын кӕд уыдзӕн, уымӕ. Скъолайы ӕрмӕг кӕддӕриддӕр развӕлгъау цӕттӕ кӕн. Ӕмӕ-иу, хӕслӕвӕрд кӕмӕн уа, уыдонӕй искӕй баивын куы хъӕуа, уӕд-иу уымӕ нӕ фӕзивӕг кӕндзынӕ, ӕмӕ уый фӕрцы кӕндзынӕ фӕлтӕрддӕр. Иннӕтӕ куы дзурой, уӕд та-иу лӕмбынӕг хъус, ӕрмӕг куыд ӕмбарын кӕнынц, уымӕ. О, зонд фехъусгӕйӕ ӕмӕ фенгӕйӕ у.
Кӕд дӕ дӕ уавӕртӕ амонынц, уӕд ацы чиныг дӕхӕдӕг иунӕгӕй дӕр ахуыр кӕн, ӕмӕ уӕд ноджы тагъддӕр бафтдзӕн дӕ къухы ӕнтыстытӕ. Ацы сӕры фӕстӕ цы 15 сӕры ис, уыдон куы сахуыр кӕнай, уӕд дарддӕр кус «Дзырдарӕхстдзинад ӕмӕ ахуыргӕнӕджы дӕсныдзинад фӕхуыздӕр кӕныны программӕйыл», райдайы 78-ӕм фарсӕй. Радгай ӕркӕс
алы урокмӕ дӕр ӕмӕ дзы цы фӕлтӕрӕнтӕ ис, уыдон скӕн. Цы базонай, уымӕй пайда кӕн, хорз хабар куы хъусын кӕнай, уӕд. Уый фӕрцы хуыздӕр арӕхсдзынӕ дзурынмӕ дӕр ӕмӕ Хуыцауы Ныхас амонынмӕ дӕр.Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы сахуыр уыдзынӕ, царды ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уый кӕнын. Хуыцауы куы нӕ бафӕндыдаид, уӕд нӕ иу дӕр царды рухс нӕ федтаид. Уӕдӕ нӕ цард дзӕгъӕлы уӕд нӕ уыдзӕн, кӕд ӕмӕ йын йӕ ном бӕрзонд кӕнӕм. Иегъовӕ Хуыцаумӕ ӕмбӕлы иууыл стырдӕр кад (Рарг. 4:11). Ӕмӕ нын ацы Скъола уыцы хъуыддаджы уыдзӕн стыр ахъаз. Уым ахуыр кӕндзыстӕм хъуыды кӕнын, зондӕй архайын ӕмӕ Хуыцауы Сыгъдӕг Ныхасы цы ӕцӕгад ис, уый иннӕтӕн хуымӕтӕг ӕвзагӕй ӕмбарын кӕнын.