Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

28 УРОК

Хуымӕтӕг ныхасы уаг

Хуымӕтӕг ныхасы уаг

НӔ ХӔЛӔРТТИМӔ куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд ницӕуыл фӕтыхсӕм. Рагацау нӕ алы ныхас дӕр тӕрӕзтыл барӕгау нӕ фӕкӕнӕм, нӕ ныхас йӕхигъӕдӕй фӕуайы. Чидӕр ныхасгӕнгӕйӕ йӕ удӕй арт фӕуадзы, чидӕр та уӕзбын ныхас фӕкӕны. Куыдфӕнды ма уа, удӕгас, хуымӕтӕг ныхасмӕ хъусын ӕхсызгон вӕййы.

Ӕцӕг, ӕнӕзонгӕ адӕймагимӕ ӕгӕр зӕрдӕргом ныхас аив нӕ уыдзӕн. Бирӕ адӕмтӕм, ӕнӕзонгӕ адӕймагимӕ ныхас куыд райдайын хъӕуы, уымӕн ис бӕлвырд домӕнтӕ. Фӕлӕ ӕнӕзонгӕ адӕймагӕн дӕр дӕхи уӕзданӕй куы бацамонай, уӕд уый фӕстӕ, дӕ зонгӕимӕ куыд ныхас кӕнай, афтӕ райдай йемӕ дзурын.

Ныхасӕн уаг ӕмӕ ӕгъдау зонын хъӕуы сценӕйӕ дзургӕйӕ дӕр. Ӕгӕр уӕгъдибар ныхас нӕ фидауы чырыстон фембӕлдты дӕр, уымӕн ӕмӕ сын афтӕмӕй адӕмы цӕсты кад нӕ уыдзӕн ӕмӕ дзы цы ахсджиаг хъуыддӕгтыл фӕцӕуы дзырд, уыдон дӕр сӕм афтӕ ахсджиаг нал кӕсдзысты. Бирӕ ӕвзӕгты хицӕн ныхӕстӕ ис хистӕрмӕ, ныййарӕгмӕ, ахуыргӕнӕгмӕ кӕнӕ хицаумӕ бадзурынӕн. (Дӕ хъус ӕрдар, цавӕр ныхӕстӕ ӕмбӕлы Куыстыты 7:2 ӕмӕ 13:16, НФ). Адӕймаг йӕ цардӕмбалмӕ куыд бадзура, йе ’мбалмӕ афтӕ нӕ бадзурдзӕн. Сценӕйӕ куы дзурӕм, уӕд нӕ ныхас ӕнӕхъӕугӕ хъуыддагхуыз хъуамӕ ма уа, фӕлӕ нӕ уӕддӕр дзурын хъӕуы уӕзданӕй ӕмӕ хиуылхӕцгӕйӕ.

Адӕймаджы ныхас ӕгӕр зондамонӕн кӕнӕ уазал цӕмӕн рауайы, уымӕн ис йӕхи аххосӕгтӕ. Фыццаджыдӕр, хъуыдыйӕдты кӕнӕ дзырдбӕстыты арӕзт. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ ныхасгӕнӕг цы ныхӕстӕ бакӕсы, уыдон, куыддӕриддӕр фыст сты, афтӕ сфӕлхат кӕны. Фыст ныхас ӕмӕ дзургӕ ныхас та кӕрӕдзийӕ дард лӕууынц. Раст у, цавӕрфӕнды раныхас бацӕттӕ кӕнынӕн дӕр ӕрмӕг чингуытӕ ӕмӕ журналты фӕагурӕм. Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ раныхас цӕттӕ кӕнын фӕхъӕуы мыхуыргонд пъланмӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ ныхасы рацӕугӕйӕ, хъуыдытӕ, чиныджы кӕнӕ сӕ журналы куыд бакастӕ, афтӕ куы дзурай кӕнӕ сӕ комкоммӕ гӕххӕттӕй куы кӕсай, уӕд дӕ ныхас хуымӕтӕг, ӕнӕуи ныхасы хуызӕн нӕ уыдзӕн. Уый бӕсты дӕ хъуыдытӕ дзур дӕхи ныхӕстӕй ӕмӕ дӕхи хиз, райдиан дӕр кӕмӕн нӕй, ӕмӕ кӕрон дӕр, ахӕм зынӕмбарӕн хъуыдыйӕдтӕй.

Ныхас хус ӕмӕ уӕззау рауайы ноджыдӕр иу аххосагмӕ гӕсгӕ — адӕймаг уыцы иугъӕдон ныхас фӕкӕны. Ӕнӕуи ныхасы та куы тагъддӕр фӕдзурӕм, куы сындӕгдӕр, стӕй арӕх фӕлӕууӕм: кӕм — фылдӕр, кӕм та — къаддӕр.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕ адӕмимӕ, ӕнӕуи куыд фӕныхас кӕныс, афтӕ нӕ дзурдзынӕ — дзурын хъӕуы хъӕрдӕр, стӕй ӕнӕуи искӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ куыд вӕййы, уымӕй рӕвдздӕр ӕмӕ зӕрдиагдӕр.

Цӕмӕй уацамынды аразгӕ ныхас ма кӕнай, уый тыххӕй дӕхи ахуыр кӕн алы бон дӕр рӕсугъд ӕмӕ уӕздан ныхас кӕнын. Уымӕн стыр ахуырдзинад нӕ хъӕуы. Афтӕ дзур, ӕмӕ дӕ ныхасӕмбал, цы дзурыс, уымӕн куыд аргъ кӕна. Уӕдӕ, ацы хъуыдытӕ дӕ зӕрдыл даргӕйӕ, ӕркӕс, дӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ ӕмӕ ахъуыды кӕн, ӕрвылбоны ныхасы дӕ исты хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын ӕви нӕ.

  1.  Ныхасгӕнгӕйӕ дӕ хъус дар ӕвзаджы ӕгъдӕуттӕм ӕмӕ дӕхи хиз, ӕнӕхуыцау адӕм кӕмӕй пайда кӕнынц, ахӕм ныхӕстӕй. Дӕ зӕрдыл дар Колоссӕгтӕм 3:8 цы уынаффӕ ис, уый — ӕнӕуаг ӕмӕ чъизи ныхас ма кӕн. Ӕнӕуи та, адӕм куыд дзурынц, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Ӕрвылбон царды цы ӕвзагӕй дзурынц, уый у цардӕгас, хуымӕтӕг ӕвзаг, ӕмӕ литературон ӕвзаджы ӕгъдӕуттӕ нӕ халы.

  2.  Ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр хъуыдытӕ уыцы иу ныхӕстӕй ма дзур. Дӕ хъуыды дын бӕлвырддӕр ӕмӕ арфдӕр чи равдиса, ахӕм дзырдтӕ агур.

  3.  Цы фӕзӕгъыс, уый хъӕуа-нӕхъӕуа ма фӕлхат кӕн. Цы зӕгъын дӕ фӕнды, ууыл-иу рагацау ахъуыды кӕн ӕмӕ-иу ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ дзур.

  4.  Дӕхи хиз ӕгӕр бирӕ дзырдтӕй — уымӕй цыфӕнды хорз хъуыдыйӕн дӕр йӕ тых сӕфы. Дӕ ныхасмӕхъусджыты ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы бахъуыды кӕнын, уыцы хъуыдытӕ дзур бӕлвырд, хуымӕтӕг хъуыдыйӕдтӕй.

  5.  Куыд дзурыс, уымӕй бӕрӕг уӕд, иннӕтӕн кӕй кад кӕныс.