Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын — арфӕйаг хъуыддаг
АДӔМ дыргътӕ куыд февзарынц, уымӕ никуы кастӕ? Дыргъ рӕгъӕд у ӕви нӕ, уый базонынӕн бирӕтӕ фӕкӕсынц йӕ хуызмӕ ӕмӕ цӕйас у, уымӕ. Ноджы ма йӕм басмудынц йе та йыл къухӕй дӕр бахӕцынц. Чидӕр та йӕ дыууӕ къухмӕ райсы фӕйнӕ дыргъы, уӕззаудӕр дзы кӕцы у, уый базонынӕн (цас уӕззаудӕр уа, уыйас донджындӕр уыдзӕн). Уыцы рӕстӕг цӕуыл фӕхъуыды кӕнынц? Цы ӕлхӕнинаг сты, уый лыстӕг барынц, дыргътӕй иу иннӕмӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уымӕ лӕмбынӕг кӕсынц; ӕрхъуыды кӕнынц, раздӕр-иу куыд ӕвзӕрстой, уый ӕмӕ уӕд цы ӕвзӕрстой, уый, ныртӕккӕ сӕ разы цы ис, уыимӕ абарынц. Йӕ равзарыныл афтӕ кӕй бафыдӕбон кодтой, уый та дзӕгъӕлы, ай-гъай дӕр, нӕ уыдзӕн: бахӕрдзысты хӕрзад, адджын дыргъ.
Уӕдӕ уӕд цы зӕгъӕн ис Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынӕй та? Нӕ царды ӕппӕт хъуыддӕгты сӕрӕвӕрӕн Библи ахуыр кӕнын куы уа, уӕд нӕ уырнындзинад кӕндзӕн фидардӕр, нӕ уарзт та — тыхджындӕр; Хуыцауы номыл цыдӕриддӕр аразӕм, уый кӕндзыстӕм зӕрдӕйӕ ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр архайдзыстӕм ӕмбаргӕйӕ, Хуыцауы зондмӕ гӕсгӕ. Уыцы стыр хорзӕхты тыххӕй Ӕмбисӕндты 3:15 ис ахӕм ныхӕстӕ: «Дӕу цы хъӕуы, цӕмӕ бӕллыс, уыдонӕй иуӕн дӕр [уыимӕ] абарӕн нӕй» («Мах дуг» № 12, 1999). Ды дӕр хайджын дӕ ахӕм хорздзинӕдтӕй? Куыд ахуыр кӕныс, уымӕй аразгӕ у ӕппӕт дӕр (Кол. 1:9, 10).
Цы у ахуыр кӕнын? Уый нӕу цыдӕр уӕлӕнгӕйтты акӕсын. Уый тыххӕй хъуамӕ дӕ зонд ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ ӕгасӕй дӕр фарста раиртасынмӕ скӕнай. Ома, цы бакастӕ, уымӕ алывӕрсонӕй ӕркӕсын, цы зоныс, уыимӕ йӕ абарын ӕмӕ афтӕ цӕмӕн у, уый равзарын. Исты куы фӕахуыр кӕныс, уӕд алы ног хъуыдыйыл дӕр арф ӕмӕ бӕстон хъуыды кӕн. Афтӕ ма-иу ахъуыды кӕн: Фыстадӕй дзы цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ кӕд цӕрын, уӕддӕр ма ноджыдӕр цы ис саразӕн? Уымӕй уӕлдай, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уӕвгӕйӕ мах канд нӕхиуыл нӕ хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ цы базыдтам, уый адӕмӕн куыд феххуыс уыдзӕн, ууыл дӕр. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ахуыр кӕнын у арф хъуыды кӕнын.
Раст зӕрдӕйы уаг
Цалынмӕ ахуыр кӕныныл не ’рбадыс, уӕдмӕ дӕ разы ӕрӕвӕрыс Библи, кӕй ахуыр кӕндзынӕ, уыцы чиныг йе та журнал, кърандас кӕнӕ ручкӕ ӕмӕ цӕуыл фыссай, ахӕм исты. Фӕлӕ, дӕ зӕрдӕ дӕр ахуырмӕ цӕттӕ уа, ууыл бацархайыс? Библийы Ездрӕ 7:10). Цӕмӕй нӕ зӕрдӕ ахуырмӕ цӕттӕ уа, уый тыххӕй цы саразын хъӕуы?
куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Ездрӕ «йӕ зӕрдӕ сарӕзта Иегъовӕйы закъон ахуыр кӕнынмӕ ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнынмӕ, стӕй ма Израилы адӕмӕн закъон ӕмӕ рӕстдзинад амонынмӕ дӕр» (Иегъовӕмӕ куы скувӕм, уӕд ын йӕ Ныхас ахуыр кӕндзыстӕм раст зӕрдӕйы уагимӕ. Мах уый фӕнды, ӕмӕ нын Иегъовӕ йӕ Ныхасы цы дзуры, уый нӕм дзура нӕ зӕрдӕ дӕр, ома нӕ мидӕг чи ис, уыцы адӕймаг. Уымӕ гӕсгӕ-иу ахуыр кӕныныл куы ӕрбадай, уӕд-иу алы хатт дӕр скув Иегъовӕмӕ, цӕмӕй дын йӕ сыгъдӕг удӕй ӕххуыс кӕна (Лук. 11:13). Кур дзы ӕххуыс, цы ахуыр кӕндзынӕ, уый ӕмбарынӕн: цы базыдтай, уый куыд баст у йӕ фӕндимӕ, куыд дын фӕахъаз уыдзӕн хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнынӕн, кӕм дӕ бахъӕудзӕн царды ӕмӕ дӕ куыд ӕввахсдӕр кӕны Хуыцауимӕ? (Ӕмб. 9:10). Ахуыры рӕстӕджы «кур Хуыцауӕй» зонд (Иак. 1:5). Ныккӕс-иу дӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн: цымӕ цы базыдтон, уый мӕнмӕ нӕ хауы? Ӕз ахӕм дӕн? Ӕз дӕр афтӕ аразын? Ӕмӕ Иегъовӕйӕн ӕргом дзур, цӕмӕй, раст кӕм нӕ хъуыды кӕныс кӕнӕ дӕ дӕ зӕрдӕ рӕдыд фӕндагыл кӕм сайы, уым дын фӕивынӕн ӕххуыс кӕна. Алкӕддӕр «арфӕ кӕн» Иегъовӕйӕн, бирӕ цыдӕртӕ дын кӕй ӕргом кӕны, уый тыххӕй (Рарг. 11:17). Уӕдӕ ахуыры рӕстӕджы нӕ хъуыдытӕ Хуыцауимӕ куы уой, уӕд нын, йӕ фыст Ныхасы цы дзуры, уый нӕ зӕрдӕ агайдзӕн. Ӕмӕ нын йӕ Ныхас нӕ зӕрдӕ куы агайа, уӕд та йемӕ нӕ хӕлардзинад тыхджындӕр кӕндзӕн (Пс. 144:18).
Иегъовӕйӕн йӕ адӕм йӕ зондамындтӕ сӕ зӕрдӕмӕ кӕй исынц, уымӕй хицӕн кӕнынц дунейы иннӕ адӕмӕй. Дунейы ӕнӕхуыцау адӕм алцӕмӕйдӕр афтӕ дзурын уарзынц, уый дыууӕйыл у, зӕгъгӕ. Фӕлӕ мах афтӕ нӕ кӕнӕм. Мах алы хъуыддаджы дӕр нӕ зӕрдӕ дарӕм Иегъовӕйыл (Ӕмб. 3:5—7). Исты куы нӕ фембарӕм, уӕд та нӕ ныхас уый нӕ вӕййы, раст нӕу, зӕгъгӕ. Кӕд нӕ фарстайӕн дзуапп агурӕм, уӕддӕр ӕй нӕхирдыгонау нӕ фӕлгъаудзыстӕм, фӕлӕ йӕ Иегъовӕ куыд бамбарын кӕндзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм (Мих. 7:7). Ездрӕйау мах дӕр фӕнды, цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр амонын. Библи ахӕм зӕрдӕйы уагимӕ куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нӕм бирӕ хорзӕхтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы.
Ахуыр кӕнын куыд хъӕуы
Ахуыр кӕныныл куы ’рбадай, уӕд-иу уайтагъд фыццаг абзацӕй кӕсын ма райдай. Хуыздӕр уыдзӕн, фыццаг уал, цы сӕргонд кӕнӕ цы статья ахуыр кӕндзынӕ, ууыл иумӕйагӕй цӕст ахӕссын. Ахъуыды кӕн статьяйы ном кӕнӕ сӕргондыл — ууыл цӕудзӕн дзырд дарддӕр. Дзӕбӕх ахъуыды кӕн, дӕлсӕргӕндтӕ статьяйы номимӕ куыд баст сты. Лӕмбынӕг ӕркӕс нывтӕм, фӕлгӕтты цы фыст ис, уымӕ ӕмӕ дзы кӕд фӕлхат кӕнынӕн фарстытӕ ис, уӕд уыдонмӕ дӕр. Уый фӕстӕ
ахъуыды кӕн: цымӕ дзы цы базондзынӕн? Мӕхицӕн дзы хорзӕй цы райсдзынӕн? Ӕрмӕгмӕ развӕлгъау куы ӕркӕсай, уӕд уый дӕ ахуырӕн уыдзӕн, мӕнӕ донӕн бӕрӕг фӕд куыд акӕнай, уый хуызӕн.Ныр та дӕ бон у, ӕмӕ ӕрӕвналай ахуыр кӕнынмӕ. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыргӕнӕн статьяты, стӕй чингуытӕй дӕр сӕ фылдӕры вӕййы фарстытӕ. Хорз уыдзӕн алы абзацы дӕр дзуапп ссарын ӕмӕ йӕ бахахх кӕнын. Фӕлӕ фарстытӕ кӕм нӕй, уым дӕр дӕ бон у, цы ахсджиаг хъуыдытӕ дӕ фӕнды бахъуыды кӕнын, уыдон фӕнысан кӕнын. Ног хъуыдыйыл дзы куы фембӕлай, уӕд ыл фылдӕр ахъуыды кӕн, цӕмӕй йӕ дзӕбӕх бамбарай. Дӕ хъус уӕлдай лӕмбынӕг дар цӕвиттонтӕ ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕм, хъусын кӕнгӕйӕ йе та хӕслӕвӕрд цӕттӕ кӕнгӕйӕ сӕ дӕ бон спайда кӕнын куыд уа. Хъуыды кӕн, цы ахуыр кӕныс, уый кӕмӕн ис радзурӕн ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ уырнындзинад бафидар кӕнӕн. Цы хъуыдытӕ дӕ бахъӕудзысты, уыдон фӕнысан кӕн ӕмӕ сӕ фӕстагмӕ сфӕлхат кӕн.
Бакӕн-иу, Библийӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдон иууылдӕр ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, алкӕцыдӕр дзы куыд ӕххуыс кӕны абзацы иумӕйаг хъуыды хуыздӕр бамбарынӕн.
Гӕнӕн ис, цыдӕр дзы хорз нӕ бамбарай йе та дӕ бафӕнда цавӕрдӕр фарста бӕстондӕр раиртасын. Цӕмӕй, цы ахуыр кӕныс, уымӕй ма адзӕгъӕл уай, уый тыххӕй фарстытӕ дӕхимӕ фӕнысан кӕн ӕмӕ сӕ фӕстӕдӕр раиртас. Фылдӕр хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ ӕрмӕг дарддӕр куыд кӕсыс, куыд ыл хъуыды кӕныс, афтӕ дзы зынӕмбаринагӕй ницыуал баззайы. Фӕлӕ ма дӕм уӕддӕр цыдӕр фарстытӕ куы баззайа, уӕд сӕ ма ныууадз. Ӕнӕмӕнг цы хъӕуы раиртасын? Зӕгъӕм, Библийӕ цавӕрдӕр стих дзӕбӕх нӕ бамбӕрстай. Кӕнӕ, цы кӕсыс, уымӕ куыд хауы, уый дӕ сӕр нӕ ахсы. Йе та цыдӕр хъуыды дӕхӕдӕг бамбӕрстай, фӕлӕ дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ йӕ искӕмӕн бамбарын кӕнын дӕ бон не суыдзӕн. Ахӕм фарстытӕн рохуаты ныууадзӕн нӕй. Ӕрмӕг кӕронмӕ куы сахуыр кӕнай, уӕд ма сӕ лӕмбынӕг раиртас, ӕркӕс, кӕм ма цы дзырдӕуы уыцы фарстаты фӕдыл.
Райсӕм, апостол Павел дзуттаг чырыстӕттӕм цы фыстӕг ныффыста, уый. Хабӕрттыл бӕстон дзургӕйӕ, иу ран цыма йӕ хъуыды фескъуыдта, афтӕ загъта: «Нӕ ныхасӕн йӕ сӕр та ай у» (Дзут. 8:1, НФ). Цы ахуыр кӕныс, уымӕн йӕ сӕйраг хъуыды цы у, уый ды дӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕныс? Цымӕ Павел афтӕ цӕмӕн бакодта? Сыгъдӕг удӕй зӕрдӕргъӕвд уӕвгӕйӕ Павел йӕ фыстӕджы раззаг сӕрты бамбарын кодта, Хуыцауӕй ӕвӕрд Хистӕр сауджын Чырысти кӕй бацыд арвӕн йӕхи мидӕг (Дзут. 4:14—5:10; 6:20). Фӕлӕ 8-ӕм сӕры райдианы уыцы сӕйраг хъуыды кӕй рахицӕн кодта ӕмӕ сын се ’ргом уымӕ кӕй аздӕхта, уымӕй сӕ бацӕттӕ кодта, уыцы хъуыддаг сӕ цардыл куыд зыны, ууыл арф ныхъхъуыды кӕнынмӕ. Павел бамбарын кодта, Чырысти уыдоны тыххӕй кӕй ӕрлӕууыд Хуыцауы раз ӕмӕ сын уӕларвон «кувӕндонмӕ» фӕндаг кӕй бакодта (Дзут. 9:24; 10:19—22). Сӕ ныфсӕн фидар бындур кӕй ис, уый хъуамӕ бамбӕрстаиккой ӕмӕ сӕ уӕд тынгдӕр фӕндыдаид, уыцы фыстӕджы сын дарддӕр уырнындзинад, фидардзинад ӕмӕ чырыстон уагахасты тыххӕй цы бауынаффӕ кодта, уый сӕ зӕрдӕмӕ арф айсын. Ахуыр кӕнгӕйӕ мах дӕр нӕ хъус тынгдӕр сӕйраг хъуыдытӕм куы дарӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, фарста куыд хӕлд цӕуы, уый фенын. Уымӕй дарддӕр, цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ архайын нӕ цӕмӕн хъӕуы, уый нӕ хъуыдыйы баззайдзӕн.
Цы сахуыр кӕнай, уый дын дӕ зӕрдӕйы зынг ссудздзӕн ӕмӕ дӕ хъуыддагмӕ баразӕнгард кӕндзӕн? Ай хуымӕтӕг фарста нӕу. Ног цыдӕр куы базоныс, уӕд-иу ахъуыды кӕн: ацы хъуыды мӕ зондахастыл ӕмӕ, царды цӕмӕ тырнын, ууыл куыд хъуамӕ фӕзына? Куыд мын феххуыс уыдзӕн зын хъуыддаг алыг кӕнынӕн, раст уынаффӕ рахӕссынӕн ӕмӕ мӕ разы цы нысан сӕвӕрдтон, уый сӕххӕст кӕнынӕн? Куыд мын фӕахъаз уыдзӕн мӕ бинонты царды, ӕмбырды ӕмӕ уацамынды? Кув Хуыцаумӕ, ӕмӕ афтӕмӕй хъуыды кӕн ацы фарстатыл, уыимӕ дӕ дӕ зонындзинӕдтӕ ӕцӕгӕйдӕр кӕм бахъӕудзысты, ахӕм бӕлвырд уавӕртыл.
Иу сӕргонд кӕнӕ статья ӕвзӕрст куы фӕуай, уӕд, цы базыдтай, уый цыбыртӕй сфӕлхат кӕн. Дӕхицӕн фӕлварӕн скӕн, кӕддӕра сӕйраг хъуыдытӕ ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхъуыды кӕнын дӕ бон суыдзӕн. Уый фӕрцы сӕ хъуыды дӕр бакӕндзынӕ ӕмӕ дӕ дарддӕр царды кӕм бахъӕуой, уым дӕр сӕ спайда кӕндзынӕ.
Цы ис ахуыр кӕнӕн
Махӕн, Иегъовӕйы адӕмӕн, фагӕй фылдӕр ис цы ахуыр кӕнӕм, уый. Фӕлӕ цӕмӕй ис райдайӕн? Хорз уаид, брошюрӕйы, «Алы бон дӕр ӕвзар Фыстытӕ», зӕгъгӕ, алы бонӕн дӕр Библийӕ цы стих ӕмӕ уыцы стихмӕ цы хъуыдытӕ ис, уыдон куы ахуыр кӕниккам. Алы къуыри дӕр нын вӕййы фембӕлдтӕ, ӕмӕ сӕм куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд нын фылдӕр пайда хӕсдзысты. Афтӕ ма бирӕтӕ ахуыр кӕнынц, ӕцӕгад цалынмӕ нӕ базыдтой, уӕдмӕ нӕ Ӕхсӕнад цы чингуытӕ рауагъта, уыдон, ӕмӕ уый раппӕлинаг хъуыддаг у. Иннӕтӕ та, Библийӕ ӕрвылкъуыри дӕр цы бакӕсынц, уымӕй кӕцыдӕр хай рахицӕн кӕнынц, ӕмӕ йӕм стӕй лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсынц.
Фембӕлдтӕм дын бӕстон бацӕттӕ кӕнынӕн рӕстӕг куы нӕ уа, уӕд та? Раст нӕ уаид, цы дзы уыдзӕн, уыдӕттӕ иууылдӕр уӕлӕнгӕйтты, ӕфсоны каст акӕнын. Ноджы ӕвзӕрдӕр та у афтӕ хъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, иугӕр мӕ бон алцы сахуыр кӕнын нӕу, уӕд дзы ӕппындӕр ницы ахуыр кӕнын. Хуыздӕр уыдзӕн, дӕ бон бацӕттӕ кӕнын цас у, ууыл ахъуыды кӕнын ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ дзӕбӕх бацӕттӕ кӕнын. Афтӕ кӕн алы къуыри дӕр. Сындӕг-сындӕг архай иннӕ фембӕлдтӕм цӕттӕ кӕныныл дӕр.
«Дӕ бинонты мӕт дӕр бакӕн»
Иегъовӕ ӕмбары, хӕдзары хистӕрты сӕ бинонты фӕдарынӕн бирӕ фыдӕбон кӕнын кӕй хъӕуы. «Бакӕн дӕ хӕдзары ӕдде дӕ куыстытӕ,— дзырдӕуы Ӕмбисӕндты 24:27,— ӕмӕ дӕ хуымы куыстытӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕн», фӕлӕ бинонтӕн сӕ уырнындзинад фидар кӕнын кӕй хъӕуы, уый дӕр рохгӕнинаг нӕу, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕмбисонд дарддӕр дзуры: «Уый фӕстӕ дӕ бинонты мӕт дӕр бакӕн». Цы нысан кӕны уый хӕдзары хистӕрӕн? Ӕмбисӕндты 24:3 кӕсӕм, зӕгъгӕ, бинонтӕ «ӕмбаргӕдзинадӕй фидар уыдзысты».
Куыд фӕахъаз уыдзӕн ӕмбаргӕдзинад дӕ бинонтӕн? Ӕмбаргӕ адӕймаг у арфуынаг, уый ӕппӕт дӕр уыны зӕрдӕйы цӕстытӕй. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ бинонтимӕ Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын райдайын хъӕуы, бинонтӕ цы уавӕры сты, уымӕ ӕркӕсынӕй (афтӕмӕй уӕ ахуыр уыдзӕн ахадгӕ). Чырыстон фӕндагыл размӕ цӕуынц, истытӕ сын ӕнтысы? Семӕ куы фӕныхас кӕныс, уӕд цы фӕдзурынц, уымӕ лӕмбынӕг хъус. Мыййаг, алкӕуыл фаутӕ ӕвӕрынц кӕнӕ искӕмӕ маст хӕссынц? Ӕхца ӕмӕ дзаумӕттыл ӕгӕр нӕ мӕт кӕнынц? Дӕ сывӕллӕттимӕ хъусын кӕнынмӕ куы вӕййыс, уӕд се ’мбӕлтты цур, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты, уымӕй нӕ фефсӕрмы кӕнынц? Библи иумӕ кӕй кӕсут ӕмӕ йӕ кӕй ахуыр кӕнут, уый сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы? Иегъовӕйы фӕндаг сӕ цардвӕндаг сси? Дӕ бинонтӕм дӕ хъус лӕмбынӕг куы дарай, уӕд уындзынӕ, куыд хистӕр, афтӕ дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй сӕ алчидӕр ахуыр кӕна ӕмӕ йӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ фидар кӕна.
Семӕ цӕуыл аныхас кӕнинаг уай, уый фӕдыл ссар статьятӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы. Иумӕ цы ахуыр кӕндзыстут, уый сын рагацау зӕгъ, цӕмӕй йыл гыццыл уӕддӕр ахъуыды кӕной. Ахуыры рӕстӕджы сӕ алкӕйдӕр рӕвдау дӕ цӕстӕнгасӕй. Ӕнӕ хыл ӕмӕ сын ӕнӕ уайдзӕфтӕй сӕ хъус ӕрдар, цы ахуыр кӕнут, уый сӕ алкӕйдӕр куыд ӕхсызгонӕй хъӕуы, уымӕ. Бинонтӕй алчидӕр йӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй куыд дзура, ууыл бацархай. Баххуыс сын кӕн, Иегъовӕйы Ныхас «ӕххӕст» кӕй у, ома царды алы хъуыддаджы дӕр кӕй ахады, уый бамбарынӕн (Пс. 18:8).
Цы хорзӕхтӕй стӕм хайджын
Алцы зонын дӕр кӕй фӕнды, фӕлӕ Библи цы дзуры, уый чи не ’мбары, ахӕм адӕм ахуыр кӕнынц ӕгӕрон Дун-дуне, дунейы цаутӕ ӕмӕ ма архайынц сӕхи базоныныл дӕр, фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕн се ’цӕг мидис бамбарын сӕ бон нӕу. Хуыцауӕй сыгъдӕг уды ӕххуыс чи куры ӕмӕ йын йӕ Ныхас афтӕмӕй чи ахуыр кӕны, уыдон та ӕмбарынц, ӕппӕт дӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ Хуыцау коммӕгӕс адӕмы йӕ хорздзинӕдтӕй кӕй бафсаддзӕн, уый (Маркы 13:4—29; Ром. 1:20; Рарг. 12:12).
Уыдӕттӕ кӕй ӕмбарӕм, уый нын цины хос куыннӕ у, фӕлӕ, сӕрбӕрзонд уӕм, уый бар нын нӕ дӕтты. Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр кӕй ӕвзарӕм, уый фӕрцы стӕм сӕрныллӕг (Дык. з. 17:18—20). Хуыцауы Ныхас нӕ зӕрдӕты куы уа, уӕд «тӕригъӕды» амӕттӕгтӕ дӕр нӕ фӕуыдзыстӕм, ӕмӕ нӕ кӕд тӕригъӕд йӕхимӕ тынг ӕлвасы, уӕддӕр йӕ фӕдыл никуы ацӕудзыстӕм (Дзут. 2:1; 3:13; Кол. 3:5—10). Ӕмӕ уӕд афтӕ цӕрдзыстӕм, «Хуыцауы аккаг нӕхи куыд дарӕм, ӕмӕ Йын йӕ зӕрдӕ алцӕмӕй куыд ӕлхӕнӕм, алы хорз хъуыддаджы дыргъ ӕрхӕссынӕй» (Кол. 1:10, НФ). Раст уый тыххӕй ахуыр кӕнӕм Хуыцауы Ныхас, ӕмӕ уый нӕ къухы куы ӕфта, уӕд царды мидӕг уымӕй стырдӕр хорзӕх нӕй.