Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Ныхас дын зӕрдӕрухсы хос уӕд

Хуыцауы Ныхас дын зӕрдӕрухсы хос уӕд

АМОНДДЖЫН у, «Иегъовӕйы закъон зӕрдӕрухсы хос [кӕмӕн] у», уыцы адӕймаг. Ахӕм адӕймаг Хуыцауы Ныхас «йӕхицӕн сабыр хъӕлӕсӕй кӕсы ӕхсӕвӕй-бонӕй» (Пс. 1:1, 2, НД). Хуыцауы Ныхас дӕуӕн дӕр зӕрдӕрухсы хос у? Цы саразӕн ис, цӕмӕй дзы дӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр райа?

Хъус, Иегъовӕ цы дзуры, уымӕ

Цы фӕкӕсыс, уым-иу уд бауадз, цы хабӕрттӕ ӕмӕ цы адӕмы тыххӕй кӕсыс, уыдон цыма дӕ тӕккӕ цӕстыты раз сты, цыма сын сӕ хъӕлӕс хъусыс, афтӕ. Зӕгъӕм, кӕсыс Библийы фыццаг сӕртӕ, ӕмӕ мӕнӕ Иегъовӕ йӕхӕдӕг дзуры, зӕхх цадӕггай адӕймагӕн куыд цӕттӕ кодта, уыцы хабӕрттӕ. Хъусыс, йӕ Фыртӕн, йӕ Дӕсны Кусӕгӕн, куыд дзуры, зӕгъгӕ, ӕрцыд адӕмы рафӕлдисыны рӕстӕг. Дӕ разы цардӕгасау сыстадысты, дарддӕр цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон: Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты, уый сӕ бафхӕрдта ӕмӕ сӕ Дзӕнӕты цӕхӕрадонӕй фӕсырдта (Уӕв., 1—3 сӕртӕ). Кӕнӕ хъусыс, уӕларвӕй хъӕлӕс куыд ӕрыхъуыст ӕмӕ Йесо Чырыстийы — Хуыцау адӕмы сӕрвӕлтау йӕ цард радтынмӕ кӕй рарвыста, уый — Хуыцауы уарзон Фырт куыд схуыдта, ӕмӕ дӕ зӕрдӕ ныррухс (Матф. 3:16, 17). Йе та дӕ цӕстытыл уайы, апостол Иоанн Иегъовӕйы ныхӕстӕ куы фехъуыста, «мӕнӕ аразын ӕппӕтдӕр ног», зӕгъгӕ, уӕд йӕхи куыд хатыди, уый (Рарг. 21:5). Хуыцауы Ныхас афтӕ куы кӕсай, уӕд дын уымӕй ӕхсызгондӕр хъуыддаг, ай-гъай дӕр, нӕ уыдзӕн!

Хуыцауы Ныхас дарддӕр дӕр куы кӕсай, уӕд ноджы хуыздӕр базондзынӕ, Иегъовӕ цӕй стыр хъомысы хицау ӕмӕ цӕй диссаджы Хуыцау у, уый. Дӕу фӕнддзӕн, цӕмӕй ноджы ӕввахсдӕр уай, афтӕ тынг дӕ чи уарзы, фӕлмӕнзӕрдӕйӕ дын чи хатыр кӕны, йӕ фӕндон ын сӕрныллӕгӕй куы феххӕст кӕныс, уӕд дын ахъазгӕнӕг чи вӕййы ӕмӕ дын алы хъуыддаджы дӕр, хуыздӕр куыд у, уый чи амоны, уыцы Хуыцаумӕ (Йес. Н. 1:8; Пс. 8:2; Ис. 41:10).

Цас арӕхдӕр кӕсай Библи, уыйас дӕ зӕрдӕ тынгдӕр райдзӕн, уымӕн ӕмӕ хуыздӕр ӕмбардзынӕ, Хуыцау дӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Фӕлӕ дын зӕрдӕрухсы хос ӕрмӕст уый нӕ уыдзӕн. Библийӕ цы базыдтай, уый-иу дын зын уавӕры раст бакӕнынӕн куы баххуыс кӕна, уӕд-иу дӕм дӕ зӕрдӕ дзурдзӕн, раст, псаломзарӕгӕнӕг куыд загъта, афтӕ: «Диссаг Дӕ раргомдзинӕдтӕ [«мӕ зӕрдыл мын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕныс, уыдон», НД]; уый тыххӕй сӕ хъахъхъӕны мӕ уд» (Пс. 118:129). Дӕ циныл ма дын цин ӕфтаудзӕн, дӕ зондахаст ӕмӕ дын дӕ бӕллицтӕ Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ ӕркӕнынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, Фыстады-иу ахӕм хъуыдытӕ куы ссарай, уӕд уый дӕр (Ис. 55:8, 9).

Библи нӕ цы ӕгъдауыл ахуыр кӕны, уый нӕ хизы фыдбылызӕй ӕмӕ нӕ кӕны раст фӕндагыл. Куы йӕ фӕкӕсӕм, уӕд фембарӕм, Иегъовӕ нӕ Фыд кӕй у, ӕмӕ хорз кӕй зоны, не ’нӕххӕст буары монцты фӕдыл куы ацӕуӕм, уӕд нӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, уый. Иегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхи удхарӕй марӕм, уымӕн ӕмӕ йе ’вӕрд ӕгъдауы сӕрты куы ахизӕм, уӕд нын ӕнӕфӕкӕлгӕ нӕ уыдзӕн. Уарзы нӕ ӕмӕ нын йӕ зӕрдӕ зӕгъы, царды нын иууыл хуыздӕр цы уыдзӕн, уый. Уӕдӕ йын йӕ Ныхас куы кӕсӕм, уӕд хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, ахӕм Хуыцау ӕмӕ нын ахӕм уӕларвон Фыд кӕй ис, уымӕй стырдӕр хорзӕх кӕй нӕй царды.

Библи кӕс алы бон дӕр

Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр чи кӕсы, уый тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Ӕппӕт уый цы кӕны, бантысдзӕн ын» (Пс. 1:3). О, кӕд ӕнӕххӕст стӕм, кӕд Сайтаны фыддунейы цӕрӕм ӕмӕ кӕд Хӕйрӕг нӕ аныхъуырыныл йӕ уд хъары, уӕддӕр Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр куы кӕсӕм ӕмӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд афтӕ никуы зӕгъдзыстӕм, зӕгъгӕ нын Иегъовӕйы хъуыддӕгты цыдӕр нӕ уайы.

Ацы зӕронд дуне нӕ ныцъцъист кӕнынмӕ кӕй хъавы, уымӕ гӕсгӕ не Сфӕлдисӕджы ныхӕстыл ахъуыды кӕнынӕн боны мидӕг иу гыццыл рӕстӕг ссарын дӕр кӕуылты у: уый нын нӕ тыхыл тых ӕфтаудзӕн. Ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ сӕ уырнындзинады тыххӕй бадтысты ахӕстоны ӕмӕ-иу сӕм арӕх Библийӕ уыди, ӕрмӕстдӕр-иу газетты кӕй ссардтой, уыцы гыццыл скъуыддзӕгтӕ. Ралыг-иу сӕ кодтой, сахуыр-иу сӕ кодтой ӕмӕ-иу сыл стӕй хъуыды кодтой. Ӕмӕ сӕ Иегъовӕ фидар кодта, уымӕн ӕмӕ ахӕм уавӕрты дӕр, сӕ бон цыдӕриддӕр уыди, уый арӕзтой, цӕмӕй йын йӕ Ныхас хуыздӕр ӕмбӕрстаиккой (Иоан. 17:3, НФ). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ фылдӕрӕн сӕ авналӕнтӕ бирӕ уӕрӕхдӕр сты. Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, алы бон дӕр Библийӕ иу стихыл мӕ цӕст куы ахӕссон, уӕд уымӕй диссаг фӕуыдзынӕн. Ӕнтыстджын ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзыстӕм, кӕд ӕмӕ Библи кӕсынӕн алы бон дӕр фаг рӕстӕг арӕм, хъуыды йыл кӕнӕм ӕмӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайӕм царды мидӕг.

Раст у, адӕймаг куыдфӕнды ма архайа, йӕ хъуыддӕгтӕ алы хатт зӕрдӕзӕгъгӕ нӕ рауайынц. Фӕлӕ дзы уӕддӕр, ӕнӕмӕнг ӕй цы хъӕуы бакӕнын, уый нӕ ферох вӕййы. Цӕвиттон, барӕй нӕхи иу кӕнӕ дыууӕ боны ӕнӕ донӕй нӕ ныууадздзыстӕм. Уӕдӕ цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр-иу хъуамӕ рӕстӕг ссарӕм ӕцӕгады донӕй не онг фӕрог кӕнынӕн (Ап. к. 17:11).

Хуыцауы Ныхас сӕрӕй-кӕронмӕ бакӕс

Библи ӕнӕхъӕнӕй бакастӕ? Сӕрӕй-кӕронмӕ йӕ кӕй хъӕуы кӕсын — Уӕвынадӕй Раргомады чиныгмӕ — уый бирӕтӕн се онг мары. Фӕлӕ Библи ӕнӕхъӕнӕй бакӕсын кӕй фӕндыд, уыдонӕй йӕ бирӕтӕ кӕсын райдыдтой Чырыстон Грекъаг Фыстытӕй. Цӕмӕн? Ӕвӕццӕгӕн сӕ базонын фӕндыд, Чырыстийы къахвӕдтыл куыд хуыздӕр цӕуой, уый. Кӕнӕ та, чи зоны, уымӕн, ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ афтӕ стыр не сты — Библийӕн йӕ цыппӕрӕм хайӕ зына-нӕзына фылдӕр. Фӕлӕ уыцы 27 чиныджы куы бакастысты, уӕд ӕхсызгонӕй ӕрӕвнӕлдтой Дзуттаг Фыстыты 39 чиныгмӕ дӕр. Ӕмӕ цалынмӕ уыцы чингуытӕ кастысты, уӕдмӕ сахуыр сты Библи алы бон дӕр кӕсын. Стӕй та ногӕй райдыдтой Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ кӕсын ӕмӕ афтӕ азӕй-азмӕ. Уӕдӕ дӕуӕн дӕр нӕ зӕрдӕ зӕгъы, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас кӕсын афтӕ сахуыр уай, ӕмӕ цӕрӕнбонты дӕр дӕ бон ӕнӕ уымӕй мауал уа.

Дӕ бинонтӕй кӕнӕ де ’мбырды ахӕм исчи ис, ӕмӕ йын кӕсын зын у? Нӕй гӕнӕн, ӕмӕ йын Библи алы бон дӕр, кӕнӕ дӕ бон цас у, уыйас арӕхдӕр кӕсай? Уый дӕхицӕн дӕр уыдзӕн хорз, уымӕн та — удыбӕстӕ: цы хъуса, ууыл хъуыды кӕндзӕн ӕмӕ дзы йӕ царды пайда кӕндзӕн (Рарг. 1:3).

Рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ дӕ чи зоны бафӕнда Библи ӕндӕр цавӕрдӕр пъланмӕ гӕсгӕ кӕсын. Зӕгъӕм, афтӕ йӕ кӕсын, цӕмӕй, йӕ хицӕн хӕйттӕ кӕрӕдзийыл куыд баст сты, уый хуыздӕр фенай. Библийы иуӕй-иу стихтӕм цы уӕлӕмхасӕн стихтӕ амынд вӕййы, уыдоны фӕрцы та фылдӕр базондзынӕ, цӕй тыххӕй кӕсыс, уый кӕм ӕмӕ кӕд ӕрцыд, стӕй цы уавӕрты, ӕмӕ ма уый кой Библийы ноджыдӕр кӕм цӕуы, уыдӕттӕ. Афтӕ ма фендзынӕ, псаломтӕй бирӕтӕ ӕмӕ Йесо Чырыстийы апостолты ӕрвыстытӕ фыст цӕмӕн ӕрцыдысты, уый дӕр. Иуӕй-иу ӕвзӕгтыл ис энциклопеди «Фыстады ӕмбарынад», ӕмӕ уырдыгӕй бирӕ цыдӕртӕ базонӕн ис, зӕгъӕм: Библийы цы адӕм, цы бӕстӕтӕ ӕмӕ цы миниуджыты кой цӕуы, уыдоны тыххӕй. Таблицӕты фӕрцы базонӕн ис, Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст сты, уыцы иу рӕстӕджы цавӕр паддзӕхтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ царди ӕмӕ, Библийы цы цауты кой цӕуы, уыдонӕй бирӕтӕ кӕд ӕрцыдысты, уый.

Цы кӕсыс, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕн ӕмӕ уӕд хуыздӕр ӕмбардзынӕ, Хуыцауы адӕмыл-иу цавӕрдӕр хабӕрттӕ цӕмӕн ӕрцыд, уый. Уымӕй уӕлдай ма базондзынӕ, Иегъовӕ йӕ адӕммӕ афтӕ хӕларзӕрдӕ кӕнӕ афтӕ карз цӕмӕн уыди, уый дӕр. Афтӕ ма хуыздӕр ӕмбардзынӕ, хицауӕдтӕ, ӕнӕхъӕн адӕмтӕ ӕмӕ хицӕн адӕймӕгты хъуыддӕгтӕм Иегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый дӕр. Иудзырдӕй, арфдӕр ӕмбардзынӕ, Хуыцау куыд хъуыды кӕны, уый.

Библи цы цауты кой кӕны, уыдон кӕм ӕрцыдысты, уыцы бынӕттӕ-иу дӕ цӕстытыл куы ауайын кӕнай, цыма дӕхӕдӕг дӕр уым дӕ, афтӕ, уӕд дын уӕлдай цымыдисагдӕр уыдзысты. Библийы картӕты фӕрцы зондзынӕ, цаутӕ кӕм цыдысты ӕмӕ иу ранӕй иннӕмӕ цас уыди, уыдӕттӕ. Зӕгъӕм, израилӕгтӕ Сырх денджызыл кӕм ахызтысты? Зӕрдӕвӕрд зӕхх цӕйас уыди? Зӕххыл лӕггадгӕнгӕйӕ Йесо кӕмыты уыди? Павел-иу хъусын кӕнынмӕ ӕндӕр бӕстӕм балцы куы ацыд, уӕд-иу цавӕр рӕсугъд бынӕттӕ федта? Картӕтӕ ӕмӕ алыхуызон бынӕтты афысты фӕрцы Библийы цаутӕ дӕ цӕстыты раз сыстдзысты цардӕгасау. Фӕлӕ кӕм ис ахӕм картӕтӕ? Цалдӕр картӕйы ис «Сыгъдӕг Фыстады Ног дунейы тӕлмацы» (уыр.). Энциклопеди «Фыстады ӕмбарынад»-ы ис 70 картӕйы бӕрц; кӕм дзы цавӕр картӕ ис, уый та фенӕн ис фыццаг томы фӕстейӕ. Картӕтӕ ма ссарӕн ис «Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы уагъд литературӕйы амонӕны» руаджы. Кӕд ацы чингуытӕ, цы ӕвзаг ӕмбарыс, ууыл не сты, уӕд та Библи кӕсгӕйӕ пайда кӕн, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы цы картӕтӕ вӕййы мыхуыргонд, уыдонӕй.

Дзуттаг Фыстыты бакӕсӕн ис, паддзах Давид Иегъовӕйы куыд стауы, уый: «Куыд бӕрзонд сты Дӕ хъуыдытӕ... Хуыцау, ӕмӕ куыд бирӕ у сӕ нымӕц!» (Пс. 138:17). Чырыстон Грекъаг Фыстыты та апостол Павел бӕрзонд кодта Иегъовӕйы, «нӕ зӕрдӕтӕ [нын чи] ныррухс кодта, цӕмӕй сӕ Чырыстийы уылты Хуыцауы тыххӕй диссаджы зонындзинӕдтӕй срухс кӕна» (2 Кор. 4:6, НД). Давид ӕмӕ Павелы ’хсӕн иу ӕмӕ дыууӕ ӕнусы нӕй, фӕлӕ сӕ дыууӕ дӕр тынг уарзтой Хуыцауы Ныхас, уыди сын зӕрдӕрухсы хос. Иегъовӕ нын йӕ Ныхасы цы дзуры, уый кӕсынӕн рӕстӕг куы арай, уӕд уый дӕуӕн дӕр стыр цины хос уыдзӕн.