Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

29 УРОК

Хъӕлӕс

Хъӕлӕс

АДӔМЫЛ ӕрмӕст уый нӕ фӕзыны, цы сын фӕзӕгъӕм, фӕлӕ ма йӕ куыд фӕзӕгъӕм, уый дӕр. Ды дӕхӕдӕг кӕмӕ фӕхъусыс ӕхсызгонӕй: йӕ хъӕлӕс рӕсугъд, зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ фӕлмӕн кӕмӕн у ӕви, уазал ӕмӕ тызмӕг хъӕлӕсӕй чи фӕдзуры, уымӕ?

Хъӕлӕс фӕхуыздӕр кӕныны хъуыддаг, ныхас кӕй фӕрцы рӕзы, ӕрмӕст уыцы уӕнгтӕй аразгӕ нӕу. Адӕймагӕн йӕ удыхъӕдыл дӕр бирӕ баст у. Адӕймаг Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ, цы базоны, царды мидӕг уымӕ гӕсгӕ архайын куы райдайы, уӕд уый тынг фӕзыны йӕ ныхасы уагыл дӕр. Уарзондзинад, цин ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад — ацы ӕвӕджиауы миниуджытӕ бӕрӕг вӕййынц йӕ хъӕлӕсӕй (Гал. 5:22, 23). Йӕ хъӕлӕсы уагӕй базонӕн вӕййы, иннӕтыл кӕй хъуыды кӕны, уый дӕр. Хъуыр-хъуыргӕнаг адӕймаг хорздзинадӕн аргъ кӕнын куы базоны, уӕд йӕ ныхас дӕр ӕндӕр цӕуылдӕрты вӕййы ӕмӕ йӕ хъӕлӕсы уаг дӕр ӕндӕрхуызон свӕййы (Иер. хъ. 3:39—42; 1 Тим. 1:12; Иуд. 16). Адӕймаг стырзӕрдӕ, дӕрзӕг ныхас кӕны, мӕстыйӕ дзуры, искӕй фауы ӕви йӕ ныхасы уаг бонзонгӕ, сӕрныллӕг, хиуылхӕцгӕ, сабыр ӕмӕ фӕлмӕн у, уый ӕнцонӕй фӕхатӕм, цы ӕвзагыл дзуры, уый куы нӕ фембарӕм, уӕд дӕр.

Хатт адӕймаджы хъӕлӕс ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ вӕййы, йӕ хъуыртӕ низӕй кӕй фӕхъыгдард сты кӕнӕ ӕрдзӕй цыдӕр сахъат кӕй рахаста, уый аххосӕй. Ахӕм стыр аиппытӕй, чи зоны, ацы дунейы цалынмӕ цӕрӕм, уӕдмӕ нӕ уа бынтондӕр фервӕзӕн. Фӕлӕ адӕймаг, кӕй фӕрцы дзуры, уыцы уӕнгтӕй раст пайда кӕнын куы сахуыр уа, уӕд йӕ хъӕлӕс бирӕ фӕхуыздӕр уыдзӕн.

Фыццаджыдӕр зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ дыууӕ ахӕм адӕймаджы нӕй, сӕ хъӕлӕстӕ ӕмхуызон кӕмӕн уой. Уӕдӕ искӕй хъӕлӕсы уаг фӕзмын ницӕмӕн хъӕуы. Уый бӕсты сбӕлвырд кӕн дӕхи хъӕлӕсы гӕнӕнтӕ ӕмӕ сӕ фӕхуыздӕр кӕныныл кус. Цы дын феххуыс уыдзӕн? Уымӕн ис дыууӕ ахсджиаг мадзалы.

Раст улӕф. Цӕмӕй дӕ хъӕлӕс хорз куса, уый тыххӕй хъуамӕ раст улӕфын сахуыр уай: дӕ рӕуджытӕ уӕлдӕфӕй цух макуы уӕнт. Ӕнӕ уымӕй дӕ хъӕлӕс уыдзӕн лӕмӕгъ, дӕ ныхас — гӕлиртӕ.

Рӕуджытӕн сӕ фылдӕр хай риуыгуыдыры уӕлӕрдыгӕй не сты; риуыгуыдыр ӕрмӕстдӕр уӕхсчыты руаджы зыны афтӕ фӕтӕн. Рӕуджыты фӕтӕндӕр хай ис риугуыбынон къулы хӕдсӕрмӕ. Риугуыбынон къул иу кӕны бинаг фӕрсчытимӕ ӕмӕ риуыгуыдыр хицӕн кӕны гуыбыны хуылфӕй.

Цы уӕлдӕф сулӕфыс, уымӕй кӕд дӕ рӕуджытӕн ӕрмӕстдӕр сӕ уӕллаг хай айдзаг вӕййы, уӕд дын уыцы сулӕфт бирӕйы фаг нӕ уыдзӕн. Ӕмӕ дӕ хъӕлӕс уыдзӕн лӕмӕгъ, тагъд-иу афӕллайдзынӕ. Цӕмӕй раст улӕфай, уый тыххӕй,— бадгӕ кӕнай ӕви лӕугӕ,— гуыбыр ма кӕн, дӕ уӕхсчытӕ гӕзӕмӕ фӕстӕуӕз дар. Дӕхи ахуыр кӕн, дзургӕ-дзурын куы сулӕфыс, уӕд-иу айдагъ дӕ риу куыд нӕ фӕуӕрӕхдӕр уа. Фыццаг уал-иу уӕлдӕфӕй айдзаг кӕн дӕ рӕуджыты бинаг хай. Уыцы хай куы байдзаг уа, уӕд риуыстӕгӕн йӕ бинаг хай фӕйнӕрдӕм ахӕцдзӕн. Риугуыбынон къул та зына-нӕзына ӕрӕнцайдзӕн ахсӕн ӕмӕ тъӕнгтыл ӕмӕ йӕ уӕд фӕхатдзынӕ, дӕ рон кӕнӕ дын дӕ дарӕсы комдӕл дӕ гуыбын куыд ӕрбалхъывта. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ рӕуджытӕ гуыбыны сты — уыдон риуыстӕджы мидӕг сты. Раст улӕфыс ӕви нӕ, уый базонынӕн дӕ дыууӕ къухы ӕрӕвӕр дӕ риуыгуыдыры бинаг хайыл — иу иуырдыгӕй, иннӕ иннӕрдыгӕй. Ныр арф сулӕф. Кӕд дӕ гуыбын ӕрбатӕбӕкк ӕмӕ дӕ уӕхсчытӕ сӕхиуыл схӕцыдысты, уӕд раст нӕ улӕфыс. Адӕймаг раст куы фӕулӕфы, уӕд фӕрсчытӕ зына-нӕзына сӕхиуыл схӕцынц ӕмӕ фӕйнӕрдӕм ацӕуынц.

Ныр та дӕ хъус ӕрдар, уӕлдӕф ӕддӕмӕ куыд раулӕфыс, уымӕ. Тагъд раулӕфын уӕлдӕф ӕнӕхъуаджы фесафынӕй хъауджыдӕр нӕу. Раулӕфын хъӕуы сындӕггай. Дӕ хъуыр ма ныхъхъӕбӕр кӕн, кӕннод дӕ хъӕлӕс кӕнӕ ныффӕсус уыдзӕн, кӕнӕ та ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ цъӕхснаг хъуысдзӕн. Фӕрсчыты ’хсӕнты ӕмӕ гуыбыны цы хӕцъӕфтӕ ис, уыдон сӕхимидӕг куы ӕрбалхъивынц, уӕд уӕлдӕф ӕддӕмӕ ратоны; куыд тагъд рацӕудзӕн, уымӕн та «дзуапп дӕтты» риугыбынон къул.

Згъорӕг ерыстӕм йӕхи куыд фӕцӕттӕ кӕны, афтӕ ныхасгӕнӕгӕн дӕр йӕ бон у фӕлтӕрӕнты руаджы йӕ улӕфт хуыздӕр кӕнын. Слӕуу, дӕ уӕхсчытӕ сраст кӕн, ӕмӕ уӕлдӕфӕй дӕ рӕуджыты бинаг хай куыд байдзаг уа, афтӕ сулӕф. Уӕлдӕф фӕстӕмӕ суадз сындӕггай, иу раулӕфтӕн, цас дӕ бон у, уыйас фылдӕрмӕ куыд анымайай, афтӕ. Стӕй афтӕ улӕфын бафӕлвар исты хъӕрӕй кӕсгӕйӕ дӕр.

Дӕ нуӕрттӕ ӕмӕ дӕ хӕцъӕфтӕ ӕрлӕмӕгъ кӕн. Хъӕлӕсы куыст фӕхуыздӕр кӕнынӕн ма хъӕуы ноджы иу цыдӕр — нуӕрттӕ ӕрлӕмӕгъ кӕнын. Ныхасгӕнгӕйӕ де уӕнгтӕ сӕхи бар куы уадзай, уӕд дӕ хъӕлӕс афтӕ хорз кусдзӕн, ӕмӕ йӕ зонгӕ дӕр нал бакӕндзынӕ. Уӕнгтау сӕрибар хъуамӕ уа сӕры магъз дӕр, уымӕн ӕмӕ адӕймаг йӕхимидӕг куы фӕтыхсы, уӕд йӕ буарыл дӕр «хъадамантӕ» конд вӕййы.

Тыхсгӕ та уӕд нӕ кӕндзынӕ, кӕимӕ ныхас кӕныс, уыдонмӕ дын раст цӕстӕнгас куы уа. Уацамынды куы уай, уӕд дӕ зӕрдыл дар: кӕд Библи цалдӕр мӕйы йедтӕмӕ нӕ ахуыр кӕныс, уӕддӕр ды зоныс Иегъовӕйы фӕндты тыххӕй ӕмӕ дӕ уыцы ахсджиаг хабӕрттӕ фӕнды адӕмӕн радзурын. Уымӕн сӕм ӕрбацыдтӕ, ӕмӕ сӕ ӕххуыс хъӕуы (ӕцӕг уый, чи зоны, сӕхӕдӕг не ’мбарынц). Паддзахады залы дын куы уа раныхас, уӕд та дӕ зӕрдыл дар, дӕ ныхасмӕхъусджытӕн сӕ фылдӕр кӕй сты Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ. Уыдон сты дӕ хӕлӕрттӕ, сӕ зӕрдӕ дын зӕгъы хорз ӕнтыстытӕ. Раст зӕгъгӕйӕ, мах цы хӕлар ӕмӕ уарзагзӕрдӕ адӕмы раз фӕныхас кӕнӕм, ахӕм ныхасмӕхъусджытӕ уӕвгӕ дӕр никӕмӕн ис.

Цӕмӕй дӕ хурхуадындзтӕ тагъд ма фӕллайой, уый тыххӕй сӕм дӕ хъус дар, сӕхи бар-иу куыд уой. Дӕ зӕрдыл дар, хурхуадындзты уӕлдӕф куы асыххуытт кӕны, растдӕр уӕд кӕй ныззыр-зыр кӕнынц. Хурхуадындзтӕ куы ныттынг кӕнай, уӕд хъӕлӕс вӕййы бӕрзонддӕр, кӕд нӕ, уӕд та — ныллӕгдӕр, мӕнӕ гитарӕ кӕнӕ хъисфӕндыры хъистӕ цас тынгдӕр балвасай, уыйас йӕ зӕлтӕ бӕрзонддӕр куыд вӕййынц, афтӕ. Дӕ хурхуадындзтӕ сӕхи бар куы ауадзай, уӕд дӕ хъӕлӕс уыдзӕн ныллӕгдӕр. Ӕмӕ дӕ хурхы нуӕрттӕ сӕхи бар куы уой, уӕд фындзыхуынчъытӕ дӕр уыдзысты гом, ӕмӕ дӕ хъӕлӕс хуыздӕр хъуысдзӕн.

Сӕхи бар ауадз де уӕнгтӕ иууылдӕр: дӕ уӕрджытӕ, дӕ къухтӕ, дӕ бӕрзӕй ӕмӕ дӕ уӕхсчытӕ. Уӕд мырты ӕмазӕлд тыхджындӕр вӕййы ӕмӕ ныхас хуыздӕр фӕхъуысы. Азӕлд тыхджын вӕййы, буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр зӕл тыхджындӕр кӕнынӕн куы ӕххуыс кӕна, уӕд. Фӕлӕ нуӕрттыл «хъадамантӕ» конд куы уа, уӕд ӕй уый хъыгдардзӕн. Хурхы мидӕг цы зӕл райгуыры, уый ӕрмӕст фындзы мидӕг нӕ фӕтыхджындӕр вӕййы: риуыстӕг, дӕндӕгтӕ, комарынг ӕмӕ фындзы тутт — уыдӕттӕ йын иууылдӕр ахъаз сты. Гитарӕйы фӕйнӕгыл исты куы ӕрӕвӕрай, уӕд йӕ зӕлтӕ ныммынӕг уыдзысты; цӕмӕй зӕл дзӕбӕх хъуыса, уый тыххӕй гитарӕйыл хъуамӕ мацы уа. Уый зӕгъӕн ис нӕ буары стджытӕй дӕр, хӕцъӕфтӕ ӕмӕ нуӕртты фӕрцы фидар чи лӕууы. Хорз ӕмазӕлды руаджы дӕ хъӕлӕс уыдзӕн рӕсугъддӕр ӕмӕ дзы дӕ бон уыдзӕн ӕнкъарӕнты цыфӕнды лыстӕг фӕзилӕнтӕ дӕр равдисын. Дӕ бон уыдзӕн дӕ хъуыдытӕ бирӕ адӕмӕн дӕр ӕнӕ хъӕрӕй бамбарын кӕнын.