Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

9 УРОК

Хъӕлӕсы уаг ивын

Хъӕлӕсы уаг ивын

ХЪӔУГӔ дзырдтыл цавд куы ’вӕрай, уӕд дын адӕм дӕ ныхас хуыздӕр ӕмбардзысты. Фӕлӕ дӕм хъусынӕй та уӕд не ’фсӕддзысты, дӕ хъӕлӕсы уаг кӕм куыд хъӕуы, афтӕ куы ивай: кӕм хъӕрдӕр дзурай, кӕм — сабырдӕр, кӕм — тагъддӕр, кӕм — сындӕгдӕр, кӕм — бӕрзонддӕр, кӕм та — ныллӕгдӕр. Афтӕмӕй ма бӕрӕг уыдзӕн, цы дзурыс, уый дын дӕхи зӕрдӕ куыд агайы, уый дӕр. Ӕмӕ уымӕй та бирӕ аразгӕ у: ӕрмӕг дӕумӕ куыд бахъардта, афтӕ бахъардзӕн, чи дӕм хъусы, уыдонмӕ дӕр. Афтӕ у, сценӕйӕ куы дзурай, уӕд дӕр ӕмӕ уацамынды иу адӕймагимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд дӕр.

Адӕймаджы хъӕлӕс у ӕмбисонды «хотых», йӕ гӕнӕнтӕ цас сты, уый у диссаг. Дӕ хъӕлӕсӕй раст куы пайда кӕнай, уӕд дӕ ныхас уыдзӕн цардӕгас, агайдзӕн зӕрдӕ, хъал кӕндзӕн ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ хъуыддагмӕ разӕнгард кӕндзӕн. Фӕлӕ уый тыххӕй фаг нӕу, дӕ хъӕлӕс кӕм куыд фӕивдзынӕ, уый гӕххӕттыл фӕнысан кӕнын, зӕгъгӕ, мӕнӕ ам хъӕрдӕр дзурдзынӕн, ам — тагъддӕр, ам та — ныллӕгдӕр хъӕлӕсӕй. Гӕххӕттыл цы фӕнысан кӕнай, ӕрмӕстдӕр уымӕ гӕсгӕ куы ивай дӕ хъӕлӕс, уӕд дӕхи хъӕлӕсӕй нӕ дзурдзынӕ — аразгӕ ныхас кӕндзынӕ. Ӕмӕ уӕд ныхасмӕхъусджытӕ тыхсгӕ цы скӕной, ӕндӕр дӕ ныхас хъӕздыгдӕр ӕмӕ ахадгӕдӕр нӕ фӕуыдзӕн. Уӕдӕ хъӕлӕсы уаг ивын кӕм хъӕуы, уый хъуамӕ зӕрдӕйӕ хатай.

Ӕмбаргӕ адӕймаг йӕ хъӕлӕсы уаг афтӕ нӕ ивдзӕн, ӕмӕ адӕмы ӕргом йӕхимӕ здаха. Уый архайдзӕн, ныхасмӕхъусджытӕ йын йӕхи нӕ, фӕлӕ цы дзуры, уый арф куыд айсой сӕ зӕрдӕмӕ.

Кӕм хъӕрдӕр дзур, кӕм — сабырдӕр. Хъӕлӕсы уаг ивӕн ис, кӕм хъӕрдӕр дзургӕйӕ, кӕм та — сабырдӕр. Фӕлӕ уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ хъӕуа-нӕхъӕуа иуцасдӕр хъӕрдӕр дзурай, стӕй та иуцасдӕр — сабырдӕр. Афтӕмӕй ныхас свӕййы иугъӕдон ӕмӕ йӕ хъуыды, йӕ тых фесӕфы. Фӕлӕ адӕймаг хъӕрӕй ӕгӕр арӕх дзура, уый дӕр хорз нӕу.

Цас хъӕрӕй дзурын дӕ хъӕудзӕн, уый дӕ ныхасы сӕрӕй аразгӕ у. Цӕвиттон, Раргомады 14:6, 7 кӕнӕ Раргомады 18:4 дзырд цӕуы, ӕвӕстиатӕй кӕй хъӕуы архайын, Рацыды 14:13, 14 та — Моисей Хуыцауыл куыд фидарӕй ӕууӕндыд, уый тыххӕй. Ӕмӕ ахӕм бынӕттӕ кӕсын хъӕуы хъӕрдӕр. Уӕдӕ Библийӕ карз тӕрхоны ныхӕстӕ куы кӕсай, зӕгъӕм Иеремийы 25:27—38, уӕд дӕр хорз уаид, хъӕугӕ дзырдтӕ хъӕрдӕрӕй куы бакӕсис — афтӕмӕй сӕ стырдӕр уӕз уыдзӕн.

Рох кӕнын нӕ хъӕуы, дӕ нысан цы у, уый дӕр. Мыййаг дӕ дӕ ныхасмӕхъусджыты цӕмӕдӕр сразӕнгард кӕнын фӕнды? Йе та сӕйраг хъуыдытӕ дзӕбӕх бамбарой ӕмӕ сӕ бахъуыды кӕной? Уӕд иттӕг хорз уаид хъӕрдӕр дзурын (ӕрмӕст ӕгӕр хъӕрӕй нӕ). Фӕлӕ кӕм нӕ хъӕуы, уым куы райдайай хъӕрдӕр дзурын, уӕд уый дӕ нысанӕн къуылымпыйы хос йедтӕмӕ ницы уыдзӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ арӕх фӕхъӕуы зӕрдӕйы хъарм кӕнӕ ӕндӕр арф ӕнкъарӕнтӕ раргом кӕнын, ӕмӕ уӕд хъӕрӕй дзурын нӕ фидауы. Уый фӕдыл нӕ ныхас уыдзӕн 11-ӕм урочы.

Кӕм хъӕуы, уым сабырдӕр хъӕлӕсӕй дзурын куы райдайай, уӕд уый дӕ ныхасмӕхъусджытыл афтӕ фӕзындзӕн, ӕмӕ цымыдисӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты, цымӕ дарддӕр цы зӕгъдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ та уый фӕстӕ хъӕудзӕн рӕвдздӕр дзурын райдайын. Кӕд дӕ фӕнды зӕрдӕйы мӕт кӕнӕ тас радӕттын, уӕд дзур сабыр хъӕлӕсӕй, фӕлӕ тагъд. Сабыр хъӕлӕсӕй дзурын хъӕуы, иннӕ хъуыдытимӕ абаргӕйӕ афтӕ ахсджиаг чи нӕу, уыцы хъуыдытӕ дӕр. Фӕлӕ ӕппынӕдзух сабыр куы дзурай, уӕд дӕ ныхасмӕхъусджытӕм афтӕ кӕсдзӕн, цыма цы дзурыс, ууыл кӕронмӕ не ’ууӕндыс кӕнӕ йӕм дӕ зӕрдӕ тынг нӕ райы. Куыд уыныс, афтӕмӕй ӕгӕр арӕх нӕ хъӕуы сабыр хъӕлӕсӕй дзурӕн.

Кӕм тагъддӕр дзур, кӕм — сындӕгдӕр. Ӕнӕуи ныхасы мидӕг нӕ хъӕлӕсы уаг фӕивы йӕхигъӕдӕй, цы фӕдзурӕм, уымӕ гӕсгӕ. Цӕуылдӕр куы фӕтыхсӕм кӕнӕ цин куы фӕкӕнӕм, уӕд фӕдзурӕм тагъддӕр. Фӕлӕ нын нӕ ныхӕстӕ бахъуыды кӕной, уый нӕ куы фӕфӕнды, уӕд тагъд нӕ фӕкӕнӕм.

Раныхӕстӕ цӕттӕ кӕнын ӕрӕджы чи райдыдта, ахӕм ӕфсымӕртӕн сӕ ныхас арӕх вӕййы иугъӕдон. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ дзырдтыл ӕгӕр фӕхъуыды кӕнынц. Алы дзырд ма фысгӕ дӕр ныккӕнынц. Сӕ раныхас ӕнӕхъӕнӕй гӕххӕттӕй кӕсын куы нӕ фӕхъӕуы, уӕд дӕр сӕ ныхӕстӕ сахуыр кӕнынц. Ӕмӕ уӕд ӕндӕр куыд хъуамӕ уа — сӕ ныхасы никуы «хӕрд» вӕййы, никуы «уырдыг». Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ дӕуӕн афтӕ ма уа, уӕд ахуыр кӕн пъланмӕ гӕсгӕ дзурын.

Хорз нӕу, сындӕг куы дзурай, ӕмӕ ӕвиппайды дӕ ныхас куы фӕтагъд кӕнай, уый дӕр: раст гӕды йӕхицӕн сындӕггай куыд фӕцӕйцӕуа, ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы, куыдзы ауынгӕйӕ, куыд ныййарц уа, уыйау. Стӕй афтӕ тагъд дӕр макуы дзур, ӕмӕ де ’взаг дӕ дзыхы мауал арӕхса.

Хъӕлӕсы уаг ивын уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ иуцасдӕр тагъд дзурай, стӕй иу уыйбӕрц та — сындӕг. Уый ныхасмӕхъусджыты фӕлмӕцын цы бакӕна, ӕндӕр сын ӕххуыс ницы фӕуыдзӕн. Хъӕлӕсы уаг ивын хъӕуы, цы зӕгъинаг дӕ, цавӕр зӕрдӕйы уаг, цавӕр ӕнкъарӕнтӕ дӕ фӕнды раргом кӕнын ӕмӕ дӕ нысан цы у, уымӕ гӕсгӕ. Иумӕйагӕй кӕн уӕззау ныхас — мадӕр тагъд, мадӕр сындӕг. Зӕрдӕйы цин радӕттын куы хъӕуа, уӕд та дзур тагъддӕр (ӕнӕуи ныхасы мидӕг куыд фӕкӕныс, афтӕ). Тагъддӕр дзурын фӕхъӕуы, афтӕ ахсджиаг цы хъуыдытӕ не сты кӕнӕ, цыдӕр цау ӕрхӕсгӕйӕ, хъус ӕрдарын цы лыстӕг хабӕрттӕм нӕ хъӕуы, уыдон дӕр. Уый фӕрцы, чи дӕм хъуса, уыдон нӕ фӕлмӕцдзысты ӕмӕ сӕм дӕ ныхас тызмӕг дӕр нӕ фӕкӕсдзӕн. Фӕлӕ дӕ ныхасы ахсджиаг бӕлвырдгӕнӕнтӕм кӕнӕ сӕйраг хъуыдытӕм, ома дӕ раныхасы ахсджиаг хатдзӕгтӕм куы бахӕццӕ уай, уым та хуыздӕр уаид сындӕгдӕр дзурын.

Дӕ хъӕлӕс-иу кӕм бӕрзонддӕр фӕкӕн, кӕм та — ныллӕгдӕр. Цӕвиттон, чидӕр цӕуылдӕр цӕгъды ӕмӕ йӕм ды хъусыс. Рацыд сахат, сахат ӕмӕ ӕрдӕг, ӕмӕ хъусыс ӕрмӕстдӕр уыцы иу зӕл. Куы хъӕрдӕрӕй райхъуысы, куы сабырдӕр, куы тагъддӕр, куы та сындӕгдӕр, фӕлӕ зӕл нӕ бӕрзонддӕр кӕны, нӕ — ныллӕгдӕр. Раст зӕгъ, ӕхсызгонӕй хъусдзынӕ ахӕм цагъдмӕ? Уӕдӕ мах дӕр уыцы иугъӕдонӕй куы дзурӕм, уӕд нӕм чи хъуса, уыдон сфӕлмӕцдзысты.

Зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ хъӕлӕс фӕбӕрзонддӕр кӕнӕ фӕныллӕгдӕр кӕнын иу ӕвзаджы иу цӕмӕндӕр фӕхъӕуы, ӕндӕр ӕвзаджы — ӕндӕр цӕмӕндӕр. Ис ахӕм ӕвзӕгтӕ (зӕгъӕм китайаг ӕвзаг), ӕмӕ дзырдтӕ цавӕр хъӕлӕсы уагӕй зӕгъай, уымӕ гӕсгӕ ивы сӕ нысаниуӕг. Фӕлӕ хъӕлӕсы уаджы фӕивд ныхасы мидисыл зыны ӕндӕр ӕвзӕгты дӕр. Зӕгъӕм, адӕймаг йӕ хъӕлӕс куы фӕбӕрзонддӕр кӕна ӕмӕ кӕцыдӕр дзырдтӕ хъӕрдӕрӕй куы зӕгъа, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ йӕ уыцы дзырдты фӕнды стырдӕр тых бавӕрын. Хъӕлӕс кӕй фӕбӕрзонддӕр кӕнӕ кӕй фӕныллӕгдӕр вӕййы, уымӕй ма равдисӕн вӕййы, цыдӕр цӕйас у кӕнӕ куыд дард у, уый дӕр. Кӕцыдӕр ӕвзӕгты адӕймаг йӕ хъӕлӕс хъуыдыйады кӕрон куы фӕбӕрзонддӕр кӕны, уӕд фӕрсгӕ фӕкӕны. Иннӕ ӕвзӕгты та фарст бӕрӕг вӕййы, хъӕлӕс кӕй фӕныллӕгдӕр кӕнынц, уымӕй.

Зӕрдӕйы цин, уӕлмонц, ӕхсызгон ӕнкъарӕнтӕ фылдӕр хатт бӕрӕг вӕййынц бӕрзонд хъӕлӕсӕй, маст ӕмӕ хъыг та — ныллӕг хъӕлӕсӕй. Зӕрдӕ бацагайынӕн ахӕм тыхджын ӕнкъарӕнтӕ стыр ахъаз сты. Фӕлӕ сӕ ӕххӕстӕй раргом кӕнынӕн фаг нӕу хъӕугӕ дзырдтӕ ӕнӕуи зӕгъын. Хъуамӕ дӕ хъӕлӕсы уагӕй бӕрӕг уа, цы дзурыс, уый зӕрдӕйӕ дӕр кӕй ӕнкъарыс.

Цы хъӕуы рагацау саразын. Ныхасы рацӕугӕйӕ дӕ хъӕлӕсы уаг ивын дӕ бон уыдзӕн ӕви нӕ, уый цӕмӕй аразгӕ у? Дӕ раныхасӕн цавӕр ӕрмӕг равзарай, уымӕй. Цӕвиттон, дӕ ныхасы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕмӕ зондамындты йедтӕмӕ ницы ис, уӕд дын дӕ хъӕлӕсы уаг ивын тынг зын уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ дӕ раныхасы пъланмӕ биноныг ӕркӕс, ӕмӕ ахӕм ӕрмӕг ӕрӕмбырд кӕн, дӕ ныхас нуарджын куыд уа, зӕрдӕ куыд агайа.

Хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ уыныс — адӕммӕ хъусын нал цӕуы, цыдӕр дӕ хъӕуы фӕивын, дӕ ныхасы «зынджы стъӕлфӕн» баппарын. Фӕлӕ куыд? Цы ӕрмӕг дӕм ис, уый ӕндӕр хуызы райдай дзурын. Цӕвиттон, куыд дзырдтай, дарддӕр афтӕ дзурыны бӕсты дӕ ныхасмӕхъусджытӕн зӕгъ, зӕгъгӕ, Библи байгом кӕнӕм ӕмӕ дзы иумӕ иу стих бакӕсӕм. Кӕнӕ ӕнӕуи хъуыдыйадӕй фарстон акӕн, стӕй иу уысм ӕнӕдзургӕйӕ алӕуу, ӕмӕ дзы уӕд стырдӕр уӕз уыдзӕн. Йе та исты хуымӕтӕг цӕвиттон ӕрхӕсс. Ахӕм мадзӕлттӕй пайда кӕнынц дзырды дӕснытӕ. Фӕлӕ дӕм стыр фӕлтӕрддзинад ис ӕви нӕ,— цӕттӕ кӕнгӕйӕ уыцы мадзӕлттыл куы ахъуыды кӕнай, уӕд сӕ стӕй дӕ бон уыдзӕн дӕ ныхасы спайда кӕнын.

Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ хъӕлӕсы уаг ивын дӕ ныхасӕн у, хӕринагӕн хъацӕнтӕ куыд сты, афтӕ. Ӕмӕ «хъацӕнтӕ» та, чи дзы сфидаудзӕн, ахӕмтӕ куы уой, стӕй — бӕрцӕй, уӕд дӕ раныхас уыдзӕн «дзаджджын» ӕмӕ йӕм адӕм хъусынӕй не ’фсӕддзысты.