Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6 УРОК

Хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕр

Хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕр

АДӔМЫ раз ныхасы рацӕугӕйӕ кӕнӕ исты хъӕрӕй кӕсгӕйӕ дӕу ӕрмӕст дзырдтӕ иууылдӕр сыгъдӕг дзурын нӕ хъӕуы. Дӕ хӕс ма у сӕйраг дзырдтӕ ӕмӕ ахсджиаг дзырдбӕстытыл цавд ӕвӕрын дӕр, ома сӕ афтӕ дзурын, цы зӕгъинаг дӕ, уый дӕ ныхасмӕхъусджытӕ хорз куыд бамбарой.

Дзырдтыл цавд ӕвӕрын уый нӕу, ӕмӕ кӕцыфӕнды дзырд дӕр, йе та ӕгӕр бирӕ дзырдтӕ зӕгъай хъӕрдӕр. Цавд ӕвӕрын хъӕуы хъӕугӕ дзырдтыл. Цы дзырдтыл нӕ хъӕуы, уыдоныл куы ӕвӕрай цавд, уӕд дӕ дӕ ныхасмӕхъусджытӕ дзӕбӕх не ’мбардзысты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ хъуыдытӕ уыдзысты ӕндӕр цӕуылдӕрты. Дӕ ныхас хъӕздыг, мидисджын куы уа, фӕлӕ цавд, кӕм нӕ хъӕуа, уым куы ӕвӕрай, уӕд, цы дзурыс, уый адӕмы зӕрдӕйыл нӕ сӕмбӕлдзӕн.

Дзырды стырдӕр тых бавӕрынӕн алыхуызон мадзӕлттӕ ис, ӕмӕ сӕ арӕх пайда кӕнынц се ’ппӕтӕй дӕр иумӕ. Зӕгъӕм: хъӕрдӕр дзурын, ӕнкъарӕнтӕ тыхджындӕр равдисын, сындӕгдӕр ӕмӕ бӕлвырддӕр дзурын, хъӕугӕ дзырдбаст зӕгъыны размӕ кӕнӕ йӕ фӕстӕ (йе та йӕ разӕй дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр) иу гыццыл фӕлӕууын кӕнӕ, цы дзурыс, уый ма къухамындтӕй, уӕнгтӕ ӕмӕ цӕсгомы змӕлдӕй дӕр равдисын. Кӕцыдӕр ӕвзӕгты дзырды стырдӕр тых бавӕрынӕн фӕхъӕуы хъӕлӕс фӕбӕрзонддӕр кӕнӕ фӕныллӕгдӕр кӕнын. Дӕ раныхасы ацы мадзӕлттӕй хуыздӕр кӕцытӕ уыдзысты, уый, дӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн ӕмӕ йӕ кӕмӕн дзурдзынӕ, уымӕй аразгӕ у.

Адӕмы ӕргом аздахын тынгдӕр цӕмӕ хъӕуы, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ дӕ зӕрдыл дар: 1) хъуыдыйады мидӕг стырдӕр тых бавӕрын цы дзырды хъӕуы, уый бамбарынӕн канд уыцы хъуыдыйадмӕ нӕ хъӕуы кӕсын, фӕлӕ кӕцӕй ист у, уымӕ ӕнӕхъӕнӕй. 2) Хъӕлӕс фӕтыхджындӕр кӕнӕн ис, ног хъуыдымӕ хизгӕйӕ (гӕнӕн ис, уый уа сӕйраг хъуыды кӕнӕ та хъуыдыты халы ӕндӕр фӕзилӕн). Афтӕ ма хъӕлӕс фӕтыхджындӕр кӕнгӕйӕ равдисӕн ис, дӕ хъуыдыты хал балхынцъ кӕнынмӕ кӕй хъавыс, уый дӕр. 3) Хъӕугӕ дзырдтӕ кӕнӕ хъуыдыты стырдӕр тых бавӕргӕйӕ ныхасгӕнӕг ӕвдисы, цӕй кой кӕны, уый йын йӕхи зӕрдӕ куыд агайы. 4) Хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕргӕйӕ, адӕмӕн ӕххуыс кӕныс дӕ ныхасы ахсджиагдӕр хъуыдытӕ бахъуыды кӕнынӕн.

Цӕмӕй адӕймаг цавд хъӕугӕ дзырдтыл ӕвӕра, уый тыххӕй хъуамӕ хорз ӕмбара, цы кӕсдзӕн кӕнӕ цӕуыл дзурдзӕн, уый. Уымӕй дарддӕр ӕй хъуамӕ тынг фӕнда, чи йӕм хъуса, уыдон ӕй сӕ зӕрдӕмӕ куы айсиккой. Ездрӕйы рӕстӕджы Хуыцауы адӕмӕн зонд куыд амындӕуыд, уый тыххӕй Неемийы 8:8 ахӕм ныхӕстӕ кӕсӕм: «Дарддӕр дӕр хъӕрӕй кастысты чиныгӕй, ӕцӕг Хуыцауы закъонӕй, йӕ нысаниуӕг ын амыдтой ӕмӕ йын йӕ хъуыды хӕлдтой ӕмӕ дарддӕр дӕр, цы кастысты, уый ӕмбарын кодтой». Куыд уынӕм, афтӕмӕй, Хуыцауы Закъон чи касти ӕмӕ йӕ чи амыдта, уыдон хорз ӕмбӕрстой, адӕмӕн кӕй хъуыди баххуыс кӕнын, цы фехъуыстой, уый бамбарынӕн, йӕ бахъуыды кӕнынӕн ӕмӕ дзы царды спайда кӕнынӕн.

Цавд хъӕугӕ дзырдтыл ӕвӕрын ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы. Адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн ӕнӕуи ныхасы зын нӕ вӕййы, цы хъуыды кӕнынц, уый зӕгъын. Фӕлӕ кӕйдӕр ныхӕстӕ куы фӕкӕсынц, уӕд сын зын вӕййы, цавд цы дзырдтыл кӕнӕ дзырдбӕстытыл хъӕуы сӕвӕрын, уый рахатын. Уӕдӕ фыццаджы-фыццаг хъӕуы кӕсинаг ӕрмӕг хорз ӕмбарын, ӕмӕ йыл уый тыххӕй та хъӕуы бӕстон бакусын. Уымӕ гӕсгӕ дын ӕмбырды кӕсын куы бахӕс кӕной, уӕд дӕ хъарутӕ ма бавгъау кӕн, дӕхи дзӕбӕх бацӕттӕ кӕн.

Ис ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ цавд хъӕугӕ дзырдтыл нӕ февӕрынц, фӕлӕ алы цалдӕр уысмы фӕстӕ дӕр сӕ хъӕлӕс фӕтыхджындӕр кӕнынц. Иннӕтӕ та тыхджындӕр хъӕлӕсӕй фӕзӕгъынц ӕххуысгӕнӕг дзырдтӕ, зӕгъӕм, разӕвӕрдтӕ ӕмӕ бӕттӕгтӕ. Цавд хъуыды фӕбӕлвырддӕр кӕнынӕн куы ницы ахъаз уа, уӕд адӕммӕ афтӕ фӕкӕсы, цыма ныхасы рацӕуӕг аразгӕ ныхас кӕны, ӕмӕ сын хъусын зын вӕййы.

Хъӕугӕ дзырдтӕм хъусджыты ӕргом тынгдӕр раздахыны охыл иуӕй-иутӕ та хъӕрӕй райдайынц дзурын, фӕлӕ уӕд адӕммӕ афтӕ фӕкӕсы, цыма сӕм хыл кӕнынц. Ӕмӕ уый та зиан йедтӕмӕ пайда нӕ хӕссы. Адӕймаг дзырдтыл цавд куыд ӕвӕры, уый аразгӕ куы уайа, уӕд ӕм чи хъуса, уыдонмӕ афтӕ кӕсдзӕн, цыма сыл ӕнӕрвӕссон кӕны. Уый бӕсты семӕ фӕлмӕн ныхас кӕн ӕмӕ, цы дзурыс, уый Сыгъдӕг Фыстадыл кӕй ӕнцайы ӕмӕ раст кӕй у, уый фенынӕн сын ӕххуыс кӕн — уӕд дӕ ныхас ахадгӕдӕр уыдзӕн.

Цы дын баххуыс кӕндзӕн цавд хъӕугӕ дзырдтыл ӕвӕрынӕн. Адӕймаг хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕрын кӕй нӕ зоны, уый арӕх йӕхӕдӕг нӕ фӕхаты. Хъуамӕ йын уый тыххӕй исчи зӕгъа. Кӕд уыцы хъуыддаджы дӕу дӕр хъӕуы дӕхиуыл бакусын, уӕд дын Скъолайы цӕстдарӕг баххуыс кӕндзӕн. Уӕдӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕфсӕрмы ма кӕн, дзырдарӕхст чи у, ахӕм ӕфсымӕры бафӕрсын. Зӕгъ ын, куыд кӕсыс кӕнӕ куыд дзурыс, уымӕ байхъуса ӕмӕ дын зӕгъа, цӕуыл дӕ хъӕуы бакусын.

Чи дын ӕххуыс кӕна, уыцы ӕфсымӕр уал дын фыццаг, гӕнӕн ис, бауынаффӕ кӕна «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй иу статья райсын ӕмӕ йыл бакусын. Уый фӕстӕ дын зӕгъдзӕн, зӕгъгӕ дзы алы хъуыдыйад дӕр равзар ӕмӕ дзы ссар, йӕ мидис ӕнцон бамбарӕн куыд уа, уый тыххӕй тыхджындӕр хъӕлӕсӕй цы дзырдтӕ кӕнӕ дзырдбӕстытӕ хъӕуы бакӕсын, уыдон. Чи зоны дын дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна, стырдӕр тых бавӕрын кӕй хъӕуы зулаив фыст дзырдты. Ма дӕ рох кӕнӕд, хъуыдыйады мидӕг дзырдтӕ кӕрӕдзийыл баст кӕй сты, уый дӕр. Фылдӕр хатт ӕргом аздахын фӕхъӕуы иу хицӕн дзырдмӕ нӕ, фӕлӕ дзырдты къордмӕ.

Дарддӕр та дын, гӕнӕн ис, бауынаффӕ кӕна иу хъуыдыйадмӕ нӕ, фӕлӕ ӕнӕхъӕн скъуыддзагмӕ ӕркӕсын. Цы у абзацы сӕйраг хъуыды? Куыд хъуамӕ фӕзына уый, алы хицӕн хъуыдыйады дӕр тыхджындӕр хъӕлӕсӕй цы зӕгъдзынӕ, ууыл? Ӕркӕс статьяйы номмӕ ӕмӕ, уыцы абзац цы дӕлсӕргонды ис, уымӕ. Уыдон хынцгӕйӕ та цавӕр дзырдты хъӕуы стырдӕр тых бавӕрын? Адӕттӕ иууылдӕр хъуыдыйаг сты. Фӕлӕ цавд ӕгӕр бирӕ дзырдтыл ӕвӕрын дӕр хорз нӕу, ӕмӕ уымӕ дӕ хъус дар.

Дӕхи ныхӕстӕй дӕ хъӕудзӕн дзурын ӕви дӕ исты бакӕсын хъӕудзӕн,— уынаффӕдӕттӕг ӕфсымӕр дӕ, гӕнӕн ис, баразӕнгард кӕна, цӕмӕй, цавд цы дзырдтыл сӕвӕрдзынӕ, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ ма дӕ зӕрдыл дарай ноджы иу цыдӕр: хъуыдытӕ кӕрӕдзийы фӕдыл куыд цӕуынц, уый. Хъуамӕ уынай, хъуыдыты хал кӕм фӕуд кӕны кӕнӕ иу сӕйраг хъуыды иннӕмӕ кӕм хизы, уый. Дӕ ныхасмӕхъусджытӕн стыр ӕххуыс бакӕндзынӕ, ахӕм бынӕттӕм ӕргом уӕлдай тынгдӕр куы здахай, уӕд. Ӕмӕ уый тыххӕй та цавд ӕвӕрын хъӕуы ахӕм ныхӕстыл: фыццаджы-фыццаг, дыккаг уый ӕмӕ, уымӕй дарддӕр, ӕппынфӕстаг, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы ӕ. ӕнд.

Уынаффӕтӕ дын чи дӕтта, уый ма дын, гӕнӕн ис, дӕ хъус ӕрдара, кӕцыдӕр хъуыдытӕ уӕлдай зӕрдиагӕй кӕй хъӕуы зӕгъын, уымӕ дӕр. Ӕмӕ уӕд та цавд сӕвӕрын хъӕуы ахӕм дзырдтыл: ӕцӕг, ӕнӕмӕнг, ницы хуызы, уый гӕнӕн нӕй, хъӕуы ӕмӕ алкӕддӕр. Афтӕ куы бакӕнай, уӕд дӕ ныхас адӕмы зӕрдӕ тынгдӕр бацагайдзӕн. Ууыл бӕстондӕр дзырд цӕудзӕн 11-ӕм урочы, «Зӕрдӕйы хъарм ӕмӕ иннӕ ӕнкъарӕнтӕ».

Цавд хъӕугӕ дзырдтыл ӕвӕрынӕн ма дын фӕахъаз уыдзӕн ноджыдӕр иу уынаффӕ: ӕппынӕдзухдӕр дӕ зӕрдыл дар, ныхасмӕхъусджыты зонды дӕ кӕй фӕнды ныффидар кӕнын, уыцы сӕйраг хъуыдытӕ. Ацы уынаффӕйӕ иннӕтӕн кӕсгӕйӕ куыд ис спайда кӕнӕн, ууыл ныхас цӕуы 7-ӕм урочы — «Сӕйраг хъуыдытӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй кӕс», ныхасы рацӕугӕйӕ дзы куыд пайда кӕнын хъӕуы, ууыл та — 37-ӕм урочы, «Сӕйраг хъуыдытӕ бӕрӕг куыд уой, ууыл архай», зӕгъгӕ.

Кӕд дӕ хуыздӕр хъусын кӕнын фӕнды, уӕд дӕ хъус лӕмбынӕгдӕр дар, Библийы стихтӕ куыд фӕкӕсыс, уымӕ. Алы хатт дӕр-иу дӕхи бафӕрс: адӕймагӕн мӕ ацы стих цӕмӕн фӕнды бакӕсын? Ахуыргӕнӕг уӕвгӕйӕ дӕ хӕс уый нӕу, ӕмӕ ӕнӕуи алы дзырд дӕр раст бакӕсай; фаг нӕу текст аив бакӕсын дӕр. Кӕд адӕймагӕн йӕ фарстӕн дзуапп дӕттыс кӕнӕ йын Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй кӕцыдӕр амоныс, уӕд стырдӕр тых бавӕрын хъӕуы, ныхас цӕуыл у, уый стихы мидӕг бӕлвырдӕй чи ӕвдисы, уыцы дзырдтӕ кӕнӕ дзырдбӕстыты. Науӕд ын стих цӕмӕн бакастӕ, уый нӕ бамбардзӕн.

Хъӕугӕ дзырдтӕ кӕнӕ дзырдбӕстытыл цавд ӕвӕргӕйӕ сӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй зӕгъын фӕхъӕуы, фӕлӕ ӕвӕлтӕрд ныхасгӕнджытӕн уыцы цавд арӕх ӕгӕр тыхджын фӕвӕййы. Раст, истӕуыл цӕгъдын ахуыр кӕнын чи райдайы, уый куыд фӕцӕгъды, афтӕ. Фӕлӕ ахуыргӕнинаг йӕхиуыл куыд куса, афтӕ йын зӕлтӕ донау ивылдзысты ӕмӕ сӕ уайдзӕн алӕмӕты рӕсугъд цагъд.

Ныр зоныс, хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕрын цы у, уый. Дарддӕр та ахуыр кӕн, фӕлтӕрд ныхасгӕнджытӕм кӕсгӕйӕ. Дӕхӕдӕг ӕй фендзынӕ, хъӕугӕ дзырдты стырдӕр тых ӕвӕргӕйӕ ныхас куыд тынг фӕхъӕздыгдӕр вӕййы, уый. Фендзынӕ, хъуыды ирддӕрӕй равдисынӕн хуыздӕр кӕй у хъӕугӕ дзырдтыл цавд алыхуызӕтты ӕвӕрын. Хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕрын куы зонай, уӕд уый хорзӕрдӕм тынг фӕзындзӕн дӕ ныхасыл дӕр ӕмӕ дӕ касты хъӕдыл дӕр.

Хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕрын уӕлӕнгай хъуыддаг нӕу; куыд тагъддӕр ыл акусай ӕмӕ дарддӕр куыд ацӕуай, ууыл ма хъуыды кӕн. Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ ӕцӕг дзырдарӕхст суай, уӕд кус ӕмӕ кус дӕхиуыл, цалынмӕ дын дӕ ныхасы хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕрын йӕхигъӕдӕй нӕ уайа, уӕдмӕ.