Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

49 УРОК

Хӕсс фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ

Хӕсс фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ

ЦАВӔРДӔР фарстайы фӕдыл, мӕнӕ уый афтӕ у, зӕгъгӕ, куы зӕгъай, уӕд дӕ ныхасмӕхъусджытӕн уый бар ис, ӕмӕ бафӕрсой: «Цӕмӕн у афтӕ? Ӕмӕ мӕ цӕмӕ гӕсгӕ хъуамӕ бауырна?» Дӕ хӕс у, кӕй ахуыр кӕныс, уыдонӕн ахӕм фарстытӕ ӕмбарын кӕнын кӕнӕ та сын дзуапп ссарынӕн ӕххуыс кӕнын. Кӕд цавӕрдӕр хъуыды дӕ ныхасы ахсджиаг хъуыдытӕй сӕ иу у, уӕд ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уымӕн ӕнӕмӕнг хъӕуы фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссын. Уӕд дӕ ныхасы уыдзӕн уӕз ӕмӕ йӕ нысаныл ӕмбӕлдзӕн.

Стыр уӕз алкӕддӕр уыди апостол Павелы ныхасы. Йӕ ныхас кӕмӕ уыди, уыдонӕн сӕ зонд ивыныл йӕ уд хъардта, фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ сын кӕй хаста, зӕрдӕбын ныхас кӕй кодта ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕрӕдзийыл хорз кӕй баста, уымӕй. Павел фӕзминаг у махӕн (Ап. к. 18:4; 19:8). Ӕцӕг, иуӕй-иу дзырдарӕхст адӕймӕгтӕ адӕмыл сӕ мӕлгъӕвзаг ауадзынц, сӕхиуыл сӕ баууӕндын кӕнынц, ӕмӕ сӕ стӕй афӕливынц (Матф. 27:20; Ап. к. 14:19; Кол. 2:4). Уыдон, хъуыддаг ӕцӕгӕй куыд у, уый фӕзонынц, афтӕмӕй, ныхмӕ чи дзуры, ахӕм ӕрмӕгмӕ фӕамонынц, цъар ныхас фӕкӕнынц, раст кӕй не сты, уый ӕвдисӕг бӕрӕггӕнӕнты сӕрты ахизынц, ӕмӕ адӕмы сӕрӕй хъуыды кӕнынмӕ нӕ разӕнгард кӕнынц, фӕлӕ сын сӕ зӕрдӕ цы дзуры, ууыл ӕууӕндынмӕ. Мах хъуамӕ ахӕм митӕй нӕхи хизӕм.

Бӕлвырдгӕнӕнтӕ хъуамӕ ӕнцайой Хуыцауы Ныхасыл. Адӕмӕн цы амонӕм, уый хъуамӕ нӕхицӕй ма цӕуа. Библийӕ цы базыдтам, иннӕтӕн дӕр уый хъуамӕ дзурӕм. Уыцы хъуыддаджы нын стыр ӕххуыс у ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уагъд литературӕ. Уыцы литературӕ нӕ ӕдзухдӕр разӕнгард кӕны Сыгъдӕг Фыстад биноныг иртасынмӕ. Ӕмӕ мах дӕр адӕмы ӕргом здахӕм Библимӕ. Уыимӕ нӕ нысан уый нӕу, ӕмӕ мах раст кӕй стӕм, ууыл сӕ баууӕндын кӕнӕм: мах сӕрныллӕгӕй архайӕм, Библи цы дзуры, уый сӕхи цӕстӕй куыд феной. Мах разы стӕм Йесо Чырыстийы ныхӕстыл. Уый Йӕ Фыдмӕ кувгӕйӕ афтӕ загъта: «Дӕ ныхас ӕцӕгад у» (Иоан. 17:17, НФ). Арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕг Хуыцау Иегъовӕйӕ хуыздӕр ничи зоны, раст цы у ӕмӕ цы нӕу. Ӕмӕ цы дзурӕм, уый дӕр раст уӕд уыдзӕни, кӕд ӕмӕ йӕ Ныхасыл ӕнцайа.

Арӕх сӕмбӕлӕм, Библиимӕ зонгӕ чи нӕу кӕнӕ та йӕ Хуыцауы Ныхасыл чи нӕ нымайы, ахӕм адӕмыл. Хъуамӕ уӕм арфуынӕг — Библийӕ сын стих бакӕсӕм, хуыздӕр кӕд уыдзӕн, уӕд ӕмӕ хуыздӕр куыд уыдзӕн, афтӕ. Фӕлӕ уӕддӕр архай, гӕнӕн уӕвгӕйӕ сын се ’ргом уыцы кадджын чиныгмӕ куыд тагъддӕр аздахай, ууыл.

Цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ иугӕр адӕймагӕн хъӕугӕ стих бакастӕ, уӕд дӕ ныхасы дон нал атӕдздзӕн? Алыхатт нӕ. Стих дӕ ныхӕстӕн бӕлвырдгӕнӕн кӕй у, уый равдисынӕн хатт адӕймаджы хъус ӕрдарын бахъӕуы, стих кӕцӕй ист у, уыцы скъуыддзагмӕ. Стихӕй дӕ ӕрмӕстдӕр иумӕйаг хъуыды райсын куы фӕнда ӕмӕ скъуыддзаджы уый кой куы нӕ цӕуа, уӕд та дӕ ӕрхӕссын бахъӕудзӕн ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр. Зӕгъӕм, ӕндӕр стихтӕ ӕмӕ уӕд дӕ ныхасмӕхъусджытӕ бӕлвырд фендзысты, цы дзурыс, уый ӕнӕхъӕнӕй дӕр Фыстадыл кӕй ӕнцайы.

Дӕхи хиз иу хъуыддагӕй: стихы цы нӕй, уый ма дзур. Лӕмбынӕг-иу ӕй бакӕс. Чи зоны, дӕ ныхас цӕуыл у, уый кой дзы ӕцӕгдӕр иумӕйагӕй ис. Фӕлӕ цӕмӕй дӕ ныхасы уӕз уа, уый тыххӕй адӕймагӕн хъуамӕ йӕ бон фенын уа, ды цы дзурыс, уый рӕстдзинад стих бӕлвырдӕй кӕй ӕвдисы.

Ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Библи рӕстытӕ кӕй дзуры, уый равдисынӕн хатт бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссӕн вӕййы Библийӕ нӕ, фӕлӕ ма ӕндӕр искӕцӕй дӕр.

Сфӕлдисӕг кӕй ис, уый сбӕлвырд кӕнынӕн зӕгъӕн ис, цӕст кӕй уыны, уыцы Дун-дунейы тыххӕй. Зӕгъӕм, дӕ ныхасмӕхъусджытӕн цӕвиттонӕн ӕрхӕсс ахӕм ӕрдзы закъӕттӕ, куыд химӕлвасынады тых, ӕмӕ уый фӕстӕ иумӕ ахъуыды кӕнут: кӕд ахӕм закъӕттӕ ис, уӕд сӕ Чидӕр хъуамӕ ма сфидар кодтаид? Дӕ хъуыдытӕ, Хуыцауы Ныхас цы дзуры, ууыл куы ӕнцайой, уӕд уыдзысты раст (Иов 38:31—33; Пс. 18:2; 103:24; Ром. 1:20). Ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ тынг ахадгӕ сты, уымӕн ӕмӕ ӕвдисынц, адӕм цы зонынц ӕмӕ сӕхи цӕстӕй цы уынынц, Библи дӕр уый кӕй дзуры.

Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, ууыл баууӕндынӕн дӕ куы фӕнда адӕймагӕн баххуыс кӕнын, уӕд та? Ис ын, Библи Хуыцауы Ныхасыл чи нымайы, ахӕм ахуыргӕндты ныхӕстӕ ӕрхӕссӕн, фӕлӕ уый бӕлвырдгӕнӕн у? Ахӕм ныхӕстӕ фӕахъаз уыдзысты, уыцы ахуыргӕндтӕ йӕ цӕсты кадджын кӕмӕн сты, ахӕм адӕмӕн. Уӕвгӕ, Библи раст кӕй у, уый исты зонады руаджы ис сбӕлвырдгӕнӕн? Нӕ ныхасы цӕмӕй уӕз уа, уый тыххӕй ахуыргӕндты — ӕнӕххӕст адӕймӕгты — ныхӕстӕм куы амонӕм, уӕд мах амайӕм кӕлӕддзаг бындурыл. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхасӕн йӕхицӕй куы райдайай ӕмӕ уый фӕстӕ, Библийы ӕцӕгдзинад чи бӕлвырд кӕны, ахӕм зонадон иртасӕнтӕ куы ӕрхӕссай, уый ӕндӕр хъуыддаг у. Уӕд дӕ ныхас амад уыдзӕнис, фӕцудӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм бындурыл.

Цыфӕнды дӕ ма хъӕуа сбӕлвырд кӕнын, хъуамӕ дӕм уа, цас хъӕуы, уыйбӕрц бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Цас хъӕуы, уый та, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ чи сты, уымӕй аразгӕ уыдзӕн. Зӕгъӕм, дӕ ныхас у, 2 Тимофеймӕ 3:1—5 кӕй кой цӕуы, уыцы фӕстаг бонтыл. Адӕм «тугхӕстӕг» дӕр кӕй нал зонынц, уый равдисынӕн ӕрхӕссӕн ис, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ хорз кӕй зонынц, ахӕм ног хабар. Фӕстаг бонты нысанӕн йӕ уыцы хай ныртӕккӕ кӕй ӕххӕст кӕны, уый сбӕлвырд кӕнынӕн иу цӕвиттон дӕр фаг уыдзӕн.

Арӕх ма хорз вӕййы, се ’хсӕн цыдӕр иумӕйагӕй кӕмӕн ис, дыууӕ ахӕм хъуыддаджы кӕнӕ цауы абарын дӕр. Ахӕм абарст йӕхӕдӕг бӕлвырдгӕнӕн нӕу, стӕй, раст у ӕви нӕ, уый дӕр, Библи цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ хъӕуы сбӕрӕг кӕнын. Фӕлӕ уый фӕрцы адӕймаг фены, цы дзурыс, уый раст кӕй у. Ахӕм абарст хорз у, зӕгъӕм, Хуыцауы Паддзахад хицауад кӕй у, уый бамбарын кӕнынӕн. Зӕгъӕн ис, зӕгъгӕ, зӕххон хицауӕдты куыд вӕййы, афтӕ Хуыцауы Паддзахады дӕр ис хицӕуттӕ ӕмӕ, йӕхи уыцы паддзахады бӕрны чи бакодта, ахӕм адӕм, фидар ӕвӕрд дзы у закъон, тӕрхон ӕмӕ ахуыры хъуыддаг.

Библимӕ гӕсгӕ цӕрын адӕймагӕн йӕхицӕн хорз кӕй у, уый равдисынӕн та ӕрхӕссӕн ис ӕцӕг хабар. Цыдӕр радзурӕн ис дӕхи цардӕй дӕр. Зӕгъӕм, адӕймагӕн дӕ бамбарын кӕнын фӕнды, Библи кӕсын ӕмӕ ахуыр кӕнын куыд ахсджиаг хъуыддаг у, уый; ӕвзӕр нӕ уаид, куы йын радзурис, ды Библи кӕй ахуыр кӕныс, уый дын царды цавӕр хъуыддӕгты фӕахъаз. Петры йе ’фсымӕрты зӕрдӕты ныфс бауадзын куы фӕндыд, уӕд сын радзырдта, йӕхи цӕстӕй кӕй федта, уыцы хабар: Йесо йӕ хуыз куыд фӕивта, уый (2 Пет. 1:16—18). Павел дӕр-иу радзырдта, йӕхиуыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уый тыххӕй (2 Кор. 1:8—10; 12:7—9). Ӕцӕг, хи кой кӕнын стӕм хатт хъӕуы, науӕд афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ дӕхи стауыс.

Адӕмӕн сӕ хъомылад дӕр ӕмӕ сӕ зондахаст дӕр ӕмхуызон не сты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ иу цӕй фӕрцы баууӕнда, уымӕй иннӕйы, гӕнӕн ис, фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ бахъӕуа. Уӕдӕ цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссай ӕмӕ сӕ куыд радзурай, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ дӕ зӕрдыл дар, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ чи сты ӕмӕ цардмӕ цавӕр цӕстӕй кӕсынц. Ӕмбисӕндты 16:23 кӕсӕм: «Зондджын адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы фӕндӕй йӕ дзыхӕй цӕуы ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ йӕ ныхасы вӕййы уӕз».