8 УРОК
Цас хъӕрӕй дзурын хъӕуы
НЫХАСЫ рацӕуӕг ӕгӕр сабыр куы фӕдзуры, уӕд иуӕй-иуты хуыссӕг ӕрцахсы. Хъусынгӕнӕг уацамынды ӕгӕр сабыр куы дзура, уӕд та, кӕимӕ дзуры, уымӕн хъусын зын уыдзӕн. Фембӕлды, куыд хъӕуы, афтӕ хъӕрӕй куы нӕ раттӕм дзуапп, уӕд иннӕтӕн сӕ ныфсыл ныфс нӕ бафтаудзыстӕм (Дзут. 10:24, 25, НФ). Фӕлӕ ныхасгӕнӕг ӕнӕхъуаджы хъӕрӕй куы дзура, уӕд та адӕм стыхсдзысты, кӕнӕ ма, гӕнӕн ис, мӕсты кӕнын дӕр райдайой (Ӕмб. 27:14).
Дӕ ныхасмӕхъусджытӕ чи сты? Кӕмӕ у дӕ ныхас? иу адӕймагмӕ? бинонтӕм? уацамынды ацӕуыны размӕ чи фембӕлд, уыцы хъусынгӕнджыты гыццыл къордмӕ? ӕгас ӕмбырдмӕ? ӕви стыр конгрессы бирӕ адӕммӕ? Цас хъӕрӕй дзурын дӕ хъӕуы, уый алы хатт дӕр уавӕрӕй кӕнгӕ у.
Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй иу ӕмӕ дыууӕ нӕ дзырдта бирӕ адӕмы раз. Паддзах Соломоны рӕстӕджы, Иерусалимы Иегъовӕйы номыл цы кувӕндон скодтой, уый куы гом кодтой, уӕд микрофонтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕмтӕ уӕвгӕ дӕр нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ Соломон слӕууыд ныхасгӕнджытӕн бӕрзондгомау ӕвӕрд лӕууӕныл ӕмӕ адӕмӕн «хъӕрӕй» раарфӕ кодта (3 Пад. 8:55; 2 Пар. 6:13). Ӕнустӕ фӕстӕдӕр, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон Иерусалимы чырыстӕттыл сыгъдӕг уд куы ӕрцыд, уӕд сыл дзыллӕтӕ ӕрӕмбырд сты. Кӕй дзы ӕцӕгӕй цыдӕр базонын фӕндыд, кӕй та — армыдзаг йедтӕмӕ чи нӕ уыд, уыцы чырыстӕттӕй ахынджылӕг кӕнын. Цы кӕнгӕ у, уый бамбаргӕйӕ Петр йӕ бынатӕй сыстад ӕмӕ «хъӕрӕй загъта» (Ап. к. 2:14). Ӕмӕ зӕгъӕн куыд нӕй, афтӕ хорз фехъусын чындӕуыд Чырыстийы тыххӕй.
Дӕ ныхас хорз хъуысы ӕви нӕ, уый куыд базонӕн ис? Адӕм дӕм куыд хъусынц, уымӕй. Зӕгъгӕ, гыццылдӕр фӕхатыдтӕ, ӕмӕ кӕмӕндӕр хъусын зын у, уӕд дӕ хъӕуы хъӕрдӕр дзурын.
Иу адӕймагимӕ ныхас кӕнай ӕви къорд адӕмимӕ,— кӕддӕриддӕр-иу ахъуыды кӕн, чи сты, ууыл. Кӕд сӕ чидӕр ӕвзӕр хъусы, уӕд хорз уаид, иу гыццыл хъӕрдӕр куы дзурис. Ӕцӕг, ацӕргӕ адӕм цы
фехъусынц, уый сӕм чысыл ӕрӕгмӕдӕр бахъары, ӕмӕ уый нӕ зонгӕйӕ хъӕр куы кӕнай, уӕд дӕ ӕнӕхсӕст адӕймагыл банымайдзысты. Иуӕй-иу адӕмтӕм ӕгӕр хъӕрӕй дзурын афтӕ ӕмбарынц, ӕмӕ адӕймаг цӕуылдӕр мӕсты кӕны кӕнӕ тыхсы.Искуыцӕй хъӕлӕба куы цӕуа. Уацамынды цас хъӕрӕй дзурын фӕхъӕуы, уый бынат ӕмӕ уавӕрӕй аразгӕ вӕййы. Кӕм машинӕты хъӕр бахъыгдары, кӕм сывӕллӕтты хъӕлӕба, кӕм куыйты рӕйын, йе та музыкӕ кӕнӕ телевизоры хъӕлӕба. Иннӕрдыгӕй та, хӕдзӕрттӕ кӕрӕдзийыл ныхӕст кӕм сты, уым ӕгӕр хъӕрӕй куы дзурай, уӕд, гӕнӕн ис, сыхӕгтӕ дӕр ракӕсой ӕмӕ кӕимӕ ныхас кӕныс, уый фӕкъӕмдзӕстыг уа.
Ӕфсымӕртӕ ӕмбырды кӕнӕ конгрессты ныхасы куы рацӕуынц, уӕд уыдоны дӕр бирӕ цыдӕртӕ фӕхъыгдары. Адӕмы раз ӕддейы ныхас кӕнын ӕмӕ, ныхас дзӕбӕх кӕм хъуысы, ахӕм агъуысты дзурын иу не сты. Цӕвиттон, Латинаг Америкӕйы дыууӕ миссионерӕн уыди раныхас иу цымыдисгӕнаг адӕймаджы хӕдзары кӕрты гыццыл къорд адӕмы раз. Уыцы рӕстӕджы хӕстӕг ранӕй, горӕты сӕйраг фӕзӕй, бӕрӕгбоны цытӕн цыди хъӕртӕ ӕмӕ гуыппытӕ, сыхӕгты уасӕг та йӕ уасынӕй не ’нцад!
Хатт ныхасы рацӕуӕджы бахъӕуы хъӕрдӕр дзурын кӕнӕ та йӕ ныхас ӕрдӕгыл фескъуынын ӕмӕ цалынмӕ хъӕлӕба нӕ банцайа, уӕдмӕ банхъӕлмӕ кӕсын. Дзырдӕн зӕгъӕм, фембӕлд цӕуы зестӕй ӕмбӕрст агъуысты ӕмӕ ӕваст тӕрккъӕвда ныккалдта,— кӕцӕй ма хъуысдзӕн адӕммӕ йӕ ныхас. Афтӕ ма фӕхъыгдары сывӕллоны кӕуын, йе та исчи куы байрӕджы кӕны ӕмӕ залы бадджытӕ куы базмӕлынц, уый дӕр. Ахӕм уавӕрты ӕрхъуыдыджын у, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ, цы дзурыс, уымӕй куыд ницы ауадзой.
Ныхасы рацӕуӕгӕн дзурын ӕнцондӕр вӕййы зӕлтыхджындӕргӕнӕн ифтонггарзы фӕрцы (кӕд ис, уӕд), фӕлӕ уавӕр куы дома, уӕд, гӕнӕн ис, йӕхи дӕр хъӕуа хъӕрдӕр дзурын. Зӕгъӕм, кӕмдӕрты рухс арӕх ахуыссы, ӕмӕ уӕд ныхасгӕнӕджы йӕ ныхас адарддӕр кӕнын фӕхъӕуы ӕнӕ микрофонӕй.
Цӕуыл у дӕ ныхас. Цас хъӕрӕй дзурын дӕ хъӕудзӕн, уый, дӕ ныхас цӕуыл у, уымӕй аразгӕ дӕр у. Тыхджын ӕнкъарӕнтӕ дӕ куы хъӕуа раргом кӕнын, уӕд дын сабыр хъӕлӕсӕй дзурӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ ныхасы тых нӕ уыдзӕн. Зӕгъӕм, Фыстадӕй кӕсыс карз тӕрхоны ныхӕстӕ, уӕд дӕ хъӕлӕс хъуамӕ зӕлланг кӕна. Фӕлӕ ахӕм уынаффӕ куы кӕсай, кӕрӕдзийы уарзӕм, зӕгъгӕ, уӕд хъӕрӕй кӕсын
нӕ хъӕуы. Иу ныхасӕй, алы хатт дӕр ӕрмӕг куыд домы, уымӕ гӕсгӕ кӕс — кӕнӕ хъӕрдӕрӕй, кӕнӕ сабырдӕрӕй, ӕрмӕст афтӕ нӕ, ӕмӕ адӕмы ӕргом дӕхимӕ здахай.Цы у дӕ нысан. Ныхасмӕхъусджыты зӕрдӕты зынг ссудзын дӕ куы фӕнда, гъе уӕд дӕр хъӕуы хъӕрдӕр дзурын. Фӕлӕ дӕ кӕд уый фӕнды, ӕмӕ цыдӕр хъуыддагмӕ ӕндӕр цӕстӕй акӕсой, уӕд та сын хъӕрӕй дзургӕйӕ дӕ ныхас цы фенад кӕнай, ӕндӕр ницы. Дӕ нысан уый куы уа, ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ фӕфидар кӕнай, уӕд та фӕлмӕн ныхас — йӕ хуыздӕр хос.
Хъӕрдӕр дзурын хорз кӕд у. Хъӕрӕй дзурын фӕхъӕуы, цыдӕртӕ чи кусы, кӕй не ’вдӕлы, ахӕм адӕймаджы ӕргом раздахын нӕ куы фӕнда, уӕд. Цӕвиттон, сывӕллӕттӕ хъазыныл ӕгӕр куы фӕвӕййынц, уӕд сӕм ныййарджытӕ ахъӕр кӕнынц, хӕдзармӕ цӕуын афон у, зӕгъгӕ. Ӕмбырды фембӕлд кӕнӕ конгресс чи гом кӕна, уыцы ӕфсымӕры дӕр, райдайын афон у ӕмӕ уӕ бынӕттӕ ссарут, зӕгъгӕ, зӕгъын хъӕуы хъӕрӕй. Уацамынды арӕх сӕмбӕлӕм, кӕрты кӕнӕ цӕхӕрадоны чи фӕкусы, ахӕм адӕмыл, ӕмӕ нӕм цӕмӕй ракӕсой, уый тыххӕй сын салам раттын фӕхъӕуы хъӕрдӕрӕй.
Стӕй нӕ адӕймаг куы фена, уӕд дарддӕр дӕр йемӕ дзурын хъӕудзӕн, дзӕбӕх нӕ куыд хъуса, афтӕ. Уымӕн ӕмӕ нын нӕ ныхас тыххӕйты куы хъуса, уӕд афтӕ ахъуыды кӕндзӕн, цыма, цы зӕгъӕм, уый нӕ зонӕм кӕнӕ та, цӕуыл дзурӕм, уый нӕхи дӕр тынг нӕ уырны.
Адӕммӕ цӕмӕдӕр куы сидай, уӕд хъӕрдӕр дзур, уыцы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайынмӕ сӕ куыд баразӕнгард кӕнай (Ап. к. 14:9, 10). Адӕймагӕн цӕмӕйдӕр тӕссаг куы уа ӕмӕ йӕм куы фӕхъӕр кӕнӕм, уӕд ӕй, гӕнӕн ис, фыдбылызӕй дӕр бахизӕм. Филиппы сахары ахӕстонхъахъхъӕнӕг афтӕ куы фенхъӕлдта, ӕмӕ ахӕстӕттӕ алыгъдысты, уӕд йӕхи амарынӕввонг уыди. «Фӕлӕ Павел схъӕр кодта, хъӕрӕй дзургӕйӕ: дӕхицӕн мацы ракӕн фыддзинадӕй, уымӕн ӕмӕ мах иуылдӕр ам стӕм». Уыцы хъӕры фӕрцы адӕймаг йӕхимӕ йӕ къух нӕ систа. Уый фӕстӕ Павел ӕмӕ Силӕ хъусын кодтой ахӕстонхъахъхъӕнӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕн, ӕмӕ уыдон се ’ппӕтдӕр ӕцӕгады фӕндагыл слӕууыдысты (Ап. к. 16:27—33).
Ахуыр кӕн хъӕрдӕр кӕнӕ сабырдӕр дзурын. Алкӕмӕн ӕмхуызон ӕнцон нӕу, цас хъӕуы, уыйас хъӕрӕй дзурын. Лӕмӕгъ хъӕлӕс кӕмӕн ис, уый дзургӕ дӕр сабыр фӕкӕны. Фӕлӕ адӕймаг йӕхиуыл куы куса, уӕд йӕ хъӕлӕс, кӕд бынтон нӕ, уӕд гыццыл уӕддӕр фӕхуыздӕр уыдзӕн. Дӕ хъус дар, куыд улӕфыс ӕмӕ куыд фӕлӕууыс, уымӕ.
Цӕугӕ-цӕуын дӕр ӕмӕ бадгӕйӕ дӕр архай, дӕхи куыд нӕ гуыбыр кӕнай. Дӕ уӕхсчытӕ гӕзӕмӕ фӕстӕуӕз дар ӕмӕ дӕ риуыдзаг улӕф. Афтӕ хъуамӕ улӕфай, ӕмӕ дӕ рӕуджыты бинаг хай уӕлдӕфӕй дзаг кӕна. Уӕлдӕф рӕуджытӕм куыд хӕццӕ кӕны, уымӕй аразгӕ у, дӕ хъӕлӕс куыд хъуысдзӕн, уый.Кӕмӕндӕр та зын уымӕй у, ӕмӕ ӕгӕр хъӕрӕй дзуры. Чи зоны, йӕ аххосаг, ӕддейӕ кӕнӕ тынг хъӕлӕба кӕм вӕййы, ахӕм куыстуаты кӕй кусы, уый у. Йе та, чи зоны, йӕ бӕллӕх уый мидӕг ис, ӕмӕ кӕм схъомыл, уым адӕм иууылдӕр хъӕрӕй дзураг сты, стӕй кӕрӕдзийӕн дзырды бар дӕр нӕ фӕдӕттынц. Уымӕ гӕсгӕ адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, цыма хъӕр куы нӕ кӕна, уӕд ӕм нӕ байхъусдзысты. Фӕлӕ ахӕм адӕм Библийы уынаффӕ сӕ зӕрдӕмӕ куы айсой ӕмӕ «фӕлмӕн зӕрдӕйы, хорз кӕныны, сабыр зонды, фӕлмасдзинады, бирӕ фӕразондзинады» сӕхи куы сфӕлындой, уӕд ӕнӕмӕнг сахуыр уыдзысты сабырдӕр дзурын (Кол. 3:12).
Хорз куы цӕттӕ кӕнай, хъусын кӕнынмӕ арӕх куы цӕуай ӕмӕ Иегъовӕмӕ куы кувай, ӕххуыс дзы куы курай, уӕд цадӕггай сахуыр уыдзынӕ, цас хъӕуы, уыйас хъӕрӕй дзурын. Уӕдӕ ныхасы рацӕуай ӕви уацамынды иу адӕймагимӕ ныхас кӕнай,— алкӕддӕр дӕ хъуыдытӕ ууыл уӕнт: адӕймаг дӕ цы фехъуса, уый йын куыд фӕахъаз уыдзӕн (Ӕмб. 18:21).