Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы базонӕм, уый куыд ис хуыздӕр бахъуыды кӕнӕн

Цы базонӕм, уый куыд ис хуыздӕр бахъуыды кӕнӕн

ИЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ адӕймагӕн ахӕм диссаджы магъз радта, ӕмӕ йӕ бон у, цы фены, цы фехъусы, уый бахъуыды кӕнын. Адӕймаджы магъз, уӕлейӕ исгӕ, бынӕй ахадгӕ кӕмӕй фӕзӕгъынц, ахӕм мигӕнӕнӕй уӕлдай нӕу. Ӕмӕ уый диссаг дӕр нӕу, уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы ӕнустӕм цӕрынӕн сфӕлдыста (Пс. 138:14; Иоан. 17:3).

Фӕлӕ дӕм хатт афтӕ нӕ фӕкӕсы, цыма цы фехъуыстай, цы базыдтай, уымӕй дӕ сӕры ницы баззад? Цыдӕр дӕ тынг ӕхсызгонӕй хъӕуы, ӕмӕ йӕ дӕ бон нӕу ӕрхъуыды кӕнын. Цы фехъусӕм, цы базонӕм, уый хуыздӕр бахъуыды кӕнынӕн цы хос ис?

Цӕмӕн хъӕуы

Цыдӕр нӕ цӕмӕн хъӕуы, уый куы ӕмбарӕм, уӕд ӕй хуыздӕр бахъуыды кӕндзыстӕм. Нӕ алыварс цы цӕуы, уымӕ, стӕй адӕммӕ нӕ хъус куы дарӕм, уӕд нӕ магъз хуыздӕр кусдзӕн. Ӕмӕ нӕ уӕд цымыдис кӕндзӕн, хорзӕй цы кӕсӕм кӕнӕ цы фехъусӕм, уый дӕр.

Алчидӕр ӕй зоны, нӕмттӕ хъуыды кӕнын ӕнцон кӕй нӕу. Фӕлӕ мах чырыстӕттӕ стӕм, ӕмӕ адӕмӕн хъуамӕ кад кӕнӕм: не ’мчырыстӕттӕй райдай ӕмӕ кӕмӕн хъусын кӕнӕм, стӕй ӕнӕуи дӕр царды мидӕг кӕуыл ӕмбӕлӕм, уыдонӕй фӕу. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, ӕнӕмӕнг нӕ кӕй нӕмттӕ хъӕуы зонын, уыдон бахъуыды кӕнынӕн? Апостол Павел фыстӕг цы ӕмбырдмӕ фыста, уыцы ӕмбырдӕй 26 адӕймаджы сӕ нӕмттӕй ранымадта. Павел уыцы адӕмыл кӕй хъуыды кодта, уый ӕрмӕст уымӕй бӕрӕг нӕу, ӕмӕ сын сӕ нӕмттӕ зыдта, фӕлӕ ма сын сӕ цардӕй бирӕ лыстӕг хабӕрттӕ дӕр кӕй ӕрхаста (Ром. 16:3—16). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты организацийы цы цӕуӕг цӕстдарджытӕ ис, уыдонӕй бирӕтӕ бахъуыды кӕнынц ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты нӕмттӕ, кӕд алы ӕмбырды дӕр къуырийӕ фылдӕр нӕ фӕвӕййынц, уӕддӕр. Куыд у сӕ бон афтӕ бирӕ адӕмы нӕмттӕ бахъуыды кӕнын? Адӕймагимӕ фыццаг хатт куы фӕныхас кӕнынц, уӕд ӕм иу цалдӕр хатты уӕддӕр сдзурынц йӕ номӕй. Афтӕ ма адӕймагӕн бахъуыды кӕнынц йӕ цӕсгом, цӕмӕй йын уый фӕрцы йӕ ном дӕр ӕрхъуыды кӕной. Уымӕй уӕлдай, бирӕтимӕ хуыздӕр базонгӕ вӕййынц хъусын кӕнгӕйӕ кӕнӕ иумӕ сихор хӕргӕйӕ. Уӕдӕ ды дӕр кӕимӕ базонгӕ уай, уымӕн йӕ ном бахъуыды кӕндзынӕ? Фыццаджыдӕр уал ахъуыды кӕн, цӕмӕн дӕ фӕнды уыцы адӕймаджы ном бахъуыды кӕнын; уый фӕстӕ архай, уӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ.

Афтӕ у кӕсыны хъуыддаджы дӕр. Цы кӕсыс, уый куы нӕ бахъуыды кӕнай, уӕд цы пайда у? Цы дын феххуыс уыдзӕн уымӕн та? Цы кӕсыс, уый куы ӕмбарай ӕмӕ дӕ цӕмӕн хъӕуы, уый куы зонай, уымӕй бирӕ кӕнгӕ у. Цы кӕсыс, уый дӕ тынг куы цымыдис кӕна, уӕд йӕ кӕсынӕй не ’фсӕддзынӕ. Фӕлӕ дӕ хъуыдытӕ кӕмдӕрты куы уой, уӕд дзы ницы бахъуыды кӕндзынӕ. Фыццаг хатт цы кӕсыс, уый бамбарынӕн дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, уӕдмӕ цы зыдтай, уый. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстытыл: ацы хъуыдытӕ мӕ царды кӕм ӕмӕ кӕд бахъӕудзысты? Мӕхицӕй дарддӕр ма кӕмӕн фӕахъаз уаиккой? Ӕрмӕг бамбарынӕн ма хорз у, хицӕн дзырдтӕ куы нӕ кӕсай, фӕлӕ дзырдбӕстытӕ. Афтӕмӕй цы кӕсыс, уымӕн йӕ хъуыды хуыздӕр ахсдзынӕ, ӕмӕ йӕ уӕд ӕнцондӕрӕй бахъуыды кӕндзынӕ.

Фӕлхат кӕн

Ахуыры фадыджы кусджытӕ бирӕ дзурынц, ӕрмӕг фӕлхат кӕнын йӕ бахъуыды кӕнынӕн куыд стыр ӕххуыс у, уый тыххӕй. Иу университеты профессор сбӕлвырд кодта: куыддӕр исты бакӕсай, афтӕ йе сфӕлхат кӕнынӕн иу минут куы ссарай, уӕд дзы бахъуыды кӕндзынӕ дыууӕ хатты фылдӕр. Уымӕ гӕсгӕ статья кӕнӕ чиныджы сӕр ӕнӕхъӕнӕй, йе та дзы иу цасдӕр, куыддӕр бакӕсай, афтӕ дӕхинымӕр сфӕлхат кӕн, сӕйрагдӕр дзы цы базыдтай, уый, цӕмӕй дӕ ма ферох уа. Ахъуыды кӕн, ногӕй цы базыдтай, уый дӕхи ныхӕстӕй куыд радзурис. Цы бакӕсай, уый уайтагъд куы сфӕлхат кӕнай, уӕд дӕ зонды хуыздӕр ныффидар уыдзӕн.

Цы базыдтай, уый цӕмӕй ноджыдӕр сфӕлхат кӕнай, уый тыххӕй йӕ искӕмӕнты радзур (цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр). Зӕгъӕм, дӕ бинонтӕй кӕнӕ ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй, йе та куысты, скъолайы, сыхы кӕнӕ хъусын кӕнгӕйӕ кӕуыл фембӕлай, уыдонӕй искӕмӕн. Ныхасгӕнгӕйӕ сӕйраг хъуыдытӕ ӕнӕуи ма дзур, фӕлӕ ма уыцы хъуыдытӕн Фыстадӕй цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ уыди, уыдон дӕр. Афтӕмӕй хуыздӕр бахъуыды кӕндзынӕ уыцы ахсджиаг хъуыдытӕ, ӕмӕ иннӕтӕн дӕр сӕ зондыл зонд ӕфтдзӕн.

Хъуыды кӕн, ахсджиаг цы у, ууыл

Цы бакастӕ, уый сфӕлхат кӕнын ӕмӕ йӕ иннӕтӕн радзурынӕй дарддӕр ма хъӕуы, ахсджиагӕй цы базыдтай, ууыл хъуыды кӕнын дӕр. Раст афтӕ кодтой, Библи чи фыста, уыдонӕй дыууӕ лӕджы, Асаф ӕмӕ Давид. «Мысдзынӕн Хицауы хъуыддӕгты тыххӕй; мысдзынӕн Дӕ рагзаманы диссӕгты тыххӕй. Хъус дардзынӕн Дӕ ӕппӕт хъуыддӕгтӕм, хъуыды кӕндзынӕн Дӕ стыр хъуыддӕгтыл»,— фыста Асаф (Пс. 76:12, 13). Мӕнӕ цы загъта Давид та: «Хъуыды кӕнын Дӕу тыххӕй ӕхсӕвы хъахъхъӕныны афон» ӕмӕ «рагон бонтӕ мысын, хъуыды кӕнын Дӕ ӕппӕт хъуыддӕгты тыххӕй» (Пс. 62:7; 142:5). Ды дӕр афтӕ аразыс?

Иегъовӕ цавӕр миниуджыты хицау у, цы аразы ӕмӕ йӕ фӕндон цӕй мидӕг ис, ууыл нӕ лӕмбынӕг, арф хъуыды кӕнын канд уымӕн нӕ хъӕуы, цӕмӕй уыдӕттӕ ӕнӕуи бахъуыды кӕнӕм. Афтӕмӕй ахсджиаг хъуыддӕгтӕ дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр хъардзысты ӕмӕ дын зынаргъдӕр уыдзысты. Уый дын хъӕздыг кӕндзӕн дӕ миддуне. Ахӕм арф хъуыдыты фӕстӕ дӕм цы мысинӕгтӕ баззайа, уыдон уыдзысты дӕ зӕрдӕйы рӕбинагдӕр хъуыдытӕ (Пс. 118:16).

Хуыцауы сыгъдӕг уды ӕххуыс

Иегъовӕ нын афтӕ нӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, мӕ фӕндон цы у ӕмӕ Йесо Чырысти цӕуыл ахуыр кӕны, уыдӕттӕ хъуамӕ зонат, куыд сӕ бахъуыды кӕндзыстут, уый та уӕхи хъуыддаг у. Йесо йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Уый загътон Ӕз сымахӕн, уемӕ уӕвгӕйӕ. Рӕвдауӕг [«ӕххуысгӕнӕг», НД] та, Сыгъдӕг Уд, Кӕцыйы рарвитдзӕн Фыд Мӕн номӕй, сахуыр кӕндзӕн сымах ӕппӕтыл ӕмӕ уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, Ӕз сымахӕн цы дзырдтон, уыдон иуылдӕр» (Иоан. 14:25, 26). Йесо ацы ныхӕстӕ куы дзырдта, уӕд уым уыдысты Матфей ӕмӕ Иоанн дӕр. Цымӕ сын сыгъдӕг уд ӕцӕгдӕр уыди ӕххуысгӕнӕг? О, раст афтӕ! Аст азы фӕстӕ Матфей фыст фӕци фыццаг Евангели ӕмӕ дзы бӕстон ӕрдзырдта Чырыстийы царды хабӕрттыл. Уым ис Йесойы Уӕлхох уацамынд, стӕй, зӕххыл ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис ӕмӕ ацы дунейы кӕрон кӕй ӕрцыд, уый цӕмӕй базонӕн уыдзӕн, уыцы бӕлвырд нысан дӕр. Йесойы мӕлӕтӕй 65 азы фӕстӕ та йӕ Евангели ныффыста апостол Иоанн. Уый бирӕ цыдӕртӕ радзырдта, Йесо йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв йӕ апостолтимӕ куы уыди, уӕд цы загъта, уый тыххӕй. О, Матфей дӕр ӕмӕ Иоанн дӕр, мӕнӕ цыма знон уыди, афтӕ хъуыды кодтой, Йесо семӕ куы уыди, уӕд цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕттӕ. Фӕлӕ уӕддӕр, Иегъовӕйы йӕ Ныхасмӕ цы ахсджиаг хабӕрттӕ бахӕссын фӕндыд, уыдон сӕ сӕйраджыдӕр уымӕн нӕ ферох сты, ӕмӕ сын сыгъдӕг уд ӕххуыс кодта.

Цымӕ сыгъдӕг уд абон дӕр ӕххуыс кӕны Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн? Уӕдӕ ӕндӕр куыд?! Ӕцӕг нын сыгъдӕг уд нӕ сӕры цӕттӕйӕ ницы ӕвӕры, фӕлӕ цы сахуыр кӕнӕм, цы базонӕм, уыдон ӕрхъуыды кӕнынӕн нын ӕххуыс кӕны (Лук. 11:13; 1 Иоан. 5:14). Бахъуаджы сахат нын сыгъдӕг уд нӕ магъз райхъал кӕны, цӕмӕй ӕрымысӕм, «пехуымпартӕ раджы кӕй загътой, уыцы дзырдтӕ, ӕмӕ... Хицауӕй ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕгӕй цы фӕдзӕхст [ис], уый дӕр» (2 Пет. 3:1, 2, НФ).

«Ма ферох кӕнут»

Иегъовӕ израилӕгтӕн иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ загъта ацы ныхӕстӕ, «ма ферох кӕнут», зӕгъгӕ. Хуыцау сӕ уый нӕ домдта, ӕмӕ алы гыццыл хъуыддаг дӕр сӕ зӕрдыл дардтаиккой. Дзырд ууыл цыди, сӕхи уды мӕт уыйбӕрц кӕй хъуамӕ ма кодтаиккой, ӕмӕ сӕм Иегъовӕ нымады дӕр мауал уыдаид, цы хӕрзты сын бацыд, уыдон сӕ рохуаты баззадаиккой. Хъуамӕ сӕ зӕрдыл дардтаиккой, Иегъовӕ сӕ куыд ссӕрибар кодта, уый: Египеты фыццаггуырдты ныццӕгъдынмӕ мӕлӕтхӕссӕг зӕды рарвыста, Сырх денджызыл уӕрӕх фӕндаг бакодта ӕмӕ дзы стӕй фараоны ӕд ӕфсӕдтӕ фесӕфта. Хъуамӕ сӕ ма ферох уыдаид, Синайы хохыл сын Закъон куыд радта ӕмӕ сӕ ӕдзӕрӕг быдыртыл Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куыд ӕркодта, уый. Ӕмӕ уыцы цаутӕ кӕй нӕ рох кодтой, уый та хъуамӕ бӕлвырд-бӕрӕг уыдаид сӕ ӕрвылбоны хъуыддӕгтӕй (Дык. з. 4:9, 10; 8:10—18; Рац. 12:24—27; Пс. 135:15).

Цӕмӕй рохгӕнаг ма уӕм, уый тыххӕй мах дӕр хъӕуы нӕхиуыл кусын. Царды зындзинӕдтимӕ тох кӕнгӕйӕ макуы ферох кӕнӕм Иегъовӕйы. Нӕ зӕрдыл дарӕм, цавӕр Хуыцау у, уый. Макуы ферох кӕнӕм, мах тӕригъӕдтӕй фервӕзын кӕнынӕн ӕмӕ нын ӕнусон цард радтынӕн йӕ Фырты чи нӕ бавгъау кодта, уыцы Хуыцауы ӕгӕрон уарзт (Пс. 102:2, 8; 105:7, 13; Иоан. 3:16; Ром. 6:23). Хуыцауы хорздзинӕдтӕ нӕ рох та уӕд нӕ уыдзысты, кӕд ӕмӕ Библи алы бон дӕр кӕсӕм ӕмӕ йыл хъуыды кӕнӕм, ӕмбырды фембӕлдты зӕрдиагӕй архайӕм ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы нӕхиуыл нӕ ауӕрдӕм.

Цыфӕнды хъуыддаг ма скъуыддзаг кӕнай (гыццыл уа ӕви стыр), ӕрхъуыды-иу кӕн, Хуыцау дын цы сарӕзта, уыдӕттӕ, ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ архай. Ма сӕ рох кӕн. Иегъовӕйӕ ӕххуыс агур. Хъуыддагмӕ зӕххон адӕймаджы цӕстӕй макуы кӕс ӕмӕ дӕ сонт зӕрдӕйы фӕдыл ма цу. Уый бӕсты-иу ахъуыды кӕн: Хуыцауы Ныхасӕй цавӕр хъуыды кӕнӕ цавӕр уынаффӕ уыдзӕн хорз ацы уавӕры? (Ӕмб. 3:5—7; 28:26). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цы нӕ фехъусай ӕмӕ цы нӕ бакӕсай, уый никуы ӕрхъуыды кӕндзынӕ. Фӕлӕ цас фылдӕр ахуыр кӕнай Хуыцауы Ныхас ӕмӕ Иегъовӕйы цас тынгдӕр уарзай, уыйас дын йӕ сыгъдӕг уд фылдӕр цыдӕртӕ лӕууын кӕндзӕн дӕ зӕрдыл. Ӕмӕ Иегъовӕмӕ дӕ уарзт куыд тыхджындӕр кӕна, афтӕ дӕ тынгдӕр фӕнддзӕн, цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ цӕрын дӕр.