Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы дын бантыст, ууыл ма ӕрлӕуу

Цы дын бантыст, ууыл ма ӕрлӕуу

БИБЛИЙӔ цы хорз хъуыдытӕ базыдтай, уыдонӕй царды фыццаг хатт куы спайда кодтай, уӕд цадӕггай ивын райдыдта дӕ зондахаст, дӕ ныхасы уаг ӕмӕ дӕ уагахаст. Уыцы хорз ивддзинӕдтӕн сӕ фылдӕр ӕрцыдысты, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы куы нӕма ахуыр кодтай, уӕд. Чи зоны, ныридӕгӕн дӕ царды бирӕ цыдӕртӕ фӕивтай ӕмӕ дӕ цард Иегъовӕйӕн снывонд кодтай. Фӕлӕ цымӕ уый афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ дӕ ницӕуыл уал хъӕуы кусын? Ницы хуызы. Донаргъуыд куы райстай, ӕцӕг рӕзты фӕндагыл уӕд ӕрлӕууыдтӕ.

Ахуыргӕнинаг Тимофей чырыстон хистӕр нӕлгоймаг уыди, фӕлӕ йӕ уӕддӕр Павел фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, цы уынаффӕтӕ райстай ӕмӕ дын дӕ бӕрны цы кадджын хъуыддаг бакодтой, ууыл «хъуыды кӕн, уый уӕд ӕдзухдӕр дӕ мӕт, цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уына» (1 Тим. 4:12—15, НД). Ӕцӕгады фӕндагыл хӕрз ӕрӕджы слӕууыдтӕ ӕви чырыстон царды бирӕ цыдӕртӕ федтай ӕмӕ бавзӕрстай — алкӕддӕр хъуыды кӕн, цӕуыл ма дӕ хъӕуы кусын, цы ма дӕ хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын.

Цы базыдтай ӕмӕ цас фӕивтай

Ефесӕгтӕм 3:14—19 (НФ) куыд кӕсӕм, афтӕмӕй апостол Павел куывта йе ’муырнджыты тыххӕй, цӕмӕй ӕцӕгадӕн «йӕ уӕрх, ӕмӕ дӕргъ, ӕмӕ арф, ӕмӕ бӕрзонд» цы сты, уый «бамбарынхъом суыдаиккой». Растдӕр уый тыххӕй радта Йесо, ӕмбырды уӕнгты чи ахуыр кӕна, раст зондыл сӕ чи араза ӕмӕ сын зӕрдӕнцойы хос чи уа, ахӕм лӕвӕрттӕ-адӕймӕгтӕ. Хуыцауы Ныхас ӕмӕ нын ӕмбырды фӕлтӕрд ахуыргӕнджытӕ цы дзурынц, ууыл алы бон дӕр куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ чырыстон удыхъӕд «рӕздзӕн» ӕмӕ фидар кӕндзӕн (Еф. 4:11—15).

Кӕй рӕзӕм, уый та уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, «нӕ зонд нын чи цырен кӕны, уыцы тых куы сног уа» (НД). Ӕндӕр ныхасӕй: Хуыцау ӕмӕ Чырысти куыд хъуыды кӕнынц, уый нӕ зонды хъуамӕ афтӕ ныффидар уа, ӕмӕ махӕн дӕр йӕхигъӕдӕй уайа, уыдон куыд хъуыды кӕнынц, афтӕ хъуыды кӕнын. Уый тыххӕй хъуамӕ ӕппынӕдзухдӕр нӕ хъуыдыйы дарӕм, Хуыцау ӕмӕ Чырысти куыд хъуыды кӕнынц, уый, цӕмӕй «сфӕлындӕм ног адӕймаджы» (Еф. 4:23, 24). Евангелиты Чырыстийы царды хабӕрттӕ куы фӕкӕсыс, уӕд фӕхъуыды кӕныс, мӕн дӕр афтӕ бакӕнын хъӕуы, зӕгъгӕ? Йесойы удыхъӕды бӕлвырд миниуджытӕ фӕагурыс ӕмӕ ды дӕр афтӕ куыд кӕнай, ууыл ӕцӕгӕй фӕархайыс? (1 Пет. 2:21).

Уыцы хъуыддаджы куыд ӕнтыстджын дӕ, уымӕн йе ’вдисӕн — дӕ ныхас цӕуыл вӕййы, уый. Йӕ удыхъӕд кӕмӕн фӕивта, уый йӕхи уый онг никуы ӕруадздзӕн, ӕмӕ чъизи, хӕрам ӕмӕ ӕнӕфсарм ныхас кӕна, йе та адӕймагӕн йе онг цы амара, уыдӕтты кой кӕна. Уымӕн йӕ ныхас алкӕддӕр у «хорз... фарн хӕссы хъусджытӕн» (Еф. 4:25, 26, 29, 31; 5:3, 4; Иуд. 16). Ӕмбырды дӕр ӕмӕ ӕнӕуи дӕр цыфӕнды ма дзура, цӕйфӕнды кой ма кӕна, ӕппӕтӕй дӕр бӕрӕг у, ӕцӕгад ын йӕ удыхъӕд кӕй ивы, уый.

Кӕд «дызӕрдыггӕнаг» нал дӕ ӕмӕ «алыхуызон дымгӕйон ахуырады фӕдыл» нал цӕуыс, уӕд уый дӕр дзурӕг у дӕ хорз ӕнтыстытыл (Еф. 4:14). Цӕвиттон, ацы дунейы модӕ кӕй ӕрбахӕссы, уыцы ӕгъдау, уыцы зондахаст ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕм цы цӕстӕй кӕсыс? Мыййаг дӕм кӕддӕр-кӕмдӕр дӕ зӕрдӕ афтӕ сдзуры, цӕй, Хуыцауы раз мыл цы хӕстӕ ис, уыдон иу гыццыл фӕуадзон ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтыл мӕхи аирхӕфсон? О, фӕлӕ афтӕ куы бакӕнай, уӕд уый стыр къуылымпыйы хос уыдзӕн дӕ чырыстон рӕзтӕн. Зондджын чи у, уый афтӕ никуы бакӕндзӕн, фӕлӕ уый бӕсты рӕстӕг ӕлхӕндзӕн Хуыцауы хъуыддӕгтӕн! (Еф. 5:15, 16).

Нӕхиуыл куыд кусӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, адӕмимӕ куыд цӕрӕм, уымӕй дӕр. Не ’фсымӕртӕн ӕмӕ нӕ хотӕн «тӕригъӕдгӕнаг» стӕм, «хатыр кӕнын» сын зонӕм? (Еф. 4:32).

Иегъовӕйы фӕндыл кӕй цӕуыс, уый хъуамӕ зына канд ӕмбырды нӕ, фӕлӕ хӕдзары дӕхи куыд дарыс, уымӕй дӕр. Афтӕ ма ууыл дзурӕг хъуамӕ уа де ’гъдау дӕр: скъолайы уа, куысты уа, уынджы ӕви ӕндӕр искуы — адӕмы ’хсӕн кӕмфӕнды ма уай, уым (Еф. 5:21—6:9). Кӕд, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы миниуджытӕ цӕуы, уыдон дӕ царды ӕппӕт фӕзилӕнты дӕр раздӕрӕй ныр тынгдӕр зынынц, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ де ’нтыстдзинад бӕрӕг у.

Дӕ курдиӕттӕ ма ӕвгъау кӕн

Иегъовӕ нӕ алкӕмӕндӕр бахай кодта цавӕрдӕр курдиӕттӕ, алчидӕр нӕ цӕмӕдӕр хорз арӕхсы. Ӕмӕ Хуыцауы ныфс ис, уыцы курдиӕттӕ иннӕты хорздзинадӕн кӕй хъардзыстӕм, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй мах уылты йе стыр хорзӕхӕй кӕй хайджын кӕндзӕн. Апостол Петр уый афтӕ бамбарын кодта: «Кӕстӕриуӕг-иу кӕнут кӕрӕдзийӕн, алчи цы миниуӕг ӕм ис, уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы стыр хорзӕхы рӕдау аразджытау» (1 Пет. 4:10, НФ). Дӕ курдиӕттӕй ды та куыд пайда кӕныс?

Петр дарддӕр дзуры: «Дзура миййаг исчи, уӕд дзурӕд Хуыцауы дзырдтӕм гӕсгӕ» (1 Пет. 4:11, НФ). Ацы ныхӕстӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй нӕ алчидӕр хӕсджын у, Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ раст цы у, ӕрмӕстдӕр уый дзурын, нӕ ныхасӕй Хуыцауы куыд кадджын кӕнӕм. Иегъовӕйы хъуамӕ кадджын кӕнӕм, куыд дзурӕм, уымӕй дӕр. Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы цы базонай, уый дын стыр ахъаз уыдзӕн дӕ курдиӕттӕй растдӕр афтӕ пайда кӕнынӕн, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнай ӕмӕ уымӕй кадджын кӕнай Хуыцауы. Уӕдӕ иугӕр дӕ разы ахӕм нысан ис, уӕд цӕмӕй бӕрӕг у, Скъолайы ахуыргӕнгӕйӕ дын куыд хорз ӕнтыстытӕ ис, уый?

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цал урокыл бакуыстай ӕмӕ дын цавӕр хӕслӕвӕрдтӕ раттынц, уый ницӕуыл дзурӕг у. Сӕйраг у, цы базыдтай, уый дын Хуыцауы хуыздӕр кадджын кӕнынӕн цас фӕахъаз. Ацы Скъола уый тыххӕй у, цӕмӕй хуыздӕр хъусынгӕнджытӕ суӕм. Ӕмӕ уӕдӕ дӕхи бафӕрс: уацамынды цы дзурдзынӕн, ууыл рагацау ахъуыды кӕнын? Кӕмӕн хъусын кӕнын, уыдонӕн мӕ ӕцӕг фӕнды баххуыс кӕнын? Адӕймагимӕ ныхас кӕнгӕйӕ дыккаг бацыдӕн бындур ӕрӕвӕрын, иннӕ хатт ахӕм ӕмӕ ахӕм фарстыл аныхас кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ? Кӕд искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын, уӕд ын йӕ зӕрдӕмӕ фӕндаг куыд ссарон, ууыл архайын?

Афтӕ макуы хъуыды кӕн, ӕмӕ дын кӕд цыдӕр стыр хъуыддӕгтӕ дӕ бӕрны кӕнынц, уӕд рӕзыс уырнындзинады. Размӕ куыд цӕуыс, уый хӕслӕвӕрдтӕй нӕ, фӕлӕ сӕ куыд ӕххӕст кӕныс, уымӕй бӕрӕг у. Кӕд дын ӕмбырдӕн цыдӕр бацамонын бахӕс кодтой, уӕд дӕхи бафӕрс: ӕцӕгдӕр сарӕхстӕн иннӕты ахуыр кӕнынмӕ? Ӕрмӕг афтӕ райхӕлдтон, ӕмӕ мӕ ныхасмӕхъусджыты сӕ царды цыдӕр фӕивын бафӕндыд?

Дӕ курдиӕттӕ кӕй не ’вгъау кӕныс, уый ма афтӕ ӕмбарын дӕр хъӕуы, ӕмӕ ӕппынӕдзух хъуыды кӕныс, цӕмӕй у мӕ бон иннӕтӕн баххуыс кӕнын, зӕгъгӕ. Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕм дӕхӕдӕг бацӕуыс ӕмӕ семӕ хъусын кӕнынмӕ баныхас кӕныс? Де ’мбырды, ногтӕн, ӕрыгӕттӕн кӕнӕ рынчынтӕн куыд баххуыс кӕнай, ууыл архайыс? Паддзахады зал ӕфснайынмӕ нӕ фӕзивӕг кӕныс кӕнӕ конгрессты рӕстӕджы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн балӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййыс? Гӕнӕн ӕмӕ амал уӕвгӕйӕ, ӕххуысгӕнӕг пионерӕй фӕлӕггад кӕныс? Дӕ бон нӕу, ӕмӕ ӕппынӕдзухдӕр лӕггад кӕнай пионерӕй кӕнӕ, фылдӕр ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм ӕмбырдмӕ ахизай? Кӕд ӕфсымӕр дӕ, уӕд дӕхиуыл кусыс, Библимӕ гӕсгӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цавӕр хъуамӕ уой, ахӕм куыд суай? Уӕдӕ кӕд иннӕтӕн ӕххуыс кӕныныл дӕ уд хъарыс ӕмӕ дӕхимӕ бӕрндзинад исыс, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕ (Пс. 109:3).

Фӕлтӕрддзинад — уымӕй бирӕ аразгӕ у

Кӕд ӕй хатыс, ӕмӕ чырыстон царды бирӕ цыдӕртӕ нӕма зоныс, уӕд дӕр дӕ ныфс ма асӕттӕд. Хуыцауы Ныхасы фӕрцы, «ӕвӕлтӕрд чи у, уый свӕййы зондджын» (Пс. 19:7, НД [18:8]; 118:130; Ӕмб. 1:1—4). Библи нын куыд дзуры, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд мах архайдзыстӕм Иегъовӕйы ӕххӕст зондӕй, ӕмӕ, нӕхӕдӕг куыдфӕнды ма сфӕлтӕрӕм, цӕуылфӕнды ма сахуыр уӕм, уӕддӕр уыимӕ ницы ис абарӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нӕ къухы цас фылдӕр ӕнтыстытӕ ӕфта, уыйас нӕхӕдӕг дӕр фӕлтӕрдзыстӕм алыхуызон уавӕрты. Уӕдӕ нын уыцы фӕлтӕрддзинад тынгдӕр кӕд фӕахъаз уыдзӕн?

Адӕймаг царды бирӕ цыдӕртӕ куы фены, уӕд стӕй арӕх афтӕ фӕхъуыды кӕны: «Исты фыццаг хатт дӕн ахӕм уавӕры? Цы кӕнын хъӕуы, уый зонын». Фӕлӕ цымӕ уый зонды нысан у? Ӕмбисӕндты 3:7 афтӕ фыст ис: «Дӕхи цӕсты зондджын ма у». Фӕлтӕрд адӕймаджы исты хъуыддаг алыг кӕнын куы хъӕуа, уӕд ӕм алыварсонӕй ӕркӕсдзӕн, фылдӕр цӕуылдӕрты ахъуыды кӕндзӕн. Фӕлӕ нӕ кӕд уыцы фӕлтӕрддзинад цардмӕ Библийы цӕстӕй кӕсын сахуыр кодта, уӕд нын нӕ зонд дӕр ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дӕр дзурдзӕн, ӕнӕ Иегъовӕйы ӕххуысӕй кӕй ницы бакӕндзыстӕм. Уӕдӕ цӕуылдӕр кӕй сахуыр стӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, нӕхицӕй ныфсджын кӕй стӕм, уымӕй нӕ, фӕлӕ нӕ царды алы хъуыддаджы дӕр зонд Иегъовӕмӕ кӕй агурӕм, уымӕй. Афтӕ ма уый бӕрӕг уыдзӕн, нӕ уӕларвон Фыды ӕвастӕй кӕй ницы ӕрцӕуы, ууыл куы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ ныфс ыл куы дарӕм ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр куы кӕнӕм, уымӕй дӕр.

Размӕ тындз

Кӕд апостол Павел фӕлтӕрд, сӕрст чырыстон уыди, уӕддӕр ӕмбӕрста, дарддӕр дӕр ӕй кӕй хъӕуы «размӕ тындзын» — ӕнусон цардмӕ (Фил. 3:13—16). Ды дӕр афтӕ кӕныс?

Чырыстон фӕндагыл цас цӕуылдӕрты сахуыр дӕ, уый куыд ис базонӕн? Ӕркӕс дӕ цардмӕ ӕмӕ ахъуыды кӕн: ног адӕймаг кӕй сдӕ, кӕнӕ дӕхи Иегъовӕйы бӕрны кӕй бакодтай, уый куыд тынг бӕрӕг у? Науӕд дӕхи, дӕ курдиӕттӕ Иегъовӕйы кадджын кӕнынӕн куыд тынг хъарыс? Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы куыд ахуыр кӕнай, афтӕ дӕ ныхасы дӕр ӕмӕ иннӕты куыд ахуыр кӕныс, уым дӕр тынгдӕр зындзысты, Библи цы миниуджытыл дзуры, уыдон. Уӕдӕ алкӕддӕр хъуыды кӕн, уыцы хъуыддӕгты цы фӕхуыздӕр кӕнӕн ис, ууыл. Дӕ къухы цы бафта, ууыл цин кӕн, ӕмӕ уӕд де ’нтыстдзинад бӕрӕг уыдзӕн.