Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

20 УРОК

Цы зӕгъӕн ис Библийӕ стих бакӕсыны размӕ

Цы зӕгъӕн ис Библийӕ стих бакӕсыны размӕ

ӔМБЫРДЫ фембӕлдты мах ахуыр кӕнӕм Сыгъдӕг Фыстад. Уацамынды цы фӕдзурӕм, уый дӕр Библийӕ фӕдзурӕм. Фӕлӕ Библийӕ цы стихтӕ бакӕсай, уыдон дӕ ныхасмӕхъусджытӕн цас фӕахъаз уыдзысты, уый, йӕ бакӕсыны размӕ цы зӕгъай, уымӕй аразгӕ дӕр у.

Дӕ ныхасмӕхъусджытӕн, стих кӕцӕй ист у, уый бацамонай ӕмӕ сын афтӕ зӕгъай, уӕ Библиты йӕм кӕсут, зӕгъгӕ, уый фаг нӕу. Стихы бакӕсыны размӕ цалдӕр ныхасы куы зӕгъай, уӕд дӕ къухы бафтдзӕн дыууӕ хъуыддаджы: 1) бацымыдис сӕ кӕндзынӕ ӕмӕ 2) уыцы стих цӕмӕн кӕсыс, уымӕ сын сӕ хъус ӕрдардзынӕ. Уыцы дыууӕ нысаны сӕххӕст кӕнынӕн ис цалдӕр мадзалы.

Ратт фарст. Ацы мадзал иууыл ахадгӕдӕр вӕййы, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ фарстӕн дзуапп бӕлвырдӕй куы нӕ зоной, уӕд. Фарст афтӕ ратт, хъуыдытыл сӕ куыд бафтауа. Раст афтӕ кодта Йесо. Иухатт ӕм кувӕндоны фарисейтӕ куы бацыдысты ӕмӕ йӕ адӕмы раз ракъах-бакъах куы кодтой, Фыстытӕ куыд ӕмбары, зӕгъгӕ, уӕд сӕ Йесо бафарста: «Цы хъуыды кӕнут сымах Чырыстийы тыххӕй? кӕй фырт у Уый?» Фарисейтӕ йын загътой: «Давиды». Ӕмӕ та сӕ уӕд Йесо бафарста: «Уӕдӕ, Давид уд цырынӕй Уый куыд хоны Хицау?» — ӕмӕ сын ӕрхаста Псалом 109:1. Фарисейтӕн сӕ бон ницыуал уыд зӕгъын. Адӕм та зӕрдиагӕй хъуыстой Йесомӕ (Матф. 22:41—46).

Уацамынды Библийӕ цавӕрдӕр стих бакӕсыны размӕ раттӕн ис ахӕм фарстытӕ: «Дӕуӕн дӕр ӕмӕ мӕнӕн дӕр, алкӕмӕндӕр нӕ ис ном. Уӕд Хуыцауӕн та — уымӕн нӕй ном? Уый базонӕн ис Псаломӕй 82:19 (МГТ)». «Цымӕ искуы ӕгас дунейы адӕмӕн дӕр иу хицауад уыдзӕн? Ӕркӕс ма, мӕнӕ цы фыст ис уый фӕдыл Данелы 2:44». «Цымӕ абон нӕ алыварс цытӕ цӕуы, уый тыххӕй Библи исты дзуры? Ӕркӕс ма, цы фыст ис 2 Тимофейы 3:1—5, ӕмӕ ма йӕ, нӕ алыварс цы уынӕм, уыимӕ абар». «Цымӕ искуы ахӕм рӕстӕг уыдзӕн, ӕмӕ хъизӕмар ӕмӕ мӕлӕт мауал уа? Библи ацы фарстӕн дзуапп дӕтты Раргомады 21:4, 5».

Раныхасы фарстытӕ раст ӕвӕрд куы уой, уӕд уый фӕрцы ныхасмӕхъусджытӕ ӕндӕр цӕстӕй ӕркӕсдзысты, иу ӕмӕ дыууӕ хатты кӕй нӕ фехъуыстой, уыцы стихтӕм дӕр. Фӕлӕ кӕд уыдзӕн фарстытӕн ахӕм тых? Уыцы фарстытӕ сӕхимӕ дӕр фӕзынынц ӕви нӕ, ӕппӕтдӕр уымӕй кӕнгӕ у. Адӕм ныхасмӕ цымыдисӕй куы фӕхъусынц, уӕддӕр зонгӕ стих фехъусгӕйӕ арӕх сӕ хъуыдытӕ адзӕгъӕл вӕййынц. Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ афтӕ ма рауайа, уӕд-иу дзӕбӕх ахъуыды кӕн, стих бакӕсыны размӕ адӕмы бацымыдис кӕнынӕн цавӕр фарст ратдзынӕ, ууыл.

Адӕм цӕуыл тыхсынц, иу ахӕм хъуыддаджы тыххӕй зӕгъ. Дӕ бон у, ӕмӕ адӕм тынг цӕуыл тыхсынц, ахӕм истӕй кой ракӕнай. Уый фӕстӕ сын сӕ хъус ӕрдар, куыд ӕй ис алыггӕнӕн, уый тыххӕй кӕм дзырдӕуы, ахӕм стихмӕ. Фӕлӕ Библийы стихты арӕх дзырд нӕ фӕцӕуы, цавӕрдӕр зындзинад кӕронмӕ куыд ис алыггӕнӕн, уый тыххӕй, дзырд дзы фӕцӕуы, уавӕр ӕрмӕстдӕр иу цавӕрдӕр хъуыддаджы куыд фӕхуыздӕр уыдзӕн, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ дӕ ныхасмӕхъусджытӕн, стихы цы нӕй, уый фенынӕй зӕрдӕ ма ӕвӕр. Уый бӕсты сын зӕгъӕн ис, зӕгъгӕ, стих кӕсгӕйӕ уӕ хъус ӕрдарут, ацы уавӕры цы ис саразӕн, уый тыххӕй дзы цы дзырдӕуы, уымӕ.

Афтӕ ма дӕ бон у, ӕмӕ ӕрхӕссай, чырыстон йӕхи куыд хъуамӕ дара, уый тыххӕй стих ӕмӕ уый фӕстӕ, Библийӕ цавӕрдӕр цау радзургӕйӕ, равдисай, афтӕ кӕнын хорз цӕмӕн у, уый. Дзырд цӕуыл цӕуы, уый фӕдыл стихы мидӕг дыууӕ (кӕнӕ фылдӕр) хъуыдыйы куы вӕййы, уӕд иуӕй-иу ныхасгӕнджытӕ сӕ хъусджытӕн фӕзӕгъынц, уӕхӕдӕг сӕ ссарут, зӕгъгӕ. Кӕд ӕмӕ, дзырд цы зындзинадыл цӕуы, уый — Библийы стихмӕ гӕсгӕ — куыд алыггӕнӕн ис, уый не ‛мбарой, уӕд та сын ӕрхӕсс йӕ алыг кӕнынӕн цалдӕр мадзалы. Стӕй сын бакӕс, цы стих кӕсинаг уыдтӕ, уый ӕмӕ сын бамбарын кӕн, стихмӕ гӕсгӕ уыцы мадзӕлттӕй раст кӕцы у.

Хъус ӕрдар, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, уымӕ. Адӕмы ӕргом, дӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн, уымӕ куы раздахай ӕмӕ уый фӕдыл цалдӕр алыхуызон хъуыдыйы куы ӕрхӕссай, уӕд стих бакӕсыны размӕ зӕгъӕн ис афтӕ: «Мӕнӕ цы фыст ис уый тыххӕй Хуыцауы Ныхасы та». Ацы ныхӕсты фӕстӕ, цы бакӕсай, уый сӕ цӕсты тынгдӕр ахаддзӕн.

Библи ныффыссынӕн Иегъовӕ равзӕрста адӕймӕгты, зӕгъӕм: Иоанн, Лука, Павел кӕнӕ Петры. Фӕлӕ йӕ уыдон ӕрмӕстдӕр фысгӕ ныккодтой, ӕндӕр дзы цы хъуыдытӕ ис, уыдон Иегъовӕйы хъуыдытӕ сты. Уымӕ гӕсгӕ стих бакӕсыны размӕ хорз нӕ уыдзӕн афтӕ зӕгъын, «Петр ныффыста» кӕнӕ «Павел афтӕ зӕгъы», зӕгъгӕ, уӕлдайдӕр та Сыгъдӕг Фыстадимӕ дзӕбӕх зонгӕ чи нӕу, ахӕм адӕймагӕн. Ахӕм хуызы сын цы бакӕсӕм, уый Хуыцауы дзырдау нӕ айсдзысты. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ-иу бӕлвырд уавӕрты Иегъовӕ Иеремийӕн бафӕдзӕхста йӕ ныхас афтӕ райдайын: «Байхъусут, Иегъовӕ цы зӕгъы, уымӕ» (Иер. 7:2; 17:20; 19:3; 22:2). Чи зоны, стихтӕм разныхасы алыхатт Иегъовӕйы ном нӕ зӕгъӕм, фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ нӕ ныхасӕй адӕм бӕлвырд-бӕрӕгӕй бамбарой, Библийы алы ныхас дӕр Йӕ ныхас кӕй у.

Дӕ зӕрдыл дар, стих кӕцӕй ист у, уый. Стихы размӕ цы зӕгъай, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ дӕ рох ма уӕд, кӕцӕй ист у, уый. Уыцы скъуыддзаджы дзырд цӕуыл цӕуы, уый хатт фӕхъӕуы комкоммӕ зӕгъын. Фӕлӕ стихы тыххӕй цы зӕгъдзыстӕм, ууыл скъуыддзаджы мидис, гӕнӕн ис, фӕзына ӕндӕр хуызы дӕр. Цӕвиттонӕн райсӕм, Хуыцауӕй чи тарст, уыцы Иовы ӕмӕ йын ӕфсоны ныфсытӕ чи ӕвӕрдта, уыдоны. Сӕ ныхӕстӕм сын ӕмхуызон разныхас скӕндзынӕ? Апостолты хъуыддӕгты чиныг фысгӕ Лука ныккодта, фӕлӕ дзы уый ӕрхаста бирӕ ӕндӕр кӕйдӕрты ныхӕстӕ: Иаков, Петр, Павел, Филипп, Стефан ӕмӕ ма зӕдты ныхӕстӕ дӕр, афтӕ ма, чырыстӕттӕ чи нӕ уыдысты, ахӕм иудейты ныхӕстӕ — Гамалиил ӕмӕ ӕндӕрты. Уӕдӕ уыцы чиныгӕй куы кӕсай, уӕд сӕ кӕй ныхӕстӕ схондзынӕ? Дӕ зӕрдыл дар уый дӕр, ӕмӕ псаломтӕ иууыл Давиды фыст кӕй не сты, стӕй Ӕмбисӕндты чиныг дӕр иунӕг Соломон кӕй нӕ ныффыста. Ӕвзӕр нӕ уаид, Библийы чингуытӕ кӕмӕ фыст уыдысты ӕмӕ сӕ ныхас сӕйраджыдӕр цӕуыл цыди, уый зонын дӕр.

Пайда кӕн уӕлӕмхасӕн ӕрмӕгӕй. Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг уӕлдай ахадгӕ вӕййы, Библийы скъуыддзаджы цы уавӕрты кой цӕуы ӕмӕ ды цы уавӕрты кой кӕныс, уыдон ӕмхуызон кӕй сты, уый равдисын дӕ куы фӕнда. Арӕх та вӕййы афтӕ, ӕмӕ стихы цыдӕртӕ ӕнӕмӕнг фӕхъӕуы бамбарын кӕнын, науӕд йӕ хъуыды дӕр ӕмбӕрст нӕ уыдзӕн. Цӕвиттон, дӕ ныхас у ахӕстаргъыл ӕмӕ дӕ фӕнды Дзуттытӕм 9:12, 24 ӕрхӕссын. Ӕвӕццӕгӕн дӕ уыцы стихтӕ бакӕсыны размӕ цыбыртӕй зӕгъын хъӕудзӕн, хӕсгӕ цатыры иууыл рӕбинаг хатӕн цы уыди, уый тыххӕй. Уый амыдта, уӕлӕрвтӕм ацӕугӕйӕ Йесо кӕдӕм бацыд, уыцы бынат. Фӕлӕ дӕ уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг ӕгӕр бирӕ ма уӕд, кӕннод стих йӕхӕдӕг аууоны аззайдзӕн.

Цӕмӕй стихтӕн разныхас скӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсай, уый тыххӕй кӕс фӕлтӕрд ныхасгӕнджытӕм. Дӕ хъус дар, цы алыхуызон мадзӕлттӕй пайда кӕнынц, уымӕ. Уыцы мадзӕлттӕ хорз цӕмӕй сты, ууыл хъуыды кӕн. Раныхас куы цӕттӕ кӕнай, уӕд-иу дзы ссар сӕйраг стихтӕ ӕмӕ-иу бӕстон ахъуыды кӕн, алкӕцыдӕр дзы цӕмӕн хъӕуы ӕрхӕссын. Цӕмӕй уыцы стихты стырдӕр уӕз уа, уый тыххӕй дзы алкӕцымӕ дӕр хицӕнӕй скӕн разныхас. Цадӕггай дӕхи ахуыр кӕн, цы стихтӕ кӕсдзынӕ, уыдонӕй алкӕцыйы размӕ дӕр цыдӕр зӕгъыныл. Дзырдарӕхстдзинады ацы фӕзилӕны дзӕбӕх куы сфӕлтӕрай, уӕд адӕмы ӕргом тынгдӕр здахдзынӕ Хуыцауы Ныхасмӕ.