Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

45 УРОК

Цӕстуынгӕ цӕвиттонты руаджы ахуыр кӕн адӕмы

Цӕстуынгӕ цӕвиттонты руаджы ахуыр кӕн адӕмы

ЦӔСТУЫНГӔ цӕвиттонтӕ тынг ахадгӕ ахуыргӕнӕн мадзал сты. Иттӕг хорз сты адӕмы бацымыдис кӕнынӕн, дарддӕр дӕр дӕм зӕрдиагӕй куыд хъусой. Цӕвиттонтӕ цырен кӕнынц зонд. Уыдон хъал кӕнынц ӕнкъарӕнтӕ, агайынц зӕрдӕ ӕмӕ адӕймаджы фӕсмонмӕ дӕр ӕркӕнынц. Хатт сӕ ӕрхӕссынц, адӕймаг цӕйдӕр тыххӕй ӕвзӕр дзӕгъӕлы кӕй хъуыды кӕны, уый йын бамбарын кӕнынӕн. Афтӕ ма адӕймагӕн ӕххуыс кӕнынц, цы базыдта, уый бахъуыды кӕнынӕн дӕр. Адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ сӕ ды дӕр пайда кӕныс?

Ӕвзаджы цы аивадон мадзӕлттӕ ис, уыдон дӕр сты цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ, ӕрмӕст сӕ зӕгъын фӕхъӕуы дыууӕ ныхасӕй. Ӕмӕ кӕд хӕрз цыбыр вӕййынц, уӕддӕр сӕ адӕймаг куы фехъусы, уӕд йӕ цӕстыты раз сысты цардӕгас нывтӕ. Аивадон мадзӕлттӕй сӕ бынаты куы спайда кӕнынц, уӕд сӕ хъуыды сӕхицӕй дӕр бӕрӕг вӕййы. Фӕлӕ уӕддӕр ӕвзӕр нӕ вӕййы, сӕ хъуыды сын дыууӕ ныхасӕй фӕбӕлвырддӕр кӕнын, стырдӕр уӕз сӕ куыд уа. Ахӕм аивадон мадзӕлттӕ арӕх ӕмбӕлынц Библийы, ӕмӕ дзы бирӕ цыдӕртӕ ис зондӕн райсӕн.

Райдай абарстытӕ ӕмӕ метафорӕтӕй. Аивадон мадзӕлттӕй ӕппӕты хуымӕтӕгдӕр сты абарстытӕ. Кӕд цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй пайда кӕнын ныр ахуыр кӕныс, уӕд уыдонӕй райдай. Абарстытӕ базонӕн вӕййы ахӕм дзырдтӕй: «куыд... афтӕ», «раст», «цыма», «хуызӕн», «уыйау» ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Дыууӕ алыхуызон цыдӕр абаргӕйӕ ирдӕй разыны, ӕмхуызонӕй сӕм цы ис, уый. Аивадон мадзӕлттӕй хъӕздыг у Библийы ӕвзаг, уым дзырдӕуы Хуыцауы сконд дунейӕ бирӕ цӕуылдӕрты: зайӕгойтӕ, цӕрӕгойтӕ ӕмӕ уӕларвон буӕрттӕ, афтӕ ма адӕмы царды хабӕрттыл дӕр. Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр чи кӕсы, ахӕм адӕймаджы тыххӕй Псаломы 1:3 дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уый у «куыд бӕлас, цӕугӕдоны цур сагъд»,— дыргъӕй чи нӕ цух кӕны, йӕ сыф кӕмӕн нӕ хус кӕны, ахӕм бӕлас. Фыдгӕнӕджы тыххӕй та кӕсӕм, зӕгъгӕ, уый у «куыд домбай», ӕмбӕхст ранӕй йӕ амӕттагмӕ чи хъавы (Пс. 9:30). Иегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, «уӕларвыл стъалытӕ куыд бирӕ сты» ӕмӕ «денджызы был змис куыд бирӕ у», афтӕ йын кӕй сбирӕ кӕндзӕн йӕ мыггаг (Уӕв. 22:17). Иегъовӕ Израилы адӕмы йӕхимӕ куыд баввахс кодта, уый тыххӕй та афтӕ загъта: «Рон адӕймаджы астӕуыл куыд ӕнгом баст вӕййы, афтӕ ӕрбаввахс кодтон мӕхимӕ Израил... ӕмӕ Иудӕйы» (Иер. 13:11).

Ис ма ӕндӕр хуызы абарст дӕр, хонынц ӕй метафорӕ. Уый дӕр ӕвдисы, ӕмхуызон чи нӕу, дыууӕ ахӕм цыдӕрмӕ ӕмхуызонӕй цы ис, уый. Ӕрмӕст ӕнӕуи абарстӕй хъауджыдӕр метафорӕ вӕййы бирӕ тыхджындӕр. Адӕймаг цӕй кой фӕкӕны, уый схоны йӕхи номӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕр цӕйдӕр номӕй, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй фӕхайджын кӕны, цӕимӕ йӕ бары, уый миниуджытӕй. Зӕгъӕм, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Сымах дунейы рухс стут» (Матф. 5:14, НФ). Ӕнӕсӕрфат ныхас куыд стыр зиан хӕссы, уый равдисынӕн ахуыргӕнинаг Иаков фыста: «Ӕвзаг... у арт» (Иак. 3:6, НФ). Давид Иегъовӕйӕн афтӕ зарыд: «Ды мӕ дур хох ӕмӕ мӕ быру» (Пс. 30:4). Метафорӕ йӕ бынаты куы уа, уӕд ӕй кӕнӕ бынтондӕр нӕ фӕхъӕуы ӕмбарын кӕнын, йе та кӕд — уӕддӕр дыууӕ ныхасӕй. Ахӕм абарстытӕ цыбыр ӕмӕ ӕлвӕст кӕй сты, сӕ тых дӕр уый мидӕг ис. Адӕмы зӕрдӕты метафорӕйӕ загъд хъуыды цы арф фӕд ныууадзы, уый ӕнӕуи ныхас нӕ ныууадзы.

Адӕм ма сӕ ныхасы арӕх пайда кӕнынц гиперболӕйӕ дӕр. Йӕ нысан у, исты цау кӕнӕ дзаума, цы у, уымӕй бирӕ егъаудӕрӕй ӕмӕ тыхджындӕрӕй равдисын. Фӕлӕ дзы кӕм ис спайда кӕнӕн, уый хорз зонын хъӕуы, науӕд ӕй раст нӕ бамбардзысты. Йесо ацы аивадон мадзалӕй сныв кодта ӕнӕферохгӕнгӕ ныв: «Цы кӕсыс ды де ’фсымӕры цӕсты къалиумӕ [«хъӕмпыхалмӕ», НД], дӕхи цӕсты та хъӕд нӕ ӕнкъарыс» (Матф. 7:3). Цалынмӕ гиперболӕтӕй райдайай пайда кӕнын, уӕдмӕ уал дзӕбӕх сфӕлтӕр ӕнӕуи абарстытӕ ӕмӕ метафорӕтӕй дзурыны хъуыддаджы.

Хӕсс цӕвиттонтӕ. Адӕмы ахуыргӕнгӕйӕ ма аивадон мадзӕлттӕй уӕлдай хӕссӕн ис цӕвиттонтӕ дӕр: кӕнӕ ӕрӕмысгӕ таурӕгътӕ, кӕнӕ ӕцӕг хабӕрттӕ. Цӕвиттон хорз кӕм уыдзӕн, уый зонын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ хатт афтӕ зын бамбарӕн вӕййынц, ӕмӕ хъыгдаргӕ цы фӕкӕнынц, ӕндӕр ницы. Ахӕм цӕвиттонтӕ хӕссын хъӕуы ӕрмӕстдӕр тынг ахсджиаг хъуыдытӕ фӕбӕлвырддӕр кӕнынӕн. Стӕй сӕ афтӕ хъӕуы радзурын, ӕмӕ сын ӕнӕуи сӕхи куыд нӕ бахъуыды кӕной, фӕлӕ дзы зондӕн райсинаг цы ис, уый.

Цӕвиттонтӕ алы хатт ӕцӕг хабӕрттӕ нӕ вӕййынц, фӕлӕ дзы уӕддӕр хъуамӕ ӕвдыст уа ӕцӕг царды нывтӕ ӕмӕ адӕмы зондахаст. Зӕгъӕм, ӕрфӕсмонгӕнӕг адӕймагмӕ цы цӕстӕй кӕсын хъӕуы, уый равдисынӕн Йесо радзырдта, йӕ сӕфт фысы чи ссардта, уыцы адӕймаг куыд цин кодта, уый тыххӕй (Лук. 15:1—7). Закъоны фӕдзӕхст, «дӕ хӕстӕджы уарз», зӕгъгӕ, кӕронмӕ чи нӕ ӕмбӕрста, уыцы адӕймагӕн та ракодта самариаг лӕджы хабар: сауджын ӕмӕ левитӕй хъауджыдӕр уый нӕ ацыд, фыднад кӕй фӕкодтой, уыцы лӕджы иувӕрсты (Лук. 10:30—37). Адӕмы цардмӕ, сӕ хъуыддӕгтӕм дӕ хъус куы дарай, уӕд ды дӕр дӕсны уыдзынӕ цӕвиттонтӕ хӕссынмӕ.

Пехуымпар Нафан паддзах Давидӕн йӕ рӕдыд бамбарын кӕнынмӕ куы ӕрбацыд, уӕд ын ракодта ӕрӕмысгӕ хабар. Уыцы таурӕгъ йӕ нысаныл сӕмбӕлд, уымӕн ӕмӕ дзы Давидӕн йӕ зӕрдӕ цӕмӕ фӕкъӕпп кодтаид, йӕхи рӕстытӕ кӕнынмӕ цӕмӕй фӕуыдаид, ахӕмӕй ницы уыди. Нафан радзырдта, йӕ фыстӕн нымӕц кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм хъӕздыг лӕг ӕмӕ, йӕ иунӕг уӕрыччы сывӕллонау чи хаста, ахӕм мӕгуыр лӕджы хабар. Кӕддӕр Давид йӕхӕдӕг дӕр фыййау уыд, ӕмӕ хорз ӕмбӕрста, уыцы уӕрыччы хицауы зӕрдӕ куыдтӕ кодта, уый. Мӕгуыр лӕгӕн йӕ уарзон уӕрыччы хъӕздыг лӕг байста, уый фехъусгӕйӕ Давид мӕстӕй рафыхт. Ӕмӕ йын уӕд Нафан комкоммӕ загъта: «Ды дӕ уыцы лӕг!» Нафаны ныхӕстӕ Давиды зӕрдӕйы ахызтысты, ӕмӕ тынг ӕрфӕсмон кодта (2 Пад. 12:1—14). Ды дӕр куы архайай, уӕд, зӕрдӕ бацагайын кӕм хъӕуы, ахӕм хъуыддӕгтыл афтӕ дзурын сахуыр уыдзынӕ, адӕймаджы куыд нӕ фӕхъыг кӕнай, фӕлӕ йын ӕххуыс куыд бакӕнай.

Адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ бирӕ хорз цӕвиттонтӕ райсӕн ис Библийӕ. Афтӕ бакодта Йесо, цалдӕр ныхасӕй куы загъта: «Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы» (Лук. 17:32). Адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы уа, уый ӕвдисӕг цаутыл бӕстон дзургӕйӕ та загъта, зӕгъгӕ, уӕд уыдзӕн, «Нойы бонты куыд уыд, афтӕ» (Матф. 24:37—39). Дзуттытӕм ӕрвысты 11-ӕм сӕры апостол Павел сӕ нӕмттӕй ранымадта, йӕ уырнындзинадӕй нын фӕзминаг чи у, ӕхсӕрдӕс ахӕм нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы. Библийы цы цаутӕ ӕмӕ цы адӕмы кой цӕуы, уыдон цас хуыздӕр зонай, уыйас сӕ хуыздӕр арӕхсдзынӕ цӕвиттонӕн хӕссынмӕ (Ром. 15:4; 1 Кор. 10:11).

Хатт хъуыды фӕтыхджындӕр кӕнынӕн ӕрхӕссӕн вӕййы нӕ дуджы цаутӕ дӕр. Ӕрмӕст хӕсс, бӕлвырд кӕй зоныс, ахӕм цаутӕ. Стӕй дӕхи хиз, кӕйдӕр зӕрдӕ ӕнӕхъуаджы чи фӕриссын кӕндзӕн кӕнӕ, дӕ ныхасы сӕримӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр кӕмӕн ницы ис, ахӕм дзырддаг фарстамӕ ӕргом чи аздаха, уыцы цаутӕй. Дӕ зӕрдыл дар, цау цӕмӕн радзырдтай, уый дӕр бӕрӕг кӕй хъуамӕ уа. Дӕ нысан сӕххӕст кӕнынӕн ӕрмӕстдӕр къуылымпыйы хос чи у, ахӕм ӕнӕхъӕугӕ лыстӕг фӕзилӕнтыл ма дзур.

Дӕ ныхасмӕхъусджытӕ йӕ бамбардзысты? Алы цӕстуынгӕ цӕвиттонӕн дӕр, алы абарстӕн дӕр бӕлвырд нысан хъуамӕ уа. Фӕлӕ цӕвиттон дӕ ныхасимӕ куыд баст у, уый куы нӕ равдисай, уӕд цымӕ афтӕ зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ йӕ нысаныл сӕмбӕлд?

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй афтӕ куы загъта, «сымах дунейы рухс стут», зӕгъгӕ, уӕд сын дыууӕ ныхасӕй бамбарын кодта, цырагъ цӕмӕн хъӕуы, ӕмӕ сыл уымӕ гӕсгӕ цы хӕс ис, уый (Матф. 5:15, 16, НФ). Сӕфт фысы тыххӕй радзургӕйӕ та загъта, адӕймаг йӕ тӕригъӕдтыл куы ӕрфӕсмон кӕны, уӕд уӕлӕрвты стыр цин кӕй вӕййы (Лук. 15:7). Хӕларзӕрдӕ самариаг лӕджы хабар куы ракодта, уӕд дӕр уал Йесо йӕ ныхасӕмбалмӕ радта рӕстдзӕвин фарст, ӕмӕ йын стӕй комкоммӕ загъта, цы кӕнын ӕй хъӕуы, уый (Лук. 10:36, 37). Фӕлӕ-иу алы хатт нӕ бакодта афтӕ. Алыхуызон мӕр ӕмӕ мӕгъӕлдаты (хӕмпӕлгӕрдӕджы) тыххӕй фӕсномыг ныхас Йесо ӕппӕт адӕмӕн нӕ бамбарын кодта, фӕлӕ сӕрныллӕгдзинад кӕмӕ разынд, ӕмӕ йӕ чи бафарста, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн (Матф. 13:1—30, 36—43). Йӕ мӕлӕтӕй ӕртӕ боны раздӕр Йесо ӕрхаста фӕсномыг ныхас сӕнӕфсирдоны кусджыты — лӕгмарты — тыххӕй. Фӕлӕ йӕ ӕмбарын нӕ бакодта, ӕмӕ йӕ нӕдӕр хъуыди. Ӕнӕ уымӕй дӕр «хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ фарисейтӕ бамбӕрстой, Уый уыдоны тыххӕй кӕй дзуры» (Матф. 21:33—45). Уӕдӕ, цӕвиттон ӕмбарын кӕнын хъӕуы ӕви нӕ, стӕй йӕ кӕд хъӕуы, уӕд цас лӕмбынӕг, уый аразгӕ уыдзӕн цӕвиттонӕн йӕхицӕй, стӕй, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ чи сты ӕмӕ дӕ нысан цы у, уымӕй.

Цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнын иу бонмӕ нӕ сахуыр уыдзынӕ, фӕлӕ дӕ фыдӕбон уый аргъ у. Хорз цӕвиттонтӕ ӕрмӕст зонд нӕ цырен кӕнынц, фӕлӕ зӕрдӕ дӕр агайынц. Цӕвиттонты руаджы, цы дзурӕм, уым вӕййы, ӕнӕуи ныхасы цы тых нӕй бавӕрӕн, уыцы тых.