23 УРОК
Ӕмбарын кӕн, царды кӕм бахъӕудзӕн
ИУ АДӔЙМАГИМӔ ныхас кӕнай ӕви бирӕ адӕммӕ уа дӕ ныхас,— афтӕ макуы хъуыды кӕн, ӕмӕ иугӕр, дӕ ныхас цӕуыл у, уый дӕумӕ цымыдис кӕсы, уӕд ӕнӕмӕнг дӕ ныхасӕмбалмӕ (кӕнӕ дӕ ныхасмӕхъусджытӕм) дӕр афтӕ кӕсдзӕн. Уӕвгӕ, цы дзурыс, уый ахсджиаг куыннӕ у, фӕлӕ дӕ ныхасмӕхъусджыты бӕлвырдӕй кӕм бахъӕудзӕн, уый сын куы нӕ бамбарын кӕнай, уӕд дӕм хъусынӕй тагъд афӕлмӕцдзысты.
Паддзахады залы раныхасмӕ чи фӕхъусы, уыдонӕн дӕр сӕ хабар, гӕнӕн ис, афтӕ рауайа. Кӕй никуы ма фехъуыстой, ахӕм цӕвиттон кӕнӕ цау сын куы ӕрхӕссай, уӕд дӕм уыцы зӕрдиагӕй хъусдзысты. Фӕлӕ сын, зӕгъгӕ, цы зонынц, уый кой кӕныс,— уыимӕ хъуыддагмӕ биноныг ӕркӕсыныл нӕ архайыс,— уӕд сӕ хъуыдытӕ адзӕгъӕлтӕ вӕййынц. Хъуамӕ сын баххуыс кӕнай, цы дзурыс, уый сӕ бӕлвырдӕй кӕм ӕмӕ цӕмӕн хъӕуы, уый фенынӕн.
Библи нӕ йӕхӕдӕг разӕнгард кӕны, цыфӕнды хъуыддаджы дӕр, цы ахъаз нын фӕуыдзӕн, ууыл хъуыды кӕнынмӕ (Ӕмб. 3:21). Иегъовӕ Аргъауӕг Иоанны дзыхӕй адӕмы ’ргом аздӕхта, «рӕстгӕнджытӕ зондӕй куыд архайынц, уымӕ» (Лук. 1:17, НД). Уыцы зонд та уый мидӕг ис, ӕмӕ рӕстгӕнджытӕм ис Иегъовӕйы ӕфсарм, уыдон тӕрсынц йӕ зӕрдӕхудт райсынӕй (Пс. 110:10). Уыцы зондӕн аргъ кӕнын чи зоны, уыдон фӕразынц ацы царды зындзинӕдтӕн ӕмӕ фидарӕй ныххӕцынц ӕрцӕуинаг ӕцӕг царды — ӕнусон царды — ныфсыл (1 Тим. 4:8; 6:19).
Дӕ раныхас пайда кӕд уыдзӕн. Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ дӕ ныхас адӕмӕн ӕцӕг ахъаз фӕуа, уӕд дӕ биноныг ахъуыды кӕнын хъӕудзӕн ӕрмӕст ӕрмӕгыл нӕ, фӕлӕ дӕ ныхасмӕхъусджытыл дӕр. Ӕмӕ уыдон та иу джиппы уагъд не сты. Дыууӕ ӕмхуызон адӕймаджы, дыууӕ ӕмхуызон бинонтӕ дзы нӕй. Чи дзы ацӕргӕ у, чи та рӕстӕмбис кары ис, чи дзы хӕрз ӕрыгон у, чи та — нырма сывӕллон. Чидӕр дзы ӕрмӕстдӕр фыццаг къахдзӕфтӕ кӕны ӕцӕгады фӕндагыл. Ис дзы, гуырд дӕр куы нӕ ма уыдтӕ, уӕдӕй нырмӕ чи лӕггад кӕны Иегъовӕйӕн, ахӕмтӕ дӕр. Се ’хсӕн ис куырыхон, фӕлтӕрд чырыстӕттӕ, ис дзы, дунейы зондахастӕй чи нӕма ссӕрибар ӕмӕ дунейы хъуыддӕгтӕ чи нӕма ныууагъта, ахӕмтӕ дӕр. Уӕдӕ дӕхи бафӕрс: цӕй тыххӕй мӕ фӕнды радзурын, уый сын цы ахъаз фӕуыдзӕн? Куыд сын баххуыс кӕнон, кӕм сӕ бахъӕудзӕн, уый бамбарынӕн? Чи зоны дӕ
фылдӕр зӕгъын фӕнда, зӕгъӕм, ацӕргӕты ӕмӕ сывӕллӕтты тыххӕй. Фӕлӕ иннӕты бынтон ма ӕрхъуыды кӕнай, уый дӕр хорз нӕ уыдзӕн.Зӕгъӕм, дӕ ныхас у Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕй кӕцыдӕрыл. Уыцы ахуырадыл ныр дӕр чи ӕууӕнды, уыдонӕн дӕ раныхас исты ахъаз фӕуа, уый тыххӕй цы ис саразӕн? Сӕ уырнындзинад сӕ зӕрдӕйы ноджы куыд фӕфидардӕр уа, ууыл бацархай. Куыд? Уыцы ахуырадӕн Фыстады цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдон сын бӕстон райхал. Афтӕ ма сын баххуыс кӕн, куыд стыр ахадындзинад ын ис, уый арфдӕр бамбарынӕн: равдис сын, уыцы ахуырадимӕ разы кӕй сты Библийы иннӕ ахуырӕдтӕ дӕр, стӕй уӕд Иегъовӕйы миниуджытӕ дӕр ууыл дзурӕг кӕй сты. Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ (гӕнӕн уӕвгӕйӕ, царды ӕцӕгӕй чи ӕрцыди, ахӕм хабӕрттӕ), ӕмӕ сын афтӕмӕй фенын кӕн, уыцы ахуырад адӕймаг раст куы ’мбара, уӕд ын уый стыр пайда кӕй хӕссы ӕмӕ йын фидӕны ныфс кӕй дӕтты.
Ныхас цӕуыл у, уый дӕ ныхасмӕхъусджытӕм куыд хауы, царды сын кӕм фӕахъаз уыдзӕн, уый тыххӕй кӕронбӕттӕны дыууӕ ныхасы зӕгъын фаг нӕу. Тӕккӕ райдианӕй дӕр сӕ алчидӕр хъуамӕ фӕхата, уый мӕнмӕ куы хауы, мӕн тыххӕй куы у, зӕгъгӕ. Ӕмӕ иугӕр райдианы ахӕм хорз бындур ӕрӕвӕрдтай, уӕд дарддӕр алы сӕйраг хъуыды халгӕйӕ дӕр, суанг кӕронбӕттӕны онг, ӕмбарын кӕн, дӕ ныхас цӕуыл у, уый сӕ царды кӕм бахъӕудзӕн.
Ӕрмӕг дӕ ныхасмӕхъусджытӕм куыд хауы, уый сын ӕмбарын кӕн, Библи нӕ куыд ахуыр кӕны, ахӕм зӕрдӕйы уагимӕ. Уый куыд ӕмбарын хъӕуы? Дӕ ныхасӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, кӕй сӕ уарзыс ӕмӕ сӕ кӕй ӕмбарыс (1 Пет. 3:8; 1 Иоан. 4:8). Апостол Павел, Фессалоникӕйы ӕмбырды цы стыр зындзинӕдтӕ уыди, уый кой куы кодта, уӕд дӕр дзы нӕ ферох, чырыстон фӕндагыл цӕугӕйӕ йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн хорзӕй цы бантыст, уый тыххӕй зӕгъын. Афтӕ ма Павел равдыста, уыцы хъуыддаг сӕ раст алыг кӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фидарӕй кӕй уырныдта (1 Фес. 4:1—12). Куыннӕ нын у Павел уымӕй фӕзминаг!
Дӕ раныхасӕй дӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты уымӕ баразӕнгард кӕнын фӕнды, хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ амонынмӕ сӕ хъарутӕ ноджы тынгдӕр раттой? Ссудз сын сӕ зӕрдӕты зынг, ахӕм стыр хъуыддаг кӕй ис сӕ бӕрны, уымӕн ноджы тынгдӕр куыд аргъ кӕной ӕмӕ сӕ удӕй арт куыд цӕгъдой. Фӕлӕ уыимӕ дӕ зӕрдыл дар, дӕ ныхасмӕхъусджытӕн сӕ уавӕртӕ ӕмӕ сӕ гӕнӕнтӕ ӕмхуызон кӕй не сты, ӕмӕ нын Библи дӕр уый кӕй ӕмбарын кӕны (Матф. 13:23). Дӕ ныхас ахӕм хъуамӕ ма уа, ӕмӕ де ’фсымӕртӕ сӕхи аххосджын хатой. Дзуттытӕм 10:24 нын фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, кӕрӕдзийы «уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕнут». Иннӕтӕн сӕ зӕрдӕты уарзондзинады зынг куы ссудзӕм, уӕд сӕ ӕнӕмӕнг бафӕнддзӕн хорздзинад аразын. Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн макуы дзур, хъуамӕ ӕнӕмӕнг афтӕ кӕнат, зӕгъгӕ. Иегъовӕйы уый фӕнды, ӕмӕ адӕм «уырнындзинадӕн басӕттой» (Ром. 14:25). Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд фидар кӕнӕм нӕхи уырнындзинад дӕр ӕмӕ не ’фсымӕрты уырнындзинад дӕр.
Адӕмӕн ӕххуыс кӕн, царды сӕ кӕм бахъӕудзӕн, уый фенынӕн. Адӕмӕн хорз хабар куы хъусын кӕнай, уӕд-иу дӕ ма рох кӕнӕд, цы пайда сын у, уый ӕмбарын кӕнын. Кӕддӕриддӕр дӕ хъус дар, адӕм цӕуыл тыхсынц, уымӕ. Куыд ӕй ис базонӕн? Радио кӕнӕ телевизоры ног хабӕрттӕм хъус. Газеты фыццаг фарсыл-иу дӕ цӕст ахӕсс. Адӕмимӕ ныхас кӕн ӕмӕ цы дзурынц, уымӕ лӕмбынӕг хъус. Чи зоны, афтӕмӕй бамбарай, тынгдӕр цӕуыл тыхсынц, уый: куыст нӕй, хъалонтӕ сты тынг стыр, низӕй тыхсы, йӕ бинонтӕй чидӕр фӕзиан, фыдгӕнд сарӕх, хицӕуттӕ мӕнгард, фӕлитой митӕ кӕнынц, бинонты цард хӕлы, кӕстӕр хистӕр нал зоны ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Библи сын нӕ баххуыс кӕндзӕн? Ай-гъай дӕр.
Ӕвӕццӕгӕн, рагацау спълан кодтай адӕймагимӕ бӕлвырд цӕуылдӕр аныхас кӕнын. Фӕлӕ куы фӕхатай, ӕмӕ йын ууыл ныхас кӕныны зӕрдӕ нӕй, ӕндӕр цӕуылдӕр у йӕ сагъӕс, уӕд дӕ ныхасаг ныууадз ӕмӕ кӕд дӕ бон у, уӕд уый цӕуыл тыхсы, ууыл аныхас кӕн йемӕ, кӕнӕ та йын зӕгъ, йӕ фарстайы фӕдыл ӕрмӕг кӕй бацагурдзынӕ ӕмӕ йӕм фӕстӕдӕр кӕй ӕрбацӕудзынӕ. Ӕцӕг, «цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ» нӕ дзурдзыстӕм, фӕлӕ Библийӕ цы хорз уынаффӕтӕ зонӕм, уыдон ын ӕвгъау нӕ кӕндзыстӕм (1 Тим. 5:13). Адӕймаг та йӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр айсдзӕн, Библийы уынаффӕтӕй йын ӕцӕгдӕр чи фӕахъаз уа, уый.
Адӕймагӕн дӕ ныхӕстӕй цы пайда ис, уый куы нӕ уына, уӕд йемӕ бирӕ нӕ аныхас кӕндзынӕ. Кӕд дын дӕ ныхас нӕ аскъуына, уӕддӕр ын йӕ цардыл уадиссаг нӕ фӕзындзӕн. Фӕлӕ йын дӕ ныхӕстӕ куыд стыр ахъаз фӕуыдзысты, уый йын бӕлвырд-бӕрӕгӕй куы бамбарын кӕнай, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ цард цӕхгӕр фӕзила.
Библи кӕимӕ ахуыр кӕнай, уымӕн дӕр ӕмбарын кӕн, цы базоны, уый йӕ царды кӕм бахъӕудзӕн (Ӕмб. 4:7). Ӕххуыс ын кӕн, Иегъовӕйы фӕндагыл цӕуынӕн ын ахъаз чи уыдзӕн, уыцы уынаффӕтӕ, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ дӕнцӕгтӕ ӕмбарынӕн. Уӕлдай тынгдӕр ын йе ’ргом здах, афтӕ куы араза, уӕд ын уый хорз цӕмӕй уыдзӕн, уымӕ (Ис. 48:17, 18). Уӕд ӕй фӕнддзӕн йӕ цард ивын. Ӕххуыс ын кӕн, Иегъовӕмӕ йӕ уарзт тыхджынӕй-тыхджындӕр куыд кӕна ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр уый зӕрдӕ рухс кӕнын куыд фӕнда. Ӕрмӕст, Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уый йын тыхӕй ма кӕнын кӕн, уадз ӕмӕ йӕм йӕхи зӕрдӕ куы сдзура афтӕ кӕнын, уӕд архайа уымӕ гӕсгӕ.