Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 УРОК

Ӕнӕрхӕцгӕ ныхас

Ӕнӕрхӕцгӕ ныхас

ХЪӔРӔЙ куы фӕкӕсыс, уӕд арӕх ферхӕцыс? Кӕнӕ ныхасы куы рацӕуыс, уӕд афтӕ вӕййы, ӕмӕ, цы зӕгъай, уый нал фӕзоныс, дӕ ныхас ныссуйтӕ вӕййы? Кӕд о, уӕд дӕ кусын хъӕуы ӕнӕрхӕцгӕйӕ дзурыныл. Йӕ ныхас ӕнӕрхӕцгӕ кӕмӕн у, уый кӕсгӕ дӕр ӕмӕ дзургӕ дӕр афтӕ фӕкӕны, ӕмӕ дзырдтӕ, хъуыдытӕ кӕрӕдзийы фӕдыл донау фӕуайынц. Ӕцӕг уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ адӕймаг гӕркъӕраг феста, кӕнӕ цы дзуры, ууыл хъуыды дӕр ма кӕна. Нӕ, ахӕм адӕймагӕн йӕ ныхас вӕййы зӕрдӕмӕдзӕугӕ, лӕг ӕм хъусынӕй нӕ фефсӕды. Ӕнӕрхӕцгӕйӕ дзурын — ацы хъуыддаг Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы сӕрмагонд ныхасаг у.

Адӕймаг къуыхцытӕгӕнгӕ кӕй фӕдзуры, уымӕн алыхуызон аххосӕгтӕ ис. Чи зоны дӕ дӕ хъус лӕмбынӕгдӕр ӕрдарын хъӕуы, дӕлдӕр цы аххосӕгты кой цӕуы, уыдонӕй искӕцымӕ. 1. Адӕймаг ферхӕцы, иннӕтӕн кӕсгӕйӕ ӕнӕзонгӕ дзырдтыл куы фембӕлы, уӕд. 2. Ӕгӕр арӕх кӕй ӕрлӕууы, уымӕ гӕсгӕ ӕрхӕц-схӕц фӕкӕны. 3. Ныхасыл фӕзыны, дзӕбӕх цӕттӕ куы нӕ вӕййы, уӕд уый дӕр. 4. Раныхасы мидӕг хъуыдытӕ кӕрӕдзийы фӕдыл раст ӕвӕрд нӕ вӕййынц. 5. Адӕймагӕн йӕ дзырдты «къӕбиц» хъӕздыг куы нӕ вӕййы, уӕд арӕх нӕ фӕзоны, цы зӕгъа, цавӕр дзырдтӕй спайда кӕна, уый. 6. Ныхас ма гуырымыхъхъ рауайы уый аххосӕй дӕр, ӕмӕ адӕймаджы ӕгӕр бирӕ дзырдтӕ фӕфӕнды тыхджындӕр хъӕлӕсӕй зӕгъын. 7. Ныхас ма рӕсугъд нӕ вӕййы, адӕймаг ӕвзаджы арӕзт, ӕвзаджы ӕгъдӕуттӕ дзӕбӕх кӕй нӕ фӕзоны, уый фыдӕй дӕр.

Къуыхцытӕгӕнгӕ куы дзурай, уӕд дӕ ныхасмӕхъусджытӕ Паддзахады залӕй, чи зоны, цӕугӕ нӕ акӕной, фӕлӕ сӕ хъуыдытӕ уыдзысты ӕндӕр кӕмдӕр ӕмӕ дӕ ныхӕстӕн сӕ фылдӕр уыдзӕн дзӕгъӕлы, дон хиды бынты куыд ауайа, уый хуызӕн.

О, фӕлӕ ӕнӕкъуыхцытӕй дзурай, дӕ ныхасы уӕз уа, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дӕ ныхасмӕхъусджытыл дӕлӕмӕ хӕцай кӕнӕ афтӕ дзурай, ӕмӕ сӕхи цы фӕкӕной, уый мауал зоной. Адӕмӕн сӕ хъомылад, сӕ ивгъуыд цард алыхуызон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сӕм афтӕ куы фӕкӕса, ӕмӕ ӕгӕр къӕйныхдзырд кӕныс кӕнӕ дӕ ныхас зӕрдӕйӕ нӕ цӕуы, уӕд зон, ӕмӕ дӕ нысан дӕ къухы кӕй нӕ бафтыд. Ахъуыды ма кӕн, апостол Павел дзурынмӕ куыд дӕсны уыди, фӕлӕ уӕддӕр коринфӕгтимӕ ныхас кӕнгӕйӕ йӕхи дардта «ӕнӕфӕразгӕ, ӕмӕ стыр тасы бын, ӕмӕ стыр зӕрдӕуынгӕджы», цӕмӕй сын се ’ргом ӕнӕхъуаджы йӕхимӕ ма здӕхтаид (1 Кор. 2:3, НФ).

Цӕмӕй хъӕуы хи хизын. Бирӕтӕ сӕ ныхасы хъӕуа-нӕхъӕуа фӕзӕгъынц ахӕм уӕлдай дзырдтӕ: «йед у», «зӕгъын», «дам», «чи у, уый». Иннӕтӕ та сӕ ныхас райдайынц: «мӕнӕ», «афтӕ уӕдӕ», кӕнӕ ма сӕ ныхасы фӕкӕнынц ахӕм дзырдтӕ: «уыныс», «кӕсыс» ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Чи зоны, ахӕм дзырдтӕ дӕуӕй дӕр арӕх схауы, дӕхӕдӕг ӕй хатгӕ дӕр нӕ кӕныс, афтӕмӕй. Уымӕ гӕсгӕ искӕмӕн зӕгъ, цӕмӕй дӕм хъуса ӕмӕ дӕ ахӕм дзырдтӕ куы сирвӕза, уӕд сӕ уый дӕр дӕ фӕстӕ фӕлхат кӕна. Куыд дзурыс, уый дӕ, гӕнӕн ис, стыр дисы бафтауа.

Иуӕй-иутӕ та афтӕ ахуыр сты, ӕмӕ цы бакӕсынц, цы фӕзӕгъынц, уымӕ цалдӕр хатты фӕстӕмӕ раздӕхынц. Зӕгъӕм, адӕймаг цыдӕр дзуры, фӕлӕ йӕ ныхас ӕрдӕгыл фескъуыдта, ӕмӕ цы загъта, уый фӕстӕмӕ сфӕлхат кодта, кӕнӕ ӕнӕхъӕнӕй, кӕнӕ та йӕ фӕстаг ныхӕстӕ.

Ис ахӕм адӕймӕгтӕ дӕр, ӕмӕ дзургӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕнынц (нӕдӕр ӕгӕр сындӕг, нӕдӕр ӕгӕр тагъд), фӕлӕ сӕ ныхас иу цӕмӕйдӕр райдайынц ӕмӕ стӕй хъуыдыйады астӕу бынтон ӕндӕр хъуыдымӕ ахизынц. Ома дзырдтӕ дзургӕ ӕнӕкъуыхцыйӕ кӕнынц, фӕлӕ иу хъуыдыйӕ иннӕмӕ рагӕпп-багӕпп кӕй фӕкӕнынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ ныхас рӕсугъд нӕ вӕййы.

Цы ис саразӕн? Кӕд дын дзургӕ-дзурын арӕх дзырдтӕ нал фӕфаг кӕны, уӕд дӕ хъӕуы дӕ дзырдты «къӕбиц» фӕхъӕздыгдӕр кӕнын. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ иннӕ литературӕ кӕсгӕйӕ дӕ хъус дар ӕнӕзонгӕ дзырдтӕм. Цы амонынц, уымӕй-иу, ӕвзаг хорз чи зоны, ахӕм искӕй афӕрс кӕнӕ та-иу сӕ дзырдуаты фен ӕмӕ-иу сӕ стӕй бахъуыды кӕн.

Арӕхдӕр кӕс хъӕрӕй — уый дын стыр ахъаз фӕуыдзӕн. Зынкӕсӕн дзырдтӕ-иу дзы куы уа, уӕд-иу сӕ цалдӕр хатты хъӕрӕй зӕгъ.

Цӕмӕй кӕсгӕ-кӕсын ӕрхӕц-схӕц ма кӕнай, уый тыххӕй хъуамӕ хорз ӕмбарай, хъуыдыйады мидӕг дзырдтӕ кӕрӕдзийыл куыд баст сты, уый дӕр. Фыссӕджы цы зӕгъын фӕнды, уый раст радӕттынӕн иугай дзырдтӕ нӕ фӕхъӕуы кӕсын, фӕлӕ хъуыды ӕвдисӕг дзырдбӕстытӕ иумӕ. Уымӕ гӕсгӕ дӕ хъус дар ахӕм дзырдты къордтӕм. Кӕд дӕ фӕнды, уӕд дӕ бон у, ӕмӕ сӕ тексты мидӕг искуыд нысан дӕр фӕкӕнай. Дӕ хӕс ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ дзырдтӕ раст бакӕсай, фӕлӕ ма хъуыдытӕ дӕр бӕлвырдӕй радӕттын. Афтӕ радгай равзар абзацы хъуыдыйӕдтӕй алкӕцыдӕр. Архай хъуыдыты хал ӕрцахсыныл. Уый фӕстӕ абзац хъӕрӕй бакӕс. Уыцы абзацыл кус уӕдмӕ, цалынмӕ йӕ бынтон ӕнӕрхӕцгӕйӕ ӕмӕ ӕнӕ уӕлдай ӕрлӕудтытӕй нӕ кӕсай. Ӕмӕ афтӕ иннӕ абзацтӕ дӕр.

Ныр та бацархай тагъддӕр кӕсын. Иугӕр, хъуыдыйады мидӕг дзырдтӕ куыд баст сты, уый хатыс, уӕд иу ӕркастӕн иу дзырд нӕ уындзынӕ, фӕлӕ ма йӕ фӕстӕ цы дзырдтӕ ис, уыдон дӕр, ӕмӕ-иу хъуыды уайтагъд ацахсдзынӕ. Ӕмӕ уӕд кӕсдзынӕ бирӕ хуыздӕр ӕмӕ аивдӕр.

Тынг хорз фӕлтӕрӕн у, рагацау ма бацӕттӕ кӕнын, афтӕмӕй кӕсын дӕр. Зӕгъӕм, хъӕрӕй-иу бакӕс «Алы бон дӕр ӕвзар Фыстытӕ»-й стих ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы хъуыдытӕ. Алы дзырд дӕр хицӕнӕй ма кӕс, фӕлӕ ахуыр кӕн дӕ цӕст дзырдты къордтыл, ома ӕнӕхъӕн хъуыдытыл хӕссын.

Искӕимӕ ныхасгӕнгӕйӕ-иу, цы зӕгъинаг дӕ, ууыл развӕлгъау ахъуыды кӕн, ӕмӕ уӕд ӕрхӕц-схӕц нӕ кӕндзынӕ. Афтӕ кӕн алы бон дӕр, кӕимӕфӕнды дӕ ма уа ныхасаг. Ахъуыды-иу кӕн, цавӕр хъуыдытӕ дӕ фӕнды зӕгъын, фыццаг уал цы зӕгъдзынӕ, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ райдай ныхас кӕнын. Тагъд ма кӕн. Цалынмӕ дӕ хъуыды кӕронмӕ зӕгъай, уӕдмӕ-иу ма ӕрлӕуу, иу хъуыдыйӕ иннӕмӕ ма «гӕпп кӕн». Дзур цыбыр ӕмӕ хуымӕтӕг хъуыдыйӕдтӕй, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн.

Цы зӕгъын дӕ фӕнды, уый куы зонай, уӕд дзырдтӕ де ’взагыл сӕхигъӕдӕй уайдзысты. Ӕнӕуи ныхасы ууыл никуы фӕхъуыды кӕнӕм, ныр та цавӕр дзырд зӕгъон, зӕгъгӕ. Уӕдӕ-иу истӕмӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ дӕхицӕн сбӕлвырд кӕн, цы хъуыдытӕ зӕгъинаг дӕ, уыдон, дзырдтыл та хъуыды кӕн дзургӕ-дзурын. Цы зӕгъын дӕ фӕнды, сӕйраджыдӕр ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дзырдтӕ сӕхӕдӕг гуырдзысты ӕмӕ дӕ ныхас цӕудзӕн зӕрдӕйӕ. Фӕлӕ уый зон, ӕмӕ куыддӕр хъуыдыты бӕсты дзырдтыл райдайай хъуыды кӕнын, афтӕ дын ӕнӕферхӕцгӕ нӕй. Дӕхиуыл ӕвӕллайгӕйӕ кус, ӕмӕ рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ дӕ ныхас донау уайдзӕн,— уымӕй та бирӕ аразгӕ у куыд дзургӕ ныхасы, афтӕ кӕсыны хъуыддаджы дӕр.

Иегъовӕ Моисейӕн куы бахӕс кодта, цӕмӕй йын йӕ фӕндон Израилы адӕмӕн ӕмӕ Египеты фараонӕн фехъусын кӕна, уӕд Моисеймӕ афтӕ каст, ӕмӕ уыцы хӕс сӕххӕст кӕнын йӕ бон нӕ бауыдзӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ дзурынмӕ рӕвдз нӕ уыд; ныхас кӕй фӕрцы рӕзы, уыцы уӕнгтӕй йын кӕцыдӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыди хъыгдард (Рац. 4:10; 6:12). Моисей бирӕ ӕфсӕнттӕ фӕкодта, фӕлӕ дзы Хуыцауы цӕсты иу дӕр аккаг ӕфсон нӕ разынд. Иегъовӕ Моисейӕн канд Аароны нӕ арвыста йемӕ, уый дзурдзӕн дӕ бӕсты, зӕгъгӕ, фӕлӕ ма йын йӕхи дӕр скодта дзурынхъом. Ӕмӕ Моисей Хуыцауы номӕй, мыййаг, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ дзырдта куыд иу кӕнӕ къорд адӕймаджы раз, афтӕ ӕгас адӕмы раз дӕр, ӕмӕ-иу йӕ ныхас зӕрдӕйы ахызти (Дык. з. 1:1—3; 5:1; 29:2; 31:1, 2, 30; 33:1). Кӕд, дӕуӕй кӕнгӕ цы у, уый ӕнӕзивӕгӕй аразыс, ӕмӕ уыимӕ алцӕмӕй дӕр дӕ ныфс Иегъовӕйыл ӕвӕрыс, уӕд ды дӕр дӕ ныхасӕй бӕрзонд кӕндзынӕ Хуыцауы ном.