Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

26 УРОК

Ӕрӕмӕг фӕд-фӕдыл раст равӕр

Ӕрӕмӕг фӕд-фӕдыл раст равӕр

ЦАЛЫНМӔ дӕ раныхасы ӕрмӕг фӕд-фӕдыл равӕрай, уӕдмӕ уал бӕстон ахъуыды кӕн, цы у дӕ нысан. Ӕнӕуи дӕ цӕйдӕр тыххӕй фӕнды ӕрдзурын: йе ахуырад, йе цавӕрдӕр зондахаст кӕнӕ миниуӕг, йе та цавӕрдӕр уагахаст кӕнӕ цардыуаджы тыххӕй? Ӕви дӕ фӕнды, цыдӕр раст кӕй у кӕнӕ раст кӕй нӕу, уый сбӕлвырд кӕнын? Йе та дӕ ныхасмӕхъусджытӕ цӕмӕндӕр тынгдӕр куыд аргъ кӕной кӕнӕ цыдӕр аразын куыд райдайой, уымӕ баразӕнгард кӕнын? Иу адӕймагимӕ дзурай ӕви бирӕ адӕмимӕ,— дӕ ныхас зӕрдӕзӕгъгӕ уӕд рауайдзӕн, цы фарстайы фӕдыл дзурдзынӕ, уый тыххӕй адӕм цы зонынц ӕмӕ цы хъуыды кӕнынц, уый куы сбӕрӕг кӕнай. Уый фӕстӕ ӕрмӕг афтӕ равӕр, дӕ ныхас йӕ нысаныл куыд сӕмбӕла.

Савл (Павел) Дамаскы куыд хъусын кодта, уый тыххӕй Куыстыты 9:22 кӕсӕм, зӕгъгӕ, уый «дисы ӕфтыдта Иудейты, Дамаскы цӕрджыты, бӕлвырд кӕнгӕйӕ Уый кӕй у Чырысти». Цӕй руаджы уыдис Павелы ныхас афтӕ фидар? Фӕстӕдӕр Павел Антиохи ӕмӕ Фессалоникӕйы куыд хъусын кодта, уымӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм: йӕ ныхас арӕзта, иудейтӕ Фыстытыл, стӕй Фыстыты Мессиайы тыххӕй цыдӕриддӕр фыст ис, ууыл кӕй ӕууӕндыдысты, уый бындурыл. Стӕй-иу Павел уыцы Фыстытӕй равзӕрста, Мессиайы цард ӕмӕ хъуыддӕгтыл рагацау кӕм цыди дзырд, цалдӕр ахӕм скъуыддзаджы, ӕрхаста-иу сӕ йӕ ныхасы ӕмӕ-иу сӕ абарста, Йесойыл ӕцӕг цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонимӕ. Ӕмӕ-иу фӕстагмӕ скодта, ӕнӕ йӕ зӕгъгӕйӕ дӕр дызӕрдыггаг чи нал уыди, ахӕм хатдзӕг — Йесо у Чырысти, ома Мессиа (Ап. к. 13:16—41; 17:2, 3). Библийы цы фыст ис, уый ды дӕр фӕд-фӕдыл раст куы ӕмбарын кӕнай, уӕд адӕмы зӕрдӕмӕ хъардзӕн.

Куыд равӕрын хъӕуы ӕрмӕг. Ӕрмӕг фӕд-фӕдыл алыхуызӕтты ис равӕрӕн. Кӕд уый хъӕуа, уӕд иу раныхасы спайда кӕнӕн ис ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр мадзӕлттӕй. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.

Хицӕн фарстатӕм гӕсгӕ. Ӕрмӕг хицӕн хӕйттыл афтӕ адих кӕн, алы хай дӕр дзы, дӕ разы цы нысан сӕвӕрдтай, уымӕ куыд кӕна. Уыцы хӕйттӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ уой, дӕ ныхасы сӕр цы у, уый бамбарынӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг сӕйраг хъуыдытӕ. Йе та, цыдӕр раст кӕй у кӕнӕ раст кӕй нӕу, уый ӕвдисӕг хицӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Дӕ ныхасы нысан цы у ӕмӕ дӕ ныхасмӕхъусджытӕ чи сты, уымӕ гӕсгӕ цыдӕр хъуыдытӕ ис кӕнӕ бафтауӕн, кӕнӕ та айсӕн дӕр.

Ӕркӕсӕм, ӕрмӕг фарстатӕм гӕсгӕ куыд ис равӕрӕн, уымӕ. Зӕгъӕм, хӕрз цыбыртӕй дӕ зӕгъын фӕнды Хуыцауы номы тыххӕй. Цы ис зӕгъӕн? 1) Хуыцауы ном цӕмӕн хъӕуы зонын, 2) Хуыцауы ном куыд у ӕмӕ 3) йын йӕ номӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый куыд ис равдисӕн.

Ӕрмӕг фарстатӕм гӕсгӕ куыд ис равӕрӕн, уый тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базонӕн ис, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн цы литературӕ уадзы, уымӕй (Матф. 24:45). Арӕх уыцы литературӕйы ӕвзӕрст фӕцӕуы цалдӕр фарстайы, ӕмӕ уый фӕрцы, адӕймаджы Библийы сӕйраг ахуырӕдты тыххӕй фыццаджыдӕр цы хъӕуы зонын, уый базоны. Чингуыты та алы сӕр дӕр дих вӕййы дӕлсӕргӕндтыл. Алы хицӕн фарста дӕр дзы адӕймаджы цӕттӕ кӕны, дарддӕр цы уыдзӕн, уымӕ, ӕмӕ йын ӕххуыс кӕны, дзырд цӕуыл цӕуы, уымӕн йӕ иумӕйаг ныв фенынӕн.

Ахӕм фӕткмӕ гӕсгӕ: цы ’рцыд ӕмӕ цӕмӕн. Цавӕрдӕр хабар цӕмӕн ӕрцыд, уымӕй райдайын ӕмӕ, цӕмӕ ӕркодта, уымӕй фӕуын — ноджыдӕр иу мадзал ӕрмӕг фӕд-фӕдыл равӕрынӕн.

Ацы мадзал тынг ахадгӕ у, куы дӕ фӕнда, ӕмӕ адӕймаг кӕнӕ ныхасмӕхъусджытӕ арф ныхъхъуыды кӕной, ныртӕккӕ цы аразынц кӕнӕ цы аразынвӕнд кӕнынц, уый сӕ цӕмӕ ӕркӕндзӕн. Ӕрмӕг ахӕм хуызы куыд ис равӕрӕн, уый фенӕн ис Ӕмбисӕндты чиныджы 7-ӕм сӕрӕй. Цардӕгас, хуызджын нывтӕй дзы ӕвдыст цӕуы, иу «тӕлтӕгзӕрдӕ» («цӕмӕн», ома аххосаг) лӕппу хъахбай сылгоймагимӕ куыд сбӕндӕн ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ сӕр йеудодойаг кӕй фӕци, уый («цы ’рцыд», ома фӕстиуӕг) (Ӕмб. 7:7, «Мах дуг» № 12, 1999).

Хъуыды фӕтыхджындӕр кӕнынӕн ныхӕй-ныхмӕ ӕрӕвӕрӕн ис хорз ӕмӕ ӕвзӕр: иуырдыгӕй — Иегъовӕйы фӕндаг чи ныууагъта, уыдонӕн уый цӕмӕ расайдта, иннӕрдыгӕй та — Иегъовӕмӕ чи хъусы, уыдон цы бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын сты, уый. Раст афтӕ бакодта Моисей, Иегъовӕйы сыгъдӕг удӕй зӕрдӕргъӕвд уӕвгӕйӕ, Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл Израилы адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд (Дык. з., 28 сӕр).

Хатт хуыздӕр вӕййы, цы ’рцыд, уымӕй райдайын ӕмӕ уый фӕстӕ, цӕмӕн афтӕ рауад, уый бамбарын кӕнын. Ӕмӕ уӕд рахизӕн вӕййы ахӕм фӕткмӕ: цӕуыл тыхсӕм ӕмӕ йын цы хос ис.

Цӕуыл тыхсӕм ӕмӕ йын цы хос ис. Уацамынды дӕм адӕм хуыздӕр хъусдзысты, цӕуыл тыхсынц, ахӕм хъуыддагыл куы дзурай ӕмӕ уыцы зындзинӕдтӕн цы хос ис, уый сын куы ӕвдисай. Арӕх адӕм сӕхӕдӕг ской кӕнынц цыдӕр зындзинады тыххӕй; кӕд нӕ, уӕд та дӕхӕдӕг равзар, цӕуыл тыхсынц, иу ахӕм исты, ӕмӕ уымӕй райдай дӕ ныхас.

Зӕгъӕм: адӕм зӕронд кӕнынц ӕмӕ мӕлынц, кӕнӕ фыдракӕндтӕ бонӕй-бон фылдӕр кӕнынц, йе та рӕстдзинад никуыуал ис. Ахӕм зындзинӕдтӕ кӕй ис, ууыл дӕ бирӕ дзурын нӕ бахъӕудзӕн — алчидӕр сӕ йӕхи цӕстӕй уыны. Уӕдӕ цавӕрдӕр бӕллӕхӕн йӕхи тыххӕй дыууӕ ныхасы куы зӕгъай, уӕд рахиз, цы хос ын ис, уый фӕдыл Библи цы дзуры, уымӕ.

Фӕлӕ хатт адӕймагӕн вӕййы, иунӕг йӕ уд кӕмӕй тыхсы, ахӕм зындзинад: зын ын у сывӕллӕтты иунӕгӕй хъомыл кӕнын, кӕнӕ йӕ уӕззау низ бадомдта, йе та йӕ чидӕр ӕфхӕры ӕмӕ йӕ зӕрдӕ мастӕй йедзаг у. Иууыл стырдӕр хорз цы у дӕ бон ахӕм адӕймагӕн ракӕнын — бауадз ӕй йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ радзурын, байхъус ӕм. Уыцы фарстатӕй алкӕцыйы фӕдыл дӕр Библийы ис хорз уынаффӕтӕ. Фӕлӕ ам дӕу хъӕуы уӕззау зонд равдисын. Дӕ ныхас адӕймагӕн ӕцӕг ахъаз ӕрмӕстдӕр уӕд фӕуыдзӕн, алцыдӕр бӕстон куы сбарай. Ахъуыды кӕн, дарддӕр хуыздӕр цӕуыл уыдзӕн аныхас кӕнын: уыцы зындзинадӕн йӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн, ууыл, ӕви йын ацы тӕккӕ цӕмӕй фенцондӕр уыдзӕн, йе та цалынмӕ ацы цардӕвӕрд уа, уӕдмӕ уыцы зындзинадимӕ куыд цӕра, куыд быхса. Ӕндӕр ныхасӕй, адӕймагӕн Библийӕ цы бӕлвырдгӕнӕн ӕрхӕссай, уымӕй хъуамӕ дӕ бон уа, цы хатдзӕг скодтай, уый бафидар кӕнын. Науӕд ӕм дӕ ныхӕстӕ бынтон раст нӕ фӕкӕсдзысты.

Цаутӕ куыд цӕуынц, уымӕ гӕсгӕ. Хатт ӕрмӕгӕн йӕхицӕй бӕрӕг вӕййы, цаутӕ куыд цыдысты, уымӕ гӕсгӕ йӕ кӕй хъӕуы радзурын. Цӕвиттон, Рацыды чиныджы дӕс ӕфхӕрды ӕвдыст цӕуынц кӕрӕдзийы фӕдыл, чи сӕ куыд цыди, афтӕ. Дзуттытӕм фыстӕджы 11-ӕм сӕры апостол Павел, уырнындзинадӕй фӕзминаг чи у, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ранымадта, чи сӕ кӕд цард, уымӕ гӕсгӕ.

Цаутӕ куыд цыдысты, афтӕ сӕ куы дзурай, уӕд дӕ ныхасмӕхъусджытӕ хуыздӕр бамбардзысты, хабӕрттӕ афтӕ цӕмӕн рауадысты, уый. Библи куы фыстой, уӕды заманы цаутыл дзурай ӕви нӕ дуджы хабӕрттыл,— уӕлдай нӕу. Ӕмӕ уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ дыууӕ мадзалӕй дӕр иумӕ пайда кӕныс: иуӕй, цаутӕ куыд цыдысты, афтӕ сӕ дзурыс, иннӕмӕй та ӕмбарын кӕныс, цӕмӕн ӕрцыдысты ӕмӕ цӕмӕ ӕркодтой. Библимӕ гӕсгӕ нӕм фидӕны цы цаутӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны кой куы кӕнай, уӕд сӕ радзур, чи дзы кӕй фӕстӕ уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ, афтӕмӕй сӕ дӕ ныхасмӕхъусджытӕ ӕмбаргӕ дӕр хуыздӕр бакӕндзысты ӕмӕ хъуыды дӕр.

Ӕцӕг, ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ-иу хабӕрттӕ алыхатт сӕры-сӕрӕй райдайай дзурын. Хатт ахадгӕдӕр вӕййы, радзырды мидӕг тӕккӕ ирддӕр цы цау у, ныхас уымӕй райдайын. Зӕгъӕм, искӕй царды тыххӕй дӕ куы фӕнда радзурын, уӕд райдай, йӕ иузӕрдиондзинад кӕм сбӕлвырд, ахӕм цауӕй. Афтӕмӕй адӕм сцымыдис уыдзысты, ӕмӕ уӕд фӕд-фӕдыл радзур, уыцы цауы размӕ цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон.

Ӕрмӕгӕй ныууадз, ӕрмӕстдӕр цы хъӕуы, уый. Дӕ раныхасы ӕрмӕг куыдфӕнды ма равӕрай,— ныууадз дзы, ӕцӕгӕйдӕр хъӕугӕ цы у, ӕрмӕстдӕр уый. Дӕ зӕрдыл дар, цы у дӕ ныхасы сӕр. Рох дӕ ма уӕд, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ чи сты, уый дӕр. Афтӕ вӕййы, ӕмӕ иутӕн тынг ахсджиаг цы хъуыды у, уый иннӕтӕн афтӕ ахсджиаг нӕ вӕййы. Цы хъуыдытӕ дӕ фӕнды зӕгъын, уыдон фӕрцы дӕ ныхас йӕ нысаныл сӕмбӕлдзӕн ӕви нӕ, уый дӕр хъуамӕ фидарӕй зонай. Кӕннод дӕ ныхас цыфӕнды цымыдисаг ма уа, уӕддӕр дзы уӕз нӕ уыдзӕн.

Цавӕрдӕр фарсты фӕдыл ӕрмӕг агургӕйӕ адӕймаг бирӕ цымыдисаг хъуыдытыл фӕхӕст вӕййы. Фӕлӕ ӕппӕт уыцы хъуыдытӕй цас у дӕ бон зӕгъын? Дӕ ныхасмӕхъусджыты зонындзинӕдты бын куы фӕкӕнай, уӕд дӕ нысан дӕ къухы нӕ бафтдзӕн. Цӕйнӕфӕлтау бирӕ цыдӕртӕ тагъд-тагъд, уӕлӕнгӕйтты радзурай, фӕлтау цалдӕр ахсджиаг хъуыдыйы бӕстон райхал, ӕмӕ сӕ адӕм бахъуыды кӕной. Ай афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ раныхасмӕ цымыдисаг лыстӕг хабӕрттӕ ӕппындӕр нӕй бахӕссӕн. Дзырд ууыл цӕуы, ӕмӕ дӕ нысан аууоны ма аззайа. Ӕркӕс ма, Маркы 7:3, 4 ӕмӕ Иоанны 4:1—3, 7—9 цы лыстӕг хабӕрттыл цӕуы дзырд, уыдонӕй иу дӕр дзӕгъӕлы куыд нӕу.

Иу хъуыдыйӕ иннӕмӕ ӕваст макуы рахиз, науӕд адӕм хъуыдыты хал нал ӕрцахсдзысты. Цӕмӕй хъуыдытӕй иу иннӕйы бӕлвырддӕр кӕна, уый тыххӕй ӕмбарын кӕн, цы бар дарынц кӕрӕдзимӕ. Уый саразынӕн фӕхъӕуы дыууӕ хъуыдыйы кӕрӕдзийыл абӕттын кӕнӕ хицӕн хъуыдыйадӕй, кӕнӕ дыууӕ ныхасӕй. Иуӕй-иу ӕвзӕгты та уымӕн фаг вӕййы бӕттӕгдзырд кӕнӕ дзырдбаст дӕр.

Ӕцӕг дӕ цы ӕрмӕг хъӕуы, ӕрмӕстдӕр уымӕй куы спайда кӕнай дӕ раныхасы ӕмӕ йӕ фӕд-фӕдыл раст куы равӕрай, уӕд дӕ ныхас сӕмбӕлдзӕн нысаныл.