Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Сыгъдӕг уӕд Дӕ ном» – цавӕр ном?

«Сыгъдӕг уӕд Дӕ ном» – цавӕр ном?

ХУЫЦАУ кӕй ис, уый дӕ уырны? Кӕд о, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, зоныс, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн Хуыцаумӕ кувын куыд амыдта, уый, ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр, чи зоны, афтӕ фӕкувыс. Уыцы куывд хонынц Чырыстийы куывд кӕнӕ «Нӕ Фыд». Райдыдта мӕнӕ ахӕм ныхӕстӕй: «Нӕ Уӕларвон Фыд, сыгъдӕг уӕд Дӕ ном» (Матфейы 6:9, «Ног Фӕдзӕхст»-ы ног тӕлмац, 2004 аз).

Никуы йыл ахъуыды кодтай, Йесо ацы куывды фыццаджыдӕр, Хуыцауы ном «сыгъдӕг уа», кӕнӕ, срухс уа, уый кой цӕмӕн ракодта? Уый фӕстӕ та загъта ӕндӕр хъуыддӕгты тыххӕй, зӕгъӕм, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, Хуыцауы фӕндон зӕххыл сӕххӕст уа ӕмӕ нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд уой. Фӕстагмӕ кӕй тыххӕй загъта, уыцы хъуыддӕгтӕ куы ’рцӕуой, уӕд зӕххыл уыдзӕн ӕцӕг сабырдзинад ӕмӕ адӕм цӕрдзысты ӕнустӕм. Ӕмӕ ма уӕд уымӕй ахсджиагдӕр цы хъуамӕ уа? Фӕлӕ уӕддӕр Йесо загъта, зӕгъгӕ, фыццаджыдӕр кувут, цӕмӕй Хуыцауы ном срухс уа.

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн хуымӕтӕджы нӕ дзырдта, зӕгъгӕ, уӕ куывдтыты сӕйрагдӕр уӕд Хуыцауы ном. Бӕрӕг у, уыцы номӕй ахсджиагдӕр ын кӕй ницы уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ куывдтыты арӕх кодта уый кой. Иухатт адӕмы раз Хуыцаумӕ скуывта ӕмӕ загъта: «О Мӕ Фыд! Скадджын кӕн Дӕ ном». Ӕмӕ йын Хуыцау йӕхӕдӕг дзуапп радта: «Скадджын ӕй кодтон, ӕмӕ йӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн» (Иоанны 12:28, «Ног Фӕдзӕхст», Байаты Гаппойы тӕлмац).

Йӕ мӕлӕты размӕ фӕстаг изӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ куы уыд, уӕд семӕ скуывта Хуыцаумӕ, ӕмӕ та уыцы куывды дӕр равдыста, Хуыцауы ном куыд ахсджиаг у, уый. Йесо загъта: «Ды Мын дунейӕ цы адӕм радтай, уыдонӕн Ӕз раргом кодтон Дӕ ном». Гыццыл фӕстӕдӕр та ногӕй загъта: «Ӕмӕ сын Ӕз раргом кодтон Дӕ ном, ӕмӕ сын ӕй дарддӕр дӕр ӕргом кӕндзынӕн» (Иоанны 17:6, 26, «Ног Фӕдзӕхст»-ы ног тӕлмац, 2004 аз).

Йесойӕн Хуыцауы ном афтӕ ахсджиаг цӕмӕн уыд? Ӕмӕ уыцы ном махӕн дӕр афтӕ ахсджиаг цӕмӕн скодта, цӕмӕн нын дзуры, зӕгъгӕ, кувут, цӕмӕй Хуыцауы ном срухс уа? Цалынмӕ ацы фарстытӕн дзуапп ссарӕм, уӕдмӕ уал базонын хъӕуы, раджы заманты нӕмттӕм цы цӕстӕй кастысты, уый.

Нӕмттӕ – раджы заманты

Йегъовӕ Хуыцау адӕймаджы афтӕ скодта, ӕмӕ йӕ фӕнды алцӕуыл дӕр ном ӕвӕрын. Фыццаг адӕймагӕн дӕр уыди ном – Адам. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Адамы фыццаг хӕслӕвӕрдтӕй иу уыд уый, ӕмӕ хъуамӕ цӕрӕгойтыл нӕмттӕ сӕвӕрдтаид. Куыддӕр Хуыцау Адамӕн ус радта, афтӕ йӕ Адам схуыдта «Сылгоймаг» (дзуттагау Иш-ша́). Фӕстӕдӕр та йыл сӕвӕрдта ном Евӕ, ома «Цардӕгас», уымӕн ӕмӕ «хъуамӕ суыдаид, зӕххыл чидӕриддӕр цардаид, уыдоны мад» (Райдиан 2:19, 23; 3:20). Афтӕ у абон дӕр: алы адӕймагыл дӕр сӕвӕрынц ном. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, ахъуыды-ма кӕн, ӕнӕ нӕмттӕй куыд кодтаиккам.

Фӕлӕ рагон израилӕгты заманы ном ӕрмӕст уый тыххӕй не ’вӕрдтой, ӕмӕ адӕймагмӕ искуыд бадзурӕн уыдаид. Алы ном дӕр цыдӕр нысан кодта. Зӕгъӕм, Исаахъ нысан кӕны «Худын», уымӕн ӕмӕ йӕ ныййарджытӕ, зӕрондӕй сын сывӕллон уыдзӕн, уый куы базыдтой, уӕд худтысты (Райдиан 17:17, 19; 18:12). Исавӕн йӕ ном нысан кӕны «Хъуынджын» ӕмӕ ӕвдисы, бакастӕй цыхуызӕн уыди, уый. Хуыдтой ма йӕ Едом дӕр, ома «Сырх» кӕнӕ «Сырхгонд», уымӕн ӕмӕ, хистӕр фырт кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕм цы бар хауд, уый ауӕй кодта сырх хъӕдуры къусыл (Райдиан 25:25, 30–34; 27:11; 36:1). Иаков та кӕд Исавӕй, йӕ фаззон ӕфсымӕрӕй, гыццыл кӕстӕр уыд, уӕддӕр ын йӕ хистӕры бартӕ балхӕдта, ӕмӕ кӕд арфӕдзинад хистӕрмӕ ӕмбӕлд, уӕддӕр сӕ фыд раарфӕ кодта Иаковӕн. Йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ дӕр йӕ ном нысан кодта «Зӕвӕтыл чи ныххӕцыд, уый» кӕнӕ «Искӕй бынат исӕг» (Райдиан 27:36). Паддзах Соломоны ном та нысан кӕны «Сабыр», ӕмӕ йӕ рӕстӕджы Израилы адӕм ӕцӕгдӕр цардысты сабыр ӕмӕ хъӕздыг цардӕй (1 Паралипоменон 22:9).

Уымӕ гӕсгӕ иу дзырдуаты, «Библийы дзырдуат нывтимӕ», зӕгъгӕ, фыст ис: «Дзырд „ном“ З[ӕронд] Ф[ӕдзӕхсты] куыд ӕмбӕлы, уымӕ лӕмбынӕг куы ’ркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, дзуттаг ӕвзаджы йын куыд стыр нысаниуӕг ис, уый. Ном ӕнӕуи бадзурынӕн нӕу, фӕлӕ ӕвдисы, уыцы ном кӕуыл ис, уый ӕцӕгӕй чи у ӕмӕ цавӕр удыхъӕды хицау у» («The Illustrated Bible Dictionary», 1 том, 572 фарс).

Хуыцауы цӕсты ном ӕнӕуи дзырд кӕй нӕу, уый уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ цалынмӕ Аргъауӕг Иоанн ӕмӕ Йесо нӕ райгуырдысты, уӕдмӕ сын сӕ ныййарджытӕн зӕды уылты загъта, сӕ фырттыл цавӕр нӕмттӕ хъуамӕ сӕвӕрой, уый (Лукайы 1:13, 31). Хатт-иу Хуыцау адӕймагӕн йӕ ном ивгӕ дӕр акодта кӕнӕ та-иу ын йӕхи номӕй уӕлдай ӕндӕр ном дӕр радта, цӕмӕй-иу бӕрӕг уыдаид, уыцы адӕймагӕн йӕ фӕндты цы бынат уыдзӕн, уый. Зӕгъӕм, Аврамӕн («Бӕрзонддзинады фыд») афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, дӕуӕй рацӕудзӕн бирӕ адӕмтӕ, уӕд ын йӕ ном дӕр аивта ӕмӕ йӕ схуыдта Авраам («Бирӕ адӕмы фыд»). Авраамы ус Сарӕйӕн дӕр йӕ ном («Хъуырхъуыргӕнаг») аивта ӕмӕ йӕ схуыдта Саррӕ («Паддзахы ус»), уымӕн ӕмӕ хъуамӕ суыдаид Авраамы байзӕддӕгты мад (Райдиан 17:5, 15, 16; абар сӕ 32:28; 2 Паддзахӕдты 12:24, 25).

Бӕрӕг у, Йесо дӕр нӕмттӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕй нӕ каст, уымӕн ӕмӕ Петры стыр бартӕй куы схайджын кодта, уӕд ын йӕ хъус ӕрдардта, йӕ ном цы нысан кӕны, уымӕ (Матфейы 16:16–19). Нӕмттӕ канд адӕймӕгтӕн нӕй, фӕлӕ зӕдтӕн дӕр. Библийы дзы ис дыууӕйы нӕмттӕ – Гавриил ӕмӕ Михаил (Лукайы 1:26; Иудӕйы 9). Ӕмӕ адӕймаг дӕр алцӕуыл, зӕгъӕм, стъалытыл, горӕттыл, хӕхтыл ӕмӕ цӕугӕдӕттыл, нӕмттӕ кӕй ӕвӕры, уымӕй фӕзмы йе Сфӕлдисӕджы. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцау алы стъалы дӕр хоны йӕ номӕй (Исай 40:26).

Уӕдӕ йӕ уынӕм, Хуыцауӕн нӕмттӕ ахсджиаг кӕй сты. Ӕмӕ адӕймаджы дӕр скодта афтӕ, ӕмӕ йӕ фӕнды алкӕйдӕр ӕмӕ алцыдӕр йӕхи номӕй хонын. Гъе уымӕ гӕсгӕ зӕдтӕн, адӕмӕн, цӕрӕгойтӕн, стъалытӕн ӕмӕ алы дзаумайӕн дӕр ис ном. Уӕдӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ, ӕппӕт уыдӕттӕ чи сфӕлдыста, уымӕн йӕхицӕн ном ма уа? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕй, ӕмӕ уый бӕрӕг у псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕй: «Ӕз кадджын кӕндзынӕн Йегъовӕйы. Ӕмӕ уадз алчидӕр арфӕ кӕнӕд йӕ сыгъдӕг номӕн мыггагӕй-мыггагмӕ, ӕнустӕм» (Псалом 145:21).

«Ног Фӕдзӕхсты теологийы ног ӕхсӕнадӕмон дзырдуат»-ы фыст ис: «Библи нын цы хабӕрттӕ ӕргом кӕны, уыдонӕй ӕппӕты ахсджиагдӕр у уый, ӕмӕ Хуыцау ӕнӕном нӕу: ис ын йӕхи ном, ӕмӕ йӕм нӕ бон у уыцы номӕй дзурын, стӕй ӕрмӕст нӕ бон нӕу, фӕлӕ йӕм хъуамӕ афтӕ дзурӕм» («The New International Dictionary of New Testament Theology», 2 том, 649 фарс). Йесо дӕр, ӕнӕмӕнг, уыцы номы кой кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын куы ахуыр кодта, «нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном», зӕгъгӕ, уӕд (Матфейы 6:9).

Ӕппӕт адӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ ӕмбарӕм, ӕнӕмӕнг нӕ кӕй хъӕуы Хуыцауы ном зонын. Хуыцауы ном куыд у, уый ды зоныс?

Хуыцауы ном куыд у?

Диссаг у, фӕлӕ ацы фарстӕн, аргъуанмӕ цы милуангай адӕймӕгтӕ цӕуы, уыдонӕн сӕ фылдӕр зынтӕй ратдзысты дзуапп. Сӕ иутӕ зӕгъдзысты, зӕгъгӕ, Хуыцауы ном у Йесо Чырысти. Фӕлӕ Йесо ацы ныхӕстӕ куы загъта, «дунейӕ мын цы адӕмы радтай, уыдонӕн дӕ ном раргом кодтон», зӕгъгӕ, уӕд йӕхимӕ нӕ, фӕлӕ ӕндӕр кӕмӕдӕр куывта (Иоанны 17:6). Кувгӕйӕ уый ныхас кодта Хуыцауимӕ, мӕнӕ фырт йӕ фыдимӕ куыд фӕныхас кӕны, афтӕ (Иоанны 17:1). Уӕдӕ «срухс» кӕнын дӕр йӕ уӕларвон Фыды ном хъуыди.

Фӕлӕ ныртӕккӕ цы Библитӕ ис, уыдонӕй бирӕты уыцы ном нӕй, стӕй йӕ аргъуанты дӕр стӕм хатт йеддӕмӕ нал дзурынц. Бирӕтӕн Хуыцауы ном рухс кӕнын нӕ, фӕлӕ йӕ базонын дӕр нӕу сӕ бон, уымӕн ӕмӕ сӕ Библиты нӕй. Библи тӕлмацгӕнджытӕ Хуыцауы номӕн цы сарӕзтой, уый фенынӕн ӕркӕсӕм, уыцы ном кӕм ис, ӕрмӕстдӕр иу ахӕм стихмӕ – Псалом 83:18. Ацы стих цыппар алыхуызон Библийы у афтӕ:

«Ӕмӕ уадз базонӕнт, Ды иунӕг, Кӕцыйӕн ном – ХИЦАУ, Ӕппӕтбӕрзонд ӕппӕт зӕххы сӕрмӕ» («Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994 аз).

«Цӕмӕй йӕ бамбарой, о Ӕнусон, ӕгас дунейы дӕр ды кӕй дӕ Стыр Хуыцау» («Библийы ног тӕлмац», Джеймс Моффатт, 1922 аз, англ.).

«Базонын сын кӕн: иунӕг ды хӕссыс ном Йахве, ды дӕ Ӕппӕтбӕрзонд ӕнӕхъӕн дунейыл» (Католикон «Иерусалимаг Библи», 1966 аз, англ.).

«Ӕмӕ зонӕнт, Ды, кӕмӕн ИЕГЪОВӔ Йӕ ном, Иунӕг Бӕрзонд кӕй дӕ ӕппӕт зӕххыл» Санкт-Петербурджы Зонады Имераторон Академийы уагъд Псалтир, 1848 аз, ирон ӕвзагмӕ йӕ раивта Г. Мчедлов).

Ацы тӕлмацты Хуыцауы ном алыхуызӕтты цӕмӕн у? Куыд у йӕ ном – Хицау, Ӕнусон, Йахве ӕви Иегъовӕ (кӕнӕ Йегъовӕ)? Ӕви се ’ппӕт дӕр раст сты?

Цӕмӕй ацы фарстӕн дзуапп раттӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм уый, ӕмӕ Библи ӕппӕты фыццаг ирон ӕвзагыл нӕ уыд фыст. Библи чи фыста, уыдон уыдысты дзуттӕгтӕ, ӕмӕ йӕ фыстой, сӕ рӕстӕджы кӕуыл дзырдтой, уыцы дзуттаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтыл. Абон махӕй стӕмтӕ зонынц уыцы рагон ӕвзӕгтӕ. Фӕлӕ Библи тӕлмац ӕрцыд, абон цы ӕвзӕгтыл дзурынц, уыдонӕй бирӕтӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцауы Ныхас кӕсын куы фӕнда, уӕд нӕ бон у уыцы тӕлмацтӕ кӕсын.

Чырыстӕттӕ тынг аргъ кӕнынц Библийӕн, фидарӕй сӕ уырны, «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр [кӕй] у Хуыцауы комытӕфӕй» (2 Тимофеймӕ 3:16). Уӕдӕ Библи тӕлмац кӕнынмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Библийы цы фыст ис, уый исчи барӕй куы фӕива кӕнӕ дзы исты куы айса, уӕд уый зыгъуыммӕ кӕны, Хуыцау йӕ комытӕфӕй кӕй ныффыссын кодта, уыцы Ныхас. Ӕмӕ ахӕм адӕймаджы тыххӕй та Библи зӕгъы: «Ацы хабӕрттӕм исчи исты куы бафтауа, уӕд ууыл Хуыцау бафтаудзӕн, тыхтоны кӕй кой ис, уыцы бӕллӕхтӕ; ӕмӕ ацы тыхтоны пехуымпар-ныхӕстӕй исчи исты куы аппара, уӕд ӕй Хуыцау, тыхтоны цы фыст ис, уымӕй ӕнӕхай фӕкӕндзӕн – нӕ йын ратдзӕн царды бӕлӕсты дыргътӕй хӕрыны бар» (Раргомад 22:18, 19; кӕс ма Дыккаг закъон 4:2).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тӕлмацгӕнджытӕн сӕ фылдӕр Библийӕн стыр аргъ кӕнынц ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ афтӕ ратӕлмац кӕной, ӕмӕ абоны адӕмӕн ӕнцонӕмбарӕн уа. Фӕлӕ тӕлмацгӕнджытӕ Хуыцауы комытӕфӕй хайджын не сты. Стӕй сӕ фылдӕр ӕууӕндынц цавӕрдӕр дины ахуырӕдтыл кӕнӕ сын ис сӕхи хъуыды дины фарстаты фӕдыл, ӕмӕ уый фӕзыны сӕ тӕлмацыл дӕр. Уымӕй уӕлдай, уыдон дӕр сты ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ, ӕмӕ алы хатт алцы раст нӕ бамбарынц.

Уӕдӕ ам адӕймагмӕ фӕзыны цалдӕр ахсджиаг фарстайы: Хуыцауӕн йӕ ном ӕцӕгӕй куыд у? Ӕмӕ йын Библийы тӕлмацты алыхуызон нӕмттӕ цӕмӕн ис? Ацы фарстытӕн дзуапп куы базонӕм, уӕд раздӕхдзыстӕм нӕ сӕйраг фарстмӕ: Хуыцауы ном срухс кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

[Хицӕнгонд текст 4 фарсыл]

Зӕдтӕн, адӕмӕн, цӕрӕгойтӕн, стъалытӕн ӕмӕ алы дзаумайӕн дӕр ис ном. Уӕдӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ, ӕппӕт уыдӕттӕ чи сфӕлдыста, уымӕн йӕхицӕн ном ма уа?

[Хицӕнгонд текст 5 фарсыл]

Бӕрӕг у, Йесойӕн Хуыцауы номӕй ахсджиагдӕр кӕй ницы уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ куывдтыты арӕх кодта уый кой