Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы ном зонын цӕмӕн хъӕуы?

Хуыцауы ном зонын цӕмӕн хъӕуы?

«ЙЕГЪОВӔМӔ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый фервӕздзӕн» (Ромӕгтӕм 10:13). Ацы ныхӕстӕй апостол Павел равдыста, Хуыцауы ном зонын нын цас ахсджиаг у, уый. Ӕмӕ цы загъта, уый баст у, ӕппӕты райдианы нӕ ныхас цы фарстӕй райдыдтам, уыимӕ: Хуыцауы ном «сыгъдӕг уа» кӕнӕ «срухс уа», уый кой Йесо йӕ куывды фыццаг цӕмӕн скодта? Бирӕ ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕй йӕ уӕлдӕр цӕмӕн сӕвӕрдта? Цӕмӕй уый бамбарӕм, уый тыххӕй нӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсын хъӕуы, ацы дыууӕ сӕйраг дзырдӕн, «срухс уын» ӕмӕ «ном»-ӕн, сӕ хъуыды цы у, уымӕ.

Фыццаджыдӕр, цы нысан кӕны «срухс уын»? Комкоммӕ йӕ хъуыды у «сыгъдӕг, кадджын кӕнын». Фӕлӕ исты Хуыцауы ном ӕнӕуи дӕр сыгъдӕг нӕу? Бӕгуыдӕр, сыгъдӕг у. Ӕмӕ Хуыцауы ном кӕй рухс кӕнӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ, цы у, уымӕй ноджы сыгъдӕгдӕр кӕнӕм. Нӕ, рухс ӕй кӕнӕм, зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ нымайӕм сыгъдӕгыл ӕмӕ ӕппӕты стырдӕр кады аккагыл. Ӕмӕ, Хуыцауы ном срухс уа, уый тыххӕй кӕй кувӕм, уымӕй та ӕвдисӕм, йӕ ном дун-дунейы алкӕй цӕсты дӕр сыгъдӕг ӕмӕ кадджын куы уа, уыцы рӕстӕгмӕ кӕй бӕллӕм.

Дыккаджы та, ам дзырд «ном» куыд ӕмбаргӕ у? Куыд ӕй базыдтам, афтӕмӕй Хуыцауӕн ис ном, Йегъовӕ, ӕмӕ уыцы ном Библийы ӕмбӕлы мингай хӕттыты. Ныхас ма кодтам ууыл дӕр, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй Хуыцауы ном Библийы фӕстӕмӕ фыст ӕрцӕуа. Библийы Хуыцауӕн йӕ ном куы нӕ уа, уӕд куыд хъуамӕ сӕххӕст уой псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Дӕ ном дын чи зоны, уыдон сӕ ныфс дӕуыл дардзысты, уымӕн ӕмӕ ды, Йегъовӕ, никуы ныууадзыс, се скаст дӕумӕ кӕмӕн у, уыдоны» (Псалом 9:10).

Фӕлӕ Хуыцауы ном зонай, уымӕ ӕрмӕстдӕр уый хауы, ӕмӕ зонай, йӕ ном дзуттагау кӕй у ЙХВХ, иронау та – Йегъовӕ? Нӕ, ӕрмӕст уый йӕм нӕ хауы. Моисей Синайы хохыл куы уыди, уӕд ӕм «Йегъовӕ мигъы мидӕг ӕрцыд, йӕ цуры ӕрлӕууыд ӕмӕ фехъусын кодта Йегъовӕйы ном». Ӕмӕ куыд фехъусын кодта йӕ ном, бӕлвырдӕй цы загъта? Радзырдта йӕ миниуджыты тыххӕй: «Йегъовӕ, Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йӕ ӕнувыд уарзт ӕмӕ йе ’цӕгдзинад» (Рацыд 34:5, 6). Моисей дӕр йӕ мӕлӕты размӕ израилӕгтӕн загъта: «Ӕз фехъусын кӕндзынӕн Йегъовӕйы ном». Ӕмӕ цы загъта дарддӕр та? Сӕ зӕрдыл сын ӕрлӕууын кодта, Хуыцау цы диссаджы миниуджыты хицау у ӕмӕ Израилы адӕмӕн йӕ номы тыххӕй цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уый (Дыккаг закъон 32:3–43). Уӕдӕ, адӕймаг Хуыцауы ном зоны, зӕгъгӕ, уӕд ис зӕгъӕн, ӕмӕ, уыцы ном цӕуыл дзурӕг у, уый куы зона ӕмӕ йӕ чи хӕссы, уыцы Хуыцауӕн куы лӕггад кӕна.

Йегъовӕ йӕ миниуджытӕ, йӕ фӕндтӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр йӕ номимӕ кӕй бӕтты, Библи афтӕ дӕр уымӕн зӕгъы, зӕгъгӕ, Хуыцауы ном у сыгъдӕг (Левит 22:32). Йӕ ном у «стыр», «тӕссаг» ӕмӕ «бӕрзонд» (Псалом 8:1; 99:3; 148:13). О, Хуыцауы ном ӕнӕуи дзырд нӕу. Уыцы ном ӕвдисы, цавӕр Хуыцау у, уый. Стӕй дыууӕ бонмӕ ном дӕр нӕ уыдис, ома уал ӕй иу цасдӕр афтӕ хуыдтаиккой, стӕй уӕд ивд ӕрцыдаид дзырд «Хицау»-ӕй. Йегъовӕ Моисейӕн йӕхӕдӕг загъта: «„Йегъовӕ...“ Уый у мӕ ном мыггагӕй-мыггагмӕ, ӕмӕ мӕ ацы номӕй зондзысты фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ» (Рацыд 3:15).

Адӕймаг цыфӕнды ма кӕна, уӕддӕр, Хуыцауы ном ферох уа, уый йӕ къухы никуы бафтдзӕн. «Хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнмӕ мӕ ном адӕмтӕм уыдзӕн кадджын, алы ранӕй дӕр цӕудзӕн нывӕндты фӕздӕг ӕмӕ хӕсдзысты сыгъдӕг кувинаг мӕ номӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ ном кадджын уыдзӕн адӕмтӕм,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ» (Малахи 1:11; Рацыд 9:16; Иезекил 36:23).

Уӕдӕ Хуыцауы ном срухс уа, уымӕй ахсджиагдӕр ницы ис. Хуыцауы фӕндтӕ иууылдӕр йӕ номимӕ баст сты. Зӕххыл ӕппӕт бӕллӕхтӕ дӕр уӕд райдыдтой, ӕмӕ Сайтан Йегъовӕйы номыл цъыфкалӕн куы бакодта – афтӕ дзы куы загъта, зӕгъгӕ, уый сайгӕ кӕны ӕмӕ адӕмӕн хицауӕн нӕ бӕззы (Райдиан 3:1–6; Иоанны 8:44). Хуыцауы ном куы ссыгъдӕг уа, ӕрмӕстдӕр уӕд фервӕздзысты адӕм, Сайтаны мӕнг ныхӕстӕ цы бӕллӕхтӕм ӕркодтой, уыдонӕй. Ӕмӕ чырыстӕттӕ Хуыцаумӕ афтӕ зӕрдиагӕй дӕр уымӕн фӕкувынц, срухс уӕд дӕ ном, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ма кувынӕй уӕлдай хъуыддӕгтӕй дӕр сӕ бон у Хуыцауы ном рухс кӕнын.

Куыд у нӕ бон Хуыцауы ном рухс кӕнын?

Иу уый, ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн куы дзурӕм ӕмӕ сын куы ’мбарын кӕнӕм, Хуыцау Йесо Чырыстийы йӕ Паддзахады сӕргъы кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыцы Паддзахад кӕй скӕндзӕн кӕрон адӕмы зындзинӕдтӕн (Раргомад 12:10). Абон бирӕтӕ архайынц уыцы хъуыддаджы, ӕмӕ уымӕй ӕххӕст кӕнынц пехуымпар Исайы ныхӕстӕ: «Уыцы бон зӕгъдзыстут: „Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн! Йӕ номӕй йӕм кувут. Адӕмӕн хъусын кӕнут йӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Дзурут, йӕ ном кадджын кӕй у, уый тыххӕй. Зарут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ уый сарӕзта стыр хъуыддӕгтӕ. Ӕгас зӕххыл хъуыстгонд цӕуы уый тыххӕй“» (Исай 12:4, 5).

Йегъовӕйы ном ма рухс кӕндзыстӕм уымӕй дӕр, ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕм ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕм куы хъусӕм. Йегъовӕ Израилы адӕмӕн загъта: «Мӕ фӕдзӕхстытӕм мын хъусут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут. Ӕз дӕн Йегъовӕ. Мӕ сыгъдӕг ном мын ма чъизи кӕнут. Мӕ ном хъуамӕ сыгъдӕг уа Израилы фыртты астӕу. Ӕз дӕн Йегъовӕ,– ӕз уӕ рахицӕн кодтон, цӕмӕй сыгъдӕг адӕм уат» (Левит 22:31, 32).

Израилӕгтӕ Йегъовӕйы Закъон куы ’ххӕст кодтой, уӕд ын уымӕй йӕ ном куыд сыгъдӕг кодтой? Цы Закъон сын радта, уый баст уыд йӕ номимӕ (Рацыд 20:2–17). Ӕмӕ уыцы Закъонмӕ куы хъуыстой, уӕд уымӕй бӕрзонд кодтой Хуыцауы ном. Стӕй ма Израилы адӕм хуынгӕ дӕр Йегъовӕйы номӕй кодтой (Дыккаг закъон 28:10; 2 Паралипоменон 7:14). Уӕдӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм куы хъуыстой, уӕд ын уый кад хаста, мӕнӕ коммӕгӕс сывӕллон йӕ фыдӕн кад куыд фӕхӕссы, афтӕ.

Израилӕгтӕ Хуыцауы Закъонмӕ куы нӕ хъуыстой, уӕд та йын йӕ ном чъизи кодтой. Зӕгъӕм, Библи комкоммӕ зӕгъы, мӕнгхуыцӕуттӕн нывӕндтӕ кӕй хастой, мӕнг сомытӕ кӕй кодтой, мӕгуырты кӕй ӕфхӕрдтой ӕмӕ кӕй хӕтыдысты, уыдӕттӕй кӕй «чъизи кодтой Хуыцауы ном» (Левит 18:21; 19:12; Йереми 34:16; Иезекил 43:7).

Чырыстӕттӕ цы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрынц, уыдон дӕр сын Хуыцауы номӕй лӕвӕрд ӕрцыдысты (Иоанны 8:28). Ӕмӕ уыдон дӕр лӕггад кӕнынц, «Йегъовӕйы ном чи хӕссы, [уыцы] адӕмимӕ» (Хъуыддӕгтӕ 15:14). Уымӕ гӕсгӕ, кӕд чырыстон зӕрдиагӕй кувы, сыгъдӕг уӕд дӕ ном, зӕгъгӕ, уӕд Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм дӕр хъусдзӕн, ӕмӕ уымӕй сыгъдӕг кӕндзӕн уыцы ном (1 Иоанны 5:3). Ахӕм адӕймаг хъусдзӕн, Хуыцауы Фырт Йесо цы бафӕдзӕхста, уымӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ уый алкӕддӕр кадджын кодта йӕ Фыды (Иоанны 13:31, 34; Матфейы 24:14; 28:19, 20).

Хуыцауы ном чырыстӕттӕн куыд ахсджиаг хъуамӕ уа, уый бӕрӕг у, Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр цы загъта, уымӕй дӕр. Йӕ Фыдмӕ афтӕ куы скуывта, зӕгъгӕ «сын ӕз дӕ ном раргом кодтон ӕмӕ сын ӕй ноджыдӕр раргом кӕндзынӕн», уӕд дарддӕр бамбарын кодта: «Цӕмӕй, ды мӕн куыд бауарзтай, уыдон дӕр афтӕ уарзой, ӕмӕ цӕмӕй ӕз уон семӕ иудзинады» (Иоанны 17:26). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн, Хуыцауы ном зонӕм, зӕгъгӕ, сӕ бон уӕд уыдаид зӕгъын, ӕмӕ Хуыцауы уарзондзинад куы базыдтаиккой, ома йӕ сӕхиуыл куы банкъардтаиккой. Йесойы фӕрцы уыдон базонгӕ сты Хуыцауимӕ – бамбӕрстой, сӕ уарзӕгой Фыд кӕй у, уый (Иоанны 17:3).

Цы зӕгъӕн ис дӕуӕй та?

Фыццаг ӕнусы апостолтӕ ӕмӕ чырыстон ӕмбырды хистӕр лӕгтӕ Иерусалимы куы ’рӕмбырд сты, уӕд ахуыргӕнинаг Иаков ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Симеон радзырдта, Хуыцау иннӕ адӕмыхӕттытӕм фыццаг хатт куыд ӕркаст, цӕмӕй уыдонӕй йӕхицӕн скӕна, йӕ ном ын чи хӕсса, ахӕм адӕм». Кӕд ды уыцы ном нӕ хӕссыс ӕмӕ Хуыцауы уыцы номӕй нӕ хоныс, уӕд афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ йын «йӕ ном чи хӕссы», уыцы адӕмӕй дӕ? (Хъуыддӕгтӕ 15:14).

Абон бирӕтӕ Хуыцауы йӕ номӕй нӕ хонынц, стӕй йӕ Библи тӕлмацгӕнджытӕй дӕр бирӕтӕ сӕ тӕлмацтӕй айстой. Фӕлӕ уӕддӕр ӕгас дунейы дӕр ис, Хуыцауы ном хӕссын йӕхицӕн стыр кадыл чи нымайы, ахӕм адӕм. Уыдон сты милуантӕ. Уыцы адӕм Хуыцаумӕ йӕ номӕй ӕрмӕст кувгӕ нӕ кӕнынц, фӕлӕ йын йӕ ном фӕдзурынц ӕнӕуи ныхасы дӕр, стӕй йӕ хъусын кӕнынц иннӕтӕн дӕр. Уӕдӕ дын, зӕгъӕм, исчи Хуыцауы тыххӕй дзуры ӕмӕ йӕ хоны Йегъовӕ, уӕд цы ахъуыды кӕнис, кӕцы динӕй у уыцы адӕймаг? Абон Хуыцаумӕ йӕ рагон лӕггадгӕнджытау йӕ номӕй ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кувынц.

Уыцы чырыстӕттӕ сӕ ном, ома Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, райстой Библийӕ, ӕмӕ ацы ном ӕвдисы, «Хуыцауы ном чи хӕссы», уыцы адӕм кӕй сты. Уыдон сӕрыстыр сты сӕ номӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы ном Йегъовӕ Хуыцау йӕхӕдӕг радта йӕ ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕн. Исайы 43:10 кӕсӕм: «Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ,– дзуры Йегъовӕ,– ӕмӕ ме ’взӕрст лӕггадгӕнӕг». Кӕй кой кӕны ам Хуыцау? Ӕркӕсӕм-ма, ацы ныхӕсты размӕ цы фыст ис, уымӕ.

Ацы сӕры 5-ӕм стихӕй 7-ӕм стихмӕ Исай зӕгъы: «Ма тӕрс, ӕз демӕ дӕн. Хурыскӕсӕнӕй дын ӕркӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты ӕмӕ дӕ хурныгуылӕнӕй ӕрбамбырд кӕндзынӕн. Цӕгатӕн зӕгъдзынӕн: „Рауадз сӕ!“ ӕмӕ хуссарӕн дӕр зӕгъдзынӕн: „Ма сӕ уром. Дардӕй мын ӕркӕн мӕ фыртты, ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕй мӕ чызджыты – мӕ ном мын чи хӕссы ӕмӕ мӕ кадӕн кӕй сфӕлдыстон, ӕз кӕй скодтон, уыдоны се ’ппӕты дӕр“». Абон ацы ныхӕстӕ ӕххӕст кӕнынц, Хуыцау алы адӕмыхӕттытӕй йӕ номы кадӕн ӕмӕ йӕхицӕн ӕвдисӕнтӕй кӕй ӕмбырд кӕны, уыцы адӕмыл. Уӕдӕ Хуыцауӕн йӕ ном канд йӕхи не ’вдисы, фӕлӕ ма уыцы номӕй базонӕн ис йӕ ӕцӕг лӕггадгӕнджыты дӕр.

Хуыцауы ном зонын у стыр арфӕдзинад

Йегъовӕ хъахъхъӕны, йӕ ном зынаргъ кӕмӕн у, уыдоны. Йегъовӕ псаломзарӕггӕнӕджы дзыхӕй афтӕ загъта: «Бауарзта мӕ, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй фервӕзын кӕндзынӕн. Бахъахъхъӕндзынӕн ӕй, уымӕн ӕмӕ мын мӕ ном базыдта» (Псалом 91:14). Уымӕй уӕлдай, уыдон ӕдзухдӕр сты Йегъовӕйы зӕрдӕйы: «Уыцы рӕстӕг, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдон ныхас кодтой кӕрӕдзиимӕ – алчи йе ’мбалимӕ, Йегъовӕ та сӕм лӕмбынӕг хъуыста. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ чи тӕрсы ӕмӕ йын йӕ номыл чи хъуыды кӕны, уыдоны тыххӕй йӕ разы фыссын райдыдтой зӕрдылдарӕн чиныг» (Малахи 3:16).

Хуыцауы ном чи зоны ӕмӕ зынаргъ кӕмӕн у, уыдон ӕрмӕст абон не сты хорздзинӕдтӕй хайджын. Йегъовӕ коммӕгӕс адӕмӕн зӕгъы, Дзӕнӕты зӕххыл ӕнустӕм амондджынӕй кӕй цӕрдзысты. Давид Хуыцауы комытӕфӕй ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Фыдгӕнджытӕ фесӕфдзысты, Йегъовӕйыл йӕ ныфс чи дары, уыдон та зӕхх сӕхи бакӕндзысты. Сабыртӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ фӕрнджын цардӕй сӕ мондӕгтӕ суадздзысты» (Псалом 37:9, 11).

Цӕй фӕрцы уыдзӕн уый? Ацы фарстӕн дзуапп радта Йесо, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн кувын куы амыдта, уӕд. Афтӕ куы загъта, срухс уӕд дӕ ном, зӕгъгӕ, уӕд дарддӕр та загъта: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:9, 10). О, Хуыцауы Паддзахад, йӕ сӕргъы Йесо Чырысти, афтӕмӕй, срухс кӕндзӕн Хуыцауы ном ӕмӕ а-зӕхмӕ ’рхӕсдзӕн хорз цард. Уыцы Паддзахад фесафдзӕн фыдгӕнджыты ӕмӕ кӕрон скӕндзӕн хӕстытӕн ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕн, нал уыдзӕн ӕххормагдзинад, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт дӕр (Псалом 46:8, 9; Исай 11:9; 25:6; 33:24; Раргомад 21:3, 4).

Дӕуӕн дӕр ис уый фадат, ӕмӕ уыцы Паддзахад зӕхмӕ хорз цард куы ’рхӕсса, уӕд ӕнустӕм цӕрай. Цы кӕнын дӕ хъӕуы уый тыххӕй? Хуыцауы базонын. «Ӕнусон цард... уымӕй кӕнгӕ у, цӕмӕй базоной дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын зӕрдиагӕй баххуыс кӕндзысты, ӕнусон цард дын чи ӕрхӕсдзӕн, уыцы зонындзинӕдтӕ ссарынӕн (Хъуыддӕгтӕ 8:29–31).

Ныфс нӕ ис, ацы брошюрӕ бакӕсгӕйӕ ды дӕр ахӕм хъуыдымӕ кӕй ӕрцыдтӕ, ӕмӕ не Сфӕлдисӕгӕн ис ном ӕмӕ йын уыцы ном тынг зынаргъ у. Хуыцауы ном афтӕ зынаргъ хъуамӕ уа дӕуӕн дӕр. Тынг нӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ зӕрдӕмӕ айсай, куыд ахсджиаг у Хуыцауӕн йӕ ном зонын ӕмӕ йӕ йӕ номӕй хонын, уӕлдайдӕр та йӕм куы фӕкувыс, уӕд.

Уӕдӕ дын нӕ зӕрдӕ зӕгъы, цӕмӕй ды дӕр, бирӕ ӕнусты размӕ пехуымпар Михей куыд ныфсджынӕй загъта, афтӕ зӕгъай: «Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр цӕуынц сӕ хуыцӕутты номӕй, мах та цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй мыггагӕй-мыггагмӕ, ӕнустӕм» (Михей 4:5).

[Хицӕнгонд текст 28 фарсыл]

Хуыцауы ном зонын ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ, йӕ ном Йегъовӕ кӕй у, уый зонай

[Хицӕнгонд текст 30 фарсыл]

Йегъовӕйы ном у «стыр, тӕссаг ӕмӕ бӕрзонд». Хуыцауӕн йӕ фӕндтӕ иууылдӕр баст сты йӕ номимӕ

[Рамкӕ 29 фарсыл]

Журнал «Англиканон аргъуаны теологон афӕлгӕст»-ы (октябрь, 1959 аз) иу статьяйы д-р Уолтер Лоури ӕмбарын кодта, Хуыцауы ном зонын цӕмӕн хъӕуы, уый. Ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Мах афтӕ конд стӕм, ӕмӕ кӕй уарзӕм, кӕимӕ ныхас кӕнӕм йе та кӕй кой кӕнӕм, уымӕн хъуамӕ йӕ ном зонӕм. Ӕмӕ афтӕ у, дзырд Хуыцауыл куы цӕуа, уӕд дӕр. Адӕймаг Хуыцауы йӕ номӕй куы нӕ зона, уӕд афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ, Хуыцау ӕцӕгӕй чи у, уый зоны ӕмӕ йемӕ, йӕ зонгӕимӕ куыд ныхас кӕна, афтӕ фӕныхас кӕны (уый та у йӕ хъуыды кувынӕн). Стӕй кӕд Хуыцауӕй ӕрмӕстдӕр афтӕ хъуыды кӕны, кӕмдӕр цыдӕр ис, зӕгъгӕ, уӕд ӕй йӕ бон уарзын дӕр нӕу».