Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы ном – цы нысан кӕны ӕмӕ куыд дзургӕ у

Хуыцауы ном – цы нысан кӕны ӕмӕ куыд дзургӕ у

БИБЛИ чи фыста, уыдонӕй сӕ иу афтӕ бафарста: «Чи бакодта дымгӕ йӕ дыууӕ армы? Чи батыхта дӕттӕ ӕмбӕрзӕны? Чи схӕцыд уӕлӕмӕ зӕххы ӕппӕт кӕрӕттыл? Йӕ ном куыд у ӕмӕ йӕ фырты ном куыд у, уый зоныс?» (Ӕмбисӕндтӕ 30:4). Хуыцауы ном махӕн та куыд у нӕ бон базонын? Ацы фарст тынг ахсджиаг фарст у. Нӕ алыварс ӕрдзы мидӕг ӕппӕт дӕр дзурӕг у, Хуыцау кӕй ис, ууыл. Фӕлӕ ӕрдзӕн йӕ бон нӕу, ӕмӕ нын Хуыцауы ном зӕгъа (Ромӕгтӕм 1:20). Хуыцауы ном куыд у, уый мах никуы базыдтаиккам, Сфӕлдисӕг нын ӕй йӕхӕдӕг куы нӕ раргом кодтаид, уӕд. Ӕмӕ нын ӕй ӕргом та ракодта йӕ Ныхас Библийы.

Иухатт Хуыцау Моисейӕн йӕхӕдӕг загъта йӕ ном, ӕмӕ иу нӕ, фӕлӕ дыууӕ хатты дӕр. Моисей уыцы ахсджиаг хабар ныффыста, ӕмӕ йӕ абон махӕн дӕр нӕ бон у Библийы кӕсын (Рацыд 34:5). Хуыцау ма йӕ ном йӕ «ӕнгуылдзӕй» фысгӕ дӕр ныккодта. Хуыцау диссаджы хуызы ныффыста, абон мах Дӕс фӕдзӕхсты кӕй хонӕм, уыдон, ӕмӕ сӕ Моисейӕн радта. Мах кӕсӕм: «Хуыцау Синайы хохыл Моисеимӕ ныхас куы фӕци, уӕд ӕм радта Бадзырды дыууӕ къӕйдуры, Хуыцауы ӕнгуылдзӕй фыст кӕуыл уыдис, уыцы къӕйдуртӕ» (Рацыд 31:18). Уыцы Дӕс фӕдзӕхсты Хуыцауы ном уыд фыст аст хатты (Рацыд 20:1–17). Куыд уынӕм, афтӕмӕй Хуыцау йӕхӕдӕг раргом кодта йӕ ном – зӕгъгӕ дӕр ӕй кодта ӕмӕ йӕ фысгӕ дӕр ныккодта. Уӕдӕ куыд у уыцы ном?

Рагон дзуттаг ӕвзагыл фыст у афтӕ: יהוה. Ацы цыппар дамгъӕйы хонынц тетраграмматон. Дзуттаг ӕвзагыл сӕ кӕсынц рахизӕй галиуырдӕм ӕмӕ сӕ абон бирӕ ӕвзӕгтыл ныффыссӕн ис ЙХВХ кӕнӕ ЙГЪВГЪ. «Зӕронд Фӕдзӕхсты», кӕнӕ Дзуттаг Фыстыты, Хуыцауы ном, ома ацы цыппар ӕмхъӕлӕсоны, ӕмбӕлынц 7 000 хатты бӕрц.

Ацы ном арӕзт у дзуттаг мивдисӕг хава́х-ӕй (הוה), ома «суын», ӕмӕ нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы» a. Уӕдӕ Хуыцауӕн йӕ ном ӕвдисы, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры ӕмӕ цы сфӕнд кӕны, уый кӕддӕриддӕр кӕй сӕххӕст кӕны. Ӕрмӕстдӕр ӕцӕг Хуыцауӕн у йӕ бон ахӕм диссаджы ном хӕссын.

Хъуыды ма йӕ кӕныс, раззаг хайы (5-ӕм фарсыл) Псалом 83:18 Хуыцауы ном цал хуызы фыст уыди? Уыцы тӕлмацтӕй дыууӕйы Хуыцауӕн йӕ ном нӕй, фӕлӕ йын йӕ ном кӕмӕй баивтой, уыцы дзырдтӕ («Хицау» ӕмӕ «Ӕнусон»). Иннӕ дыууӕ тӕлмацы та у «Йахве» ӕмӕ «Иегъовӕ», ӕмӕ ацы нӕмтты уынӕм, Хуыцауы номы цы дамгъӕтӕ ис, уыдон. Фӕлӕ сӕ дыууӕ хуызы цӕмӕн дзурынц?

Хуыцауы ном куыд дзургӕ у?

Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ, Хуыцауы ном фыццаг куыд дзырдтой, уый бӕлвырдӕй ничи зоны. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Библи рагон дзуттаг ӕвзагыл фыстой, ӕмӕ уыцы ӕвзагыл та фыстой ӕрмӕстдӕр ӕмхъӕлӕсонтӕ, хъӕлӕсонтӕ та – нӕ. Ӕмӕ-иу Библи фысджытӕ Хуыцауы ном куы фыстой, уӕд-иу уыдон дӕр афтӕ бакодтой, ома-иу ӕрмӕстдӕр ӕмхъӕлӕсонтӕ ныффыстой.

Цалынмӕ адӕм рагон дзуттаг ӕвзагыл дзырдтой, уӕдмӕ дзы зынӕй ницы уыд. Израилӕгтӕ уыцы Ном хорз зыдтой, ӕмӕ-иу ыл кӕсгӕ-кӕсын куы сӕмбӕлдысты, уӕд-иу ыл хъуыды дӕр нӕ акодтой, афтӕмӕй-иу дзы хъӕугӕ хъӕлӕсонтӕ бавӕрдтой ӕмӕ-иу ӕй раст бакастысты (зӕгъӕм, иронау дӕр «фндр» фыст куы уа, уӕд ӕй ис бамбарӕн, «фӕндыр» кӕй у).

Фӕлӕ фӕстӕдӕр уавӕр фӕивта, ӕмӕ уымӕн уыди дыууӕ аххосаджы. Фыццаг уый, ӕмӕ дзуттӕгты ’хсӕн ахӕм мӕнг уырнындзинад ныффидар, зӕгъгӕ, Хуыцауы ном хъӕрӕй дзурӕн нӕй. Гъемӕ-иу Фыстад кӕсгӕйӕ Хуыцауы номыл кӕм сӕмбӕлдысты, уым-иу йӕ бӕсты загътой дзуттаг дзырд «Адона́й» («Дунедарӕг Хицау»). Дыккаг та уый, ӕмӕ рӕстӕг куыд цыди, афтӕ рагон дзуттаг ӕвзагыл нал дзырдтой, ӕмӕ, Хуыцауы ном дзуттагау куыд дзырдтой, уый ӕппынфӕстаг ферох.

Рагон дзуттаг ӕвзаг цӕмӕй бынтондӕр ма ферох уыдаид, уый тыххӕй н. э. фыццаг миназӕн йӕ дыккаг ӕмбисы дзуттаг ахуыргӕндтӕ хъӕлӕсон мыртӕн ӕрхъуыды кодтой нысӕнттӕ ӕмӕ сӕ дзуттаг Библийы ӕмхъӕлӕсонтӕм бафтыдтой. Афтӕмӕй фыст ӕрцыдысты ӕрмӕст ӕмхъӕлӕсонтӕ нӕ, фӕлӕ хъӕлӕсонтӕ дӕр, ӕмӕ уый фӕрцы, дзуттаг ӕвзагыл уыцы рӕстӕджы куыд дзырдтой, уый нӕ ферох.

Тексты-иу Хуыцауы ном кӕм уыди, уым та-иу хъӕугӕ хъӕлӕсонты бӕсты фылдӕр хатт сӕвӕрдтой ӕндӕр хъӕлӕсонтӕ, цӕмӕй йӕ чи кӕса, уый ма ферох уа, ам «Адона́й» бакӕсын кӕй хъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕстӕдӕр та райдыдтой фыссын «Йегъоуагъ». Ӕмӕ афтӕмӕй иронау дӕр Хуыцауы ном дзурын райдыдтой «Йегъовӕ». Ацы дзырды сты, Хуыцауы ном рагон дзуттаг ӕвзаджы цы дамгъӕтӕй арӕзт уыд, уыдон.

Ды куыд дзурдзынӕ Хуыцауы ном?

Фӕлӕ ма йӕ уӕд «Йахве» та цӕмӕн дзурынц? Хуыцауы ном рагон дзуттаг ӕвзагыл куыд дзырдтой, уый сбӕлвырд кӕныныл чи архайы, уыцы ахуыргӕндтӕм афтӕ растдӕр кӕсы. Кӕд се ’ппӕт нӕ, уӕддӕр дзы чидӕртӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Чырыстийы размӕ израилӕгтӕ Хуыцауы ном «Йахве» дзырдтаиккой. Фӕлӕ, ӕцӕгдӕр афтӕ уыд, уый бӕлвырдӕй ничи зоны. Чи зоны йӕ дзырдтой афтӕ, чи зоны та – нӕ.

Фӕлӕ уӕддӕр бирӕтӕн сӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цӕуы «Йегъовӕ». Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ «Йахве»-йӕ уӕлдай уый фылдӕр адӕм зонынц ӕмӕ йӕ дзургӕ дӕр афтӕ кӕнынц. О, фӕлӕ хуыздӕр нӕ уаид, рагон дзуттаг дзырдмӕ хӕстӕгдӕр куыд уа, афтӕ йӕ дзурын? Уый ӕнӕмӕнг нӕу, уымӕн ӕмӕ Библийы иннӕ нӕмттӕ дӕр, раздӕр сӕ куыд дзырдтой, афтӕ нӕ дзурынц.

Ам ӕппӕты ирддӕр цӕвиттон у Йесойы ном. Йесо Назареты куы хъомыл кодта, уӕд ӕм йӕ хиуӕттӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ куыд дзырдтой, уый зоныс? Иу адӕймаг дӕр ӕй бӕлвырдӕй нӕ зоны. Чи зоны йӕ Йешуа хуыдтой, чи зоны – Йегъошуа. Иу хъуыддаг бӕлвырд у: Йесо йӕ нӕ хуыдтой.

Фӕлӕ йын Библи фысджытӕ йӕ царды хабӕрттӕ грекъаг ӕвзагыл куы фыстой, уӕд ын йӕ ном, дзуттагау ӕй куыд дзырдтой, афтӕ нӕ ныффыстой. Ныффыстой йӕ, грекъагау куыд уыди йӕ ном, афтӕ: Иесу́с. Абон дӕр Библийы алыхуызон ӕвзӕгтыл фыст у алыхуызӕтты, кӕцы ӕвзаджы куыд ныффидар, уымӕ гӕсгӕ. Зӕгъӕм, испайнаг ӕвзагыл у Jesús (дзургӕйӕ – Хесу́с). Италиаг ӕвзагыл фыст у Gesù (дзургӕйӕ – Джезу́). Немыцагау та йӕ фыссынц Jesus (дзургӕйӕ – Е́зус).

Йесойы ном раздӕр куыд дзырдтой, уый нӕ абон бӕлвырдӕй кӕй ничи зоны, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дзурӕм? Ахӕм хъуыды иу тӕлмацгӕнӕгмӕ дӕр нӕма фӕзынд. Уыцы ном нын зынаргъ у, уымӕн ӕмӕ уыцы номӕй зонӕм Хуыцауы уарзон Фырт Йесо Чырыстийы – мах тыххӕй йӕ туг чи ныккалдта, уый. Зӕгъгӕ Йесойы ном Библийӕ бынтондӕр айстам ӕмӕ дзы ӕнӕуи дзырдтӕ «Ахуыргӕнӕг» кӕнӕ «Минӕвар» ныффыстам, уӕд афтӕ зӕгъӕн уаид, ӕмӕ Йесойы нымайӕм? Ницы хуызы! Цӕмӕй, Йесойы кой кӕй кӕнӕм, уый бӕрӕг уа, уый тыххӕй йын йӕ ном фӕдзурӕм, не ’взаджы куыд ныффидар, афтӕ.

Уый зӕгъӕн ис, Библийы цы нӕмттӕ ’мбӕлы, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр. Алчидӕр сӕ дзуры, йе ’взаджы куыд ныффидар сты, афтӕ, ӕмӕ хъуыды дӕр ничи акӕны, зӕгъгӕ сӕ раздӕр куыд дзырдтой, афтӕ сӕ хъуамӕ дзурӕм. Зӕгъӕм, мах дзурӕм «Йереми», Йермийа́гъу нӕ, фӕлӕ. Афтӕ ма дзурӕм «Исай» дӕр, кӕд ацы пехуымпары йӕ рӕстӕджы, ӕвӕццӕгӕн, Йешайа́гъу хуыдтой, уӕддӕр. Ахуыргӕндтӕ сӕхӕдӕг дӕр уыцы нӕмттӕ фӕдзурынц, абон сӕ куыд дзурынц, афтӕ, кӕд сӕ раджы заманты куыд дзырдтой, уый зонынц, уӕддӕр.

Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис Йегъовӕйы номӕй дӕр. Кӕд ӕй абон, раздӕр ӕй куыд дзырдтой, бынтон афтӕ нӕ дзурӕм, уӕддӕр уымӕй уыцы номӕн йӕ кад дӕлдӕр нӕ кӕнӕм. Уый у не Сфӕлдисӕджы, удӕгас Хуыцауы ном – Йесо афтӕ кӕмӕй загъта, «нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном», зӕгъгӕ, уыцы Стыр Хуыцауы ном (Матфейы 6:9).

«Баивӕн ӕй нал ис»

Тӕлмацгӕнджытӕй бирӕтӕ Хуыцауы ном ныффыстой «Йахве», фӕлӕ йӕ «Ног дунейы тӕлмац»-ы ӕмӕ бирӕ ӕндӕр тӕлмацты дӕр фыссынц «Йегъовӕ», уымӕн ӕмӕ йӕ адӕм ӕнусты дӕргъы афтӕ зонынц. Стӕй, ацы номы иннӕ формӕты куыд у, афтӕ ам дӕр тетраграмматонӕн йӕ цыппар дамгъӕйы дӕр сты – ЙХВХ кӕнӕ ЙГЪВГЪ b.

Ноджы раздӕр ма ахӕм хатдзӕгмӕ ӕрцыди немыцаг профессор Густав Фридрих Элер дӕр. Хуыцауы ном цал хуызы дзурынц, уыдоныл ӕрныхас кодта ӕмӕ стӕй загъта: «Абонӕй фӕстӕмӕ ӕз фысдзынӕн „Йегъовӕ“, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй ӕвзаджы тынгдӕр ныффидар, ӕмӕ йӕ ӕндӕр хуызӕй баивӕн нал ис» («Theologie des Alten Testaments» [«Зӕронд фӕдзӕхсты теологи»], дыккаг рауагъд, 1882 аз, 143 фарс).

Афтӕ ма иу ахуыргонд, иезуит Поль Жоуон дӕр йӕ чиныджы, «Библийы дзуттаг ӕвзаджы грамматикӕ», зӕгъгӕ, 49 фарсыл фиппаинаджы фыссы: «Нӕ тӕлмацты мах ныффыстам (бӕлвырд-бӕрӕг чи нӕу, уыцы формӕ) „Йахве“ нӕ, фӕлӕ „Йегъовӕ“... афтӕ у французаг литературӕйы дӕр» («Grammaire de l’hébreu biblique», 1923 азы рауагъд). Афтӕ йӕ ныффыстой Библи тӕлмацгӕнджытӕ бирӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дӕр, ӕмӕ уый фенӕн ис 8-ӕм фарсыл фӕлгӕты.

Уӕдӕ афтӕ уайы, ӕмӕ «Йахве» дзурын раст нӕу? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Ныхас ӕрмӕстдӕр ууыл цӕуы, ӕмӕ адӕймаг Библийы «Йегъовӕ» куы бакӕсы, уӕд йӕ зӕрдӕйыл тагъддӕр сӕмбӕлы, уымӕн ӕмӕ фылдӕр ӕвзӕгтыл адӕм ууыл «тынгдӕр сахуыр сты». Уӕвгӕ, ӕппӕты сӕйрагдӕр у, цӕмӕй уыцы ном нӕхӕдӕг дӕр дзурӕм ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр хъусын кӕнӕм. «Кадджын кӕнут Йегъовӕйы! Йӕ номӕй йӕм кувут. Адӕмӕн хъусын кӕнут йӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Дзурут, йӕ ном кадджын кӕй у, уый тыххӕй» (Исай 12:4).

Цӕй уӕдӕ ’ркӕсӕм, ӕнусты дӕргъы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ацы фӕдзӕхст куыд ӕххӕст кодтой, уымӕ.

[Фиппаинӕгтӕ]

a Кӕс «Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ – Ног дунейы тӕлмац», Уӕлӕмхасӕны 1 хай.

b Кӕс «Сыгъдӕг Фыстад – Ног дунейы тӕлмац»-ы Уӕлӕмхасӕны 1А хай, 1984 аз, англ.

[Рамкӕ 7 фарсыл]

Ном ЙХВХ раздӕр куыд дзырдтой, уый фӕдыл ахуыргӕндтӕ алыхуызон хъуыды кӕнынц.

Д-р Рейзел йӕ чиныджы «Ӕнахуыр ном Й.Х.В.Х», зӕгъгӕ, фыссы: «Тетраграмматон раздӕр хъуамӕ дзырдтаиккой ЙеХӯа́Х кӕнӕ ЙаХӯа́Х» («The Mysterious Name of Y.H.W.H.», 74 фарс).

Кембриджы университеты дины ахуыргӕнӕг Д. Д. Уильямс та афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, «ӕппӕт дӕр куыд ӕвдисы, растдӕр зӕгъгӕйӕ та куыд бӕлвырд кӕны, афтӕмӕй тетраграмматон «Йахве́» дзурын раст нӕу... Уыцы Ном дзырдтаиккой ЙА̄ХО̂Х» («Zeitschrift für die alttestamentliche Wissenschaft» [«Периодикон рауагъд Зӕронд Фӕдзӕхст иртасынӕн»], 1936 аз, 54 том, 269 фарс).

Французаг ӕвзагыл Библийы тӕлмацтӕй иуы цы дзырдуат ис, уым та ахӕм хъуыды ис: «Фӕстаг тӕлмацтӕй кӕцыдӕрты Хуыцауы ном фыст ӕрцыд «Йахве́», цалдӕр рагон бӕлвырдгӕнӕны йын кӕй ссардтой, уымӕ гӕсгӕ, фӕлӕ фидарӕй зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ уыцы бӕлвырдгӕнӕнтӕ раст сты. Хуыцауы ном цы нӕмтты ис, уыдонмӕ куы ’ркӕсӕм, зӕгъӕм, пехуымпар Илиайы дзуттаг номмӕ (Елийагъу), уӕд Хуыцауы ном раздӕр Йагъо кӕнӕ Йагъу дӕр дзырдтаиккой» («Revised Segond Version», 9 фарс).

1749 азы немыцаг ахуыргонд, Библи иртасӕг Теллер радзырдта, Хуыцауы ном цал хуызы фыстӕй бакаст, уый тыххӕй: «Сицилиаг Диодор, Макроби, Александриаг Климент, Сыгъдӕг Иероним ӕмӕ йӕ Ориген фыстой Jao (Йао); самариӕгтӕ, Епифани, Феодорит ӕй фыстой Jahe (Йахе) кӕнӕ Jave (Йаве); Людвиг Каппел ӕй фыссы Javoh (Йавох); Друси – Jahve (Йахве); Готтингер – Jehva (Йехва); Мерсер – Jehovah (Йеховах); Кастеллио – Jovah (Йовах); ле Клерк та – Jawoh (Йауох) кӕнӕ Javoh (Йавох)».

Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй, Хуыцауы ном ӕппӕты фыццаг куыд дзырдтой, уый бӕрӕг нал у. Ӕмӕ, раст зӕгъгӕйӕ, уый афтӕ ахсджиаг дӕр нӕу. Ахсджиаг куы уыдаид, уӕд Хуыцау йӕхӕдӕг батыхстаид ууыл, цӕмӕй йӕ абон мах зонӕм. Сӕйраг у уый, ӕмӕ Хуыцауы ном дзурӕм, нӕ мадӕлон ӕвзаджы куыд ныффидар, афтӕ.

[Рамкӕ 8 фарсыл]

Хуыцауы ном алы ӕвзӕгтыл куыд фыссынц, уымӕй бӕрӕг у, алы адӕмтӕм дӕр ӕй «Йегъовӕ» кӕй дзурынц

Англисаг – Jehovah

Болгайраг – Йехова

Венгриаг – Jehova

Венда – Yehova

Голландиаг – Jehovah

Даниаг – Jehova

Зулу – uJehova

Игбо – Jehova

Ирон – Йегъовӕ

Испайнаг – Jehová

Италиаг – Geova

Йоруба – Jehofah

Кантонаг – Yehwowah

Коса – uYehova

Македойнаг – Јехова

Маори – Ihowa

Мвала-малу – Jihova

Моту – Iehova

Нариньери – Jehovah

Немыцаг – Jehova

Польшӕйаг – Jehowa

Португайлаг – Jeová

Румынаг – Iehova

Самоайнаг – Ieova

Сербаг – Јехова

Сото – Jehova

Суахили – Yehova

Тагайлаг – Jehova

Туркаг – Yehova

Украинаг – Єгова

Уырыссаг – Иегова

Фиджи – Jiova

Финаг – Jehova

Французаг – Jéhovah

Шведаг – Jehova

Эфик – Jehovah

Япойнаг – Ehoba

[Рамкӕ 11 фарсыл]

«Йегъовӕ» Хуыцауы ном кӕй у, уый адӕм ӕрмӕст Библийӕ нӕ зонынц.

Франц Шуберт ныффыста музыкӕ Иоганн Ладислав Пиркеры ӕмдзӕвгӕйӕн, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау», зӕгъгӕ. Уыцы ӕмдзӕвгӕйы ном «Йегъовӕ» ӕмбӕлы дыууӕ хатты. Ацы ном ма ис Вердийы оперӕ «Набукко»-йы фӕстаг хайы кӕрон дӕр.

Французаг композитор Артюр Онеггеры музыкалон уацмыс «Паддзах Давид»-ы Йегъовӕйы номӕн стыр кад лӕвӕрд цӕуы. Зындгонд французаг фыссӕг Виктор Гюгойы уацмысты та уыцы ном ӕмбӕлы 30 хаттӕй фылдӕр. Гюго, стӕй ма Ламартин дӕр ныффыстой поэмӕтӕ, «Йегъовӕ», зӕгъгӕ.

Германы федералон банк 1967 азы рауагъта чиныг «Германы зӕронд ӕхцатӕ» («Deutsche Taler»). Чиныджы ис ӕппӕты зӕронддӕр ӕхцатӕй иуы ныв, уый у Силезийы паддзахадон ӕхца, у 1634 азы уагъд, ӕмӕ уыцы ӕхцайыл ис ном «Йегъовӕ». Фӕстӕрдыгӕй йыл цы ныв ис, уый тыххӕй та чиныджы дзырдӕуы: «Мигъты ’хсӕнӕй ӕрттивы ном ЙЕГЪОВӔ, йӕ бынмӕ та ис уарт ӕмӕ кадыхуд Силезийы гербимӕ».

Скӕсӕн Германы, Рудольштадты музейы ис, 17-ӕм ӕнусы Швецийы паддзах Густав II Адольф кӕй хаста, уыцы згъӕрхӕдон. Згъӕрхӕдонӕн йӕ хъуырыл стыр дамгъӕтӕй фыст ис ном ЙЕГЪОВӔ.

Уӕдӕ ӕнусты дӕргъы Хуыцауы ном зонынц «Йегъовӕ»-йӕ, ӕмӕ йӕ адӕм куы фехъусынц, уӕд уайтагъд бамбарынц, кӕй кой цӕуы, уый. Профессор Элеры загъдау: «Ацы ном не ’взаджы тынгдӕр ныффидар, ӕмӕ йӕ ӕндӕр хуызӕй баивӕн нал ис» («Theologie des Alten Testaments» [«Зӕронд Фӕдзӕхсты теологи»]).

[Ныв 6 фарсыл]

Хуыцауы ном – зӕды ныхыл; ацы ныв ис Сыгъдӕг Петры аргъуаны, сауджын Климент XIII марды дурыл (Ватикан)

[Ныв 7 фарсыл]

Хуыцауы номимӕ рауагътой бирӕ ӕхцатӕ. Ацы ӕхца у 1661 азы уагъд (Нюрнберг, Герман). Латинагау ыл фыст ис: «Дӕ дӕлбазыр стӕм»

[Нывтӕ 9 фарсыл]

Католикон аргъуан Нотр-Дам де Фурвьер (Лион, Франц)

Буржы стыр аргъуан (Франц)

Ла Селль Дюнуазы аргъуан (Франц)

Раздӕр-иу кувӕндӕттыл рӕсугъдӕн сныв кодтой Хуыцауы ном, тетраграмматон

Дины аргъуан (хуссар Франц)

Сан-Паулуйы аргъуан (Бразили)

Страсбургы стыр аргъуан (Франц)

Сыгъдӕг Марчы стыр аргъуан (Венеци, Итали)

[Нывтӕ 10 фарсыл]

Йегъовӕйы ном ис Бордесхольмы моладзандоныл (Герман),

1635 азы уагъд немыцаг ӕхцайыл,

Фемарны сакъадахы аргъуаны дуары сӕрмӕ (Герман)

ӕмӕ 1845 азы ӕвӕрд марды дурыл, Гарманншлаг (Дӕллаг Австри)