Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы ном ӕмӕ Библи тӕлмацгӕнджытӕ

Хуыцауы ном ӕмӕ Библи тӕлмацгӕнджытӕ

ДЫККАГ ӕнусы райдианы, фӕстаг апостол куы амард, уӕд стыхджын, Йесо ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ кӕй кой кодтой, уыцы хъуыддаг – бирӕтӕ чырыстон уырнындзинад зыгъуыммӕ кӕнын райдыдтой. Алыхуызон философты хъуыдытӕ ӕмӕ динты ахуырӕдтӕ ахъардтой ӕмбырды, райдыдтой дихтӕ кӕнын, фӕзынд сектӕтӕ, ӕмӕ кӕддӕры сыгъдӕг уырнындзинад мӕнг уырнындзинӕдтимӕ схӕццӕ. Хуыцауы ном дӕр нал дзырдтой.

Дунейыл мӕнг чырыстон дин парахат кодта, ӕмӕ Библи дӕр, цы ӕвзӕгтыл фыст ӕрцыд, уыдонӕй, ома рагон дзуттаг ӕмӕ грекъаг ӕвзагӕй, тӕлмац кӕнын хъуыди ӕндӕр ӕвзӕгтӕм. Ӕмӕ тӕлмацгӕнджытӕ сӕ тӕлмацты Хуыцауы ном куыд фыстой? Фылдӕр хатт ӕй фыстой «Хицау». Уӕды заман стыр уӕз уыди, Иероним хуымӕтӕг латинаг ӕвзагмӕ кӕй раивта, уыцы тӕлмацӕн, латинаг Вульгатӕ, зӕгъгӕ. Уым Иероним тетраграмматоны (ЙХВХ) бӕсты ныффыста Dominus, ома «Хицау».

Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ Европӕйы фӕзынд ног ӕвзӕгтӕ: французаг, англисаг ӕмӕ испайнаг. Фӕлӕ католикон аргъуаны нӕ фӕндыд, цӕмӕй уыцы ног ӕвзӕгтӕм Библи тӕлмац кодтаиккой. Уӕдӕ-иу кӕд дзуттӕгтӕ, Библи рагон дзуттаг ӕвзагыл кӕсгӕйӕ, Хуыцауы ном барӕй нӕ загътой, уӕд «чырыстӕттӕн» сӕ фылдӕрӕн та аргъуанты Библи кастысты, Хуыцауы ном уӕвгӕ дӕр кӕм нӕ уыди, уыцы латинаг тӕлмацтӕй.

Фӕлӕ фӕстӕдӕр Хуыцауы ном ногӕй райдыдтой фыссын. 1278 азы латинаг ӕвзагыл рацыд, испайнаг дингӕнӕг Раймунд Мартинийы чиныг – «Уырнындзинады хъама» («Pugio fidei»), ӕмӕ уым Мартини Хуыцауы ном фыссы Йохоуа a. Фӕстӕдӕр, 1303 азы, Порчет де Сальватикис фыст фӕци йӕ чиныг «Порчет фӕуӕлахиз ӕнӕхуыцау дзуттӕгтыл» («Victoria Porcheti adversus impios Hebraeos»). Ӕмӕ уый дӕр фыссы Хуыцауы ном, ӕрмӕст ӕй фыссы алыхуызӕтты: Йохоуах, Йохоуа ӕмӕ Ихоуах. 1518 азы мыхуыры рацыд Петр Галатины чиныг «Ӕппӕтиумӕйаг ӕцӕгдзинады сусӕгдзинӕдты фӕдыл» («De arcanis catholicae veritatis»), ӕмӕ уый та Хуыцауы ном фыссы Йехоуа.

Хуыцауы ном англисаг Библийы фыццаг хатт фӕзынд 1530 азы, Уильям Тиндал Библийӕ цы фыццаг фондз чиныджы ратӕлмац кодта, уыдон мыхуыры куы рауагъта, уӕд. Хуыцауы ном дзы уыди цалдӕр стихы b, ӕмӕ фыст уыд Йехоуах. Йӕ тӕлмацмӕ фиппаинаджы та Тиндал ныффыста: «Йегъовӕ у Хуыцауы ном... Стӕй дзы кӕмдӕриддӕр ХИЦАУ стыр дамгъӕтӕй фенат (мыхуыры цы рӕдыдтытӕ уа, уыдонӕй дарддӕр), уым дзуттаг тексты ис Йегъовӕ». Уӕдӕй фӕстӕмӕ иннӕ тӕлмацгӕнджытӕ дӕр райдыдтой афтӕ кӕнын: дзуттаг тексты тетраграмматон кӕм ӕмбӕлы, уыцы бынӕттӕй-иу цалдӕр раны ныффыстой Йегъовӕйӕн йӕ ном, иннӕ рӕтты та-иу ӕй баивтой «ХИЦАУ» кӕнӕ «ХУЫЦАУ»-ӕй.

1611 азы мыхуыры рацыд, ӕппӕты арӕхдӕр кӕмӕй райдыдтой пайда кӕнын, уыцы англисаг тӕлмац – «Паддзахы разыйӕ уагъд тӕлмац», кӕнӕ «Паддзах Яковы Библи» («Authorized Version»). Хуыцауы ном дзы ис цыппар хатты (Рацыд 6:3; Псалом 83:18; Исай 12:2; 26:4). Псалом 68:4 та дзы ӕмбӕлы Хуыцауы номы поэтикон цыбыр формӕ – «Йагъ». Йӕ ном ма дзы ӕнӕхъӕнӕй ӕмбӕлы бынӕтты нӕмтты дӕр, ахӕм нӕмттӕй иу у «Йегъовӕ-Ире» (Райдиан 22:14; Рацыд 17:15; Тӕрхонгӕнджыты 6:24). Фӕлӕ, Тиндалы тӕлмацы куыд у, афтӕ ацы тӕлмацы дӕр фылдӕр рӕтты Хуыцауы ном баивтой «ХИЦАУ» кӕнӕ «ХУЫЦАУ»-ӕй. Фӕлӕ кӕд Хуыцауы ном, дзуттаг тексты цы стихты ӕмбӕлы, уыдонӕй цыппар стихы уыди ныффыссӕн, уӕд ӕй иннӕ мингай стихты цӕуылнӕ уыд ныффыссӕн?

Хуыцауы номы хабар афтӕ рауад немыцаг ӕвзаджы дӕр. 1534 азы Мартин Лютер рауагъта Библи ӕнӕхъӕнӕй, тӕлмац ӕй кодта, Библи цы ӕвзӕгтыл фыст ӕрцыд, уыдонӕй. Цӕмӕдӕр гӕсгӕ дзы Хуыцауӕн йӕ ном нӕ ныффыста, фӕлӕ йӕ баивта ӕндӕр дзырдтӕй, зӕгъӕм, HERR («ХИЦАУ»). Фӕлӕ Хуыцауы ном зонгӕ та кодта, уымӕн ӕмӕ 1526 азы Йеремийы 23:1–8 гӕсгӕ цы раныхас радзырдта, уым ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Ацы ном, Йегъовӕ, кӕнӕ Хицау, у ӕрмӕстдӕр ӕцӕг Хуыцауы ном».

1543 азы Лютер, ӕнӕуи дӕр ӕргомдзырд адӕймаг, ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Уыдон [дзуттӕгтӕ] афтӕ куы фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, ном „Йегъовӕ“ дзурӕн нӕй, уӕд, цы фӕдзурынц, уый сӕхӕдӕг дӕр нӕ фембарынц... Кӕд ӕй ныффыссӕн ис, уӕд ӕй дзурӕн цӕуылнӕ хъуамӕ уа, кӕд ӕмӕ йӕ фыссынӕй йӕ дзурын бирӕ хуыздӕр у? Уӕд афтӕ дӕр цӕуылнӕ зӕгъынц, ӕмӕ йӕ нӕдӕр фыссӕн ис, нӕдӕр кӕсӕн ӕмӕ йыл нӕдӕр хъуыды кӕнӕн ис? Ам цыдӕр раст нӕу». Кӕд Лютер зӕгъгӕ афтӕ кодта, уӕддӕр Хуыцауы ном йӕ тӕлмацы нӕ ныффыста. Фӕлӕ фӕстӕдӕр иннӕ немыцаг тӕлмацты Хуыцауы ном ныффыстой Рацыды 6:3.

Уый фӕстӕ ӕнусты, Библи чи тӕлмац кодта, уыдонӕй иутӕ ӕппындӕр нӕ фыстой Хуыцауы ном, иннӕтӕ та йӕ Дзуттаг Фыстыты сӕрибарӕй фыстой – кӕнӕ «Йегъовӕ»-йӕ, кӕнӕ та «Йахве»-йӕ. Ӕркӕсӕм, Хуыцауы ном кӕм нӕ ныффыстой, уыцы тӕлмацтӕй дыууӕмӕ ӕмӕ тӕлмацгӕнджытӕн сӕхи ныхӕстӕй базонӕм, цӕуылнӕ йӕ ныффыстой, уый.

Цӕмӕн ӕй айстой

1935 азы Дж. М. Повис Смит ӕмӕ Эдгар Дж. Гудспид рауагътой Библийы нырыккон тӕлмац. Уыцы тӕлмацы Хуыцауы номы бӕсты фылдӕр рӕтты уыди ХИЦАУ ӕмӕ ХУЫЦАУ. Афтӕ йӕ цӕмӕн ныффыстой, уый бамбарын кодтой разныхасы: «Ацы тӕлмацы мах бакодтам дзуттаг дины ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕмӕ ном „Йахве“ баивтам „Хицау“-ӕй, дзырдбаст „Хицау Йахве“ та – „Хицау Хуыцау“-ӕй. Дзырдтӕ „Хицау“ ӕмӕ „Хуыцау“ „Йахве“-йы бӕсты кӕм ныффыстам, уым фыст сты стыр дамгъӕтӕй».

О, фӕлӕ-иу дзуттӕгтӕ Фыстады «ЙХВХ» кӕм федтой, уым-иу ӕй сӕ дины ӕгъдаумӕ гӕсгӕ «Хицау» бакастысты, ӕмӕ уыцы разныхасы та бынтондӕр иннӕрдӕм дзурынц: «Уӕдӕ, цы ӕвзагыл фыст уыди, уый ад бамбарын кӕй фӕнды, уый, ХИЦАУ кӕнӕ ХУЫЦАУ кӕмдӕриддӕр фена, уым хъуамӕ кӕса „Йахве“»!

Ацы ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ уайтагъд фӕзыны фарст: кӕд адӕймаг «ХИЦАУ» нӕ, фӕлӕ «Йахве» кӕсгӕйӕ бамбары, «цы ӕвзагыл фыст уыди, уый ад», уӕд тӕлмацгӕнджытӕ сӕ тӕлмацы «Йахве» цӕуылнӕ ныффыстой? Хуыцауы ном, сӕхи загъдау, «ХИЦАУ»-ӕй цӕмӕн «баивтой» ӕмӕ кӕсджытӕн, Библи цы ӕвзагыл фыст уыди, уый ад бамбарыны фадат цӕуылнӕ радтой?

Тӕлмацгӕнджытӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, мах дзуттаг дины ӕгъдаумӕ гӕсгӕ архайдтам. Фӕлӕ цымӕ чырыстон хъуамӕ афтӕ кӕна? Ӕрхъуыды-ма йӕ кӕн, растдӕр дзуттаг дины ӕгъдӕуттыл фидар чи хӕцыд, уыцы фарисейтӕ нӕ баууӕндыдысты Йесойыл ӕмӕ растдӕр уыдонӕн загъта Йесо ацы ныхӕстӕ: «Сымах Хуыцауы ныхас уе ’гъдӕуттӕй баивтат» (Матфейы 15:6). Уыцы раив-баивтӕ Хуыцауы Ныхасы тых сӕтгӕ кӕнынц.

1952 азы англисаг ӕвзагыл рацыд Дзуттаг Фыстыты «Барастгонд сӕйраг тӕлмац» («Revised Standard Version»), бараст дзы кодтой «Америкаг сӕйраг тӕлмац» («American Standard Version»). Ацы тӕлмацы дӕр Хуыцауы ном баивтой ӕндӕр дзырдтӕй. Уый уыд хъусӕрдаринаг, уымӕн ӕмӕ цы тӕлмацы бындурыл арӕзт уыд, уым Йегъовӕйы ном Дзуттаг Фыстыты уыди сӕрӕй кӕронмӕ. Уӕдӕ ацы ног тӕлмацӕй Хуыцауы ном кӕй айстой, уый гыццыл хъуыддаг нӕ уыд. Цӕмӕн бакодтой афтӕ?

«Барастгонд сӕйраг тӕлмац»-ы разныхасы кӕсӕм: «Тӕлмацгӕнджыты комитет раздӕхт, Паддзах Яковы Библийы куыд фыст у ӕмӕ адӕм фылдӕр куыд ахуыр сты, уымӕ [ома, Хуыцауы номы бӕсты – ӕндӕр дзырдтӕ]. Ӕмӕ уымӕн ис дыууӕ аххосаджы: 1) дзырд „Йегъовӕ“ бӕлвырдӕй не ’вдисы, Ном дзуттаг тексты цы формӕты ӕмбӕлди, уыдонӕй иу дӕр, ӕмӕ 2) иунӕг ӕцӕг Хуыцауы цыфӕнды номӕй дӕр хонай,– цыма йӕ фӕхӕццӕ кӕнӕн кӕимӕ ис, ӕндӕр ахӕм хуыцӕуттӕ дӕр ис, уыйау,– уыцы хъуыдыйыл дзуттаг дингӕнджытӕ сӕ къух чырыстон заманӕй дӕр раздӕр систой, стӕй Чырыстон Аргъуаны иумӕйаг уырнындзинадимӕ дӕр ӕппындӕр нӕ фидауы».

Цымӕ уыцы аххосӕгтӕ ӕцӕг аххосӕгтӕ схонӕн ис? Раздӕр ма дзырдтам Йесойы номы тыххӕй: Хуыцауы Фырты кӕддӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕ куыд хуыдтой, абон ӕй мах бынтон афтӕ нӕ хонӕм. Фӕлӕ уый тыххӕй, уыцы тӕлмацыл чи куыста, уыдон Йесойы ном нӕ айстой ӕмӕ дзы уый бӕсты «Минӕвар» кӕнӕ «Чырысти» нӕ ныффыстой. Раст у, уыцы дзырдтӕ дӕр дзы сты, фӕлӕ дзы сты Йесойы номимӕ иумӕ – йӕ бӕсты нӕ.

Афтӕ кӕй зӕгъынц, ӕцӕг Хуыцауы фӕхӕццӕ кӕнӕн кӕимӕ ис, ӕндӕр ахӕм хуыцӕуттӕ нӕй, зӕгъгӕ, уый та раст нӕу. Зӕххыл адӕм милуангай хуыцӕуттӕн кувынц. Апостол Павел фыста: «Бирӕ ис „хуыцӕуттӕ“» (1 Коринфӕгтӕм 8:5; Филиппӕгтӕм 3:19). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕцӕг Хуыцау, Павел дӕр куыд загъта дарддӕр, афтӕмӕй, иу йеддӕмӕ нӕу. Уӕдӕ ӕцӕг Хуыцауы йӕ номӕй хонын уымӕн хъӕуы, цӕмӕй ӕппӕт мӕнг хуыцӕуттӕй хицӕн кӕна. Стӕй кӕд Хуыцауы йӕ номӕй хонын «ӕппындӕр нӕ фидауы», уӕд рагон дзуттаг тексты 7 000 хатты бӕрц цӕмӕн ӕмбӕлы?

Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ тӕлмацгӕнджытӕй бирӕтӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцауы ном, абон ӕй куыд дзурынц, ахӕм хуызы Библийы ныффыссӕн нӕй. Уыдон ӕй ныффыстой сӕ тӕлмацты, ӕмӕ ахӕм тӕлмац ноджы бӕрзонддӕр исы Библийы Авторы кад ӕмӕ ӕввахсдӕр лӕууы рагон дзуттаг текстмӕ. Хуыцауы ном кӕм ис, уыцы зындгонд тӕлмацтӕй иуӕй-иутӕ сты: «Valera» (испайнаг ӕвзагыл, 1602 азы уагъд), «Almeida» (португайлаг ӕвзагыл, 1681 азы уагъд), «Elberfelder Bibel» (немыцаг ӕвзагыл, 1871 аз, фыццаг рауагъд), стӕй «Америкаг сӕйраг тӕлмац» (англисаг ӕвзагыл, 1901 азы уагъд). Иуӕй-иу тӕлмацты, уӕлдайдӕр та «Иерусалимаг Библи»-йы («The Jerusalem Bible») Хуыцауы ном ис, фыццаг кӕм уыд, уым алы ран дӕр, ӕрмӕст фыст у «Йахве».

Ныр та бакӕс, сӕ тӕлмацты Хуыцауы ном чи ныффыста, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цы зӕгъынц, уый, ӕмӕ сын сӕ ныхӕстӕ абар, чи йӕ нӕ ныффыста, уыдоны хъуыдытимӕ.

Иннӕтӕ Хуыцауы ном цӕмӕн ныффыстой

Мӕнӕ цы зӕгъынц, 1901 азы уагъд «Америкаг сӕйраг тӕлмац»-ыл чи куыста, уыдон: «[Тӕлмацгӕнджытӕ] ӕрцыдысты уыцы иу хъуыдымӕ, ӕмӕ Зӕронд Фӕдзӕхсты англисаг тӕлмацы дӕр ӕмӕ иннӕ тӕлмацты дӕр бынат хъуамӕ мауал уа дзуттаг дины мӕнг ахуырадӕн, зӕгъгӕ, Хуыцауы ном табуйаг у ӕмӕ йӕ дзурӕн нӕй... Хуыцау Рац. III. 14, 15 кӕй раргом кодта ӕмӕ Зӕронд Фӕдзӕхсты ногӕй ӕмӕ ногӕй чи ӕмбӕлы, уыцы Ӕнусон Ном ӕвдисы, Хуыцау кӕй у удӕгас Хуыцау, бадзырды Хуыцау, йӕ фӕндтӕ ӕргомгӕнӕг Хуыцау, Ирвӕзынгӕнӕг, йӕ адӕмӕн сӕ Хӕлар... Ацы ном, цы арф хъуыды дзы ис, уыимӕ, фӕстӕмӕ фыст ӕрцыд, Сыгъдӕг Фыстады кӕм хъуамӕ уа, айсӕн ӕй кӕцӕй нӕй, уыцы бынӕтты».

Немыцаг тӕлмац «Elberfelder Bibel»-ы фыццаг рауагъды разныхасы дӕр кӕсӕм: «Йегъовӕ. Афтӕ фыссӕм, Израилы адӕмимӕ бадзырд чи скодта, уыцы Хуыцауы ном, уымӕн ӕмӕ йыл кӕсджытӕ бирӕ азты дӕргъы афтӕ сахуыр сты».

Стивен Т. Баингтон йӕ тӕлмацы, «Библи нырыккон англисаг ӕвзагыл» («The Bible in Living English»), Хуыцауы ном цӕмӕн ныффыста, уый афтӕ ӕмбарын кӕны: «Куыд ӕй фыссынц ӕмӕ йӕ куыд дзурынц, уый сӕйраг нӕу. Сӕйраг уый у, цӕмӕй бӕрӕг уа, сӕрмагонд ном кӕй у. Библийы ахӕм бынӕттӕ ис, ӕмӕ, зӕгъгӕ, ацы ном ӕнӕуи номдар „Хицау“-ӕй кӕнӕ, ноджы ӕвзӕрдӕр та, номдар чи свӕййы, ахӕм миногонӕй [зӕгъӕм, Ӕнусон] ратӕлмац кодтам, уӕд тексты хъуыды раст бамбарӕн нӕ уаид».

Цымыдисаг у Дж. Б. Ротергамы тӕлмацы хабар дӕр. Йӕ тӕлмацы ис Хуыцауы ном, ӕрмӕст ӕй ныффыста «Йахве». Фӕлӕ йын фӕстӕдӕр, 1911 азы, цы чиныг рацыд, «Псаломтӕ иртасын», зӕгъгӕ («Studies in the Psalms»), уым та йӕ ныффыста «Йегъовӕ». Цӕмӕн? Ротергам ӕмбарын кӕны: «ЙЕГЪОВӔ – Хуыцауы Ӕнусон ном (Рац. 3:18) Псалтиры ацы тӕлмацы афтӕ фыст кӕй у, уый уымӕн нӕу, ӕмӕ „Йахве́“-йӕ растдӕр у. Афтӕ йӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн ныффыстон, ӕмӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй тӕлмац адӕмы зӕрдӕйыл ӕмбӕла, ӕмӕ уый тыххӕй та Хуыцауы ном хъуамӕ фыст уа, дзургӕ йӕ куыд кӕнынц, афтӕ».

Псалом 34:3 Йегъовӕйӕн кувӕг адӕммӕ сиды: «Бӕрзонд кӕнут Йегъовӕйы мемӕ, ӕмӕ йын иумӕ скадджын кӕнӕм йӕ ном». Цымӕ Хуыцауы ном кӕм нӕ ныффыстой, уыцы тӕлмацты кӕсджытӕн сӕ бон куыд уыдзӕн ацы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын? Чырыстӕттӕн тынг ӕхсызгон у, иуӕй-иу тӕлмацгӕнджытӕм уӕддӕр кӕй разынд уыцы лӕгдзинад, ӕмӕ Дзуттаг Фыстыты Хуыцауы ном ныффыссой, ӕмӕ уый фӕрцы кӕсджытӕн фадат кӕй ис, цӕмӕй, Смит ӕмӕ Гудспиды загъдау, Фыстад «цы ӕвзагыл фыст уыди, уый ад банкъарой».

Фӕлӕ Хуыцауы ном Дзуттаг Фыстыты чи ныффыста, уыдонӕн ӕй сӕ фылдӕр Чырыстон Грекъаг Фыстыты, «Ног Фӕдзӕхсты» та нӕ ныффыстой. Афтӕ цӕмӕн у? Хуыцауы ном Грекъаг Фыстыты уа, уымӕн исты бындур ис?

[Фиппаинӕгтӕ]

a Ацы чиныг цалдӕр ӕнусы фӕстӕ ногӕй мыхуыры куы рацыд, уӕд та дзы Хуыцауы ном фыст уыд Йеховӕ.

b Райдиан 15:2; Рацыд 6:3; 15:3; 17:16; 23:17; 33:19; 34:23; Дыккаг закъон 3:24. Тиндал ма Хуыцауы ном ныффыста Иезекилы 18:23 ӕмӕ 36:23, «Ног Фӕдзӕхст»-имӕ кӕй рауагътой, йӕ уыцы тӕлмацты (Антверпен, 1534 аз).

[Хицӕнгонд текст 17 фарсыл]

«Паддзахы разыйӕ уагъд тӕлмац»-ы Хуыцауы ном, Йегъовӕ, ис ӕрмӕстдӕр цыппар стихы, иннӕ рӕтты та уый бӕсты ныффыстой ХУЫЦАУ ӕмӕ ХИЦАУ

[Хицӕнгонд текст 22 фарсыл]

Кӕд Хуыцауы йӕ номӕй хонын «ӕппындӕр нӕ фидауы», уӕд рагон дзуттаг тексты 7 000 хатты бӕрц цӕмӕн ӕмбӕлы?

[Рамка/Нывтӕ 20, 21 фарсыл]

Хуыцауы номӕй се сӕфт уынынц?

Цалдӕр азы размӕ, цалынмӕ африкаанс ӕвзагыл «Ног дунейы тӕлмац» нӕ рацыд, уӕдмӕ, уыцы ӕвзагыл цыдӕриддӕр Библийы тӕлмацтӕ уыдис, уыдонӕй иуы дӕр Хуыцауы ном нӕ уыд. Ӕмӕ уый диссаг у, уымӕн ӕмӕ, уыцы бӕстӕйы бынӕттон ӕвзӕгтыл цы тӕлмацтӕ ис, уыдонӕй бирӕты Хуыцауы ном арӕх ӕмбӕлы. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, афтӕ цӕмӕн рауад, уымӕ.

1878 азы 24 августы Ӕцӕг африканерты ӕхсӕнадӕн (G.R.A.), ома африкаанс ӕвзагыл чи дзуры, уыдоны ӕхсӕнадӕн, уыдис ӕмбырд, ӕмӕ дзы фӕндон бахастой, цӕмӕй Библи африкаансмӕ ратӕлмац кӕной. Ӕхсӕз азы фӕстӕ та уыцы фарстайыл ногӕй ӕрдзырдтой ӕмӕ ӕппынфӕстаг аскъуыддзаг кодтой, кӕй йӕ ратӕлмац кӕндзысты, цы ӕвзӕгтыл фыст уыди, уыдонӕй. Тӕлмацы хъуыддаг бахӕс кодтой Трансваалы Ахуырады министр С. Дж. дю Туайӕн.

Тӕлмац кӕнын куыд хъӕуы, уый фӕдыл дю Туамӕ цы фыстӕг арвыстой, уым уыди ахӕм ныхӕстӕ: «Хуыцауы ӕцӕг ном, Йегъовӕ кӕнӕ Йахвê, алкуыдӕр фыссын хъӕуы, куыд у, афтӕ [ома йӕ „Хицау“ кӕнӕ „Хуыцау“-ӕй нӕ хъӕуы ивын]». Дю Туа африкаансмӕ ратӕлмац кодта Библийы чингуытӕй авд, ӕмӕ уыцы чингуыты Йегъовӕйы ном ис алкӕмдӕр.

Иу рӕстӕджы Хуыцауы ном уыди ӕндӕр хуссар-африкӕйаг чингуыты дӕр. Зӕгъӕм, 1914 азы Дж. А. Мальгербе кӕй сарӕзта, уыцы «Цыбыр катехизис»-ы («De Korte Catechismus») ис ахӕм фарст: «Куыд у Хуыцауы сӕйраг Ном?» Цавӕр дзуапп дзы ис ацы фарстӕн? «Йегъовӕ (нӕ Библиты фыст у ХИЦАУ стыр дамгъӕтӕй). Ацы [ном] ӕндӕр никуы ничи хаста».

Ӕндӕр чиныджы та, «Die Katkisasieboek» (Хуссар Африкӕйы Голландиаг реформаторон аргъуаны хуыцаубоны скъолаты федеративон къамисы уагъд катехизисы), уыд ахӕм фарст: «Уӕдӕ ном Йегъовӕ кӕнӕ ХИЦАУ хъуамӕ ма дзурӕм? Афтӕ кӕнынц дзуттӕгтӕ... Фӕлӕ фӕдзӕхст афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы. [...] Йӕ Ном дзурын нӕ бон у, ӕрмӕст ӕнӕхъуаджы нӕ». Дины зарджыты чиныг «Die Halleluja» цалдӕр хатты ногӕй рауагътой, ӕмӕ дзы ӕрӕджыйы онг дӕр иуӕй-иу зарджыты уыди ном Йегъовӕ.

Фӕлӕ дю Туайы тӕлмац кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ нӕ цыд, ӕмӕ 1916 азы снысан кодтой, тӕлмацыл чи кусдзӕн, ахӕм комитет, цӕмӕй африкаансыл Библи рауагътаиккой. Уыцы комитет архайдта ууыл, цӕмӕй Библийы Йегъовӕйы ном ма уыдаид. 1971 азы та Хуссар Африкӕйы Библийы ӕхсӕнад африкаансыл рауагъта Библийӕ цалдӕр чиныджы «фӕлварӕн тӕлмац». Кӕд Хуыцауы номы тыххӕй разныхасы загътой, уӕддӕр ӕй тӕлмацӕн йӕхи мидӕг нӕ ныффыстой. Стӕй ма 1979 азы фӕзынд «Ног Фӕдзӕхст» ӕмӕ Псалтиры ног тӕлмац, ӕмӕ та уым дӕр Хуыцауы ном фыст не ’рцыд.

Уымӕй уӕлдай, 1970 азӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы ном нал фыстой дины зарджыты чиныджы «Die Halleluja». Хуыцауы ном ма айстой, Хуссар Африкӕйы Голландиаг реформаторон аргъуан кӕй рауагъта, уыцы катехизисы («Die Katkisasieboek») ӕхсӕзӕм рауагъдӕй дӕр.

Уӕвгӕ, Йегъовӕйы ном канд чингуытӕй нӕ айстой. Парлы голландиаг реформаторон аргъуаны фисыны дурыл фыст уыди ахӕм ныхӕстӕ: JEHOVAH JIREH («Йегъовӕ ратдзӕн»). Ацы аргъуаны ныв ӕмӕ йӕ фисыны дуры ныв дӕр мыхуыргонд ӕрцыдысты журнал «Райхъал ут!»-ы, 1974 азы 22 октябры номыры, африкаанс ӕвзагыл. Ӕмӕ уый фӕстӕ уыцы дур раппӕрстой ӕмӕ дзы бавӕрдтой ӕндӕр дур ахӕм ныхӕстимӕ: DIE HERE SAL VOORSIEN («Хицау ратдзӕн»). Стих кӕцӕй ист у ӕмӕ дур кӕд ӕрцыд ӕвӕрд, уыцы фыст, куыд уыди, афтӕ ныууагътой, Йегъовӕйы ном та дзы баивтой ӕндӕр дзырдӕй.

Уымӕ гӕсгӕ, африкаансыл чи дзуры, уыдонӕй абон бирӕтӕ Хуыцауы ном нӕ зонынц. Аргъуанмӕ чи цӕуы, уыдонӕй йӕ кӕд исчи зоны, уӕддӕр ӕй нӕ дзурынц. Иуӕй-иутӕ та йӕ ныхмӕ дӕр сты: зӕгъынц, зӕгъгӕ, Хуыцауы ном у Хицау, ном Йегъовӕ та ӕрымысыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Нывтӕ]

Голландиаг реформаторон аргъуан Парлы (Хуссар Африкӕ). Йӕ фисыны дурыл фыццаг фыст уыд Йегъовӕйы ном (уӕлейӕ рахизырдыгӕй). Фӕстӕдӕр ӕй баивтой ӕндӕрӕй (уӕлейӕ галиуырдыгӕй)

[Ныв 18 фарсыл]

Ацы къухфысты (13-ӕм кӕнӕ 14-ӕм ӕнус) куыд уынӕм, афтӕмӕй Хуыцауы ном, «Йохоуа» фыстӕй, фӕзынд 1278 азы уагъд чиныджы «Pugio fidei»; ис Сент-Женевьевы чиныгдоны (Париж, Франц) (162b сыф)

[Ныв 19 фарсыл]

Уильям Тиндал Библийы фыццаг фондз чиныджы куы ратӕлмац кодта (мыхуыры рацыдысты 1530 азы), уӕд дзы Хуыцауы ном ныффыста Рацыды 6:3. Цӕмӕн ӕй ныффыста, уый ӕмбарын кӕны фиппаинаджы

[Барлӕвӕрдӕй]

(Къам ист ӕрцыд Америкаг Библийы ӕхсӕнады чиныгдоны барлӕвӕрдӕй, Нью-Йорк)