Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстӕттӕ ӕмӕ Хуыцауы ном

Чырыстӕттӕ ӕмӕ Хуыцауы ном

НИКӔЙ бон у бӕлвырдӕй зӕгъын, диныл фидарӕй чи хӕцыд, уыцы дзуттӕгтӕ Хуыцауы ном кӕдӕй фӕстӕмӕ нал дзырдтой ӕмӕ йӕ дзуттаг дзырдтӕ «Хуыцау» ӕмӕ «Дунедарӕг Хицау»-ӕй кӕд баивтой, уый. Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Хуыцауы ном нал дзырдтой, Йесо зӕххыл куы уыд, уымӕй бирӕ раздӕр. Фӕлӕ ис фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, н. э. 70 азы кувӕндон куы ныппырх кодтой, суанг ӕй уӕдмӕ дӕр хистӕр сауджын кӕй дзырдта, кувӕндоны-иу куы лӕггад кодта, уӕд, уӕлдайдӕр та – Сыгъдӕггӕнӕн бон. Уӕдӕ, Йесо зӕххыл куы цард, уӕд адӕм Хуыцауы ном зыдтой, кӕд ӕй арӕх нал дзырдтой, уӕддӕр.

Цӕй тыххӕй нал дзырдтой дзуттӕгтӕ Хуыцауы ном? Ӕвӕццӕгӕн, йӕ иу аххосаг уый уыд, ӕмӕ раст не ’мбӕрстой ӕртыккаг фӕдзӕхст: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы ном ӕнӕхъуаджы ма дзур» (Рацыд 20:7). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы фӕдзӕхст ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ Хуыцауы ном ӕппындӕр ма дзырдтаиккой. Ӕндӕр ӕй Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕ, зӕгъӕм, Давид, афтӕ сӕрибарӕй куыд дзырдтой ӕмӕ уӕддӕр Йегъовӕйы хорзӕхӕй хайджын куыд уыдысты? Кӕнӕ йӕ уӕд Хуыцау Моисейӕн цӕмӕн раргом кодта ӕмӕ йын цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, израилӕгтӕн бамбарын кӕн, чи дӕ рарвыста, уый? (Псалом 18:1–3, 6, 13; Рацыд 6:2–8).

Фӕлӕ, Йесо зӕххыл куы цард, уӕдмӕ уавӕр тынг фӕивта: дзуттаг дины разамонджытӕ Хуыцауы хуымӕтӕг фӕдзӕхстытӕ зыгъуыммӕ кӕнын райдыдтой – адӕмӕн сӕ уӕззау уаргъы хуызӕн скодтой. Зӕгъӕм, Дӕс фӕдзӕхстӕй цыппӕрӕм куыд амыдта, афтӕмӕй дзуттӕгтӕн алы къуырийы ӕвдӕм бон дӕр хъуамӕ уыдаид улӕфты бон, ома сабатбон (Рацыд 20:8–11). Дзуттаг дины разамонджытӕ ацы фӕдзӕхстмӕ уыйбӕрц цыдӕртӕ бафтыдтой, ӕмӕ дзы алы гыццыл хъуыддагӕн дӕр уыди амынд, зӕгъгӕ йӕ сабаты ис аразӕн ӕви нӕй. Уӕдӕ ахӕм цӕстӕй кастысты, Хуыцауы номӕй хынджылӕг кӕнӕн нӕй, зӕгъгӕ, уыцы фӕдзӕхстмӕ дӕр – афтӕ йӕ ныккарз кодтой, ӕмӕ загътой, зӕгъгӕ, уыцы ном ӕппындӕр нӕй дзурӕн a.

Йесо ӕмӕ Хуыцауы ном

Цымӕ уый зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йесо дӕр афтӕ хъуыды кодта? Зынтӕй! Йесо сабаты дӕр дзӕбӕх кодта рынчынты, кӕд афтӕмӕй дзуттӕгты ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ хӕлдта ӕмӕ-иу ӕй марынмӕ дӕр хъавыдысты, уӕддӕр (Матфейы 12:9–14). Ӕмӕ ӕрмӕст уый нӕ – Хуыцау йӕ Ныхасы цы фӕдзӕхстытӕ ныффыссын кодта, уыдонӕй уӕлдай фарисейтӕ сӕхи ӕгъдӕуттӕ кӕй ӕрымысыдысты, уый тыххӕй сын Йесо комкоммӕ дзырдта, сымах стут цӕстмӕхъустӕ, зӕгъгӕ (Матфейы 15:1–9). Уӕдӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Йесо Хуыцауы ном ма дзырдтаид, уӕлдайдӕр та уымӕн, ӕмӕ йӕ ном, Йесо, нысан кӕны «Йегъовӕ ирвӕзын кӕны».

Иухатт Йесо ӕмбырдгӕнӕны слӕууыд ӕмӕ бакаст Исайы чиныджы тыхтонӕй иу скъуыддзаг. Уыцы скъуыддзаг ис Исайы 61:1, 2, ӕмӕ дзы Хуыцауы ном ӕмбӕлы цалдӕр хатты (Лукайы 4:16–21). Цымӕ уыцы бынӕтты Йесо Хуыцауы номы бӕсты «Хицау» кӕнӕ «Хуыцау» бакастаид? Ницы хуызы, уымӕн ӕмӕ уӕд уый дӕр дзуттаг дины разамонджыты ӕрымысгӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ бакодтаид. Ӕмӕ Йесо та афтӕ никуы кодта. Библийы фыст ис: «Уый [адӕмы] чиныджыдӕснытау нӕ ахуыр кодта – уый кодта барджын ныхас» (Матфейы 7:29).

Раздӕр ӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта, зӕгъгӕ, Хуыцаумӕ афтӕ кувут: «Срухс уӕд дӕ ном» (Матфейы 6:9). Куы йӕ амардтой, уый размӕ ӕхсӕв йӕхӕдӕг куы куывта йӕ Фыдмӕ, уӕд та афтӕ загъта: «Дунейӕ мын цы адӕмы радтай, уыдонӕн дӕ ном раргом кодтон [...] Мӕ сыгъдӕг Фыд, хъахъхъӕн сӕ дӕ номы тыххӕй, мӕныл кӕй сӕвӕрдтай, уыцы номы тыххӕй» (Иоанны 17:6, 11).

Ацы ран Йесо Чырысти Хуыцауы номы тыххӕй цы загъта, уый фӕдыл иу чиныджы, «Хуыцауы ном», зӕгъгӕ, ис ахӕм ныхӕстӕ: «Хъуамӕ бамбарӕм уыцы ахсджиаг хъуыддаг, ӕмӕ Зӕронд Фӕдзӕхсты Хуыцау сӕйраджыдӕр йӕ ном кӕй раргом кодта – афтӕ йӕ ӕмбӕрстой алкӕддӕр. Уыцы хъуыды бӕлвырдӕй зыны Зӕронд Фӕдзӕхстӕн йӕ райдианӕй йӕ кӕронмӕ, ӕмӕ ма дарддӕр Ног Фӕдзӕхсты кӕронмӕ дӕр,– зӕгъӕм, Иоанны 17:6 мах кӕсӕм: „Дӕ ном [дын] раргом кодтон“» («Der Name Gottes», 76 фарс).

Уӕдӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Йесо Хуыцауы ном ма дзырдтаид, уӕлдайдӕр та-иу Дзуттаг Фыстытӕй, Хуыцауы ном кӕм ис, ахӕм скъуыддзаг куы касти кӕнӕ куы дзырдта, уӕд.

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ

Цымӕ фыццаг ӕнусы Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ дӕр дзырдтой Хуыцауы ном? Йесо сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кодтаиккой алы адӕмыхӕттытӕй дӕр (Матфейы 28:19, 20). Кӕмӕн хъуамӕ хъусын кодтаиккой, уыдонӕй бирӕтӕ ӕппындӕр ницы зыдтой, дзуттӕгтӕн йӕхи чи раргом кодта ӕмӕ йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн уыди, уыцы Хуыцауы тыххӕй. Куыд сын хъуамӕ ӕмбарын кодтаиккой чырыстӕттӕ, ӕцӕг Хуыцау чи у, уый? Хуыцау кӕнӕ йӕ Хицау куы хуыдтаиккой, уӕд уый фаг уыдаид? Нӕ уыдаид, уымӕн ӕмӕ уыцы адӕмӕн уыди сӕхи хуыцӕуттӕ ӕмӕ хицӕуттӕ (1 Коринфӕгтӕм 8:5). Уӕдӕ сын куыд равдыстаиккой, ӕцӕг Хуыцау мӕнг хуыцӕуттӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый? Уымӕн уыдис ӕрмӕстдӕр иу мадзал – ӕцӕг Хуыцауы йӕ номӕй хонын.

Зӕгъӕм, Иерусалимы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд ахуыргӕнинаг Иаков загъта: «Симеон радзырдта, Хуыцау иннӕ адӕмыхӕттытӕм фыццаг хатт куыд ӕркаст, цӕмӕй уыдонӕй йӕхицӕн скӕна, йӕ ном ын чи хӕсса, ахӕм адӕм. Ууыл дзурӕг сты Пехуымпарты чингуыты фыст ныхӕстӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 15:14, 15). Апостол Петр та Фӕндзайӕм бон адӕмы раз ныхасы куы рацыд, уӕд сын сӕ хъус ӕрдардта, чырыстӕттӕ цы ахсджиаг хабар хъусын кӕнынц, уымӕ. Уый ӕрхаста пехуымпар Иоилы ныхӕстӕ: «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый фервӕздзӕн» (Иоил 2:32; Хъуыддӕгтӕ 2:21).

Хуыцауы ном тынг ахсджиаг уыд апостол Павелӕн дӕр. Ромӕгтӕм кӕй ныффыста, уыцы фыстӕджы уый дӕр ӕрхаста пехуымпар Иоилы ныхӕстӕ ӕмӕ чырыстӕтты баразӕнгард кодта, цӕмӕй цыдаиккой ӕмӕ иннӕтӕн дӕр хъусын кодтаиккой Хуыцауы номы тыххӕй, ӕмӕ уый фӕрцы уыцы адӕм дӕр фервӕзтаиккой (Ромӕгтӕм 10:13–15). Фӕстӕдӕр Тимофеймӕ та фыста: «Йегъовӕйы ном чидӕриддӕр дзуры, уыдонӕн фыддзинадимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд» (2 Тимофеймӕ 2:19). Фыццаг ӕнусы кӕрон апостол Иоанн дӕр фыста Хуыцауы ном. Раргомады чиныджы бирӕ хӕттыты ӕмбӕлы дзырд «Аллилуйа», ома «кадджын кӕнут Йагъы» (Раргомад 19:1, 3, 4, 6).

Фӕлӕ Йесо ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, чырыстон ӕмбырды фӕзындзӕн, раст дин чи ныууадздзӕн, ахӕмтӕ. Апостол Петр фыста: «Уе ’хсӕн дӕр уыдзӕн мӕнг ахуыргӕнджытӕ» (2 Петры 2:1; кӕс ма Матфейы 13:36–43; Хъуыддӕгтӕ 20:29, 30; 2 Фессалоникӕгтӕм 2:3; 1 Иоанны 2:18, 19). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, куыд дзырдтой, афтӕ рауад. Гъемӕ, раст дин чи ныууагъта, уыдон Хуыцауы ном дӕр нал дзырдтой. Суанг ма йӕ Библийы къухфыстытӕ ӕмӕ тӕлмацтӕй дӕр айстой! Уӕдӕ ӕркӕсӕм, афтӕ куыд рауад, уымӕ.

[Фиппаинӕгтӕ]

a Зӕгъынц ма ахӕм хъуыды дӕр: ӕвӕццӕгӕн, дзуттӕгтыл фӕзындысты грекъаг философты хъуыдытӕ. Зӕгъӕм, Александрийӕйы чи цард, уыцы дзуттаг философ Филоныл (царди Йесойы рӕстӕджы) тынг бандӕвта грекъаг философ Платон – Филоны хъуыдымӕ гӕсгӕ Платонмӕ хӕццӕ кодта Хуыцауы комытӕф. «Дзуттаг дины дзырдуат»-ы («Lexikon des Judentums»), дӕлсӕргонд «Филон»-ы, фыст ис, зӕгъгӕ, Филон «грекъаг философийы (ома Платоны философийы) ӕвзаг ӕмӕ хъуыдытӕ схӕццӕ кодта, дзуттӕгтӕн уӕлейӕ лӕвӕрд цы уырнындзинад уыди, уыимӕ» ӕмӕ райдианы йӕ зонд «тынг фӕзынд чырыстон аргъуаны динамонджытыл». Филон дзырдта, зӕгъгӕ, Хуыцау у, базонӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм цыдӕр, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ ном раттӕн дӕр нӕй.

[Ныв 14 фарсыл]

Дзуттаг хистӕр сауджынӕн йӕ худыл разӕй дзуттагау фыст ис «Сыгъдӕгдзинад Йегъовӕмӕ ис»; ацы ныв ис Ватиканы

[Ныв 15 фарсыл]

Ацы ран, немыцаг ӕвзагыл 1805 азы уагъд Библийӕ бӕрӕг у, Йесо ӕмбырдгӕнӕны Исайы чиныгӕй куы касти, уӕд Хуыцауы ном кӕй загъта (Лукайы 4:18, 19)

[Нывтӕ 16 фарсыл]

Петр ӕмӕ Павел пехуымпар Иоилы ныхӕстӕ куы ’рхастой, уӕд Хуыцауы ном дӕр ӕнӕмӕнг загътаиккой (Хъуыддӕгтӕ 2:21; Ромӕгтӕм 10:13)