Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

7 хай

Адӕм Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый цӕмӕ ӕркодта?

1–3. Йегъовӕ раст кӕй уыд, уый рӕстӕг куыд равдыста?

Адӕм Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый цӕмӕ ӕркодта?

 УӔДӔ адӕм ӕнусты дӕргъы сӕхицӕн разамынд кӕй лӕвӕрдтой, уый цӕмӕ ӕркодта? Цымӕ адӕм Хуыцауӕй хуыздӕр хицӕуттӕ разындысты? Историйы дӕргъы кӕрӕдзийӕн цас хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодтой, уый зонгӕйӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй.

2 Нӕ рагфыдӕлтӕн сӕ зындзинӕдтӕ райдыдтой, Хуыцауы сӕ хицауыл куы нал нымадтой, уӕд. Уый зиан ӕрмӕст сӕхицӕн не ’рхаста, фӕлӕ сӕ цотӕн дӕр – адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Уӕдӕ сӕхи йеддӕмӕ ӕндӕр кӕй хъуамӕ аххосджын кодтаиккой?! Хуыцауы Ныхасы уый тыххӕй фыст ис: «Уыдон сӕхӕдӕг ныллӕууыдысты сӕфты фӕндагыл. Уыдон йӕ сывӕллӕттӕ не сты, сӕ аипп сӕхи аххос у» (Дыккаг закъон 32:5).

3 Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы рагацау бафӕдзӕхста, куы нӕ йӕм хъусой, уӕд кӕй базӕронд уыдзысты ӕмӕ кӕй амӕлдзысты. Ӕмӕ рӕстӕг равдыста, Хуыцау сайгӕ кӕй нӕ кодта (Райдиан 2:17; 3:19). Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы коммӕ нал кастысты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ базӕронд сты ӕмӕ амардысты.

4. Иууылдӕр ӕнӕххӕстӕй цӕмӕн райгуырӕм, цӕмӕн рынчын кӕнӕм ӕмӕ фӕстагмӕ цӕмӕн амӕлӕм?

4 Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтыл цы ’рцыд, уый нӕ бон базонын у Ромӕгтӕм 5:12 стихӕй: «Гъемӕ иу адӕймаджы [Адамы, адӕм кӕмӕй равзӕрдысты, уый] аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд». Нӕ рагфыдӕлтӕ Хуыцауы разамынд куы аиуварс кодтой, уӕд систы ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын. Генетикӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ, ӕнӕххӕстдзинад ахызт се ’ппӕт байзӕддӕгтӕм дӕр. Уый тыххӕй иууылдӕр райгуырӕм ӕнӕххӕстӕй, рынчын кӕнӕм ӕмӕ фӕстагмӕ амӕлӕм.

5, 6. Адӕмы кӕд тынг фӕнды, цӕмӕй зӕххыл сабырдзинад уа ӕмӕ иууылдӕр амондджын уой, уӕддӕр истори цы равдыста?

5 Рацыд бирӕ ӕнустӕ. Паддзахӕдтӕ паддзахӕдты ивтой. Адӕм цынӕ хицаудзинад бафӕлвӕрдтой, ахӕм нал баззад, фӕлӕ уӕддӕр ӕвирхъау хабӕрттӕй хызт никуы уыдысты. Чи зоны, исчи ахъуыды кодтаид, ӕмӕ адӕмӕн ӕхсӕз мин азмӕ хъуамӕ бантыстаид зӕххыл сабырдзинад ӕмӕ рӕстдзинад ӕрфидар кӕнын. Уыцы рӕстӕгмӕ иууылдӕр хъуамӕ суыдаиккой хӕларзӕрдӕ, тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ иумӕ цӕрын базыдтаиккой.

6 Фӕлӕ хабар бынтон ӕндӕрхуызон рауад. Адӕмӕн сӕ бон ахӕм хицаудзинад ӕрхъуыды кӕнын не сси, цӕмӕй ӕнӕхъӕн зӕххыл сабырдзинад уа ӕмӕ иууылдӕр амондджын уой. Ӕрмӕст 20 ӕнусы цалдӕр милуан адӕймаджы амардтой Холокосты, хӕстыты та фӕмард 100 милуан адӕймагӕй фылдӕр. Адӕм кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй кӕй кӕсынц ӕмӕ политикӕйы фарстаты сӕ бон иу хъуыдымӕ ӕрцӕуын кӕй нӕу, уый аххосӕй та нӕ рӕстӕджы уыйбӕрц адӕмӕн фыдмитӕ фӕкодтой, уыйбӕрц адӕмы фыдмард акодтой ӕмӕ уыйбӕрц адӕмы ахӕстӕттӕм баппӕрстой, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕй.

Уавӕр абон

7. Абон адӕм цавӕр уавӕры сты?

7 Ныр та ӕркӕсӕм, абон адӕм цы уавӕры сты, уымӕ. Тынг сарӕх сты фыдхъуыддӕгтӕ ӕмӕ тыхми. Наркотиктӕ дуне адӕмы бабын кодтой. Искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕугӕйӕ адӕймагыл цы низтӕ бахӕцы, уыдонӕй уыйбӕрц адӕм сты рынчын, ӕмӕ диссаг. Милуантыл бахӕцы, хос кӕмӕн нӕй, уыцы низ – СПИД. Алы аз дӕр дӕсгай милуантӕ амӕлынц ӕххормагӕй кӕнӕ низтӕй, цалдӕр адӕймаджы къухы та уыйбӕрц хъӕздыгдзинӕдтӕ ис, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕй. Адӕм зӕхх чъизи кӕнынц ӕмӕ йын йе ’вӕрӕнтӕ афтид кӕнынц. Фылдӕр кӕнынц, сӕ цард кӕмӕн фехӕлы, ахӕм бинонтӕ. Уаг ӕмӕ ӕгъдау нал ис. Ӕцӕгдӕр, абоны царды ирдӕй зыны Хӕйрӕджы, «ацы цардӕвӕрды хуыцауы», чъизи ӕмӕ ӕлгъаг зондахаст. Йӕ къухы цы дуне ис, уый у уазал, ӕгъатыр ӕмӕ хӕлд (2 Коринфӕгтӕм 4:4).

8. Адӕмӕн цы бантыст, уыдӕттӕ ӕнтыстдзинӕдтӕ схонӕн цӕуылнӕ ис?

8 Хуыцау адӕмӕн фаг рӕстӕг радта, цӕмӕй наукӕйы дӕр ӕмӕ сӕ цард фӕхуыздӕр кӕныны хъуыддаджы дӕр, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый сарӕзтаиккой. Фӕлӕ цымӕ уый у ӕнтыстдзинад, фат ӕмӕ ӕрдыны бӕсты пулемёттӕ, танктӕ, бомбӕкалӕн хӕдтӕхджытӕ ӕмӕ ядерон хӕцӕнгарз кӕй сарӕзтой? Космосмӕ кӕй тӕхынц, фӕлӕ зӕххыл кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй цӕрын кӕй нӕ зонынц? Цӕмӕй у сӕ бон раппӕлын, кӕд ӕмӕ иуӕй-иу рӕтты адӕймаг уынджы ӕдӕрсгӕйӕ ӕрмӕст ӕхсӕвыгон нӕ, фӕлӕ боныгон дӕр нӕ ацӕудзӕн, уӕд?

Рӕстӕг цы равдыста

9, 10. а) Рӕстӕг цы равдыста? б) Хуыцау адӕмӕн цы сӕрибардзинад радта, уый сын фӕстӕмӕ цӕуылнӕ байста?

9 Рӕстӕг равдыста, адӕмӕн сӕ къахдзӕфтыл сӕ бар кӕй нӕ цӕуы ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй ӕнтыстджын кӕй никуы уыдзысты. Адӕймаг ӕнӕ хӕринаг, ӕнӕ дон ӕмӕ ӕнӕ уӕлдӕфӕй цӕра, уымӕн гӕнӕн куыд нӕй, афтӕ уымӕн дӕр гӕнӕн нӕй. Уӕдӕ бӕрӕг у: хӕринаг, дон ӕмӕ нӕ уӕлдӕф куыд хъӕуынц, афтӕ нӕ хъӕуы Хуыцауы разамынд дӕр, уымӕн ӕмӕ афтӕ конд стӕм.

10 О, Хуыцау бауагъта, цӕмӕй зӕххыл фыддзинад уа. Афтӕмӕй рабӕрӕг, адӕм сӕ сӕрибардзинадӕй раст куы нӕ фӕпайда кӕнынц, уӕд уый цӕмӕ ’ркӕны. Сӕрибардзинад у Хуыцауы стыр лӕвар адӕмӕн. Ӕмӕ сын уыцы лӕвар фӕстӕмӕ нӕ байста, фӕлӕ бауагъта, цӕмӕй федтаиккой, раст дзы куы нӕ пайда кӕной, уӕд сӕ уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн. Хуыцауы Ныхас зӕгъы: «Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы». Стӕй ма зӕгъы: «Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Йереми 10:23; Екклесиаст 8:9).

11. Цымӕ искӕцы хицаудзинадӕн йӕ бон сси адӕмы сӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзын кӕнын?

11 Ныр ӕхсӕз мин азы дӕргъы адӕм сӕхӕдӕг сӕхицӕн разамынд дӕттынц, фӕлӕ сӕ бон нӕу хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕнын. Уый сӕ къухы никуы бафтыд. Зӕгъӕм, рагон Израилы паддзах Соломон уыд тынг зондджын, тынг хъӕздыг ӕмӕ тынг хъомысджын. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ бон ницы сси саразын, адӕймаг йӕхӕдӕг йӕхицӕн хицау кӕй у, уый аххосӕй зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзары, уымӕн (Екклесиаст 4:1–3). Уӕдӕ абоны хицӕуттӕн дӕр сӕ бон нӕу адӕмы сӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзын кӕнын, кӕд наукӕ ӕмӕ техникӕ дисы ӕфтауынц, уӕддӕр. Ӕмӕ йе стырдӕр бӕллӕх та уый у, ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй адӕмӕн сӕ хъизӕмӕрттӕ фылдӕр йеддӕмӕ къаддӕр нӕ кӕнынц.

Хуыцау зыдта, хабар куыд рауайдзӕн

12–14. Хуыцау уыйбӕрц рӕстӕг фыддзинадӕн кӕй быхсы, уый нын ӕнустӕм цавӕр пайда ӕрхӕсдзӕн?

12 Хуыцау кӕй бауагъта, цӕмӕй фыддзинад уа, уый нын бӕллӕхтӕ йеддӕмӕ ницы ӕрхаста. Фӕлӕ йӕ зыдта, фидӕны уый стыр хорздзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн. Хуыцау хъуыддаг афтӕ кӕй аскъуыддзаг кодта, уый алкӕмӕн дӕр пайда хӕсдзӕн цалдӕр азы кӕнӕ цалдӕр мин азы нӕ, фӕлӕ милуангай азты дӕргъы, ӕнусты дӕргъы.

13 Фидӕны ма исчи йӕ сӕрибардзинадӕй раст куы не спайда кӕна, ӕмӕ Хуыцауы разамынды ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд ын рӕстӕг дӕттын нал хъӕудзӕн, цӕмӕй, раст кӕй у, уый сбӕлвырд кӕна. Хуыцау, йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдонӕн цалдӕр мин азы кӕй быхста, уый фӕрцы йӕ рӕстдзинад сбӕлвырд, ӕмӕ ныр ӕгас Дун-дунейы дӕр ахӕм бар никуы никӕмӕнуал ратдзӕн, цӕмӕй йын йӕ разамынд сдзырддаг кӕна.

14 Хуыцау фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн абоны онг кӕй быхсы, уый фӕрцы кӕронмӕ сбӕлвырд уыдзӕн, йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цы нӕу, уый кӕй никуы фӕрӕстмӕ уыдзӕн. Сбӕлвырд уыдзӕн, йӕ хивӕнд фӕндтӕ пайда кӕй никӕмӕн ӕрхӕсдзысты – нӕдӕр адӕмӕн, нӕдӕр зӕдтӕн. Хуыцауӕн уыдзӕн уыцы бар, цӕмӕй, йӕ ныхмӕ чидӕриддӕр рацӕуа, уый уайтагъд фесафа. «Фыдгӕнджыты... се ’ппӕты дӕр фесафдзӕн» (Псалом 145:20; Ромӕгтӕм 3:4).

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 15 фарсыл]

Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын кӕй бафӕндыд, уый аххосӕй базӕронд сты ӕмӕ амардысты

[Нывтӕ 16 фарсыл]

Адӕймаг йӕхӕдӕг йӕхицӕн хицау кӕй у, уый ӕрхаста стыр зиан

[Барлӕвӕрдӕй]

U.S. Coast Guard photo