Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 хай

Куыд ис базонӕн, Хуыцау ис ӕви нӕ?

1, 2. Цавӕр хъуыддаг нын ӕххуыс кӕны, Хуыцау ис ӕви нӕ, уый базонынӕн?

Куыд ис базонӕн, Хуыцау ис ӕви нӕ?

 ХУЫЦАУ ис ӕви нӕ, уый базонынӕн нын баххуыс кӕндзӕн иу хъуыддаг: арӕзт цыдӕриддӕр у, уымӕн хъуамӕ уа аразӕг. Дзаума цас вазыгджындӕр у, уыйас дӕсныдӕр хъуамӕ уа йӕ аразӕг.

2 Дӕ цӕст-ма дӕ хӕдзарыл ахӕсс. Стъӕлттӕ, бандӕттӕ, сынтӕджытӕ, ӕгтӕ, тебӕтӕ, тӕбӕгътӕ ӕмӕ ӕндӕр мигӕнӕнтӕ – се ’ппӕт дӕр чидӕр сарӕзта, къултӕ, пъолтӕ ӕмӕ цар чидӕр куыд сарӕзта, афтӕ. Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ зын саразӕн не сты. Ӕмӕ кӕд хуымӕтӕг дзауматӕн аразӕг хъӕуы, уӕд цымӕ вазыгджындӕр дзауматӕн зондджындӕр аразӕг нӕ хъӕуы?

Нӕ диссаджы Дун-дуне

3, 4. Дун-дунемӕ кӕсгӕйӕ куыд ис бамбарӕн, Хуыцау кӕй ис, уый?

3 Сахат саразынӕн хъӕуы сахатаразӕг. Цы зӕгъӕн ис нӕ хуры системӕйӕ та? Уый бынтон диссаг куы у! Хуры системӕйы планетӕтӕ хуры алыварс ӕнусты дӕргъы афтӕ раст зилынц, ӕмӕ сӕ цыд секунды дӕсӕм хай дӕр нӕдӕр тагъддӕр фӕвӕййы, нӕдӕр сындӕгдӕр. Цы зӕгъӕн ис нӕ диссаджы галактикӕ Ӕрфӕныфӕды тыххӕй та? Ис дзы 100 миллиард стъалыйӕ фылдӕр. Ӕхсӕвыгон Ӕрфӕныфӕдмӕ никуы скастӕ? Дисы дӕ нӕ бафтыдта? Ныр та-ма ахъуыды кӕн, зонд дӕр кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы стыр Дун-дунейыл. Ӕрфӕныфӕды хуызӕн галактикӕтӕ дзы ис миллиардгӕйттӕ! Уымӕй уӕлдай ма, планетӕтӕ ӕнусты дӕргъы сӕ орбитӕтыл афтӕ раст цӕуынц, ӕмӕ сӕ абарстой, раст чи цӕуы, ахӕм сахатимӕ.

4 Ӕмӕ кӕд хуымӕтӕг сахатӕн аразӕг хъуыди, уӕд нӕ диссаджы ӕмӕ бирӕ стырдӕр Дун-дунейӕн аразӕг куыннӕ хъуамӕ уыдаид! Библи дӕр нын уымӕн дзуры, цӕмӕй нӕ цӕстытыл хӕрдмӕ схӕцӕм ӕмӕ акӕсӕм. «Ӕппӕт уыдӕттӕ чи сфӕлдыста?» – фӕрсы нӕ Библи. Ӕмӕ нын йӕхӕдӕг дзуапп дӕтты: «[Хуыцау] стъалыты ӕфсад... ракӕны... – алкӕцы дӕр йӕхи нымӕцмӕ гӕсгӕ, алкӕцы дӕр дзы хоны йӕ номӕй. Йе стыр хъаруйы ӕмӕ йе стыр тыхы фӕрцы иууылдӕр лӕууынц сӕ бынӕтты» (Исай 40:26). Уӕдӕ Дун-дуне чи сфӕлдыста, уый у ӕнӕуынгӕ, зондджын ӕмӕ тыхджын. Уый у Хуыцау.

Нӕ диссаджы Зӕхх

5–7. Зӕххӕн Аразӕг кӕй ис, уый цавӕр хабӕрттӕй зыны?

5 Зӕхх куыд арӕзт у, уый ахуыргӕндтӕ цас фылдӕр иртасынц, уыйас хуыздӕр ӕмбарынц, алцыдӕр дзы афтӕ арӕзт кӕй у, цӕмӕй йыл адӕм цӕрой. Зӕхх Хурӕй ӕгӕр дард дӕр нӕу ӕмӕ йӕм ӕгӕр ӕввахс дӕр нӕу, ӕмӕ йӕм уый фӕрцы хӕццӕ кӕны фаг хъарм ӕмӕ фаг рухс. Зӕхх Хуры алыварс ӕрзилы иу афӕдзмӕ, ӕмӕ афтӕ къул у, цӕмӕй йӕ бирӕ хӕйтты афӕдзы афонтӕ уа. Зӕхх ма алы 24 сахаты дӕр йӕ сӕмӕны алыварс иу зылд ӕркӕны, ӕмӕ уый фӕрцы рухс ӕмӕ талынг кӕрӕдзи ивынц. Йӕ атмосферӕ ахӕм газтӕй конд у, ӕмӕ нӕ бон у улӕфын. Уымӕй уӕлдай ма нӕ атмосферӕ хъахъхъӕны, космосӕй чи цӕуы, уыцы радиацийӕ. Зӕххыл ма ис дон ӕмӕ мӕр, ӕмӕ йыл уый фӕрцы зайы, хӕргӕ цы кӕнӕм, уыдӕттӕ.

6 Ацы ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕ кӕрӕдзийыл баст кӕй сты, зӕххыл цард уый фӕрцы ис. Цымӕ уыдӕттӕ иууылдӕр ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзындысты? Иу журналы фыст ис: «Ахӕм диссаджы уавӕртӕ ӕнӕнхъӕлӕджы зынтӕй фӕзындаиккой» (Science News). Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, уымӕн гӕнӕн нӕй! Уыдон хъуамӕ сарӕзтаид, алцыдӕр рагацау чи спълан кодта ӕмӕ алцӕуылдӕр бӕстон чи ахъуыды кодта, ахӕм зондджын Аразӕг.

7 Рӕсугъд хӕдзармӕ куы бацӕуис ӕмӕ дзы куы фенис бирӕ хӕринӕгтӕ, хорз хъармгӕнӕн ӕмӕ донуадзӕн системӕтӕ ӕмӕ кондиционер, уӕд куыд ахъуыды кӕнис? Ӕппӕт уыдӕттӕ сӕхигъӕдӕй фӕзындысты? Нӕ, уыдӕттӕ бацӕттӕ кодтаид ӕмӕ сарӕзтаид зондджын адӕймаг. Стӕй бӕрӕг у, чи дзы цӕрдзӕн, уыдоныл кӕй хъуыды кодта. Уӕдӕ зӕхх чи бацӕттӕ кодта ӕмӕ йӕ чи сарӕзта, уый хъуыды кодта ууыл, цӕмӕй йӕ цӕрджытӕ мацы цух уыдаиккой. Стӕй зӕхх цыфӕнды хӕдзарӕй дӕр бирӕ вазыгджындӕр, бирӕ хуыздӕр ӕмӕ бирӕ хъӕздыгдӕр у.

8. Цавӕр хъуыддӕгтӕй ма зыны, Хуыцау нӕ кӕй уарзы ӕмӕ ныл кӕй тыхсы?

8 Ахъуыды-ма кӕн, нӕ цард нын цы рӕсугъддӕр кӕны, уыдӕттыл. Акӕс-ма, цас рӕсугъд дидинджытӕ зайы зӕххыл ӕмӕ сӕ тӕф адӕймагӕн куыд ӕхсызгон у. Кӕнӕ цас хӕрзад ӕмӕ адджын хӕринӕгтӕ ис. Цас рӕсугъд бынӕттӕ ис фенӕн: хъӕдтӕ, хӕхтӕ, цадтӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Цы зӕгъдзынӕ, зӕрдӕйӕн циндзинад чи хӕссы, уыцы диссаджы хурныгуылды тыххӕй та? Цӕрӕгойты дунемӕ куы акӕсӕм, уӕд та? Ӕхсызгон дын нӕ вӕййы, къӕбылатӕ, гӕдыйы лӕппынтӕ ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕгойты лӕппынтӕ куы фӕхъазынц ӕмӕ кӕрӕдзи фӕстӕ куы фӕралидз-балидз кӕнынц? Уӕдӕ ӕрдзы ис, царды нӕ ӕнӕмӕнг чи нӕ хъӕуы, фӕлӕ нын нӕ цард рӕсугъддӕр чи кӕны, бирӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ. Ацы цӕвиттонтӕй зыны, зӕхх чи сфӕлдыста, уый адӕмы кӕй уарзы ӕмӕ сыл кӕй тыхсы, стӕй йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй сӕ цард уыцы иухуызонӕй ма цӕуа, фӕлӕ сын алы бон дӕр циндзинад хӕсса.

9. Чи сфӕлдыста зӕхх ӕмӕ цӕмӕн?

9 Уӕдӕ уӕд куыннӕ хъуамӕ сразы уӕм, кӕй ис, ӕппӕт уыдӕттӕ адӕмӕн чи радта, Уый ӕмӕ мах дӕр куыннӕ хъуамӕ зӕгъӕм, Библийы фысджытӕй иу Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй куыд загъта, афтӕ: «Ды скодтай арв ӕмӕ зӕхх». Цӕмӕн? Ацы фарстайӕн дзуапп базонӕн ис, дарддӕр ма Хуыцауы тыххӕй цы загъта, уымӕй: «Уый скодта зӕхх, сфӕлдыста йӕ ӕмӕ йӕ фидар сӕвӕрдта, дзӕгъӕлы йӕ не сфӕлдыста, скодта йӕ цӕрынӕн» (Исай 37:16; 45:18).

Диссаджы удӕгас кълеткӕ

10, 11. Удӕгас кълеткӕ диссаг цӕмӕн у?

10 Цы зӕгъӕн ис удӕгас организмты тыххӕй та? Уыдоны аразӕг нӕ хъуыди? Цӕвиттонӕн ӕркӕсӕм удӕгас кълеткӕмӕ. Молекулярон биологийы ахуыргонд Майкл Дентон иу чиныджы ныффыста: «Абон зӕххыл цы удӕгас системӕтӕ ис, уыдонӕй ӕппӕты хуымӕтӕгдӕртӕ дӕр – бактериты кълеткӕтӕ – сты тынг вазыгджын. Кӕд бактериты гыццыл кълеткӕтӕ ӕнахуыр гыццылмур организмтӕ сты, уӕддӕр сӕ алкӕцы дӕр у ӕцӕг гыццылмур фабрикӕ – вазыгджын молекулярон механизм мингай тынг хорз арӕзт хӕйттимӕ... адӕймаг цы ӕрымысыд, уыдонӕй ӕппӕты вазыгджындӕр, ӕмӕ, удӕгас чи нӕу, уыцы материйы уыимӕ ӕппындӕр ницы ис абарӕн» (Evolution: A Theory in Crisis).

11 Иу хицӕн кълеткӕйы генетикон коды тыххӕй та загъта: «ДНК-йы цы информаци цӕуы, уыйбӕрц информаци иу системӕйы дӕр нӕ бацӕудзӕн; адӕймаг цыхуызӕн уыдзӕн, уый сбӕрӕг кӕныны тыххӕй иу гыццыл кълеткӕ дӕр фаг у, йӕ уӕз та уыдзӕн иу граммӕй цалдӕр мин милуан хатты къаддӕр... Удӕгас молекулярон механизм куыд диссаджы конд у ӕмӕ куыд вазыгджын у, уыимӕ абаргӕйӕ, адӕм цыдӕриддӕр ӕрымысыдысты, уыдон ӕппындӕр ницы сты. Уыдӕттӕ зонгӕйӕ адӕймаг цӕмӕй хъуамӕ раппӕла».

12. Кълеткӕ куыд фӕзынд, уый фӕдыл иу ахуыргонд цы зӕгъы?

12 Дентон ма зӕгъы: «Цы кълеткӕтӕ зонӕм, уыдонӕй ӕппӕты хуымӕтӕгдӕр кълеткӕ дӕр афтӕ вазыгджын арӕзт у, ӕмӕ афтӕ ничи зӕгъдзӕн, зӕгъгӕ, ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзынди». Ӕнӕмӕнгдӕр ын хъуыди аразӕг.

Нӕ диссаджы магъз

13, 14. Магъз удӕгас кълеткӕйӕ диссагдӕр цӕмӕн у?

13 Уыцы ахуыргонд ма дзуры: «Кӕд иу кълеткӕ вазыгджын арӕзт у, уӕддӕр уый ницы у, адӕймаджы ӕмӕ, йӕ лӕппынты ӕхсырӕй чи хӕссы, уыдоны магъзимӕ абаргӕйӕ. Адӕймаджы магъзы ис дӕс миллиард нейроны. Алы нейрон дӕр ауадзы дӕс минӕй сӕдӕгай мины онг иугӕнӕг таджы, ӕмӕ уыдоны фӕрцы баиу вӕййы магъзы иннӕ нейронтимӕ. Адӕймаджы магъзы цы бастдзинӕдтӕ ис, уыдон сты иу мин триллионы бӕрц».

14 Дентон дарддӕр дзуры: «Адӕймаджы магъзы уыцы бастдзинӕдтӕн сӕ иу сӕдӕйӕм хай йеддӕмӕ куы нӕ уыдаид, уӕддӕр уыдон уыдаиккой, зӕххыл ӕппӕт коммуникацион системӕты цы бастдзинӕдтӕ ис, уыдонӕй бирӕ фылдӕр». Уый фӕстӕ ахӕм фарста дӕтты: «Цымӕ уыцы системӕтӕ, ӕнӕнхъӕлӕджы чи ӕрцыд, ахӕм процессы фӕрцы фӕзындаиккой?» Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Адӕймаджы магъз хъуамӕ сарӕзтаид, адӕймагыл чи тыхсы, ахӕм Сфӕлдисӕг.

15. Цы дзурынц иннӕ ахуыргӕндтӕ та магъзы тыххӕй?

15 Ӕппӕты ногдӕр компьютер дӕр адӕймаджы магъзимӕ абаргӕйӕ тынг хуымӕтӕг у. Ахуыргонд Мортон Хант загъта: «Адӕймаджы сӕры магъзы цы информаци ис, уый у, нырыккон компьютеры цы информаци ис, уымӕй цалдӕр миллиард хатты фылдӕр». Уымӕ гӕсгӕ нейрохирург Роберт Уайт ахӕм хатдзӕг скодта: «Ӕндӕр гӕнӕн мын нӕй, ӕмӕ хъуамӕ сразы уон, Стырдӕр Интеллект кӕй ис, ууыл. Уый ӕрхъуыды кодта магъз ӕмӕ зонд, стӕй се ’хсӕн цы диссаджы бастдзинад ис, уый – ӕмӕ уыцы диссаг та адӕймаг кӕронмӕ никуы бамбардзӕн... Куыннӕ мӕ хъуамӕ уырна, стыр зонды хицау чи у, Уый сӕ кӕй ӕрхъуыды кодта ӕмӕ сӕ кӕй скусын кодта». Стӕй бӕрӕг у, Уый иннӕтыл тынг кӕй тыхсы.

Туджы зилдухы диссаджы системӕ

16–18. а) Туджы зилдухы системӕ диссаг цӕмӕй у? б) Цавӕр хатдзӕг хъуамӕ скӕнӕм?

16 Ӕркӕсӕм туджы зилдухмӕ. Туг адӕймаджы буары алы хӕйттӕм хӕссы пайда буаргъӕдтӕ ӕмӕ туаггуыр (кислород) ӕмӕ йӕ хъахъхъӕны инфекцийӕ. Уыцы системӕйы фылдӕр хай сты туджы сырх кълеткӕтӕ. Уый фӕдыл иу чиныджы фыст уыди: «Туджы иу ӕртахы ис 250 милуанӕй фылдӕр туджы кълеткӕйы... адӕймаджы буары ахӕм кълеткӕтӕ, ӕвӕццӕгӕн, ис 25 триллионы – уыдон фаг уыдзысты, цӕмӕй бамбӕрзой, теннисӕй кӕм фӕхъазынц, цыппар ахӕм фӕзы... Кълеткӕтӕ ӕдзух ивд цӕуынц: алы секунд дӕр фӕзыны 3 милуан ног кълеткӕйы» (ABC’s of the Human Body).

17 Туджы зилдухы системӕйы иннӕ хайы тыххӕй та – туджы урс кълеткӕты тыххӕй – уыцы чиныджы фыст ис: «Туджы сырх кълеткӕтӕ сты иу хуыз. Туджы урс кълеткӕтӕ та сты алыхуызӕттӕ, ӕмӕ дзы алы хуыз дӕр организмӕн алыхуызӕтты ӕххуыс кӕны. Зӕгъӕм, сӕ иу хуыз куынӕг кӕны мард кълеткӕтӕ. Иннӕ хуызы фӕрцы та сӕвзӕры, вирусты ныхмӕ чи тох кӕны, ахӕм буаргъӕдтӕ. Уыдон ма тох кӕнынц ӕцӕгӕлон буаргъӕдтимӕ дӕр, бӕлвырдӕй та бактеритӕ бахӕрынц ӕмӕ сӕ батайын кӕнынц».

18 Цӕй диссаджы арӕзт у туджы зилдухы системӕ ӕмӕ куыд хорз кусы! Уӕдӕ афтӕ хорз арӕзт цы у ӕмӕ нӕ афтӕ хорз цы хъахъхъӕны, уымӕн хъуамӕ уа зондджын ӕмӕ ныл тынг чи тыхсы, ахӕм аразӕг. Ӕмӕ уыцы аразӕг та у Хуыцау.

Ӕндӕр диссӕгтӕ

19. Цы ис зӕгъӕн цӕсты тыххӕй, адӕймаджы ӕрымысгӕ аппараттимӕ абаргӕйӕ?

19 Адӕймаджы буары ма бирӕ ӕндӕр диссӕгтӕ дӕр ис. Сӕ иу у цӕст. Афтӕ хорз арӕзт у, ӕмӕ йемӕ иу камерӕ дӕр нӕй абарӕн. Астроном Роберт Ястров загъта: «Цӕст чидӕр кӕй сарӕзта, ууыл дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы; телескоптӕ чи аразы, уыдонӕй йӕ иу дӕр хуыздӕр нӕ сарӕзтаид». Иу журналы фыст уыди: «Адӕймаджы цӕстытӕ цас лыстӕг хабӕрттӕ уынынц, уыимӕ абаргӕйӕ, кинопленкӕйыл цы фенӕн ис, уый ӕппындӕр ницы у. Уыдон уынынц ӕртӕ барӕнӕй, тынг уӕрӕх къуымӕй, зыгъуыммӕ ницы кӕнынц ӕмӕ, архайд куыд цӕуы, афтӕ йӕ уынынц... Камерӕ адӕймаджы цӕстимӕ барын раст нӕу. Растдӕр уаид зӕгъын, адӕймаджы цӕст кӕй у зондджын суперкомпьютер диссаджы программӕимӕ. Йӕ бон у уыйбӕрц информацийыл кусын, афтӕ тагъд ӕй ӕвзарын ӕмӕ йыл афтӕ бӕстон бакусын, ӕмӕ йӕм, адӕймаг кӕй ӕрхъуыды кодта, уыцы аппараттӕй, компьютертӕй ӕмӕ камерӕтӕй иу дӕр хӕстӕг нӕ лӕууы» (Popular Photography).

20. Адӕймаджы буар ма диссаг цӕмӕй у?

20 Ахъуыды-ма кӕн ууыл дӕр, буары вазыгджын хӕйттӕ куыд ӕмгуыст кӕнынц, мах сыл хъуыды дӕр нӕ кӕнӕм, афтӕмӕй. Зӕгъӕм, алыхуызон хӕринӕгтӕ хӕрӕм ӕмӕ алыхуызон нуазинӕгтӕ нуазӕм, фӕлӕ сӕ нӕ организм батайын кӕны ӕмӕ нӕм тыхтӕ фӕзыны. Уыцы продукттӕ машинӕйы артаджы бӕсты куы ныккӕнис, уӕд цымӕ дард ацӕуид? Иннӕ ахӕм, сывӕллоны райгуырд. Хуры тыны хуызӕн саби – йӕ ныййарджыты халдих – фӕзыны фараст мӕймӕ. Цы зӕгъдзынӕ, ӕрмӕст цалдӕр азы кӕуыл цӕуы, ахӕм саби ӕвзаг куыд базоны, уымӕй та?

21. Адӕймаджы буар куыд конд у, уый ӕмбаргӕ адӕм куы базонынц, уӕд цы фӕзӕгъынц?

21 Адӕймаджы буары хӕйттӕ ӕмӕ, йӕ организмы цы процесстӕ цӕуы, уыдон куыд вазыгджын сты ӕмӕ куыд ӕмбисонды конд сты, уый нӕ дисы ӕфтауы. Иу инженер дӕр ахӕмӕй никуы ницы сараздзӕн. Уӕдӕ уыдӕттӕ иууылдӕр ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзындаиккой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Адӕймаджы буар куыд конд у, уый иртасгӕйӕ ӕмбаргӕ адӕм фӕзӕгъынц, псаломзарӕггӕнӕг куыд загъта, афтӕ: «Кадджын дӕ кӕндзынӕн [Хуыцау], уымӕн ӕмӕ, куыд диссаджы конд дӕн, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ мӕ хъуын арц сбады. Дӕ хъуыддӕгтӕ сты диссаг» (Псалом 139:14).

Ӕппӕты хуыздӕр Аразӕг

22, 23. а) Цӕмӕн нӕ хъуамӕ уырна, Сфӕлдисӕг кӕй ис, уый? б) Библийы Хуыцауы тыххӕй цы фыст ис ӕмӕ уый раст цӕмӕн у?

22 Библийы фыст ис: «Алы хӕдзар дӕр чидӕр саразы, ӕмӕ ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау» (Дзуттӕгтӕм 3:4). Кӕд алы хӕдзарӕн дӕр, суанг ӕппӕты хуымӕтӕгӕн дӕр, хъуамӕ аразӕг уа, уӕд хъуамӕ аразӕг уа, бирӕ вазыгджындӕр чи у, уыцы Дун-дунейӕн дӕр – уымӕ хауы зӕхх дӕр, цыдӕриддӕр ыл ис, уыимӕ. Уӕдӕ хӕдтӕхӕг, телевизор ӕмӕ компьютер чи ӕрымысыд, уыцы адӕм кӕй уыдысты, уый нӕ кӕд уырны, уӕд нӕ куыннӕ хъуамӕ уырна, адӕймагӕн ӕппӕт уыдӕттӕ саразынӕн магъз чи радта, Уый кӕй ис!

23 Библи йӕ хоны «ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕ, арв чи сфӕлдыста ӕмӕ йӕ чи айтыгъта, уыцы Стыр Хуыцау, зӕхх чи ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йыл цы ис, уыдон чи дӕтты, цы адӕм ыл цӕры, уыдонӕн улӕфт чи дӕтты» (Исай 42:5). Библийы ма афтӕ дӕр ис фыст: «О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд» (Раргомад 4:11).

24. Хуыцау кӕй ис, уый кӕцӕй зонӕм?

24 О, Хуыцау кӕй ис, уый базонӕн ис, цы сфӕлдыста, уымӕй. «Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, [Хуыцауы] уыцы миниуджытӕ... дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ ирдӕй зынынц, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты» (Ромӕгтӕм 1:20).

25, 26. Истӕмӕй раст куы нӕ пайда кӕной, уӕд уый ууыл дзурӕг цӕуылнӕ у, ӕмӕ йын аразӕг нӕ уыди?

25 Кӕд истӕмӕй раст нӕ пайда кӕнынц, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын аразӕг нӕй. Хӕдтӕхӕгӕй пайда кӕнӕн ис хорз хъуыддагӕн, зӕгъӕм, адӕмы ласынӕн. Фӕлӕ ма дзы ис спайда кӕнӕн ӕвзӕр хъуыддагӕн дӕр, зӕгъӕм, бомбӕтӕ калынӕн. Уӕдӕ дзы кӕд адӕмы марынӕн пайда кӕнынц, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын аразӕг нӕ уыди.

26 Раст афтӕ адӕм дӕр ӕвзӕр куы разынынц, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сын Сфӕлдисӕг нӕ уыди, ома Хуыцау нӕй. Библийы дӕр уымӕн ис фыст: «Мӕнӕ куыд сӕфт стут! Ау, дурынгӕнӕг ӕмӕ ӕлыг иу сты? Дзаума йе скӕнӕджы тыххӕй афтӕ зӕгъдзӕн, уый мӕ не скодта, зӕгъгӕ? Дзаума, кӕй къухтӕ йӕ скодтой, уымӕй афтӕ зӕгъдзӕн, ницы ’мбары, зӕгъгӕ?» (Исай 29:16).

27. Цӕуылнӕ дызӕрдыг кӕнӕм, хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис, уымӕн Хуыцау дзуапп кӕй дӕтты, ууыл?

27 Сфӕлдисӕджы зонд зыны, цы сфӕлдыста, уый куыд вазыгджын у, уымӕй. Кӕй ныл тыхсы, уый бӕрӕг у, зӕххыл нӕ бон цӕрын кӕй у, нӕ буар ӕмӕ нӕ зонд диссаджы конд кӕй сты, стӕй нын циндзинад цы хӕссы, бирӕ ахӕм хорз цыдӕртӕ кӕй сфӕлдыста, уымӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы зонд ӕмӕ ныл кӕй тыхсы, уый бӕрӕг у уымӕй дӕр, ӕмӕ нын дзуапп дӕтты мӕнӕ ацы фарстатӕн: Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны? Цы сараздзӕн, цӕмӕй уыцы хъуыддаг сраст кӕна?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 5 фарсыл]

Зӕхх, чи йӕ хъахъхъӕны, уыцы атмосферӕимӕ у, уарзӕгой Хуыцау адӕмӕн кӕй скодта, ахӕм диссаджы хӕдзар

[Ныв 6 фарсыл]

Зӕхх афтӕ конд у, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса

[Ныв 7 фарсыл]

«Адӕймаджы магъзы цы бастдзинӕдтӕ ис, уыдон сты, зӕххыл ӕппӕт коммуникацион системӕты цы бастдзинӕдтӕ ис, уыдонӕй бирӕ фылдӕр» (Молекулярон биологийы ахуыргонд)

[Ныв 8 фарсыл]

«Цӕст чидӕр кӕй сарӕзта, ууыл дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы; телескоптӕ чи аразы, уыдонӕй йӕ иу дӕр хуыздӕр нӕ сарӕзтаид» (Астроном)