Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

11 хай

Ног дунейӕн бындур ӕвӕрд цӕуы абон

1, 2. Цавӕр пехуымпарад ӕххӕст кӕны нӕ рӕстӕджы?

Ног дунейӕн бындур ӕвӕрд цӕуы абон

 ДИССАГ уый у, ӕмӕ Хуыцау ног дунейӕн бындур абон кӕй ӕвӕры, Хӕйрӕджы дунейы кӕрон куы ӕрхӕццӕ кӕны, уыцы рӕстӕг. Адӕм кӕрӕдзи кӕм не ’мбарынц, уыцы дуне тагъд нал уыдзӕн. Зӕххыл цӕрдзысты фарнуарзаг адӕм. Ӕмӕ абон нӕхи цӕстӕй уынӕм, уыцы адӕмы Хуыцау ӕппӕт адӕмтӕй дӕр куыд ӕмбырд кӕны. Библийы 2 Петры 3:13 стихы уыцы адӕм хуыйнынц «ног зӕхх».

2 Библийы ма фыст ис: «Фӕстаг бонты [нӕ рӕстӕджы]... бирӕ адӕмтӕ ацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: „Рацӕут, ссӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ [раст динмӕ]... Уый нын йӕ фӕндӕгтӕ бацамондзӕн, ӕмӕ мах цӕудзыстӕм йӕ фӕндӕгтыл“» (Исай 2:2, 3).

3. а) Пехуымпар Исайы ныхӕстӕ кӕуыл ӕххӕст кӕнынц? б) Библийы фӕстаг чиныджы уыцы адӕмы тыххӕй цы фыст ис?

3 Ацы пехуымпарад ӕххӕст кӕны, Хуыцауы коммӕ чи кӕсы ӕмӕ йын йӕ фӕндӕгтыл чи цӕуы, уыдоныл. Уыцы фарнуарзаг адӕм цӕрынц алы бӕстӕты. Библийы фӕстаг чиныджы фыст ис, уыдон кӕй сты «тынг бирӕ адӕм... ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй». Уыцы адӕм Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнынц. Библийы ма ис ахӕм ныхӕстӕ дӕр: «Уыдон сты, стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахызт, уыцы адӕм». Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон куы ӕрцӕуа, уӕд кӕй фервӕздзысты (Раргомад 7:9, 14; Матфейы 24:3).

Ӕцӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕгас дунейы дӕр

4, 5. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас дунейы дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртау цӕй фӕрцы цӕрынц?

4 Милуангай Йегъовӕйы Ӕвдисӕны зӕрдиагӕй архайынц Хуыцауы амындтӕм гӕсгӕ цӕрыныл ӕмӕ йӕ фӕндӕгтыл цӕуыныл. Стыр ныфс сӕ ис, ӕнустӕм Хуыцауы ног дунейы кӕй цӕрдзысты, уымӕй. Сӕ цард Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ кӕй аразынц, уымӕй ӕвдисынц, абон дӕр ӕмӕ ног дунейы дӕр йӕ разамындмӕ хъусынмӕ цӕттӕ кӕй сты. Кӕмфӕнды ма цӕрой, цавӕрфӕнды адӕмыхаттӕй кӕнӕ расӕйӕ ма уой, се ’ппӕт дӕр цӕрынц ӕмхуызон закъӕттӕм гӕсгӕ – Хуыцау йӕ Ныхасы цы закъӕттӕ ныффыссын кодта, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕцӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты хуызӕн дӕр уымӕн сты ӕмӕ сӕ Хуыцау дӕр ног дунейы бындурӕн уымӕн равзӕрста (Исай 54:13; Матфейы 22:37, 38; Иоанны 15:9, 14).

5 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас дунейы дӕр ӕцӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртау кӕй цӕрынц, уый тыххӕй сӕхицӕй бузныг не сты. Уыдон ӕй зонынц, уымӕн гӕнӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй ис. Уыцы тых афтӕ ӕндавы, Хуыцауы закъӕттӕм чи хъусы, уыдоныл (Хъуыддӕгтӕ 5:29, 32; Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уӕдӕ уыцы хъуыддаг Хуыцауӕй аразгӕ у. Чырысти куыд загъта, афтӕмӕй, «адӕмӕн сӕ бон цы нӕу, уый Хуыцауӕн у йӕ бон» (Лукайы 18:27). Уымӕ гӕсгӕ, ацы Дун-дуне ахӕм фидар, ӕнӕфӕцудгӕ бындурыл чи сӕвӕрдта, уымӕн йӕ бон у саразын фидар бындур, зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыцы ног ӕхсӕнадӕн дӕр.

6. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн цы иудзинад ис, уый диссаг схонӕн цӕмӕн ис?

6 Хуыцау адӕмӕн ног дунейы разамынд куыд дӕтдзӕн, уый бамбарӕн ис, абон ног дунейӕн бындур ӕвӕргӕйӕ цы аразы, уымӕй. Нӕ рӕстӕджы йӕ Ӕвдисӕнтӕн цы сарӕзта, уый схонӕн ис ӕцӕг диссаг. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕгас дунейы дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртау баиу кодта. Иннӕ адӕм кӕрӕдзи ныхмӕ свӕййынц, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ расӕтӕй кӕй вӕййынц ӕмӕ алыхуызон динтыл хӕст кӕй вӕййынц, уый аххосӕй. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн уыдӕттӕ сӕ иудзинад никуы фехалдзысты. Ӕмӕ кӕд ныр цалдӕр милуаны сты ӕмӕ 235 бӕстӕйӕ фылдӕры цӕрынц, уӕддӕр сты иу бинонтау ӕнгом. Уыйбӕрц алыхуызон адӕмы баиу кӕнын историйы дӕргъы никуы никӕмӕн бантыст. Уый у стыр диссаг, ӕмӕ уыцы диссаг сарӕзта Хуыцау (Исай 43:10, 11, 21; Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35; Галатӕгтӕм 3:28).

Хуыцауы адӕмы цӕмӕй ис базонӕн?

7. Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕцӕг чырыстӕтты цӕмӕй хъуамӕ уыдаид базонӕн?

7 Хуыцау ног дунейы цӕрынӕн цы адӕмы ӕмбырд кӕны, уыдоны ма цӕмӕй ис базонӕн? Зӕгъӕм, чи ӕххӕст кӕны Иоанны 13:34, 35 стихты фыст Чырыстийы фӕдзӕхст? Уый загъта: «Ӕз уын дӕттын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы. Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат». Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ацы фӕдзӕхстмӕ хъусынц ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнынц. Хуыцауы Ныхас зӕгъы, «кӕрӕдзийы афтӕ уарзут, уӕ уарзт артау куыд судза», ӕмӕ уыдон дӕр раст афтӕ кӕнынц (1 Петры 4:8). Уыдонмӕ ис «уарзондзинад, уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Колоссӕгтӕм 3:14). Уӕдӕ се ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уый у, ӕгас дунейы дӕр сӕ иу бинонтау чи иу кӕны, ахӕм «ӕндадзӕны» хуызӕн.

8. 1 Иоанны 3:10–12 стихтӕм гӕсгӕ ма куыд ис Хуыцауы адӕмы базонӕн?

8 Стӕй ма 1 Иоанны 3:10–12 стихты фыст ис: «Хуыцауы сывӕллӕтты ӕмӕ Хӕйрӕджы сывӕллӕтты афтӕ ис базонӕн: раст хъуыддӕгтӕ чи нӕ кӕны, уый Хуыцауӕй нӕу. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, йе ’фсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕй дӕр. Уӕ зӕрдыл дарут, райдианы кӕй фехъуыстат, уыцы хабар: мах хъуамӕ кӕрӕдзийы уарзӕм ӕмӕ, Фыдбылызӕй чи уыд ӕмӕ йе ’фсымӕры фыдмард чи акодта, уыцы Каины хуызӕн ма уӕм». Уӕдӕ ӕгас дунейы дӕр Хуыцауы адӕм сты иу бинонтау ӕмӕ фыддзинад нӕ аразынц.

Цӕмӕй ма сӕ ис базонӕн?

9, 10. а) Фӕстаг бонты Хуыцауы лӕггадгӕнджыты цавӕр куыстӕй ис базонӕн? б) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Матфейы 24:14 стихы фыст ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц?

9 Хуыцауы адӕмы ма базонӕн ис ноджыдӕр иу хъуыддагӕй. Чырысти ацы дунейы кӕроны кой кӕнгӕйӕ ранымадта, фӕстаг бонтӕ цы хабӕрттӕй бӕрӕг уыдзысты, уыдон. (Кӕс 9 хай.) Уыдонӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр фыст ис Матфейы 24:14 стихы: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон».

10 Ацы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уый уынӕм? Уынӕм. 1914 азӕй, фӕстаг бонтӕ куы райдыдтой, уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынц, Чырысти сын куыд загъта, афтӕ, ома адӕммӕ сӕ хӕдзӕрттӕм цӕуынц (Матфейы 10:7, 12; Хъуыддӕгтӕ 20:20). Алы бӕстӕты дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕммӕ цӕуынц, цӕмӕй семӕ ног дунейы тыххӕй ныхас кӕной. Ацы брошюрӕ та дӕм уый тыххӕй ис, ӕмӕ ма уымӕй уӕлдай, уыдон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй литературӕ миллиардгай экземпляртӕй мыхуыр кӕнынц ӕмӕ йӕ парахат кӕнынц. Цымӕ ма ӕгас зӕххыл Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕндӕр исчи хъусын кӕны? Марчы 13:10 стихы та фыст ис, зӕгъгӕ уал «раздӕр», ома цалынмӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ, хъуамӕ хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны куыст фӕуа.

Дзуапп дыккаг дзырддаг фарстайӕн

11. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы разамындмӕ кӕй хъусынц, уымӕй ма сӕ къухы ноджыдӕр цы ’фты?

11 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уымӕй ма сӕ къухы ӕфты ноджыдӕр иу хъуыддаг. Уый фӕрцы ӕвдисынц, Сайтан мӕнг кӕй загъта, зӕгъгӕ, фӕлварӕнты бахаугӕйӕ адӕм Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ сивдзысты. Афтӕмӕй дзуапп дӕттынц дыккаг дзырддаг фарстайӕн – адӕмы иузӕрдиондзинадимӕ баст чи у, уымӕн (Иов 2:1–5). Алы адӕмыхӕттытӕй милуангай Ӕвдисӕнтӕ раст иу адӕймагау Хуыцауы разамындмӕ хъусынц. Кӕд ӕнӕххӕст сты ӕмӕ сӕ Хӕйрӕг алырдыгӕй цъист кӕны, уӕддӕр, Дун-дунейы хицау уа, уый бар кӕмӕн ис, уыцы дзырддаг фарстайы фидарӕй лӕууынц Хуыцауы фарс.

12. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ уырнындзинадӕй кӕй фӕзмынц?

12 Абон дӕр цалдӕр милуан Йегъовӕйы Ӕвдисӕны Хуыцауыл иузӕрдион сты. Уыдон фӕзмынц, рагзаманты Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыцы ӕвдисӕнты. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдысты Авел, Ной, Иов, Авраам, Саррӕ, Исахъ, Иаков, Деворӕ, Руф, Давид ӕмӕ Данел (Дзуттӕгтӕм, 11 сӕр). Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй уыцы рагон лӕггадгӕнджытӕ уыдысты «ӕвдисӕнты... стыр мигъ» (Дзуттӕгтӕм 12:1, фиппаинаг). Уыдон дӕр ӕмӕ ма ӕндӕртӕ дӕр, уыдонимӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр, Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадысты. Ӕмӕ Йесо та алкӕмӕн дӕр фӕзминаг у, алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы коммӕ кӕй каст ӕмӕ йыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕй.

13. Чырысти дины разамонджытӕн Хӕйрӕджы тыххӕй цы загъта?

13 Уӕдӕ Чырысти дины разамонджытӕн Хӕйрӕджы тыххӕй афтӕ дзӕгъӕлы нӕ загъта: «Фӕлӕ сымах та мӕн, Хуыцауӕй цы рӕстдзинад фехъуыста, уый уын чи дзуры, уыцы адӕймаджы, марынмӕ хъавут. [...] Сымахӕн уӕ фыд Хӕйрӕг у, ӕмӕ уӕ фӕнды, уӕ фыды зӕрдӕ цы зӕгъы, уый аразын. Уый йӕхи фӕндагыл куы слӕууыд, уӕд дӕр уыди лӕгмар, ӕмӕ рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд, уымӕн ӕмӕ йӕ мидӕг рӕстдзинад нӕй. Уый мӕнг куы фӕдзуры, уӕд фӕдзуры, цы у, уымӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ уый у мӕнгдзурӕг ӕмӕ мӕнгдзинады фыд» (Иоанны 8:40, 44).

Ды цы равзардзынӕ?

14. Цы ис зӕгъӕн ног дунейы бындуры тыххӕй?

14 Хуыцау ног дунейы цӕрынӕн адӕмы алы бӕстӕтӕй ӕмбырд кӕны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕтдунеон организацимӕ. Уыцы адӕм сты ног дунейы бындур. Ӕмӕ уыцы бындур фидарӕй-фидардӕр кӕны. Алы аз дӕр сӕдӕгай мин адӕймаджы Библийы рӕстдзинад базонынц ӕмӕ барвӕндонӕй Хуыцауы разамындмӕ хъусын райдайынц. Уыдон дӕр ӕрбаиу вӕййынц, ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыцы адӕммӕ ӕмӕ, Дун-дунейы хицау чи хъуамӕ уа, уый фӕдыл цы дзырддаг фарста сӕвзӕрд, уым Хуыцауы фарс слӕууынц. Афтӕмӕй равдисынц, Хӕйрӕг мӕнгдзурӕг кӕй у.

15. Чырысти адӕмы цавӕр дыууӕ къордыл дих кӕндзӕн?

15 Уыцы адӕм Хуыцауы разамындмӕ кӕй хъусынц, уый тыххӕй сӕ Чырысти йӕ «рахиз фарс» слӕууын кӕндзӕн, «фысты» «сӕгътӕй» куы хицӕн кӕна, уӕд. Фӕстаг бонты тыххӕй Чырысти загъта ахӕм пехуымпарад: «Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр йӕ разы ӕрӕмбырд уыдзысты, ӕмӕ фыййау фысты сӕгътӕй куыд ахицӕн кӕны, афтӕ уый дӕр ахицӕн кӕндзӕн адӕмы. Ӕмӕ фысты ӕрлӕууын кӕндзӕн йӕ рахиз фарс, сӕгъты та – йӕ галиу фарс». Фыстӕ амонынц, Хуыцауы разамындмӕ чи хъуса, ӕмӕ Чырыстийы ӕфсымӕртӕм чи ӕрбаиу уа ӕмӕ сын чи ӕххуыс кӕна, уыцы сӕрныллӕг адӕммӕ. Сӕгътӕ та амонынц, Чырыстийы ӕфсымӕрты чи ницӕмӕ дара ӕмӕ Хуыцауы разамындмӕ чи нӕ хъуса, уыцы хивӕнд адӕммӕ. Ӕмӕ сӕ Йесо цӕй тыххӕй ахицӕн кӕндзӕн? Мӕнӕ цы загъта йӕхӕдӕг: «Уыдон [сӕгътӕ] ӕнустӕм фесӕфдзысты, рӕстгӕнджытӕ [фыстӕ] та ӕнустӕм цӕрдзысты» (Матфейы 25:31–46).

16. Кӕд дӕ Дзӕнӕты цӕрын фӕнды, уӕд дӕ цы хъӕуы аразын?

16 Куыд тынг ныл тыхсы Хуыцау! Бирӕ нал баззад, зӕххӕй дзӕнӕт куы сараза, уыцы рӕстӕгмӕ. Уыцы Дзӕнӕты дӕ нӕ фӕнды цӕрын? Кӕд о, уӕд Йегъовӕйы хуыздӕр базон ӕмӕ, цы базонай, уымӕ гӕсгӕ архай. Афтӕмӕй равдисдзынӕ, йӕ хорздзинӕдты тыххӕй дзы бузныг кӕй дӕ. «Агурут Йегъовӕйы, цалынмӕ йӕ ссарӕн ис, уӕдмӕ. Цалынмӕ хӕстӕг у, уӕдмӕ йӕм кувут. Фыдгӕнӕг ныууадзӕд йӕ фӕндаг, фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уый ныууадзӕд йӕ фӕндтӕ ӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ йӕм уый уыдзӕн фӕлмӕнзӕрдӕ» (Исай 55:6, 7).

17. Кӕмӕн лӕггад кӕндзынӕ, уыцы фарста аскъуыддзаг кӕныныл фӕстиат кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?

17 Фӕстиат кӕнӕн нал ис. Ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон тынг тагъд ӕрцӕудзӕн. Хуыцауы Ныхасы ис ахӕм уынаффӕ: «Ма уарзут дуне, нӕдӕр, дунейы цы ис, уый. Дуне чи уарзы, уый Фыды нӕ уарзы. [...] Дуне дӕр фӕивгъуыйы ӕмӕ йӕ монцтӕ дӕр, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 Иоанны 2:15–17).

18. Хуыцауы ног дунейы кӕй цӕрдзынӕ, уымӕй дӕ цӕмӕй фидар ныфс уа, уый тыххӕй дӕ цы хъӕуы аразын?

18 Абон Хуыцауы адӕм ахуыр кӕнынц, ног дунейы ӕнустӕм куыд цӕрдзысты, ууыл. Сӕ уырнындзинад фидар кӕнынц ӕмӕ сӕ зӕххӕй дзӕнӕт саразынӕн цы хъӕуы, уыдӕттыл ахуыр кӕнынц. Дӕ хорзӕхӕй, Хуыцауы дӕ Хицауӕй равзар ӕмӕ, адӕмы цард ирвӕзын кӕныны тыххӕй ӕгас зӕххыл дӕр цы куыст цӕуы, уым ды дӕр архайын райдай. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕн, ӕмӕ хуыздӕр базон, ӕцӕгдӕр ныл чи тыхсы ӕмӕ нын нӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон чи скӕндзӕн, уыцы Хуыцауы. Афтӕмӕй ды дӕр уыдзынӕ, ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыцы адӕмимӕ. Уӕд ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕ, Хуыцау дӕ йӕ хорзӕхӕй кӕй схайджын кӕндзӕн ӕмӕ ӕнустӕм уыцы диссаджы ног дунейы кӕй цӕрдзынӕ.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 31 фарсыл]

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас дунейы дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты цард кӕнынц

[Ныв 32 фарсыл]

Хуыцау ног дунейӕн бындур ӕвӕры абон