5 хай
Сӕрибардзинад – Хуыцауы диссаджы лӕвар
1, 2. Цавӕр диссаджы лӕварӕй стӕм хайджын?
ХУЫЦАУ цӕмӕн уадзы, цӕмӕй адӕм хъизӕмар кӕной? Уый фӕдыл цы саразынмӕ хъавы? Уый базоныны тыххӕй аныхас кӕнӕм, куыд конд стӕм, ууыл. Хуыцау нын ӕрмӕст буар ӕмӕ магъз нӕ радта, фӕлӕ ма нӕ схайджын кодта хъуыды кӕныны курдиатӕй ӕмӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕй дӕр.
2 Нӕ хъуыдытыл ӕмӕ не ’нкъарӕнтыл нӕ бар цӕуы, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау схайджын кодта сӕрибардзинадӕй. О, Хуыцау нын радта ӕвзарыны, кӕнӕ уынаффӕтӕ хӕссыны бар. Уый у Хуыцауы диссаджы лӕвар.
Куыд конд стӕм
3–5. Сӕрибардзинад дын кӕй ис, уый дын ӕхсызгон цӕмӕн у?
3 Ӕркӕсӕм, Хуыцау нын цы сӕрибардзинад радта, уый куыд баст у, адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц, уыимӕ. Фыццаг уал ахъуыды кӕн: ӕхсызгон дын нӕу, уый бар дын кӕй ис, цӕмӕй дӕхӕдӕг ӕвзарай, цы сараздзынӕ кӕнӕ цы зӕгъдзынӕ, цы хӕрдзынӕ кӕнӕ дӕ уӕлӕ цы скӕндзынӕ, цы кусдзынӕ кӕнӕ кӕм ӕмӕ куыд цӕрдзынӕ? Ӕви дӕ афтӕ фӕнды, цӕмӕй дын ӕдзух исчи дзура, цы зӕгъай кӕнӕ куыд бакӕнай, уый?
4 Иу адӕймаджы дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ цардыл йӕ бар ӕппындӕр ма цӕуа. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау афтӕ скодта. Библийы фыст ис, Хуыцау адӕймаджы кӕй сфӕлдыста «йӕхимӕ гӕсгӕ, йӕхи хуызӕн». Хуыцауӕн та йӕ миниуджытӕй иу у, кӕм куыд бакӕна, уый йӕхӕдӕг кӕй ӕвзары, ома йын кӕй ис сӕрибардзинад (Райдиан 1:26; Дыккаг закъон 7:6). Уымӕ гӕсгӕ, адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд уыдоны дӕр схайджын кодта уыцы миниуӕгӕй – сӕрибардзинадӕй. Ӕмӕ нӕ ӕгъатыр хицӕуттӕ сӕхицӕн цагъартӕ куы фӕаразынц, уӕд нӕ ныфс дӕр уый тыххӕй асӕтты.
5 Мах сӕрибардзинад уый тыххӕй уарзӕм, ӕмӕ Хуыцау у сӕрибардзинады Хуыцау. Библи зӕгъы: «Йегъовӕйы сыгъдӕг тых кӕм ис, уым ис сӕрибардзинад» (2 Коринфӕгтӕм 3:17). Уӕдӕ адӕймаджы конд афтӕ у, ӕмӕ йӕ ӕнӕ уыцы сӕрибардзинадӕй адӕймаг схонӕн нӕ уаид. Адӕймагӕн зонд чи радта ӕмӕ йӕ ӕнкъарӕнтӕй чи схайджын кодта, уый хорз зыдта, сӕрибар куы уӕм, уӕд амондджындӕр кӕй уыдзыстӕм.
6. Хуыцау нын нӕ магъз афтӕ куыд скодта, цӕмӕй пайда кӕна, уынаффӕтӕ хӕссыны бар нын кӕй ис, уымӕй?
6 Сӕрибардзинадимӕ ма нын Хуыцау радта ахӕм курдиат дӕр, цӕмӕй нӕ бон уа хъуыды кӕнын, хъуыддагмӕ алы фарсӕй дӕр бакӕсын, алыхуызон фарстатӕ скъуыддзаг кӕнын ӕмӕ, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын (Дзуттӕгтӕм 5:14). Уӕдӕ кӕд адӕймаг сӕрибар у, уӕд хъуамӕ хъуыды кӕна, цы ӕвзары, ууыл. Мах роботтӕ не стӕм. Стӕй афтӕ конд дӕр не стӕм, ӕмӕ цӕрӕгойтау, цы аразӕм, уый ма ӕмбарӕм. Нӕ магъз афтӕ диссаджы конд у, цӕмӕй пайда кӕна, уынаффӕтӕ хӕссыны бар нын кӕй ис, уымӕй.
Райдианы – диссаджы цард
7, 8. Хуыцау нӕ рагфыдӕлтӕн райдианы цавӕр цард радта?
7 Хуыцау ныл кӕй тыхсы, уый бӕрӕг у, нӕ рагфыдӕлтӕн, Адам ӕмӕ Евӕйӕн, сӕрибардзинадӕй уӕлдай кӕй радта, амондджын цардӕн сӕ цыдӕриддӕр хъуыди, уыдӕттӕ. Ӕрцӕрын сӕ кодта стыр, парчы хуызӕн Дзӕнӕты. Уым сын алцыдӕр уыд парахатӕй. Уыдис сын ӕххӕст сӕры зонд ӕмӕ ӕххӕст буар, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ макуы базӕронд уыдаиккой, макуы фӕрынчын уыдаиккой ӕмӕ макуы амардаиккой – хъуамӕ цардаиккой ӕнустӕм. Хъуамӕ сын уыдаид ӕххӕст сывӕллӕттӕ, ӕмӕ уыдон дӕр ӕнустӕм амондджынӕй цардаиккой. Адӕм хъуамӕ фылдӕр кодтаиккой ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ зӕхмӕ зылдаиккой, цӕмӕй дзы ӕппынфӕстаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр дзӕнӕт рауадаид (Райдиан 1:26–30; 2:15).
8 Хуыцау адӕмӕн цы радта, уый тыххӕй Библийы ис фыст: «Хуыцау йӕ цӕст ахаста, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ууыл, ӕмӕ ӕппӕт дӕр уыд тынг хорз» (Райдиан 1:31). Библийы ма Хуыцауы тыххӕй фыст ис: «Йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау» (Дыккаг закъон 32:4). О, Сфӕлдисӕг райдианы нӕ рагфыдӕлтӕн радта диссаджы цард. Уымӕй хуыздӕр цардӕн ӕрхъуыды кӕнӕн дӕр нӕ уыд. Уӕдӕ куыд уарзӕгой у Хуыцау!
Сӕ сӕрибардзинад ӕгӕрон нӕ уыд
9, 10. Адӕм сӕ сӕрибардзинадӕй раст цӕмӕн хъуамӕ пайда кӕной?
9 Цымӕ Хуыцауы уый фӕндыд, ӕмӕ сӕ цы сӕрибардзинадӕй схайджын кодта, уый ӕгӕрон уыдаид? Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн ахӕм горӕт: уынгтӕ машинӕтӕй йедзаг, фӕлӕ дзы фӕндагыл цӕуыны уагӕвӕрдтӕ нӕй, кӕй кӕдӕм фӕнды, уырдӕм цӕуы, ӕмӕ машинӕйы цыд искуы фӕтагъддӕр кӕнын кӕнӕ искуы фӕсабырдӕр кӕнын хъӕуы, ууыл хъуыды дӕр ничи кӕны. Ахӕм уавӕрты дӕ машинӕ скъӕрын фӕндид? Нӕ, уым фӕндӕгтыл ӕппындӕр ницы пълан уаид ӕмӕ дзы дуне аваритӕ цӕуид.
10 Афтӕ у йӕ хабар, Хуыцау адӕмӕн цы сӕрибардзинад радта, уымӕн дӕр. Сӕ сӕрибардзинад ӕгӕрон куы уыдаид, уӕд сӕ цардӕн пълан нӕ уыдаид. Адӕмы хъӕуы, кӕмӕ гӕсгӕ хъуамӕ цӕрой, ахӕм закъӕттӕ. Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Сымах стут сӕрибар адӕм, ӕрмӕст уӕ сӕрибардзинад ӕвзӕр митӕ ӕмбӕхсынӕн ма уӕд» (1 Петры 2:16). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй адӕм сӕ сӕрибардзинадӕй афтӕ пайда кӕной, ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр хорз уа. Хуыцау адӕмӕн цы сӕрибардзинад радта, уый ӕгӕрон нӕ уыд, фӕлӕ йын скодта арӕн, ома сын радта, йӕ сӕрты хизӕн кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм закъон.
Кӕй закъӕттӕ?
11. Кӕй закъӕтты коммӕ хъуамӕ кӕсӕм?
11 Кӕй закъӕтты коммӕ хъуамӕ кӕсӕм? 1 Петры 2:16 стихы иннӕ хайы фыст ис, зӕгъгӕ, хъуамӕ «Хуыцауы цагъартау цӕрӕм». Ам дзырд цы цагъарадыл цӕуы, уый уӕззау фыдӕбонмӕ нӕ амоны. Уый уымӕ амоны, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Хуыцауы закъӕтты коммӕ кӕсгӕйӕ уыдзыстӕм амондджын, уымӕн ӕмӕ афтӕ конд стӕм (Матфейы 22:35–40). Адӕм сӕхӕдӕг кӕй ӕрхъуыды кодтой, уыцы закъӕттӕй уӕлдай нын Хуыцауы закъӕттӕ дӕттынц ӕппӕты хуыздӕр разамынд. «Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны» (Исай 48:17).
12. Кӕд нӕ Хуыцауы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын хъӕуы, уӕддӕр нын бар цӕмӕн ис?
12 Кӕд нӕ Хуыцауы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын хъӕуы, уӕддӕр нын бар ис, цӕмӕй тынг бирӕ хъуыддӕгты уынаффӕтӕ нӕхӕдӕг хӕссӕм, ӕрмӕст уыцы закъӕтты сӕрты ма хизӕм. Адӕм дӕр афтӕ алыхуызон уый фӕрцы сты ӕмӕ цард дӕр ӕнкъард уый тыххӕй нӕу. Ахъуыды-ма кӕн, дунейы цас алыхуызон хӕринӕгтӕ, дзаумӕттӕ ӕмӕ хӕдзӕрттӕ ис, иннӕ ахӕм та музыкӕ ӕмӕ аивад. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ бӕсты ӕндӕр исчи скъуыддзаг кӕна, уыдӕттӕй цы равзарӕм, уый.
13. Ӕнӕмӕнгӕй цавӕр закъӕтты коммӕ хъуамӕ кӕсӕм?
13 Уӕдӕ мах афтӕ конд стӕм, ӕмӕ амондджын ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзыстӕм, Хуыцау нын цы закъӕттӕ радта, уыдонмӕ куы хъусӕм. Ӕмӕ уыцы закъӕтты коммӕ дӕр хъуамӕ кӕсӕм, ӕрдзы цы закъӕттӕ ӕрфидар кодта, уыдоны коммӕ куыд кӕсӕм, афтӕ. Зӕгъӕм, химӕлвасынады закъон куы ницӕмӕ дарӕм, ӕмӕ бӕрзонд ранӕй куы рагӕпп кӕнӕм, уӕд кӕнӕ нӕхи ныппырх кӕндзыстӕм, кӕнӕ та мӕлгӕ акӕндзыстӕм. Нӕ буар цы закъӕттӕм гӕсгӕ кусы, уыдон куы ницӕмӕ дарӕм, ӕмӕ хӕринаг куы нал хӕрӕм, дон куы нал нуазӕм ӕмӕ куы нал улӕфӕм, уӕд амӕлдзыстӕм.
14. Кӕцӕй йӕ зонӕм, адӕм афтӕ конд кӕй не сты, цӕмӕй ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрой?
14 Ӕрдзы закъӕтты коммӕ кӕсын ӕнӕмӕнг куыд у, афтӕ ӕнӕмӕнг у, Хуыцау нын уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕдыл, стӕй иннӕтимӕ цӕрын куыд хъӕуы, уый фӕдыл цы закъӕттӕ радта, уыдоны коммӕ кӕсын дӕр (Матфейы 4:4). Адӕм афтӕ конд не сты, цӕмӕй ӕнӕ се Сфӕлдисӕгӕй цӕрой ӕмӕ амондджын уой. Пехуымпар Йереми загъта: «Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл... йӕ бар нӕ цӕуы. О Йегъовӕ, амон мын зонд» (Йереми 10:23, 24). Уӕдӕ адӕм хъуамӕ цӕрой сӕхи разамындмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы разамындмӕ гӕсгӕ.
15. Адам ӕмӕ Евӕйӕн Хуыцауы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын зын цӕуылнӕ хъуамӕ уыдаид?
15 Нӕ рагфыдӕлтӕн Хуыцауы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын хъуамӕ зын ма уыдаид, уымӕн ӕмӕ уыцы закъӕттӕ пайда уыдаиккой сӕхицӕн дӕр ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг Хуыцауы закъӕтты сӕрты куы нӕ ахызтаиккой, уӕд алцыдӕр хорз уыдаид. Абон иууылдӕр цардаиккам диссаджы Дзӕнӕты ӕмӕ уыдаиккам иу бинонтау ӕнгом. Фыддзинад, хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ мӕлӕт цы сты, уый та зонгӕ дӕр нӕ кодтаиккам.
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 11 фарсыл]
Сфӕлдисӕг райдианы адӕмӕн радта диссаджы цард
[Ныв 12 фарсыл]
Фӕндагыл цӕуыны уагӕвӕрдтӕ куы нӕ уаид, уӕд дӕ машинӕтӕй йедзаг фӕндагыл цӕуын бафӕндид?