Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

9 хай

«Фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уый кӕцӕй зонӕм?

1, 2. Кӕцӕй йӕ зонӕм, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм?

«Фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уый кӕцӕй зонӕм?

 КӔЦӔЙ йӕ зонӕм, Хуыцауы Паддзахад адӕмы разамынды ӕмӕ ацы цардӕвӕрды ныхмӕ архайын нӕ рӕстӕджы кӕй райдайдзӕн? Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцау фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уыцы рӕстӕг тынг ӕввахс кӕй у?

2 Уый базонын тынг фӕндыд Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты дӕр. Уыдон ӕй бафарстой, уӕлӕрвты Паддзах кӕй сси ӕмӕ, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ», уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, уымӕй (Матфейы 24:3). Йесо сын радзырдта, ӕгас дунейы дӕр цы ӕвирхъау хабӕрттӕ цӕудзӕн ӕмӕ зӕххыл цы уӕззау уавӕр уыдзӕн, уый тыххӕй. Уыдонӕй бӕрӕг уыдзӕн, адӕм «кӕроны рӕстӕг» кӕй цӕрынц ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ «фӕстаг бонтӕ» кӕй ралӕууыдысты (Данел 11:40; 2 Тимофеймӕ 3:1). Уыцы хабӕрттӕ иууылдӕр иумӕ 20 ӕнусы цӕуын нӕ райдыдтой? О, райдыдтой, ӕмӕ абон диссаг никӕмӕуал кӕсынц!

Дунеон хӕстытӕ

3, 4. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Чырысти кодта, 20 ӕнусы цы хӕстытӕ уыд, уыдоны кой?

3 Йесо загъта, зӕгъгӕ, «иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ» (Матфейы 24:7). 1914 азы цы хӕст райдыдта, уый иннӕ хӕстытӕй уымӕй хицӕн кодта, ӕмӕ дзы архайдтой ӕппӕт адӕмтӕ ӕмӕ ӕппӕт паддзахӕдтӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ йӕ историктӕ схуыдтой Стыр хӕст. Ахӕм хӕст уӕды онг никуы уыди. Уый уыд фыццаг дунеон хӕст. Уым фӕмарди иу-20 милуан адӕймаджы – ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ ӕнӕуи адӕм. Уымӕй размӕ цы хӕстытӕ уыд, уыдонӕй иуы дӕр уыйбӕрц адӕм нӕ фӕмард.

4 Фыццаг дунеон хӕстӕй райдыдтой фӕстаг бонтӕ. Чырысти загъта, хӕстытӕ ӕмӕ ӕндӕр хабӕрттӕ кӕй уыдзысты «тухитӕн сӕ райдиан» (Матфейы 24:8). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад: Дыккаг дунеон хӕсты фӕмард ноджы фылдӕр адӕм – 50 милуаны бӕрц ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ ӕнӕуи адӕм. 20 ӕнусы хӕстыты фӕмард 100 милуан адӕймагӕй фылдӕр – уымӕй размӕ 400 азы дӕргъы хӕстыты цас фӕмард, уымӕй 4 хатты фылдӕр! Цӕй стыр зиан ӕрхаста, адӕймаг йӕхӕдӕг йӕхицӕн хицау кӕй у, уый!

Ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ

5–7. Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уымӕн ма цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис?

5 Фӕстаг бонты ма цытӕ хъуамӕ цыдаид, уый тыххӕй Йесо загъта: «Уыдзӕн стыр зӕххӕнкъуыстытӕ, ӕмӕ-иу куы иу ран, куы иннӕ ран сыстдзӕн фыднизтӕ ӕмӕ адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг» (Лукайы 21:11). 1914 азӕй фӕстӕмӕ, ӕцӕгдӕр, бирӕ ахӕм хабӕрттӕ цӕуы. Ӕмӕ уыдон дӕр ууыл дзурӕг сты, Чырыстийы ныхӕстӕ раст кӕй уыдысты. Уыцы бӕллӕхты аххосӕй адӕм дзӕвгар фылдӕр хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц.

6 Арӕх ӕрцӕуы стыр зӕххӕнкъуыстытӕ, ӕмӕ дзы бирӕ адӕм амӕлы. Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ грипп испанкӕйӕ амард иу-20 милуан адӕймаджы, иуӕй-иуты нымадмӕ гӕсгӕ та – 30 милуаны кӕнӕ фылдӕр. СПИД-ӕй мӕлынц сӕдӕгай минтӕ ӕмӕ дзы тагъд рӕстӕджы та, гӕнӕн ис, ӕмӕ амӕла цалдӕр милуан адӕймаджы. Алы аз дӕр милуантӕ амӕлынц зӕрдӕйы низтӕй, ракӕй ӕмӕ ӕндӕр низтӕй. Милуантӕ та сабыргай мӕлынц ӕххормагӕй. Уӕдӕ бӕрӕг у, Раргомады чиныджы хӕстытӕм, ӕххормагдзинадмӕ ӕмӕ низтӕм цы барджытӕ амонынц, уыдон 1914 азӕй фӕстӕмӕ тынг бирӕ адӕмы кӕй ныццагътой (Раргомад 6:3–8).

7 Йесо ма загъта, фыддзинад кӕй сарӕх уыдзӕн, ӕмӕ афтӕ у хабар абон ӕппӕт бӕстӕты дӕр. Мӕнӕ йӕ ныхӕстӕ: «Фыдхъуыддӕгтӕ кӕй сарӕх уыдзысты, уый аххосӕй адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн» (Матфейы 24:12).

8. 2 Тимофеймӕ 3 сӕры цы фыст ис, уый нӕ рӕстӕгмӕ куыд хауы?

8 Уымӕй уӕлдай ма Библийы фыст ис, фӕстаг бонты уаг ӕмӕ ӕгъдау кӕй нал уыдзӕн. Ӕмӕ уавӕр абон ӕнӕхъӕн дунейы дӕр афтӕ у. «Фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг. Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг, хиппӕлой, сӕрбӕрзонд, Хуыцауы фаудзысты, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсдзысты, хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты, уыдзысты мӕнгард, бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн, уыдзысты зындзырд, иннӕты фыдкой кӕндзысты, хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, уыдзысты ӕгъатыр, хорздзинад нӕ уарздзысты, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты, уыдзысты хивӕнд, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзысты, Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ, сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауӕн кувӕг адӕм сты, фӕлӕ сӕ цардӕй та уый бӕрӕг нӕ уыдзӕн... Ӕвзӕр адӕм ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕ та кӕндзысты фыддӕрӕй-фыддӕр» (2 Тимофеймӕ 3:1–13). Ӕппӕт адӕттӕ уынӕм нӕхи цӕстӕй.

Ноджыдӕр ма иу аххосаг

9. Зӕххыл фӕстаг бонтӕ куы райдыдтой, уӕд уӕлӕрвты цавӕр хабар ӕрцыд?

9 20 ӕнусы адӕмы хъизӕмӕрттӕ кӕй фӕфылдӕр сты, уымӕн ма ис иу аххосаг. 1914 азы фӕстаг бонтӕ куы райдыдтой, уӕд ма ӕрцыд ноджыдӕр иу хабар, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ адӕм бахаудысты ноджы тӕссагдӕр уавӕры. Библийы фӕстаг чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй уыцы рӕстӕг «уӕлӕрвты райдыдта хӕст: Михаил [Чырысти, паддзах куы сси, уӕд] ӕмӕ йӕ зӕдтӕ схӕцыдысты залиаг калмимӕ [Сайтанимӕ], ӕмӕ залиаг калм дӕр йӕ зӕдтимӕ [хӕйрӕджытимӕ] семӕ хӕцыд, фӕлӕ сыл нӕ фӕтых, ӕмӕ сын уӕлӕрвты бынат нал разынд. Гъемӕ стыр залиаг калм, Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи хуыйны, зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр чи сайы, уыцы рагон калм, зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд. Йемӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты йӕ зӕдтӕ дӕр» (Раргомад 12:7–9).

10, 11. Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджытӕ зӕхмӕ ӕппӕрст куы ӕрцыдысты, уӕд уый адӕмыл куыд фӕзынд?

10 Уый адӕмыл куыд фӕзынд? Уыцы пехуымпарады дарддӕр фыст ис: «Додой зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн, уымӕн ӕмӕ уӕм Хӕйрӕг ныццыд тынг мӕстыйӕ,– зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад». Сайтан ӕй зоны, йӕ къухы цы дуне ис, уымӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ кӕны, ӕмӕ ма йын цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ йӕ тых йӕ бонӕй архайы, цӕмӕй адӕмы Хуыцауы ныхмӕ скӕна (Раргомад 12:12; 20:1–3). Куыд тынг фехӕлдысты уыцы зӕдтӕ, сӕ сӕрибардзинадӕй раст кӕй не спайда кодтой, уый тыххӕй! Цӕй ӕвирхъау уавӕры ис зӕхх сӕ аххосӕй, уӕлдайдӕр та 1914 азӕй фӕстӕмӕ!

11 Уӕдӕ диссаг нӕу, Йесо нӕ рӕстӕджы тыххӕй афтӕ кӕй загъта: «Уындзысты ӕвирхъау хабӕрттӕ ӕмӕ арвыл стыр диссӕгтӕ» (Лукайы 21:11).

Адӕмы ӕмӕ Хӕйрӕджы разамынды рӕстӕг йӕ кӕронмӕ ӕрхӕццӕ

12. Цалынмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ма цы пехуымпарӕдтӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, уыдонӕй иу цавӕр у?

12 Цалынмӕ Хуыцау ацы цардӕвӕрдӕн кӕрон не скӕна, уӕдмӕ ма цымӕ цал пехуымпарады хъуамӕ сӕххӕст уа? Уыдон бирӕ нал сты. Уыцы пехуымпарӕдтӕй иу фыст ис 1 Фессалоникӕгтӕм 5:3 стихы: «Афтӕ куы дзурой: „Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!“, уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт». Ацы стихӕй бӕрӕг у, ацы цардӕвӕрды кӕрон кӕй райдайдзӕн, «афтӕ куы дзурой», уӕд. Абоны дунейӕн йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕнхъӕл дӕр куы ничи уа, уӕд. Уый уыдзӕн, адӕм иууылдӕр куы ӕнхъӕлмӕ кӕсой, зӕххыл сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад сӕхӕдӕг кӕй ӕрфидар кӕндзысты, уымӕ.

13, 14. Йесо цавӕр бӕллӕхы кой кодта ӕмӕ уыцы рӕстӕг цӕмӕй фӕуыдзӕн?

13 Хӕйрӕджы къухы цы дуне ис, уымӕн рӕстӕг бирӕ нал баззад. Йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн, Чырысти кӕй кой кодта, уыцы бӕллӕхы рӕстӕг. Ӕмӕ уый уыдзӕн тынг тагъд. Йесо загъта: «Уӕд уыдзӕн, дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди, ахӕм стыр бӕллӕх – нӕ уыди, ӕмӕ нал дӕр уыдзӕн» (Матфейы 24:21).

14 Стыр бӕллӕх фӕуыдзӕн Хуыцауы хӕст Армагеддонӕй. Уыцы рӕстӕгмӕ хауынц пехуымпар Данелы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Хуыцау «ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, абон чи ис ӕмӕ Хуыцауы разамындмӕ чи нӕ хъусы, ӕппӕт уыцы хицауӕдтӕй иу дӕр кӕй нал баззайдзӕн. Уый фӕстӕ йӕ уӕларвон Паддзахадӕн йӕ бар ӕнӕхъӕнӕй дӕр зӕххы хъуыддӕгтыл цӕуын райдайдзӕн. Данел загъта, хицауы бартӕ «ӕндӕр адӕмы къухмӕ» лӕвӕрд кӕй никуыуал ӕрцӕудзысты (Данел 2:44; Раргомад 16:14–16).

15. Хуыцау цы сараздзӕн, цӕмӕй Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ адӕмы зондыл мауал ӕндавой?

15 Уыцы рӕстӕг ма Хуыцау афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ адӕмы зондыл нал ӕндавдзысты. Йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕдты аиуварс кӕндзӕн, цӕмӕй «адӕмты мауал сайой» (Раргомад 12:9; 20:1–3). Уыдонӕн Хуыцау рахаста мӕлӕты тӕрхон ӕмӕ сӕ фесафдзӕн. Куыд сулӕфдзысты адӕм, сӕ зонд сын чи зыгъуыммӕ кӕны, уыдон куы нал уой, уӕд!

Чи фервӕздзӕн ӕмӕ чи нӕ фервӕздзӕн?

16–18. Ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд чи фервӕздзӕн ӕмӕ чи нӕ фервӕздзӕн?

16 Хуыцау ацы дунейӕн цы тӕрхӕттӕ рахаста, уыдон ӕххӕст кӕнын куы райдайой, уӕд чи фервӕздзӕн ӕмӕ чи нӕ фервӕздзӕн? Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй Хуыцау бахъахъхъӕндзӕн ӕмӕ фервӕзын кӕндзӕн, йӕ разамындмӕ хъусын кӕй фӕнды, уыдоны. Йӕ разамындмӕ хъусын кӕй нӕ фӕнды, уыдоны та нӕ бахъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ Хӕйрӕджы дунеимӕ фесӕфдзысты.

17 Ӕмбисӕндты 2:21, 22 стихты фыст ис: «Зӕххыл цӕрдзысты рӕстзӕрдӕ адӕм [Хуыцауы разамындмӕ чи хъусы, уыдон], баззайдзысты йыл, ӕнӕфау чи у, уыдон. Фыдгӕнджытӕ та [Хуыцауы разамындмӕ чи нӕ хъусы, уыдон] зӕххӕй фесӕфдзысты, мӕнгард адӕмӕй йыл иу дӕр нал баззайдзӕн».

18 Псаломы 37:10, 11 стихты дӕр ис ахӕм ныхӕстӕ: «Иу гыццыл ма, ӕмӕ фыдгӕнӕг нал уыдзӕн... Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты». Ахӕм хъуыды ма ис 29 стихы дӕр: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм».

19. Цавӕр уынаффӕ нӕ хъӕуы нӕ зӕрдӕмӕ айсын?

19 Нӕ зӕрдӕмӕ нӕ айсын хъӕуы, Псаломы 37:34 стихы цы уынаффӕ ис, уый: «Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ фӕндагыл цу, ӕмӕ дӕ сбӕрзонд кӕндзӕн, ӕмӕ зӕхх бынӕн райсдзынӕ. Ӕмӕ фыдгӕнджытӕ куы сӕфой, уӕд ӕй дӕхӕдӕг фендзынӕ». 37 ӕмӕ 38 стихты та фыст ис: «Дӕ хъус дар ӕнӕфау адӕймагмӕ ӕмӕ, рӕстзӕрдӕ чи у, уымӕ лӕмбынӕг кӕс, уымӕн ӕмӕ ахӕм адӕймагӕн йӕ фидӕн уыдзӕн фӕрнӕйдзаг. Фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон та бындзагъд фӕуыдзысты, фыдгӕнджытӕн сӕ фидӕн фесӕфдзӕн».

20. Нӕ бон афтӕ зӕгъын цӕмӕн у, ӕмӕ диссаджы рӕстӕг цӕрӕм?

20 Цӕй стыр удӕнцой нын хӕссы, Хуыцау ныл ӕцӕгдӕр кӕй тыхсы ӕмӕ тагъд ӕппӕт фыддзинадӕн дӕр ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн, уый! Куыд цин кӕнӕм, уыцы диссаджы пехуымпарӕдтӕ тагъд кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл!

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 20 фарсыл]

Библийы фыст сты, фӕстаг бонтӕ кӕмӕй бӕрӕг уыдзысты, уыцы хабӕрттӕ

[Ныв 22 фарсыл]

Хуыцауы разамындмӕ чи нӕ хъусы, уыдон тагъд Армагеддоны фесӕфдзысты. Хуыцауы разамындмӕ чи хъусы, уыдон та фервӕздзысты ӕмӕ ног дунейы цӕрдзысты