Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

10 хай

Хуыцауы диссаджы ног дуне

1, 2. Армагеддоны хӕсты Хуыцау зӕхх куы ныссыгъдӕг кӕна, уӕд дарддӕр цы уыдзӕн?

Хуыцауы диссаджы ног дуне

 ХУЫЦАУ Армагеддоны хӕсты зӕхх куы ныссыгъдӕг кӕна, уӕд дарддӕр цы уыдзӕн? Уый фӕстӕ райдайдзӕн ног дуг. Хуыцауы хицауадыл иузӕрдион чи уыдзӕн, уыдон Армагеддоны удӕгасӕй баззайдзысты ӕмӕ ног дунемӕ бацӕудзысты. Цӕй диссаджы цард ралӕудзӕн, Хуыцау адӕмы арфӕдзинӕдтӕй куы бафсада, уӕд!

2 Хуыцауы Паддзахады разамындӕй адӕм зӕххӕй райдайдзысты дзӕнӕт аразын. Уӕд адӕм сӕхиуыл нӕ хъуыды кӕндзысты, фӕлӕ, иннӕтӕн пайда цы уа, ууыл. Уыцы рӕстӕг зӕхх срӕсугъд уыдзӕн, уыдзӕн ыл фарн ӕмӕ йыл адӕм иу бинонтау амондджынӕй цӕрдзысты.

Фыддзинады бӕсты рӕстдзинад

3. Армагеддоны фӕстӕ адӕмӕн цӕмӕн фенцондӕр уыдзӕн?

3 Адӕм ахӕм арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты, Хӕйрӕджы фыддуне сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн, уый фӕрцы. Нал уыдзӕн, адӕмы кӕрӕдзи ныхмӕ чи кӕны, ахӕм мӕнг динтӕ, ӕхсӕнадон системӕтӕ ӕмӕ хицауӕдтӕ. Адӕмыл нал ӕндавдзӕн Хӕйрӕджы зыгъуыммӕ зондахаст, уымӕн ӕмӕ уыцы зондахаст адӕмӕн цы организацитӕ хъарынц, уыдон дӕр Хӕйрӕджы дунеимӕ фесӕфдзысты. Куыд сулӕфдзысты адӕм, сӕ зонд сын чи хъӕстӕ кодта, уыцы дунейӕн йӕ кой дӕр куы нал уа, уӕд!

4. Зӕгъ, адӕм цӕуыл ахуыр кӕндзысты.

4 Адӕм сӕхӕдӕг сӕхицӕн разамынд нал дӕтдзысты ӕмӕ удхарӕй нал мӕлдзысты, фӕлӕ Хуыцауы ахуырады фӕрцы бонӕй-бонмӕ зондджындӕр кӕндзысты. «Дӕ фыртты дын се ’ппӕты дӕр ахуыр кӕндзӕн Йегъовӕ» (Исай 54:13). Афтӕ адӕм азӕй-азмӕ ахуыр кӕндзысты, ӕмӕ уый фӕрцы «зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй, денджыз дӕттӕй куыд дзаг у, афтӕ» (Исай 11:9). Ӕвзӕрдзинадыл нал ахуыр кӕндзысты, фӕлӕ «сахуыр уыдзысты рӕстдзинадыл» (Исай 26:9). Сӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдзысты хорздзинад ракӕныныл ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр уыдзысты раст (Хъуыддӕгтӕ 17:31; Филиппӕгтӕм 4:8).

5. Фыддзинад ӕмӕ фыдгӕнджытӕ цы фӕуыдзысты?

5 Ахӕм ахуырады фӕрцы адӕм сӕ кӕрӕдзи нал мардзысты, ничиуал кӕндзӕн тыхми, ничиуал давдзӕн ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ дӕр ничиуал кӕндзӕн. Искӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ масты хос никӕмӕнуал уыдзысты. Ӕмбисӕндты 10:30 стихы уый фӕдыл фыст ис: «Рӕстгӕнӕг ӕнустӕм нӕ фӕцуддзӕн, фыдгӕнджытӕ та зӕххыл нӕ баззайдзысты».

Адӕм та ногӕй уыдзысты ӕнӕниз

6, 7. а) Хуыцауы Паддзахад цавӕр цардӕн скӕндзӕн кӕрон? б) Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд цавӕр хъуыддӕгтӕ арӕзта?

6 Адӕм Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый сын ӕрхаста стыр зиан, фӕлӕ ног дунейы Хуыцау уыцы хъуыддаг сраст кӕндзӕн. Зӕгъӕм, Хуыцауы Паддзахады рӕстӕг рынчын дӕр ничиуал кӕндзӕн ӕмӕ зӕронд дӕр. Чи зоны абон ӕнӕниз дӕ. Фӕлӕ цард афтӕ у, ӕмӕ адӕймаг куыд зӕронд кӕны, афтӕ йӕ цӕстырухс бамынӕг вӕййы, йӕ дӕндӕгтӕ хӕлын райдайынц, хъусӕй хорз нал фӕхъусы, йӕ буар бампылы, йӕ хуылфыдзаумӕттӕ хорз нал фӕкусынц ӕмӕ фӕстагмӕ амӕлы.

7 Фӕлӕ нӕ рагфыдӕлтӕй нӕ туджы цы ӕнӕххӕстдзинад рахастам, уымӕн тагъд рӕстӕджы йӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Йесо зӕххыл цы хъуыддӕгтӕ арӕзта. Библи уый тыххӕй зӕгъы: «Ӕмӕ йӕм уырдӕм тынг бирӕ адӕм ӕмбырд кӕнын райдыдта. Семӕ кодтой къуылыхты, цӕнкуылты, куырмыты, ӕгомыгты ӕмӕ бирӕ ӕндӕр алыхуызон рынчынты, йӕ къӕхты раз-иу сӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ-иу сӕ уый сдзӕбӕх кодта. Адӕм уый куы федтой, ӕмӕ ӕгомыгтӕ дзурынц, къуылыхтӕ цӕуынц ӕмӕ куырмытӕ цӕстӕй уынынц, уӕд дис кодтой» (Матфейы 15:30, 31).

8, 9. Радзур, ног дунейы адӕмӕн ӕххӕст ӕнӕниздзинад куы уа, уӕд куыд амондджын уыдзысты, уый тыххӕй.

8 Ног дунейы нӕ низтӕ куы фесӕфой, уӕд куыд амондджын уыдзыстӕм! Не ’нӕниздзинад нӕ нал тыхсын кӕндзӕн. «Уым цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“. Уыцы зӕххыл чи цӕра, уыцы адӕмӕн сӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕудзӕн» (Исай 33:24; 35:5, 6).

9 Куыд диссаг уыдзӕн уыцы рӕстӕг! Райсомӕй райхъал дӕ, ӕмӕ дӕ ницы риссы. Цымӕ ацӕргӕтӕ нӕ цин кӕндзысты, се уӕнгты та раздӕрау ногӕй тых куы фӕзына ӕмӕ, Адам ӕмӕ Евӕ куыд ӕххӕст уыдысты, афтӕ куы суой, уӕд? Библийы фыст ис: «Уадз йӕ буар, ӕрыгонӕй куыд уыд, уымӕй ногдӕр суӕд, уадз йе ’взонджы бонтӕм раздӕхӕд» (Иов 33:25). Адӕмӕн куыд ӕхсызгон уыдзӕн, сӕ кӕсӕнцӕстытӕ, сӕ хъусӕн аппараттӕ, сӕ лӕдзгуытӕ ӕмӕ сӕ инвалиды коляскӕтӕ куы аппарой ӕмӕ сӕ хостӕ куы нал хъӕуа, уӕд! Никуыуал бахъӕудзысты рынчындӕттӕ ӕмӕ дохтыртӕ.

10. Мӕлӕт цы фӕуыдзӕн?

10 Ахӕм ӕнӕниздзинадимӕ ма мӕлын кӕй бафӕнддзӕн?! Ӕмӕ сӕ уӕвгӕ мӕлын дӕр нӕ хъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ туджы нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр ӕнӕххӕстдзинад. «Чырысти паддзах уыдзӕн, цалынмӕ йын Хуыцау йе знӕгты се ’ппӕты дӕр йӕ къӕхты бын не ’рӕвӕра, уӕдмӕ. Сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг дӕр – мӕлӕт». «Хуыцау цы лӕвар дӕтты, уый... у ӕнусон цард» (1 Коринфӕгтӕм 15:25, 26; Ромӕгтӕм 6:23; кӕс ма Исай 25:8).

11. Ног дунейы цы арфӕдзинӕдтӕ уыдзӕн, уый фӕдыл Раргомады чиныджы цы фыст ис?

11 Нӕ уарзӕгой Хуыцау адӕмы Дзӕнӕты цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, уый фӕдыл Библийы фӕстаг чиныджы фыст ис: «Ӕмӕ сын [Хуыцау] ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:3, 4).

Мӕрдтӕ цардмӕ раздӕхдзысты

12. Чырысти куыд равдыста, Хуыцау ын ахӕм хъару кӕй радта, цӕмӕй мӕрдты ӕгас кӕна?

12 Йесо ӕрмӕст рынчынты ӕмӕ къуылыхты нӕ дзӕбӕх кодта, фӕлӕ ма мӕрдты дӕр ӕгас кодта. Афтӕмӕй равдыста, Хуыцау ын ахӕм диссаджы хъару дӕр кӕй радта, цӕмӕй, чи амард, уыдоны ӕгас кӕна. Иухатт Чырысти бацыди иу нӕлгоймаджы хӕдзармӕ. Уыцы нӕлгоймагӕн амард йӕ чызг. Хъуыды ма кӕныс уыцы хабар? Йесо чызгмӕ бадзырдта: «Чызг, дӕумӕ дзурын, сыст!» Ӕмӕ дарддӕр цы уыд? Чызг «уайтагъд сыстад ӕмӕ цӕуын райдыдта». Адӕм уый куы федтой, уӕд, «фырцинӕй цы акодтаиккой, уый нал зыдтой». Афтӕ амондджын уыдысты, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕ уыд! (Марчы 5:41, 42; кӕс ма Лукайы 7:11–16; Иоанны 11:1–45).

13. Цавӕр адӕм райгас уыдзысты?

13 Ног дунейы «райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15). Уыцы рӕстӕг Чырысти спайда кӕндзӕн, Хуыцау ын цы хъару радта, уымӕй, цӕмӕй мӕрдты райгас кӕна. Чырысти загъта: «Ӕз дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард. Мӕныл чи ’ууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн» (Иоанны 11:25). Стӕй адон дӕр сты йӕ ныхӕстӕ: «Ингӕнты чидӕриддӕр ис [Хуыцауы хъуыдыйы чи ис], уыдон... фехъусдзысты [Йесойы] хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (Иоанны 5:28, 29).

14. Мӕлӕт куы нал уа, уӕд ма ноджыдӕр цы нал уыдзӕн?

14 Куыд цин кӕндзысты зӕххы цӕрджытӕ, мӕрдтӕ къордгай ӕгас кӕнын куы райдайой, цӕмӕй сӕ бинонтимӕ цӕрынӕй бафсӕдой! Газетты тӕфӕрфӕс никӕмӕн уал кӕндзысты. Уый бӕсты, ӕвӕццӕгӕн, хъусдзыстӕм хъусинӕгтӕ, чи райгас, уыдоны тыххӕй. Ахъуыды-ма кӕн, куыд цин кӕндзысты, йӕ хион цардмӕ кӕмӕн раздӕха, уыдон! Уӕдӕ нал къахдзысты ингӕнтӕ, нал кӕндзысты мардсудзӕн ӕртытӕ, нал уыдзӕн крематоритӕ ӕмӕ уӕлмӕрдтӕ.

Ӕцӕг сабыр дуне

15. Пехуымпар Михейы ныхӕстӕ кӕронмӕ куыд сӕххӕст уыдзысты?

15 Ӕцӕг сабырдзинад уыдзӕн зӕххыл алы ран дӕр. Нал уыдзӕн хӕстытӕ, стӕй, хӕстыты фарс чи у ӕмӕ хӕцӕнгарз чи уадзы, ахӕм адӕм. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ адӕм кӕрӕдзи адӕмыхӕттытыл, мыггӕгтыл ӕмӕ расӕтыл нал дихтӕ кӕндзысты. Уӕд, ӕцӕгдӕр, «иу адӕм иннӕ адӕммӕ хъама нал сисдзӕн ӕмӕ хӕцын дӕр нал ахуыр кӕндзысты» (Михей 4:3).

16. Хуыцау цы сараздзӕн, цӕмӕй зӕххыл хӕстытӕ мауал уа?

16 Уый, чи зоны, искӕмӕ диссаг фӕкӕса, уымӕн ӕмӕ афтӕ никуы уыд, цӕмӕй зӕххыл хӕст макуы цӕуа ӕмӕ йыл туг ма кӕла. Фӕлӕ хӕстытӕ цыдысты, ацы дунейы разамонджытӕ адӕм ӕмӕ хӕйрӕджытӕ кӕй уыдысты, уый аххосӕй. Ног дунейы, Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд дӕттын куы райдайа, уӕд, сӕххӕст уыдзысты ацы ныхӕстӕ: «Ӕрцӕут ӕмӕ фенут Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕ... Зӕххы кӕрӕтты онг уромы хӕстытӕ. Сӕтты ӕрдынтӕ, дыууӕ дихы кӕны ӕрцытӕ ӕмӕ хӕстон уӕрдӕттӕ судзы» (Псалом 46:8, 9).

17, 18. Адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ ног дунейы куыд цӕрдзысты?

17 Адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ дӕр кӕрӕдзийӕн зиан нал хӕсдзысты, Едемы цӕхӕрадоны куыд нӕ хастой, афтӕ (Райдиан 1:28; 2:19). Хуыцау зӕгъы: «Уыцы бон ӕз мӕ адӕмы тыххӕй бадзырд скӕндзынӕн хъӕддаг сырдтимӕ, уӕларвон мӕргътимӕ ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр хилджытӕ ис, уыдонимӕ... ӕмӕ адӕм сӕхицӕн ӕдасӕй цӕрдзысты» (Оси 2:18).

18 Цымӕ уӕд тӕрсын ӕппындӕр ницӕмӕйуал хъӕудзӕн? «Бирӕгъ ӕмӕ-иу уӕрыкк иуцасдӕр уыдзысты иумӕ, фыранк хуысдзӕн сӕныччы фарсмӕ. Род, ӕвзонг домбай ӕмӕ хӕрзхаст фос уыдзысты иумӕ ӕмӕ сӕ гыццыл лӕппу ракӕн-бакӕн кӕндзӕн». Адӕймаг цӕрӕгойтӕй никуыуал тӕрсдзӕн, стӕй цӕрӕгойтӕ дӕр кӕрӕдзийӕ никуыуал тӕрсдзысты. Суанг «домбай дӕр галау хӕрдзӕн хъӕмп»! (Исай 11:6–9; 65:25).

Зӕхх Дзӕнӕт суыдзӕн

19. Зӕхх куыд аивдзӕн?

19 Зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр суыдзӕн Дзӕнӕт, ӕмӕ йыл адӕм амондджынӕй цӕрдзысты. Уый тыххӕй загъта Чырысти ацы ныхӕстӕ, чи йыл баууӕндыд, уыцы нӕлгоймагӕн: «Уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты». Библийы фыст ис: «Ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ ӕнӕдон бӕстӕ фырцинӕй зардзысты, хус бӕстӕ цин кӕндзӕн ӕмӕ шафранау дидинӕг калдзӕн. [...] Ӕдзӕрӕг быдыры рагуылф кӕндзӕн суадӕттӕ, хус бӕстӕйы – цӕугӕдӕттӕ» (Лукайы 23:43; Исай 35:1, 6).

20. Адӕм хӕринагхъуаг цӕуылнӕуал уыдзысты?

20 Абон милуантӕн бахӕринаг ницы ис, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд хӕринагхъуаг ничиуал уыдзӕн. «Зӕххыл хор уыдзӕн парахат, хӕхты цъуппытыл зӕу-зӕу кӕндзӕн». «Быдырон бӕлас ӕрхӕсдзӕн дыргъ, зӕхх ратдзӕн тыллӕг, ӕмӕ уыдон сӕ зӕххыл цӕрдзысты ӕдасӕй» (Псалом 72:16; Йезекил 34:27).

21. Ӕнӕхӕдзар адӕмы ӕмӕ, кӕлӕддзаг хӕдзӕртты чи цӕры, уыдоны цард куыд аивдзӕн ӕмӕ цы бауыдзысты, цӕуын дӕр тӕссаг кӕм у, ахӕм районтӕ?

21 Нал уыдзӕн мӕгуыр ӕмӕ ӕнӕхӕдзар адӕм ӕмӕ, цӕуын дӕр тӕссаг кӕм у, ахӕм районтӕ, ничиуал цӕрдзӕн кӕлӕддзаг хӕдзӕртты. «Адӕм хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ дзы цӕрдзысты, садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты. Афтӕ нӕ уыдзӕн, цӕмӕй хӕдзар саразой, ӕмӕ дзы ӕндӕр исчи цӕра, сӕнӕфсирдон скӕной, ӕмӕ йын йӕ дыргъ ӕндӕр исчи хӕра». «Алчидӕр сӕ баддзӕн йӕ сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕ легъуибӕласы бын, ӕмӕ сын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн» (Исай 65:21, 22; Михей 4:4).

22. Хуыцауы разамынд адӕмӕн цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый фӕдыл Библийы цы фыст ис?

22 Адон сты, адӕммӕ Дзӕнӕты цы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутӕ. Псаломы 145:16 стихы Хуыцауы тыххӕй фыст ис: «Дӕ къух байгом кӕныс ӕмӕ алкӕмӕн дӕр раттыс, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый». Уӕдӕ диссаг нӕу, Библийы афтӕ фыст кӕй ис: «Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты. [...] Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:11, 29).

Раздӕры цардӕй фӕд дӕр нал баззайдзӕн

23. Цы зындзинӕдтӕ бавзӕрстам, уыдонӕй Хуыцауы Паддзахад фӕд дӕр куыд нал ныууадздзӕн?

23 Хуыцауы Паддзахад фӕд дӕр нал ныууадздзӕн, фӕстаг ӕхсӕз мин азы дӕргъы адӕмы сӕр цытӕ бавзӕрста, уыдӕттӕй. Уыцы рӕстӕг адӕм афтӕ цин кӕндзысты, ӕмӕ уымӕй размӕ цы хъизӕмӕрттӕ баййӕфтой, уыдон уыцы цинимӕ абаргӕйӕ ницы уыдзысты. Сӕ раздӕры мӕстытӕ фыдфынау аивгъуыйдзысты ӕмӕ сӕ хъуыды дӕр никуыуал ӕркӕндзысты. Алы бон дӕр сӕм цы хорз хъуыдытӕ ӕвзӕрдзӕн ӕмӕ цы хорз хъуыддӕгтӕ араздзысты, уыдон сын сабыргай сӕ зӕрдӕйы мӕстытӕ ферох кӕнын кӕндзысты.

24, 25. а) Пехуымпар Исайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цы хъуамӕ ӕрцӕуа? б) Нӕ бон фидарӕй зӕгъын цӕмӕн у, нӕ раздӕры уӕззау цард-иу кӕй нал ӕрхъуыды кӕндзыстӕм?

24 Нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау дзуры: «Ӕз аразын ног арв [адӕмӕн разамынд чи дӕтдзӕн, уыцы ног уӕларвон хицауад] ӕмӕ ног зӕхх [зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыцы рӕстаг адӕм]. Ӕмӕ, раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн ӕмӕ зӕрдӕйы дӕр нал баззайдзысты. Цин кӕнут, уӕ зӕрдӕ ӕнустӕм райӕд, цы аразын, уый тыххӕй». «Ӕгас зӕхх дӕр сулӕфыд, ӕрсабыр. Адӕм цин кӕнынц, фырцинӕй хъӕр кӕнынц» (Исай 14:7; 65:17, 18).

25 Йӕ Паддзахады фӕрцы Хуыцау цӕхгӕр фӕивдзӕн, уыйбӕрц рӕстӕг адӕм цы уӕззау уавӕры уыдысты, уый. Кӕй нӕ уарзы ӕмӕ ныл кӕй тыхсы, уый равдисдзӕн уымӕй, ӕмӕ ныл ӕнусты дӕргъы йӕ арфӕдзинӕдтӕ таудзӕн. Ӕмӕ абон цытӕ ӕвзарӕм, уыдӕттӕ нӕм уыцы арфӕдзинӕдтимӕ абаргӕйӕ ӕппындӕр ницыуал фӕкӕсдзысты. Нӕ раздӕры уӕззау цард ма-иу, чи зоны, искуы иу хатт ӕрхъуыды кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, фӕндгӕ дӕр никуыуал ӕркӕндзӕн.

26. Хуыцау нын нӕ уӕззау цард цӕмӕн ферох кӕнын кӕндзӕн?

26 Афтӕ нын Хуыцау ферох кӕнын кӕндзӕн, ацы дунейы цы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстам, уыдон. Уый йӕ зоны, ӕнӕххӕстдзинад нӕ рагфыдӕлтӕй нӕ туджы кӕй рахастам ӕмӕ, ӕнӕххӕстӕй кӕй райгуырдыстӕм, уый нӕ аххос кӕй нӕу. Стӕй нӕ аххос нӕу, Хӕйрӕджы дунейы кӕй райгуырдыстӕм, уый дӕр, уымӕн ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй куы баззадаиккой, уӕд райгуырдаиккам Дзӕнӕты. Уымӕ гӕсгӕ нын Хуыцау тынг тӕригъӕд кӕны, ӕмӕ нын уыйбӕрц хорздзинӕдтӕ сараздзӕн, ӕмӕ нӕ раздӕры уӕззау цард ферох кӕндзыстӕм.

27. Ног дунейы цавӕр диссаджы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст уыдзысты?

27 Ног дунейы адӕм бамбардзысты, цы у, Ромӕгтӕм 8:21, 22 стихты цы сӕрибардзинады кой ис, уый: «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ссӕрибар уыдзысты мӕлӕты цагъарадӕй ӕмӕ сын уыдзӕн, Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад. Мах ӕй зонӕм, Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ӕмхуызонӕй кӕй дзыназынц ӕмӕ кӕй удхар кӕнынц абоны онг дӕр». Адӕм сӕхи цӕстӕй фендзысты, куыд сӕххӕст уыдзысты ацы куывды ныхӕстӕ: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:10). Зӕххыл Дзӕнӕты уыдзӕн, уӕлӕрвты цы диссаджы фарн ис, ахӕм фарн.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 23 фарсыл]

Ног дунейы ацӕргӕтӕ се ’рыгон бонтӕм раздӕхдзысты

[Ныв 24 фарсыл]

Ног дунейы рынчын ӕмӕ сахъат ничиуал уыдзӕн

[Ныв 25 фарсыл]

Ног дунейы мӕрдтӕ райгас уыдзысты

[Ныв 26 фарсыл]

Адӕм хӕцын нал ахуыр кӕндзысты

[Нывтӕ 27 фарсыл]

Дзӕнӕты адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ кӕрӕдзийӕ нал тӕрсдзысты

[Ныв 27 фарсыл]

Хуыцау йӕ къух байгом кӕндзӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр ратдзӕн, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый

[Ныв 28 фарсыл]

Хуыцауы Паддзахад нын уыйбӕрц хорздзинӕдтӕ сараздзӕн, ӕмӕ, цы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстам, уыдон хъуыды дӕр нал ӕркӕндзыстӕм