Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

8 хай

Хуыцауы фӕнд тагъд сӕххӕст уыдзӕн

1, 2. Адӕмы сӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзын кӕныны тыххӕй Хуыцау цавӕр хъуыддаг цӕттӕ кодта ӕмӕ куыд?

Хуыцауы фӕнд тагъд сӕххӕст уыдзӕн

 БИРӔ ӕнусты дӕргъы ацы дунейы хицӕуттӕ адӕм ӕмӕ дӕлимонтӕ кӕй уыдысты, уый аххосӕй цард фыддӕрӕй-фыддӕр кодта. Фӕлӕ нын Хуыцау нӕ хъизӕмӕрттӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй никуы касти. Ӕппӕт уыцы ӕнусты дӕргъы цӕттӕ кодта иу хъуыддаг. Ӕмӕ уый фӕрцы хъуамӕ адӕмы фервӕзын кӕна фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕртты уацарӕй.

2 Едемы цӕхӕрадоны адӕм йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ сабыргай ӕргом кӕнын райдыдта йӕ фӕнд – зӕххӕй дзӕнӕт чи сараздзӕн, ахӕм хицауад скӕнын (Райдиан 3:15). Хуыцауы сӕйраг минӕвар Йесо Чырысти дӕр адӕмӕн се ’ргом фыццаджыдӕр здӕхта Хуыцауы хицауадмӕ. Дзырдта сын, сӕ хъизӕмӕрттӕй сӕ ӕрмӕстдӕр уыцы хицауад кӕй фервӕзын кӕндзӕн (Данел 2:44; Матфейы 6:9, 10; 12:21).

3. Зӕххӕн разамынд чи дӕтдзӕн, уыцы хицауад Чырысти куыд схуыдта ӕмӕ цӕмӕн?

3 Чырысти Хуыцауы хицауад схуыдта «уӕларвон паддзахад», уымӕн ӕмӕ разамынд дӕтдзӕн уӕлӕрвтӕй (Матфейы 4:17). Стӕй ма йӕ схуыдта «Хуыцауы паддзахад» дӕр, уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыддаг Хуыцау аразы (Лукайы 17:20). Уыцы хицауады чи уыдзӕн ӕмӕ йын цы бантысдзӕн, уый тыххӕй Библийы фыст ис тынг бирӕ пехуымпарӕдтӕ. Уыдон ӕнусты дӕргъы фыстой Хуыцауы ӕвзӕрст адӕймӕгтӕ йӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ.

Зӕххы ног Паддзах

4, 5. Хуыцау йӕ Паддзахады Паддзахӕй Чырыстийы кӕй равзӕрста, уый куыд равдыста?

4 Иу-дыууӕ мин азы размӕ Йесо Чырыстийыл сӕххӕст сты, Хуыцауы Паддзахады Паддзах чи хъуамӕ суыдаид, уый тыххӕй Библийы цы пехуымпарӕдтӕ фыст ис, уыдонӕй бирӕтӕ. Хуыцау Чырыстийы равзӕрста уӕларвон хицауады Хицауӕй. Йесо куы амард, уӕд ӕй Хуыцау райгас кодта уӕларвон цардмӕ ӕмӕ сси хъомысджын, ӕнӕмӕлгӕ зӕд. Кӕй райгас, уый тынг бирӕтӕ федтой (Хъуыддӕгтӕ 4:10; 9:1–9; Ромӕгтӕм 1:1–4; 1 Коринфӕгтӕм 15:3–8).

5 Уый фӕстӕ Йесо «ӕрбадт Хуыцауы рахиз фарс» (Дзуттӕгтӕм 10:12). Уым ӕнхъӕлмӕ каст, Хуыцау ын уӕларвон Паддзахады бартӕ йӕ къухмӕ кӕд ратдзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ. Уымӕй сӕххӕст Псаломы 110:1 стихы фыст пехуымпарад. Ам куыд фыст ис, афтӕмӕй Хуыцау Йесойӕн загъта: «Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ».

6. Йесо куыд равдыста, уый аккаг кӕй у, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады Паддзах уа?

6 Йесо зӕххыл куы цард, уӕд равдыста, уый аккаг кӕй у, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады Паддзах уа. Кӕд ӕй тынг ӕфхӕрдтой, уӕддӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад. Афтӕмӕй рабӕрӕг, Сайтаны ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты, зӕгъгӕ, фӕлварӕнты бахаугӕйӕ иу адӕймаг дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй нӕ баззайдзӕн. Чырысти, ӕххӕст адӕймаг, «фӕстаг Адам», равдыста, Хуыцау адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд алцӕмӕй дӕр ӕххӕст кӕй уыдысты – ӕппындӕр сӕм ницы хъӕндзинад уыди (1 Коринфӕгтӕм 15:22, 45; Матфейы 4:1–11).

7, 8. Йесо зӕххыл куы цард, уӕд цавӕр хорз хъуыддӕгтӕ арӕзта ӕмӕ уымӕй цы равдыста?

7 Йесо зӕххыл цалдӕр азмӕ цас хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыйбӕрц цымӕ искуы искӕцы хицау сарӕзта? Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы Йесо дзӕбӕх кодта рынчынты, цӕнкуылты ӕмӕ къуылыхты, куырмыты, къуырматы ӕмӕ ӕгомыгты. Суанг ма мӕрдты дӕр ӕгас кодта! Афтӕмӕй Чырысти равдыста, Хуыцауы Паддзахады Паддзах куы суа ӕмӕ зӕххӕн разамынд дӕттын куы райдайа, уӕд ӕппӕт адӕмӕн дӕр цы хорздзинӕдтӕ сараздзӕн, уый (Матфейы 15:30, 31; Лукайы 7:11–16).

8 Йесойы хорздзинӕдтӕ уыйбӕрц уыдысты, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинаг Иоанн загъта: «Уӕвгӕ, Йесо ма ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзта. Фӕлӕ се ’ппӕты тыххӕй бӕстон ныффысс, зӕгъгӕ, уӕд уыцы чингуытӕ дунейы дӕр нӕ бацӕуиккой» (Иоанны 21:25) a.

9. Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм Йесомӕ цӕмӕн ӕмбырд кодтой?

9 Йесо Чырысти адӕмы тынг уарзта, стӕй уыд фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг. Уый ӕххуыс кодта мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмӕн, фӕлӕ хъӕздыг ӕмӕ номдзыд адӕммӕ дӕр ӕвзӕр цӕстӕй нӕ каст. Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм-иу сӕ зӕрдӕмӕ айстой Чырыстийы ныхӕстӕ: «Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы,– уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз удӕнцой ратдзынӕн. Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг, ӕмӕ удӕнцой ссардзыстут. Уымӕн ӕмӕ ме ’фсондз у ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ та – рог» (Матфейы 11:28–30). Хуыцауӕй чи тарст, уыцы адӕм ӕм ӕмбырд кодтой ӕмӕ цингӕнгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, хицауы бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райсдзӕн, уымӕ (Иоанны 12:19).

Чырыстиимӕ ма паддзӕхтӕ чи уыдзӕн

10, 11. Чырыстиимӕ зӕххы цӕрджытӕн разамынд чи дӕтдзӕн?

10 Зӕххон хицауӕдты хицӕуттӕ разамынд иунӕгӕй куыд нӕ фӕдӕттынц, афтӕ Хуыцауы уӕларвон Паддзахады Паддзах дӕр разамынд иунӕгӕй нӕ дӕтдзӕн. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Йесо йе ’мбӕлттӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йемӕ зӕххӕн паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты (Иоанны 14:2, 3; Раргомад 5:10; 20:6).

11 Чырыстиимӕ уӕларвон цардмӕ чи райгас уыдзӕн, уыдон бирӕ не сты. Уыдон йемӕ паддзӕхтӕ уыдзысты, адӕмӕн ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ чи ӕрхӕсдзӕн, уыцы Паддзахады, Хуыцауы Паддзахады (2 Коринфӕгтӕм 4:14; Раргомад 14:1–3). Уӕдӕ адӕм ӕнусон арфӕдзинӕдтӕй кӕй фӕрцы схайджын уыдзысты, уыцы хицауадӕн Йегъовӕ бындур ӕвӕрын райдыдта бирӕ ӕнустӕ раздӕр.

Адӕймаг йӕхӕдӕг йӕхицӕн разамынд нал дӕтдзӕн

12, 13. Тагъд Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

12 20 ӕнусы Хуыцау зӕххы хъуыддӕгтӕм ӕркаст. Ацы брошюрӕйы 9 хайы дзырд цӕудзӕн иу ахсджиаг пехуымпарадыл Библийӕ. Уымӕй бӕрӕг у, 1914 азы уӕлӕрвты кӕй сфидар Хуыцауы Паддзахад, йӕ сӕргъы та ис Йесо Чырысти. Уыцы Паддзахад тагъд Хӕйрӕджы дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр ныппырх кӕндзӕн. Хуыцауы Паддзахад цӕттӕ у «бацӕуынмӕ [Чырыстийы] знӕгты ’хсӕнмӕ ӕмӕ сӕ йӕ дӕлбар бакӕнынмӕ» (Псалом 110:2).

13 Уый тыххӕй Данелы 2:44 стихы фыст ис: «[Абон чи ис], уыцы паддзӕхты рӕстӕг уӕларвон Хуыцау сфидар кӕндзӕн, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад [уӕлӕрвты]. Уыцы паддзахад ӕндӕр адӕмы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн [адӕмӕн ахӕм бар лӕвӕрд никуыуал ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй сӕхӕдӕг сӕхицӕн разамынд дӕттой]. Уый [Хуыцауы Паддзахад] ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм».

14. Адӕймаг йӕхӕдӕг йӕхицӕн разамынд куы нал дӕтта, уӕд уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн?

14 Хуыцауы разамындмӕ гӕсгӕ цӕрын кӕй нӕ фӕнды, уыцы хицауӕдтӕ куы нал уой, уӕд Хуыцауы Паддзахадӕн зӕххыл йӕ бар ӕнӕхъӕнӕй дӕр цӕудзӕн. Ӕмӕ уыцы Паддзахад разамынд уӕлӕрвтӕй кӕй дӕтдзӕн, уымӕ гӕсгӕ йын адӕм никуы ницы зиан ракӕндзысты. Разамынд лӕвӕрд цӕудзӕн, райдианы кӕцӕй лӕвӕрд цыд, уырдыгӕй – уӕлӕрвтӕй, ома Хицау уыдзӕн Хуыцау. Ӕмӕ зӕххы хъуыддӕгтӕм йӕ хъус Хуыцауы ӕвӕрд хицауад кӕй дардзӕн, уымӕ гӕсгӕ мӕнг динтӕ, зианхӕссӕг философитӕ ӕмӕ политикон теоритӕ рӕдыд фӕндагыл никӕйуал акӕндзысты. Уыдӕттӕ уӕвгӕ дӕр нал уыдзысты (Матфейы 7:15–23; Раргомад, 17–19 сӕртӕ).

[Фиппаинаг]

a Йесойы царды хабӕртты тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис чиныджы «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 18 фарсыл]

Чырысти рынчынты кӕй дзӕбӕх кодта ӕмӕ мӕрдты кӕй ӕгас кодта, уымӕй равдыста, ног дунейы цы сараздзӕн, уый

[Ныв 19 фарсыл]

Хуыцауы уӕларвон Паддзахад ныппырх кӕндзӕн, абон Хуыцауы разамындмӕ гӕсгӕ цӕрын кӕй нӕ фӕнды, ӕппӕт уыцы хицауӕдтӕ