Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6 хай

Хуыцау цӕмӕн уадзы, цӕмӕй адӕм хъизӕмар кӕной?

1, 2. Хуыцау нӕ рагфыдӕлтӕн цы диссаджы цард радта, уымӕй ӕнӕхай куыд фесты?

Хуыцау цӕмӕн уадзы, цӕмӕй адӕм хъизӕмар кӕной?

 ЦЫМӔ цы ’рцыд? Нӕ рагфыдӕлтӕ сӕ диссаджы цардӕй Едемы цӕхӕрадоны ӕнӕхай цӕмӕн фесты? Фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрыны бӕсты адӕм мин азты дӕргъы хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ӕвзарынц ӕмӕ фыддзинады аххосӕй цӕмӕн удхар кӕнынц?

2 Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн цы сӕрибардзинад радта, уымӕй раст не спайда кодтой. Айрох сӕ, афтӕ конд кӕй уыдысты, ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй ӕмӕ ӕнӕ йӕ закъӕттӕй амондджын кӕй нӕ уыдаиккой. Уыдоны бафӕндыд, цӕмӕй сӕм Хуыцау мацы бар дардтаид, уымӕн ӕмӕ хъуыды кодтой, афтӕмӕй сӕ цард кӕй фӕхуыздӕр уыдзӕн. Ӕмӕ сын Хуыцау цы сӕрибардзинад радта, уымӕй раст не спайда кодтой, ӕмӕ йын йӕ ныхасы сӕрты ахызтысты (Райдиан, 3 сӕр).

Дзырддаг фарста, Дун-дунейы хицау чи у, уый фӕдыл

3–5. Цымӕ Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы цӕуылнӕ фесӕфта ӕмӕ сӕ бӕсты ӕндӕр нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы цӕуылнӕ сфӕлдыста?

3 Цымӕ Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы цӕуылнӕ фесӕфта ӕмӕ сӕ бӕсты ӕндӕр нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы цӕуылнӕ сфӕлдыста? Уымӕн ӕмӕ дзырддаг сси, Дун-дунейы хицау уа, уыцы бар ын кӕй ис, уый.

4 Уӕдӕ сӕвзӕрд ахӕм фарста: хицау чи хъуамӕ уа ӕмӕ кӕй разамынд у хуыздӕр? Хуыцау у Ӕппӕтхъомысджын ӕмӕ ӕппӕт дӕр уый сфӕлдыста, ӕмӕ йын уый дӕтты бар, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр разамынд дӕтта. Хуыцау ӕгӕрон зонды хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ уымӕй хуыздӕр разамонӕг нӕй. Фӕлӕ дзырддаг сси, хицау уа, уый бар ын кӕй ис. Кӕд, мыййаг адӕймаджы исты хъӕндзинадимӕ сфӕлдыста? Фӕстӕдӕр ӕркӕсдзыстӕм, адӕймаг кӕронмӕ Хуыцауыл иузӕрдион уа, уый дзырддаг фарстаимӕ куыд баст у, уымӕ.

5 Адӕм ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрын кӕй райдыдтой, уымӕ гӕсгӕ ма сӕвзӕрд ноджыдӕр иу фарста: адӕмӕн ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй хуыздӕр уыдзӕн? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау уыцы фарстайӕн дзуапп зыдта. Фӕлӕ йӕ адӕм та куыд хъуамӕ базыдтаиккой? Уый тыххӕй ӕппӕты хуыздӕр уыди, цӕмӕй сын радтаид, цы сӕрибардзинад сӕ хъуыди, уый. Уыцы фӕндаг сӕхӕдӕг равзӕрстой, ӕмӕ сӕ Хуыцау дӕр сӕхи бар ауагъта.

6, 7. Хуыцау адӕмӕн уыйбӕрц рӕстӕг цӕмӕн радта, цӕмӕй сӕ сӕрибардзинадӕй, куыддӕриддӕр сӕ фӕндыд, афтӕ пайда кодтаиккой?

6 Хуыцау адӕмӕн фаг рӕстӕг радта, цӕмӕй сӕ сӕрибардзинадӕй, куыддӕриддӕр сӕ фӕндыд, афтӕ пайда кодтаиккой. Уый фӕрцы сбӕлвырд уыдаид, Хуыцауы разамынд хуыздӕр у ӕви адӕмы. Уыцы рӕстӕг хъуамӕ фаг уыдаид, цӕмӕй сӕ бон цыдӕриддӕр уыди, уый сарӕзтаиккой политикӕйы, техникӕйы, наукӕйы ӕмӕ медицинӕйы.

7 Хуыцау абоны онг адӕймаджы йӕхицӕн разамынд дӕттын уый тыххӕй уадзы, цӕмӕй иууылдӕр бамбарой, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын хорз у ӕви нӕ. Уӕдӕ адӕймагӕн йӕ бон уыд ӕвзарын, хорздзинад араздзӕн ӕви ӕвзӕрдзинад, уарзгӕ кӕндзӕн ӕви йе сӕфт уындзӕн, рӕстӕй архайдзӕн ӕви хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕндзӕн. Фӕлӕ-иу цы равзӕрста, уый-иу цӕмӕ ӕркодта, уыдӕттӕ дӕр-иу федта: хорздзинад ӕмӕ фарн кӕнӕ фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ.

Зӕдтӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты

8, 9. а) Уӕлӕрвты иу зӕд Хуыцауы ныхмӕ куыд рацыд? б) Сайтан ма Адам ӕмӕ Евӕйӕ уӕлдай Хуыцауы ныхмӕ кӕй скодта?

8 Базонын ма хъӕуы ноджыдӕр иу хабар. Хуыцауы разамынды ныхмӕ ӕрмӕст Адам ӕмӕ Евӕ нӕ рацыдысты. Уӕдӕ ма уыцы рӕстӕг ӕндӕр чи уыд? Зӕдтӕ. Адӕмы сфӕлдисыны размӕ Хуыцау уӕлӕрвты сфӕлдыста тынг бирӕ зӕдты. Уыдоны дӕр схайджын кодта ахӕм сӕрибардзинадӕй, цӕмӕй сӕхӕдӕг хастаиккой уынаффӕтӕ, стӕй афтӕ конд уыдысты, ӕмӕ хъуамӕ хъуыстаиккой Хуыцауы разамындмӕ (Иов 38:7; Псалом 104:4; Раргомад 5:11).

9 Библи нын ӕргом кӕны, уӕлӕрвты Хуыцауы ныхмӕ фыццаг иу зӕд кӕй рацыд. Уый бабӕллыд ӕгӕрон сӕрибардзинадмӕ. Суанг ма йӕ уый дӕр бафӕндыд, цӕмӕй адӕм уымӕн куывтаиккой (Матфейы 4:8, 9). Уыцы зӕд Адам ӕмӕ Евӕйы ахӕм зондыл сарӕзта, цӕмӕй Хуыцауы ныхмӕ рацыдаиккой – мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта, зӕгъгӕ сӕ Хуыцау цыдӕр хорздзинад ӕмбӕхсы (Райдиан 3:1–5). Уый тыххӕй хуыйны Хӕйрӕг (фыдкойгӕнӕг) ӕмӕ Сайтан (ныхмӕлӕууӕг). Фӕстӕдӕр ма уый Хуыцауы ныхмӕ скодта ӕндӕр зӕдты дӕр. Уыдон систы хӕйрӕджытӕ (Дыккаг закъон 32:17; Раргомад 12:9; 16:14).

10. Адӕм ӕмӕ зӕдтӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый цӕмӕ ӕркодта?

10 Адӕм Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд сыл Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты бар цӕуын райдыдта. Уымӕ гӕсгӕ Библи Сайтаны хоны «ацы цардӕвӕрды хуыцау», уый ӕнӕуырнджытӕн «сӕ сӕрызонд... бакуырм кодта». Уый тыххӕй ис фыст Хуыцауы Ныхасы, зӕгъгӕ, «ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы». Чырысти йӕхӕдӕг Хӕйрӕджы схуыдта «ацы дунейы хицау» (2 Коринфӕгтӕм 4:4; 1 Иоанны 5:19; Иоанны 12:31).

Дыууӕ дзырддаг фарстайы

11. Сайтан ма цавӕр хъуыддаг сдзырддаг кодта?

11 Сайтан ма сдзырддаг кодта ноджыдӕр иу хъуыддаг, ӕмӕ уый дӕр баст уыди Хуыцауимӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ загъта, Хуыцау адӕмы цыдӕр хъӕндзинадимӕ сфӕлдыста, ӕмӕ иунӕг адӕймаджы дӕр зындзинӕдты бахаугӕйӕ нӕ бафӕнддзӕн, раст цы у, уый аразын. Иудзырдӕй, загъта, фӕлварӕнты адӕм Хуыцауы ӕлгъитгӕ дӕр кӕй ракӕндзысты (Иов 2:1–5). Афтӕмӕй Сайтан сдзырддаг кодта адӕмы иузӕрдиондзинад.

12–14. Сайтан цы дыууӕ фарстайы сдзырддаг кодта, уыдоны тыххӕй рӕстӕг цы хъуамӕ равдыстаид?

12 Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау фаг рӕстӕг радта, цӕмӕй зӕдтӕ дӕр ӕмӕ адӕм дӕр федтаиккой, куыд аскъуыддзаг уыдаид уыцы дзырддаг фарста, стӕй ма иннӕ дзырддаг фарста дӕр, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн уый бар ис, ӕмӕ Дун-дунейы хицау уа. (Абар Рацыд 9:16.) Уыцы дыууӕ фарстайӕн раст дзуапп раттӕн уыдаид, адӕмӕн уыцы рӕстӕгмӕ цы бантыстаид, уымӕ гӕсгӕ.

13 Цымӕ рӕстӕг цы равдисдзӕн, Хуыцауӕн уый бар ис, ӕмӕ Дун-дунейы хицау уа, уый тыххӕй? Цымӕ адӕм сӕхицӕн Хуыцауӕй хуыздӕр разамынд дӕтдзысты? Цымӕ адӕм ахӕм хицаудзинад ӕрымысдзысты, цӕмӕй ӕгас дунейы дӕр адӕм амондджын уой, мауал уа хӕстытӕ, фыдракӕндтӕ ӕмӕ хӕрамдзинад? Цымӕ мӕгуырдзинадӕн кӕрон скӕндзысты ӕмӕ ничи ницыуал цух уыдзӕн? Цымӕ сӕ бон афтӕ саразын бауыдзӕн, цӕмӕй адӕм мауал рынчын кӕной, мауал зӕронд кӕной ӕмӕ мауал мӕлой? Хуыцау хицау куы уыдаид, уӕд ӕппӕт уыдӕттӕй хызт уыдаиккой (Райдиан 1:26–31).

14 Цымӕ адӕймаг та йӕхи куыд равдисдзӕн ӕмӕ дыккаг дзырддаг фарстайӕн цавӕр дзуапп ратдзӕн? Цымӕ Хуыцау адӕмы цыдӕр хъӕндзинадимӕ сфӕлдыста? Фӕлварӕны бахаугӕйӕ сӕ исчи рӕстӕй архайдзӕн? Адӕмӕй искӕй бафӕнддзӕн, цӕмӕй йын разамынд ӕндӕр адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау дӕтта?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 13 фарсыл]

Хуыцау адӕмӕн рӕстӕг радта, цӕмӕй сарӕзтаиккой, сӕ бон цыдӕриддӕр уыди, уый

[Барлӕвӕрдӕй]

Shuttle: Based on NASA photo