Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 хай

Цард ӕнӕ хъизӕмӕрттӕй

1, 2. Милуангай адӕм та куыд хъуыды кӕнынц?

Цард ӕнӕ хъизӕмӕрттӕй

 ФӔЛӔ ӕгас дунейы дӕр милуангай адӕм бынтон ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнынц. Уыдон ӕнхъӕлмӕ кӕсынц диссаджы фидӕнмӕ. Фидарӕй зӕгъынц, тагъд рӕстӕджы ам зӕххыл кӕй скӕндзӕн ахӕм цард, ӕмӕ дзы фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ нал уыдзӕн. Уырны сӕ, тагъд ӕвзӕрдзинадӕн йӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн ӕмӕ кӕй ралӕудзӕн ног дуне. Афтӕ дӕр ма дзурынц, зӕгъгӕ, уыцы ног дунейӕн бындур абон цӕуы ӕвӕрд.

2 Уыцы адӕмы уырны, ног дунейы кӕй нал уыдзӕн хӕстытӕ, фыдракӕндтӕ, ӕгъатыр ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ, стӕй мӕгуырдзинад. Уый уыдзӕн, низтӕ, маст, цӕссыг ӕмӕ суанг мӕлӕт дӕр кӕм нӕ уыдзӕн, ахӕм дуне. Уыцы рӕстӕг адӕм суыдзысты ӕххӕст ӕмӕ зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм амондджынӕй цӕрдзысты. Суанг мӕрдтӕ дӕр райгас уыдзысты ӕмӕ сын фадат уыдзӕн ӕнустӕм цӕрынӕн!

3, 4. Уыцы адӕм афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц?

3 Афтӕ кӕй хъуыды кӕнынц, уый цымӕ ӕрмӕст бӕллиц у? Цымӕ митӕй мӕсгуытӕ нӕ амайынц? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Уыдоны фидарӕй уырны, зӕххыл Дзӕнӕт ӕнӕмӕнг кӕй уыдзӕн (Дзуттӕгтӕм 11:1). Цӕмӕ гӕсгӕ сӕ уырны? Уымӕн ӕмӕ уымӕй зӕрдӕ бавӕрдта, Дун-дуне чи сфӕлдыста, уыцы ӕппӕтхъомысджын Хуыцау.

4 Хуыцауы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй Библи дзуры: «Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр... нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр сӕххӕст сты. Иу дӕр дзы нӕ фӕмӕнг». «Хуыцау адӕймаг нӕу, цӕмӕй сайа... Уый зӕгъдзӕн, ӕмӕ йӕ нӕ сараздзӕн? Йӕ дзыхӕй ныхас рацӕудзӕн, ӕмӕ йӕ нӕ сӕххӕст кӕндзӕн?» «Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ расомы кодта: „Куыддӕриддӕр сфӕнд кодтон, афтӕ уыдзӕн. Куыддӕриддӕр аскъуыддзаг кодтон, афтӕ рауайдзӕн“» (Йесо Навин 23:14; Нымӕцтӕ 23:19; Исай 14:24).

5. Цавӕр фарстатӕн хъӕуы дзуапп ссарын?

5 Фӕлӕ кӕд Хуыцауы зӕххыл Дзӕнӕт скӕнын фӕндыд, уӕд цымӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ цӕуа? Кӕд ныр ӕвзӕрдзинадӕн кӕрон скӕнынмӕ хъавы, уӕд ӕхсӕз мин азы цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ каст? Адӕм ӕнусты дӕргъы хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц, уый цымӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ныл Хуыцау ӕцӕг нӕ тыхсы кӕнӕ Хуыцау нӕй?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]