Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

12-ӕм урок

Аргъ кӕн цард ӕмӕ тугӕн

Аргъ кӕн цард ӕмӕ тугӕн

Цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм цардмӕ? (1) абортмӕ? (1)

Чырыстӕттӕ ӕдасдзинадыл кӕй хъуыды кӕнынц, уый куыд ӕвдисынц? (2)

Цӕрӕгойты марӕн ис? (3)

Адӕймаг цардӕн кӕй нӕ аргъ кӕны, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг? (4)

Хуыцауы закъон туджы тыххӕй цы зӕгъы? (5)

Уыцы закъон туг уадзынмӕ дӕр хауы? (6)

1. Йегъовӕ у Царддӕттӕг. Зӕххыл цард алцӕмӕн дӕр Хуыцау радта (Псалом 35:10). Хуыцауы цӕсты цард тынг зынаргъ у. Суанг ма мады гуыбыны цы сывӕллон ис, уый цард дӕр Йегъовӕйӕн у тынг зынаргъ. Ахӕм рӕзгӕ уд амарын Хуыцауы цӕсты стыр тӕригъӕд у (Рацыд 21:22, 23; Псалом 126:3).

2. Ӕцӕг чырыстӕттӕ хъуыды кӕнынц сӕхи ӕмӕ иннӕты ӕдасдзинадыл дӕр. Уыдон архайынц, цӕмӕй сӕ машинӕтыл ӕдасӕй цӕуӕн уа ӕмӕ сӕ хӕдзӕртты та – ӕдасӕй цӕрӕн (Дыккаг закъон 22:8). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕхцондзинад райсын кӕнӕ хи аирхӕфсыны тыххӕй сӕхи тӕссаг уавӕрты не ’ппарынц. Уымӕ гӕсгӕ, адӕймагӕн фыдмитӕ кӕм фӕкӕнынц, ахӕм спорты нӕ архайынц. Сӕхи хизынц фыдмитӕм разӕнгардгӕнӕг хиирхӕфсӕнтӕй дӕр (Псалом 10:5; Иоанны 13:35).

3. Цӕрӕгойты цард дӕр зынаргъ у Сфӕлдисӕгӕн. Чырыстӕттӕн цӕрӕгойты марӕн ис хӕринаг ӕмӕ дарӕс самал кӕныны тыххӕй кӕнӕ та сыл исты низ куы схӕца йе та адӕймаджы цардӕн тӕссаг куы уа, уӕд (Райдиан 3:21; 9:3; Рацыд 21:28). Фӕлӕ сын фыдмитӕ кӕнын, науӕд сӕ ӕнӕуи кӕнӕ хи аирхӕфсыны тыххӕй марын раст нӕу (Ӕмбисӕндтӕ 12:10).

4. Чырыстӕттӕ нӕдӕр тамако дымынц, нӕдӕр хъылма, ӕмӕ нӕдӕр наркотиктӕ аразынц ӕхсызгондзинад райсыны тыххӕй. Ацы хъуыддӕгтӕ ӕвзӕр сты, уымӕн ӕмӕ 1) сӕ цагъартӕ свӕййӕм, 2) нӕ буарӕн нын зиан хӕссынц ӕмӕ 3) сты чъизи (Ромӕгтӕм 6:19; 12:1; 2 Коринфӕгтӕм 7:1). Ахӕм хъуыддӕгтӕ ныууадзын тынг зын вӕййы. Фӕлӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ райгонд уа, уӕд сӕ хъуамӕ ныууадзӕм.

5. Тугӕн дӕр стыр аргъ ис Хуыцауы цӕсты. Хуыцау зӕгъы, уд, ома цард, туджы кӕй ис. Уымӕ гӕсгӕ тугхъӕстӕ хӕринаг хӕрӕн нӕй. Кусартӕй дӕр туг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы нӕ рауадзой, уӕд ын йӕ дзидзайӕ хӕрӕн нӕй. Кӕд цӕрӕгой ныххӕдмӕл кӕнӕ къӕппӕджы ныммард, уӕд ӕй хӕрӕн нӕй. Кӕд цӕрӕгойы истӕмӕй барӕхуыстой кӕнӕ йӕ фехстой, уӕд ын йӕ туг уайтагъд хъӕуы рауадзын ӕмӕ йын ӕрмӕстдӕр уӕд ис йӕ дзидзайӕ хӕринаг кӕнӕн (Райдиан 9:3, 4; Левиты 17:13, 14; Хъуыддӕгтӕ 15:28, 29).

6. Цы зӕгъӕн ис буары туг уадзыны тыххӕй та? Дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕ нӕ домы, цӕмӕй тугӕй нӕхи хизӕм. Ома хъуамӕ нӕ буары ма уадзӕм искӕй туг кӕнӕ нӕхи туг дӕр, кӕмдӕр ӕвӕрд чи уыд, уый (Хъуыддӕгтӕ 21:25). Уымӕ гӕсгӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ туг нӕ уадзынц. Уыдон разы сты, цӕмӕй сӕ дзӕбӕх кӕной, туг кӕм нӕй, ахӕм хостӕй. Уыдоны фӕнды цӕрын, фӕлӕ сӕ цард бахъахъхъӕнынӕн Хуыцауы закъӕтты сӕрты нӕ ахиздзысты (Матфейы 16:25).

[Нывтӕ 25 фарсыл]

Цӕмӕй нӕ Хуыцау райгонд уа, уый тыххӕй хъуамӕ туг ма уадзӕм, чъизи ӕмӕ нӕ цардӕн тӕссаг хъуыддӕгтӕй нӕхи хизӕм