Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

15-ӕм урок

Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн

Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн

Цы базыдтай, уый иннӕтӕн дзурын цӕмӕн хъӕуы? (1)

Кӕмӕн у дӕ бон хорз хабар хъусын кӕнын? (2)

Дӕ уагахаст иннӕтыл куыд фӕзындзӕн? (2)

Кӕд у дӕ бон ӕмбырдимӕ иумӕ хъусын кӕнын райдайын? (3)

1. Ды Библийӕ бирӕ хорз цыдӕртӕ базыдтай. Уыдон дӕ хъуамӕ сразӕнгард кӕной чырыстон миниуджытыл кусынмӕ (Ефесӕгтӕм 4:22–24). Ахӕм зонындзинӕдтӕ ӕнӕмӕнг хъӕуынц ӕнусон цард райсынӕн (Иоанны 17:3). Фӕлӕ иннӕтӕн дӕр хъӕуы ацы хорз хабар фехъусын кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр фервӕзой. Ӕцӕг чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ хъусын кӕной. Уый у Хуыцауы фӕдзӕхст (Ромӕгтӕм 10:10; 1 Коринфӕгтӕм 9:16; 1 Тимофеймӕ 4:16).

2. Библийӕ цы хорз цыдӕртӕ базоныс, уыдон тыххӕй дзурӕн ис алкӕмӕн дӕр. Дзур сӕ дӕ бинонтӕн, дӕ хӕлӕрттӕн, де ’мкъласонтӕн кӕнӕ де ’мкусджытӕн. Ныхасгӕнгӕйӕ у хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕразон (2 Тимофеймӕ 2:24, 25). Рох дӕ ма уӕд: адӕм арӕх, адӕймаг сын цы дзуры, уымӕ нӕ фӕхъусынц, фӕлӕ йын фылдӕр йӕ уагахастмӕ фӕкӕсынц. Уымӕ гӕсгӕ, дӕ хорз ӕгъдау уынгӕйӕ иннӕтӕ ӕхсызгондӕрӕй байхъусдзысты, цы хабар сын хъусын кӕныс, уымӕ (Матфейы 5:16; 1 Петры 3:1, 2, 16).

3. Рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд дын бар уыдзӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдимӕ хъусын кӕнынӕн. Уый у ахсджиаг къахдзӕф чырыстон фӕндагыл (Матфейы 24:14). Куыд ӕхсызгон дын уаид, искӕмӕн куы баххуыс кӕнис, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг суа ӕмӕ ӕнусон цард райса! (1 Фессалоникӕгтӕм 2:19, 20).