Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

14-ӕм урок

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организаци куыд архайы

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организаци куыд архайы

Кӕд райдыдта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты нырыккон истори? (1)

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ се ’мбырдтӕ куыд уадзынц? (2)

Куыд ӕмбӕрзт цӕуынц хӕрдзтӕ? (3)

Алы ӕмбырды дӕр йӕхимӕ разамынд чи исы? (4)

Цавӕр стыр фембӕлдтӕ вӕййы алы аз дӕр? (5)

Цавӕр куыст кӕнынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады ӕмӕ филиалты? (6)

1. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты нырыккон истори райдыдта 1870-ӕм азты. Райдианы хуындысты Библииртасджытӕ. Фӕлӕ 1931 азӕй фӕстӕмӕ хуыйнынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Уыцы ном райстой Фыстадӕй (Исай 43:10). Райдианы бынтон гыццыл цы организаци уыд, уым ныр ис милуангай Ӕвдисӕнтӕ. Уыдон 230 бӕстӕйӕ фылдӕры зӕрдиагӕй хъусын кӕнынц хорз хабар.

2. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕн сӕ фылдӕрӕн фембӕлдтӕ вӕййы къуыри ӕртӕ хатты. Дӕу дӕр хонынц уыцы фембӕлдтӕм (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Цӕуыл ахуыр кӕнынц, уый у Библийӕ. Фембӕлдтӕ райдайынц ӕмӕ фӕвӕййынц куывдӕй. Ноджыдӕр ма фембӕлдтӕн сӕ фылдӕры зӕрдӕбынӕй фӕзарынц «кады зарджытӕ» (Ефесӕгтӕм 5:18, 19). Уыцы фембӕлдтӕм алкӕмӕн дӕр йӕ бон у бацӕуын, ӕхца дзы нӕ фембырд кӕнынц (Матфейы 10:8).

3. Ӕмбырдтӕн сӕ фылдӕрӕн фембӕлдтӕ вӕййы Паддзахады залты. Уыдон сты хуымӕтӕг агъуыстытӕ, аразынц сӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхӕдӕг. Паддзахады залты нӕ фендзынӕ дзуӕртты нывтӕ, дзуарӕвӕрд хъӕдтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм цыдӕртӕ. Ӕппӕт хӕрдзтӕ дӕр ӕмбӕрзт цӕуынц мысайнӕгтӕй. Мысайнаг раттын кӕй фӕнды, уыдонӕн залы ис сӕрмагонд асыкк (2 Коринфӕгтӕм 9:7).

4. Алы ӕмбырды дӕр ис хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, кӕнӕ цӕстдарджытӕ. Уыдон сӕхимӕ разамынд исынц ӕмбырд ахуыр кӕныны хъуыддаджы (1 Тимофеймӕ 3:1–7; 5:17). Ӕххуыс сын кӕнынц кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ (1 Тимофеймӕ 3:8–10, 12, 13). Уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды иннӕтӕй сӕхи нӕ уӕлдӕр кӕнынц (2 Коринфӕгтӕм 1:24). Сӕрмагонд нӕмттӕ дӕр нӕ хӕссынц (Матфейы 23:8–10). Сӕ дарӕсӕй дӕр иннӕтӕй нӕ хицӕн кӕнынц. Нӕдӕр сын мызд фидынц. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц ӕмбырды иннӕтӕн сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн. Сӕ бон у, зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, уыдоны бафидар кӕнын ӕмӕ сын хорз уынаффӕ раттын (Иаковы 5:14–16; 1 Петры 5:2, 3).

5. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ма ӕрвылаз вӕййы стыр фембӕлдтӕ дӕр, ома конгресстӕ. Уыциу рӕстӕг бирӕ ӕмбырдтӕ иумӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, цӕмӕй байхъусой Библийыл арӕзт сӕрмагонд программӕмӕ. Алы конгрессы дӕр донаргъуыд райсынц ног ахуыргӕнинӕгтӕ (Матфейы 3:13–17; 28:19, 20).

6. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дунеон сӕйраг хайад ис Нью-Йорчы. Уым кусы Разамонӕг совет – йӕ цӕст ӕппӕтдунеон ӕмбырдмӕ чи дары, уыцы фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймӕгты къорд. Уымӕй уӕлдай ма алы бӕстӕты ис 100 филиалӕй фылдӕр. Уым барвӕндон кусджытӕ ӕххуыс кӕнынц библиӕмбарынгӕнӕн литературӕ уадзынӕн ӕмӕ йӕ ӕмбырдтӕм ӕрвитынӕн. Афтӕ ма уырдыгӕй разамынд дӕттынц хъусын кӕныны хъуыддагӕн дӕр. Хорз нӕ уаид, ӕввахсдӕр дӕм цы филиал ис, уырдӕм куы ацӕуис?