Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5-ӕм урок

Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?

Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?

Йегъовӕ зӕхх цӕмӕн сфӕлдыста? (1, 2)

Абон зӕхх дзӕнӕт цӕуылнӕ у? (3)

Цы ’рцӕудзӕн ӕвзӕр адӕмыл? (4)

Цы сараздзӕн фидӕны Йесо рынчынтӕн? зӕрӕдтӕн? мӕрдтӕн? (5, 6)

Цӕмӕй фидӕны хорздзинӕдтӕй хайджын уай, уый тыххӕй дӕ цы хъӕуы аразын? (7)

1. Йегъовӕ зӕхх уый тыххӕй сфӕлдыста, цӕмӕй йыл адӕм ӕнустӕм цӕрой. Фӕндыди йӕ, цӕмӕй зӕххыл цӕрой рӕстаг, амондджын адӕм (Псалом 113:24; Исай 45:18). Зӕхх никуы фесӕфдзӕн – уый уыдзӕн ӕнустӕм (Псалом 103:5; Екклесиаст 1:4).

2. Цалынмӕ Хуыцау адӕймаджы не сфӕлдыста, уӕдмӕ зӕххыл иу бынат равзӕрста ӕмӕ дзы скодта рӕсугъд дзӕнӕт. Схуыдта йӕ Едемы цӕхӕрадон. Уым ӕрцӕрын кодта фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы. Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ сын хъуамӕ рацыдаид зӕнӕг ӕмӕ адӕм хъуамӕ ӕрцардаиккой ӕгас зӕххыл дӕр. Уыдон сындӕггай ӕгас зӕххӕй дӕр хъуамӕ дзӕнӕт скодтаиккой (Райдиан 1:28; 2:8, 15).

3. Адам ӕмӕ Евӕ зонгӕ-зонын ахызтысты Хуыцауы закъоны сӕрты, ӕмӕ уымӕй тӕригъӕд ракодтой. Уый тыххӕй сӕ Йегъовӕ Едемы цӕхӕрадонӕй ратардта. Дзӕнӕтӕй ӕнӕхай фесты (Райдиан 3:1–6, 23). Фӕлӕ Йегъовӕйӕ нӕ ферох, зӕхх цӕй тыххӕй сфӕлдыста, уый. Зӕрдӕ нын ӕвӕры, зӕхх ногӕй дзӕнӕт кӕй суыдзӕн ӕмӕ йыл адӕм ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты. Куыд сӕххӕст кӕндзӕн Хуыцау йӕ фӕнд? (Псалом 36:29).

4. Цӕмӕй зӕхх дзӕнӕт суа, уый тыххӕй фесафын хъӕуы ӕвзӕргӕнджыты (Псалом 36:38). Уыцы хабар ӕрцӕудзӕн Армагеддоны – Хуыцауы хӕсты. Уыцы хӕст кӕрон скӕндзӕн ӕвзӕрдзинадӕн. Уый фӕстӕ Хӕйрӕг 1 мин азмӕ баст ӕрцӕудзӕн. Уый та нысан кӕны, ӕмӕ зӕххӕн зиан ничиуал хӕсдзӕн. Фервӕздзысты ӕрмӕстдӕр Хуыцауы адӕм (Раргомад 16:14, 16; 20:1–3).

5. Уый фӕстӕ 1 мин азы дӕргъы зӕххӕн уӕларвӕй разамынд дӕтдзӕн паддзах Йесо Чырысти (Раргомад 20:6). Уый нын нӕ зонд ӕмӕ нӕ буарӕй сындӕггай тӕригъӕд айсдзӕн. Адам ӕмӕ Евӕ цалынмӕ тӕригъӕд нӕ ракодтой, уӕдмӕ куыд ӕххӕст уыдысты, раст ахӕм ӕххӕст адӕймӕгтӕ суыдзыстӕм. Уӕд ничиуал кӕндзӕн рынчын, зӕронд ӕмӕ мӕлгӕ дӕр. Рынчынтӕ сдзӕбӕх уыдзысты, зӕронд адӕм се ’рыгон бонтӕм ӕрыздӕхдзысты (Иов 33:25; Исай 33:24; Раргомад 21:3, 4).

6. Иу мин азмӕ Хуыцауыл иузӕрдион адӕм ӕгас зӕххӕй дӕр дзӕнӕт скӕндзысты (Лукайы 23:43). Афтӕ ма Хуыцау милуангай адӕмы райгас кӕндзӕн, цӕмӕй зӕххыл цӕрой (Хъуыддӕгтӕ 24:15). Кӕд Хуыцауы домӕнтӕ ӕххӕст кӕной, уӕд зӕххыл цӕрдзысты ӕнустӕм. Кӕд нӕ, уӕд та сӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Иоанны 5:28, 29; Раргомад 20:11–15).

7. Афтӕмӕй сӕххӕст уыдзӕн, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй райдианы цы фӕнд уыдис, уый. Фӕнды дӕ, цӕмӕй уыцы хорздзинӕдтӕй хайджын уай? Кӕд о, уӕд Йегъовӕйы хуыздӕр базоныныл архай ӕмӕ йын йӕ домӕнтӕ ӕххӕст кӕн. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм куы цӕуай, уӕд дын уый стыр ӕххуыс уыдзӕн (Исай 11:9; Дзуттӕгтӕм 10:24, 25).

[Ныв 11 фарсыл]

Дзӕнӕтӕй ӕнӕхай фесты

[Нывтӕ 11 фарсыл]

Армагеддоны фӕстӕ зӕхх ногӕй суыдзӕн дзӕнӕт