Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

7-ӕм урок

Хуыцаумӕ кӕй кувӕм, уый фӕрцы йӕм ӕввахс кӕнӕм

Хуыцаумӕ кӕй кувӕм, уый фӕрцы йӕм ӕввахс кӕнӕм

Цӕмӕн хъӕуы ӕдзухдӕр кувын? (1)

Кӕмӕ хъуамӕ кувӕм ӕмӕ куыд? (2, 3)

Цӕй тыххӕй ис кувӕн? (4)

Кӕд ис кувӕн? (5, 6)

Цымӕ Хуыцау алкӕй куывдтытӕ дӕр хъусы? (7)

1. Хуыцауимӕ сӕрныллӕгӕй куы ныхас кӕнай, уӕд уый хуыйны кувын. Хорз уаид, Хуыцаумӕ ӕдзухдӕр куы кувис. Афтӕмӕй дын зынаргъ хӕларау ӕввахс суыдзӕн. Кӕд Йегъовӕ стыр ӕмӕ хъомысджын у, уӕддӕр нын нӕ куывдтытӕм хъусы. Хуыцаумӕ ӕдзухдӕр фӕкувыс? (Псалом 64:3; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:17).

2. Адӕймаг кувгӕ кӕмӕ кӕны, лӕггад дӕр уымӕн кӕны. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ кувӕм ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ Хуыцаумӕ. Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд алы хатт дӕр куывта ӕрмӕстдӕр йӕ Фыдмӕ, ӕндӕр никӕмӕ. Мах дӕр афтӕ хъуамӕ кӕнӕм (Матфейы 4:10; 6:9). Фӕлӕ нӕ куывдтытӕ алы хатт дӕр хъуамӕ уой Йесойы номӕй. Афтӕмӕй ӕвдисӕм, Йесо чи у, уый кӕй ӕмбарӕм ӕмӕ йын йӕ нывондыл кӕй ӕууӕндӕм (Иоанны 14:6; 1 Иоанны 2:1, 2).

3. Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд йемӕ хъуамӕ зӕрдӕбынӕй ныхас кӕнӕм. Куывдтытӕ ахуыр кӕнын кӕнӕ сӕ чиныгӕй кӕсын нӕ хъӕуы (Матфейы 6:7, 8). Кувын нӕ бон у бадгӕйӕ дӕр ӕмӕ лӕугӕйӕ дӕр, кӕдфӕнды дӕр ӕмӕ кӕмфӕнды дӕр. Нӕхинымӕр куы фӕкувӕм, уӕд дӕр нӕ Хуыцау хъусы (1 Паддзахӕдты 1:12, 13). Хицӕнӕй нӕ куы фӕнда акувын, уӕд хорз уаид, кӕм нӕ нӕ бахъыгдарой, ахӕм бынат ссарын (Марчы 1:35).

4. Цӕй тыххӕй ис кувӕн? Хуыцауы хӕлар уай, уымӕн дӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый тыххӕй (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Йесойы куывдӕй бӕрӕг у, кӕй хъуамӕ кувӕм Йегъовӕйӕн йӕ ном ӕмӕ йӕ фӕнды тыххӕй. Афтӕ ма нӕ бон у Хуыцауӕй курын, цӕмӕй, ӕрвылбоны царды нӕ цы хъӕуы, уымӕй нӕ цух ма уадза, нӕ тӕригъӕдтӕ нын хатыр кӕна ӕмӕ нын фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн ӕххуыс кӕна (Матфейы 6:9–13). Хуыцаумӕ ӕрмӕст уый тыххӕй хъуамӕ ма кувӕм, цӕмӕй дзы исты ракурӕм. Хъуамӕ йӕм кувӕм, йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цы у, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй (1 Иоанны 5:14).

5. Кувӕн ис, куы дӕ фӕнда Хуыцауӕн зӕрдӕбынӕй бузныг зӕгъын кӕнӕ йӕ скадджын кӕнын, уӕд (1 Паралипоменон 29:10–13). Кувын хъӕуы, зындзинӕдтӕ дын куы уа кӕнӕ дӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд дӕр (Псалом 54:23; 119:1). Хорз уаид, хӕрды размӕ дӕр-иу куы акувис (Матфейы 14:19). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕм «алкӕддӕр» кувӕм (Ефесӕгтӕм 6:18).

6. Кувын нӕ уӕлдай тынгдӕр хъӕуы, уӕззау тӕригъӕд куы ракӕнӕм, уӕд. Ахӕм уавӕры хъуамӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна. Кӕд ын нӕ тӕригъӕдтӕ раргом кӕнӕм ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй сӕ дыккаг хатт мауал саразӕм, уӕд нын Хуыцау «цӕттӕ у хатыр кӕнынмӕ» (Псалом 86:5, НД [85:5]; Ӕмбисӕндтӕ 28:13).

7. Йегъовӕ хъусы ӕрмӕстдӕр раст адӕмы куывдтытӕ. Цӕмӕй дын Хуыцау дӕ куывдтытӕ хъуса, уый тыххӕй ӕппӕт хъарутӕй архай йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрыныл (Ӕмбисӕндтӕ 15:29; 28:9). Кувын хъӕуы сӕрныллӕгӕй (Лукайы 18:9–14). Цӕй тыххӕй кувай, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайгӕ дӕр кӕнай. Уымӕй равдисдзынӕ, уырнындзинад дӕм кӕй ис ӕмӕ, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый кӕй дзурыс. Ӕрмӕстдӕр дын уӕд фехъусдзӕн Йегъовӕ дӕ куывдтытӕ (Дзуттӕгтӕм 11:6).