Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

9-ӕм урок

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ уой сыгъдӕг

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ уой сыгъдӕг

Цӕмӕн хъуамӕ уӕм алцӕмӕй дӕр сыгъдӕг? (1)

Цы нысан кӕны сыгъдӕг дин? (2) сыгъдӕг уагахаст? (3) сыгъдӕг хъуыдытӕ? (4) ӕнӕуи сыгъдӕгдзинад? (5)

Цавӕр ӕнӕуаг ныхӕстӕй хъуамӕ хизӕм нӕхи? (6)

1. Йегъовӕ у сыгъдӕг Хуыцау. Уый фӕнды, цӕмӕй йын чи кувы, уыдон дӕр уой сыгъдӕг: сӕ дин дӕр, сӕ уагахаст дӕр, сӕ хъуыдытӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕуи дӕр (1 Петры 1:16). Цӕмӕй Хуыцауы раз сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй хъӕуы зӕрдиагӕй архайын. Мах цӕрӕм ӕнӕгъдау, чъизи дунейы. Стӕй ма нӕ тох кӕнын хъӕуы, нӕ туджы цы тӕригъӕд рахастам, уыимӕ дӕр. Фӕлӕ хъуамӕ фидар уӕм.

2. Сыгъдӕг дин. Кӕд нӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд мӕнг дины ахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттыл хӕст хъуамӕ ма уӕм. Мах хъуамӕ ныууадзӕм мӕнг дин ӕмӕ нын йемӕ иумӕйагӕй мацыуал хъуамӕ уа (2 Коринфӕгтӕм 6:14–18; Раргомад 18:4). Иугӕр ӕцӕг Хуыцауы базыдтам, уӕд хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй нӕ мӕнг ахуырӕдтӕй йӕ фӕдыл мачи асайа (2 Иоанны 10:11).

3. Сыгъдӕг уагахаст. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ алкӕддӕр сӕхи дарой, ӕцӕг чырыстӕттӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ (1 Петры 2:12). Цыфӕнды ма аразӕм, фӕнды сусӕгӕй, фӕнды ӕргомӕй, Хуыцау алцыдӕр уыны (Дзуттӕгтӕм 4:13). Мах хъуамӕ нӕхи хизӕм ӕнӕгъдаудзинадӕй ӕмӕ ацы дунейы ӕнӕуаг хъуыддӕгтӕй (1 Коринфӕгтӕм 6:9–11).

4. Сыгъдӕг хъуыдытӕ. Сыгъдӕг ӕмӕ раст цы у, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уагахаст дӕр уыдзӕн сыгъдӕг (Филиппӕгтӕм 4:8). Фӕлӕ ӕнӕуаг истӕуыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уыцы хъуыдытӕ ӕркӕндзысты ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм (Матфейы 15:18–20). Нӕ зонд нын чи счъизи кӕндзӕн, ахӕм хиирхӕфсӕнтӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм. Хуыцауы Ныхас куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ хъуыдытӕ уыдзысты сыгъдӕг.

5. Ӕнӕуи сыгъдӕгдзинад. Чырыстӕттӕ Хуыцауы минӕвӕрттӕ кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ дарӕс дӕр хъуамӕ уа сыгъдӕг. Туалетӕй куы рацӕуӕм, уӕд хъуамӕ нӕ къухтӕ сапонӕй ныхсӕм, стӕй хӕрды размӕ кӕнӕ хӕринаг куы фӕкӕнӕм, уӕд дӕр. Кӕд дӕ хӕдзары канализаци нӕй, уӕд ӕддӕмӕ цы ацӕуыс, уыдон хъӕуы ныгӕнын (Дыккаг закъон 23:12, 13). Сыгъдӕгдзинадӕй цӕуы ӕнӕниздзинад. Чырыстоны хӕдзар ӕддейӕ дӕр ӕмӕ мидӕгӕй дӕр хъуамӕ уа сыгъдӕг ӕмӕ ӕфснайд. Сыхы иннӕ хӕдзӕрттимӕ абаргӕйӕ хъуамӕ уа фӕзминаг.

6. Сыгъдӕг ныхасыуаг. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ сайгӕ ма кӕной. Сайгӕ чи кӕны, уыдон Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты (Ефесӕгтӕм 4:25; Раргомад 21:8). Чырыстӕттӕ ӕвзӕр дзыхӕй нӕ дзурынц. Уыдон ӕнӕфсарм хъазӕн ныхӕстӕ нӕ кӕнынц, ӕнӕуаг хъуыддӕгтыл нӕ дзурынц ӕмӕ сӕм хъусгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Сӕ сыгъдӕг ныхасыуагӕй бӕрӕг дарынц куысты, скъолайы ӕмӕ сыхы ’хсӕн (Ефесӕгтӕм 4:29, 31; 5:3).

[Нывтӕ 19, 20 фӕрстыл]

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уой сыгъдӕг