1-аг урок
Хуыцау нӕ цы домы, уый куыд ис базонӕн?
Библийӕ цы ис базонӕн? (1)
Чи у Библийы автор? (2)
Цӕмӕн хъӕуы Библи ахуыр кӕнын? (3)
1. Библи у Хуыцауы зынаргъ лӕвар. Уый абарӕн ис, уарзон фыд йӕ хъӕбултӕм кӕй ныффыста, ахӕм фыстӕгимӕ. Библи дзуры Хуыцауы тыххӕй – чи у ӕмӕ нӕ цы домы. Амоны нын, зындзинӕдтӕ куы фӕзыны, уӕд цы кӕнгӕ у ӕмӕ ӕцӕг амонд куыд ссарӕн ис, уый. Цӕмӕй нӕ Хуыцау райгонд уа, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы, уый ӕрмӕстдӕр Библийӕ ис базонӕн (Псалом 1:1–3; Исай 48:17, 18).
2. Н. э. агъоммӕ 1513 азӕй 1 600 азы дӕргъы Библи фыстой 40 адӕймаджы бӕрц. Библийы ис 66 гыццыл чиныджы. Чи йӕ фыста, уыдон ӕй фыстой Хуыцауы фӕндӕй. Уыдон сӕхи хъуыдытӕ нӕ фыстой, фӕлӕ Хуыцауы хъуыдытӕ. Уӕдӕ Библийы Автор адӕймаг нӕу, фӕлӕ Хуыцау (2 Тимофеймӕ 3:16, 17; 2 Петры 1:20, 21).
3. Хуыцау бацархайдта, цӕмӕй Библи абоны онг ӕрхӕццӕ уыдаид. Йӕ фӕндӕй-иу Библи рафыстой, ӕмӕ-иу уый каст, цӕмӕй-иу дзы мацы фӕивтаиккой. Библитӕ цас рацыд мыхуыры, уыйбӕрц ӕндӕр ницавӕр чиныг рацыд. Библи кӕй ахуыр кӕныс, уый алкӕй зӕрдӕмӕ нӕ цӕудзӕн, фӕлӕ дӕ уый ма бакъуылымпы кӕнӕд. Кӕд исчи дӕ ныхмӕ цӕуа, уӕддӕр ма рох кӕн: Хуыцауы базондзынӕ ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕндзынӕ ӕви нӕ, уымӕй кӕнгӕ у де ’нусон цард (Матфейы 5:10–12; Иоанны 17:3).