Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6-ӕм урок

Цы у Хуыцауы Паддзахад?

Цы у Хуыцауы Паддзахад?

Кӕм ис Хуыцауы Паддзахад? (1)

Чи у йӕ Паддзах? (2)

Уыцы Паддзахимӕ ма исчи ис? Кӕд о, уӕд цал сты? (3)

Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у? (4)

Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн цы ’рхӕсдзӕн? (5–7)

1. Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кувын. Паддзахад у, йӕ сӕргъы паддзах кӕмӕн лӕууы, ахӕм хицауад. Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдты хуызӕн нӕу. Уый ис уӕлӕрвты ӕмӕ разамынд дӕтдзӕн зӕххӕн. Уый скадджын кӕндзӕн Хуыцауы ном. Уыцы Паддзахады фӕрцы, Хуыцауы фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уыдзӕн зӕххыл дӕр (Матфейы 6:9, 10).

2. Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ Паддзахады Паддзах Йесо кӕй уыдзӕн, уымӕй (Лукайы 1:30–33). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд равдыста, фӕлмӕнзӕрдӕ, рӕстаг ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Хицау кӕй уыдзӕн, уый. Уӕларвмӕ куы аздӕхти, уӕд уайтагъд не ’рцыд ӕвӕрд Хуыцауы Паддзахады сӕргъы (Дзуттӕгтӕм 10:12, 13). Йегъовӕ Йесойӕн зӕрдӕ цы бартӕй бавӕрдта, уыдон ын радта 1914 азы. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо у Йегъовӕйы ӕвӕрд Паддзах уӕлӕрвты (Данел 7:13, 14).

3. Йегъовӕ ма уӕларвмӕ ацӕуынӕн равзӕрста ноджыдӕр иуӕй-иу иузӕрдион нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты. Уыдон Йесоимӕ иумӕ адӕмӕн уыдзысты паддзӕхтӕ, тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ сауджынтӕ (Лукайы 22:28–30; Раргомад 5:9, 10). Йесо, йемӕ уӕлӕрвты чи уыдзӕн, уыдоны схуыдта «гыццыл дзуг». Сӕ нымӕц у 144 мины (Лукайы 12:32; Раргомад 14:1–3).

4. Йесо куыддӕр Паддзах сси, афтӕ Хӕйрӕджы дӕр ӕмӕ йын йе ’взӕр зӕдты дӕр уӕларвӕй зӕхмӕ ӕрӕппӕрста. Гъе уый тыххӕй афтӕ фӕуӕззаудӕр сты уавӕртӕ зӕххыл 1914 азӕй фӕстӕмӕ (Раргомад 12:9, 12). Хӕстытӕ, ӕххормагдзинад, хӕцгӕ низтӕ ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕй сарӕх сты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йесо паддзах кӕй у ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ фӕстаг бонтӕ кӕй сты (Матфейы 24:3, 7, 8, 12; Лукайы 21:10, 11; 2 Тимофеймӕ 3:1–5).

5. Тагъд Йесо адӕмӕн тӕрхон кӕндзӕн – хицӕн сӕ кӕндзӕн, фыййау фысты сӕгътӕй куыд фӕхицӕн кӕны, афтӕ. «Фыстӕ» сты, йӕ Паддзахадыл иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдон. Уыцы адӕм ӕнустӕм цӕрдзысты зӕххыл. «Сӕгътӕ» та сты, Хуыцауы Паддзахады фарс чи не слӕууа, уыцы адӕм (Матфейы 25:31–34, 46). Тагъд рӕстӕджы Йесо «сӕгъты» хуызӕн адӕмы се ’ппӕты дӕр фесафдзӕн (2 Фессалоникӕгтӕм 1:6–9). Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй ды дӕр Йесойы «фыстӕй» уай, уӕд хъуамӕ хъусай Хуыцауы Паддзахады хабармӕ ӕмӕ, цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ архайай (Матфейы 24:14).

6. Ныртӕккӕ зӕхх дихтӕ у бирӕ бӕстӕтыл. Алы бӕстӕйӕн дӕр ис йӕхи хицауад. Сӕ адӕм арӕх кӕрӕдзийы ныхмӕ фӕхӕцынц. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахад баивдзӕн ӕппӕт зӕххон хицауӕдтӕ. Зӕххыл уыдзӕн ӕрмӕстдӕр иу хицауад (Данел 2:44). Уӕд нал уыдзӕни хӕстытӕ, фыдракӕндтӕ ӕмӕ тыхми. Адӕм иууылдӕр цӕрдзысты хӕларӕй (Михей 4:3, 4).

7. Йесо миназы дӕргъы хицау куы уа, уӕд Хуыцауыл иузӕрдион адӕм суыдзысты алцӕмӕй дӕр ӕххӕст, ӕгас зӕхх та суыдзӕн дзӕнӕт. Уыцы мин азы кӕронмӕ Йесо сӕххӕст кӕндзӕн, Хуыцау ын цыдӕриддӕр бахӕс кодта, уый. Стӕй Паддзахад фӕстӕмӕ йӕ Фыдмӕ ратдзӕн (1 Коринфӕгтӕм 15:24). Хорз нӕ уаид, Хуыцауы Паддзахад нын цы хорздзинӕдтӕ ’рхӕсдзӕн, уый тыххӕй дӕ зонгӕтӕн ӕмӕ дӕ хӕстӕджытӕн куы радзурис?

[Ныв 13 фарсыл]

Йесо Паддзах куы уа, уӕд знаджы цӕстӕй ничи никӕмӕуал кӕсдзӕн, ӕнӕрвӕссон ничи никӕуыл кӕндзӕн