Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3-аг урок

Чи у Йесо Чырысти?

Чи у Йесо Чырысти?

Йесо Хуыцауы «фыццаггуырд» Фырт цӕмӕн хуыйны? (1)

Цӕмӕн хуыйны «Дзырд»? (1)

Йесо зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыди? (2–4)

Цӕмӕн арӕзта диссӕгтӕ? (5)

Йесо тагъд рӕстӕджы цы сараздзӕн? (6)

1. Цалынмӕ Йесо зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ уыди зӕд ӕмӕ царди уӕлӕрвты. Хуыцау ӕппӕты фыццаг сфӕлдыста Йесойы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йесо хуыйны Хуыцауы «фыццаггуырд» Фырт (Колоссӕгтӕм 1:15, фип.; Раргомад 3:14). Йесойы Хуыцау йӕхӕдӕг иунӕгӕй сфӕлдыста. Йесо цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ уыди Йегъовӕйы «дӕсны кусӕг», ӕмӕ уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххыл алцыдӕр сфӕлдыстой иумӕ (Ӕмбисӕндтӕ 8:22–31; Колоссӕгтӕм 1:16, 17). Йесо ма Хуыцауӕн уыд йӕ сӕйраг минӕвар дӕр. Уымӕ гӕсгӕ Йесо хуыйны «Дзырд» (Иоанны 1:1–3; Раргомад 19:13).

2. Хуыцау йӕ Фырты зӕхмӕ ӕрӕрвыста, йӕ цард ын Марийӕйы хуылфмӕ рахаста, афтӕмӕй. Уымӕ гӕсгӕ Йесойӕн зӕххон фыд нӕ уыд. Гъе уый тыххӕй нӕ рахаста йӕ туджы тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинад дӕр. Хуыцау Йесойы зӕхмӕ рарвыста ӕртӕ хъуыддаджы тыххӕй: 1) цӕмӕй адӕмӕн бацамыдтаид, Хуыцау чи у, уый (Иоанны 18:37); 2) цӕмӕй кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззадаид ӕмӕ нын равдыстаид, куыд цӕрын нӕ хъӕуы, уый (1 Петры 2:21), ӕмӕ 3) цӕмӕй йӕ цард нывондӕн ӕрхастаид ӕмӕ нӕ афтӕмӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид. Уый цӕмӕн бахъуыди? (Матфейы 20:28).

3. Фыццаг адӕймаг Адам Хуыцаумӕ кӕй нӕ байхъуыста, уымӕй, Библи куыд зӕгъы, атфӕмӕй ракодта тӕригъӕд. Уый тыххӕй йын Хуыцау мӕлӕты тӕрхон рахаста (Райдиан 3:17–19). Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ кӕй нал цард, уымӕ гӕсгӕ ӕххӕст нал уыди. Ӕппынфӕстаг базӕронд ӕмӕ амард. Адамы сывӕллӕттӕ се ’ппӕт дӕр сӕ туджы рахастой тӕригъӕд. Гъе уый тыххӕй адӕм рынчын дӕр кӕнынц, зӕронд дӕр ӕмӕ мӕлгӕ дӕр. Фӕлӕ адӕмы фервӕзын кӕнӕн куыд уыд? (Ромӕгтӕм 3:23; 5:12).

4. Йесо уыд ӕххӕст адӕймаг, раст Адам куыд ӕххӕст уыд, афтӕ. Ӕрмӕст Адамӕй уӕлдай, Йесо алкӕддӕр, суанг ӕппӕты стырдӕр фыдӕвзарӕны дӕр, Хуыцауӕн коммӕгӕс уыди. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыди йе ’ххӕст адӕймаджы цард нывондӕн ӕрхӕссын ӕмӕ уый руаджы Адамы тӕригъӕды тыххӕй бафидын. Библийы уый хуыйны «ахӕсты аргъ». Афтӕмӕй Адамы сывӕллӕттӕн фӕзынд мӕлӕты тӕрхонӕй фервӕзыны фадат. Йесойыл чи ӕууӕнды, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр хатыргонд цӕуынц сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сын ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Псалом 48:8; Иоанны 3:16; Ромӕгтӕм 5:18, 19).

5. Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд рынчынты дзӕбӕх кодта, ӕххормаг адӕмы ӕфсӕста ӕмӕ денджызы тыхджын дымгӕтӕ сабыр кодта. Суанг ма мӕрдты дӕр ӕгас кодта. Цӕмӕн арӕзта Йесо диссӕгтӕ? 1) Хъизӕмаргӕнӕг адӕмӕн тӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ фӕндыд уыдонӕн баххуыс кӕнын. 2) Цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон дзурӕг уыдысты, Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл. 3) Уыцы диссӕгтӕй равдыста, зӕххӕн паддзах куы уа, уӕд коммӕгӕс адӕмӕн хорзӕй цы сараздзӕн, уый (Матфейы 14:14; Марчы 2:10–12; Иоанны 5:28, 29).

6. Йесо амарди, фӕлӕ йӕ Хуыцау райгас кодта ӕмӕ уӕларвмӕ аздӕхт (1 Петры 3:18). Фӕстӕдӕр ӕй Хуыцау Паддзахӕй сӕвӕрдта. Тагъд рӕстӕджы Йесо зӕххӕй ӕппӕт ӕвзӕргӕнджыты дӕр фесафдзӕн ӕмӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕндзӕн (Псалом 36:9–11; Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22).

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Йесо адӕмы ахуыр кодта, диссӕгтӕ арӕзта ӕмӕ ма мах тыххӕй йӕ цард дӕр нывондӕн ӕрхаста