Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4-ӕм урок

Чи у Хӕйрӕг?

Чи у Хӕйрӕг?

Куыд фӕзынд Сайтан Хӕйрӕг? (1, 2)

Хӕйрӕг адӕмы куыд сайы? (3–7)

Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар лӕууын цӕмӕн хъӕуы? (7)

1. Дзырд «хӕйрӕг» амоны, искӕмӕй мӕнг ныхӕстӕ чи кӕны, уый. «Сайтан» та – знаг кӕнӕ ныхмӕлӕууӕг. Ацы нӕмттӕ хӕссы Хуыцауы цыфыддӕр знаг. Райдианы уый уыд ӕххӕст зӕд ӕмӕ царди уӕлӕрвты. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕгӕр схъал ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй Хуыцауӕн нӕ, фӕлӕ уымӕн кувой, кӕд ӕмӕ табу кӕнын ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн хъӕуы (Матфейы 4:8–10).

2. Уыцы зӕд, Хӕйрӕг, калмы уылты сдзырдта Евӕмӕ. Йӕ мӕнг ныхӕстӕй Евӕйы уымӕ ’ркодта, ӕмӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызт. Афтӕмӕй Хӕйрӕг рацыд Хуыцауы ныхмӕ. Хӕйрӕджы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Хуыцау, йӕ дӕлбар чи ис, уыдонӕн хорз хицау кӕй нӕу ӕмӕ сын хуыздӕр цы у, уый кӕй нӕ аразы. Хӕйрӕг ма ноджыдӕр загъта, иу адӕймаг дӕр кӕй нӕ баззайдзӕн Хуыцауыл иузӕрдионӕй. Афтӕмӕй Хӕйрӕг йӕхи скодта Хуыцауы знаг. Гъе уый тыххӕй хуыйны Сайтан ӕмӕ Хӕйрӕг (Райдиан 3:1–5; Иов 1:8–11; Раргомад 12:9).

3. Хӕйрӕг адӕмӕн сӕ зӕндтӕ зыгъуыммӕ кӕны, цӕмӕй уымӕн кувой (2 Коринфӕгтӕм 11:3, 14). Адӕмы сайынӕн пайда кӕны мӕнг динӕй. Искӕцы дин Хуыцауы тыххӕй раст куы нӕ амона, уӕд уый Хӕйрӕгӕн йӕ къух аразы (Иоанны 8:44). Мӕнг динтыл хӕст адӕммӕ, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн кувынц. Ӕцӕгӕй та лӕггад кӕнынц Хӕйрӕгӕн. Уый у ацы дунейы хуыцау (2 Коринфӕгтӕм 4:4).

4. Хӕйрӕг ма адӕмы йӕ дӕлбар бакӕнынӕн пайда кӕны хинтӕ-кӕлӕнтӕй дӕр. Адӕм ӕнӕуынгӕ тыхтӕй фӕкурынц, цӕмӕй сӕ хъахъхъӕной, иннӕтӕн та зиан хӕссой, сомбон цы уыдзӕн, уый сын дзурой кӕнӕ цӕмӕй диссӕгтӕ аразой. Ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕ цӕуынц ӕвзӕр зӕд Хӕйрӕгӕй. Цӕмӕй нӕ Хуыцау райгонд уа, уый тыххӕй хъуамӕ хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст хъуыддӕгтӕй нӕхи хизӕм (Дыккаг закъон 18:10–12; Хъуыддӕгтӕ 19:18, 19).

5. Хӕйрӕг ма адӕмы ахӕм зондыл дӕр аразы, цӕмӕй сӕ адӕмыхаттӕй сӕрбӕрзонд уой ӕмӕ политикон организацитыл сӕ ныфс дарой. Иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, цыма сӕ адӕмыхатт иннӕ адӕмыхӕттытӕй хуыздӕр у. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35). Иннӕтӕ та сӕ ныфс дарынц политикон организацитыл, афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ адӕмы зындзинӕдтӕн уыдон скӕндзысты кӕрон. Афтӕмӕй уыдон ӕвдисынц, Хуыцауы Паддзахад кӕй ницӕмӕ дарынц. Нӕ зындзинӕдтӕй та нӕ ӕрмӕстдӕр уыцы Паддзахад фервӕзын кӕндзӕн (Данел 2:44).

6. Хӕйрӕг ма адӕмы рӕдийын кӕны, тӕригъӕдджын монцты фӕдыл сӕ кӕй сайы, уымӕй. Йегъовӕ нын дзуры, цӕмӕй ӕвзӕр митӕ ма кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, зиан нын кӕй хӕссынц (Галатӕгтӕм 6:7, 8). Чи зоны, иуӕй-иуты фӕнды, цӕмӕй семӕ ӕвзӕр митӕ кӕнай. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд – ахӕм митӕ кӕнай, уый ӕцӕгӕй Хӕйрӕджы фӕнды (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10; 15:33).

7. Цӕмӕй Йегъовӕйы ныууадзай, уый тыххӕй ма Хӕйрӕгӕн йӕ бон у афтӕ саразын дӕр, ӕмӕ адӕм дӕ ныхмӕ цӕуой кӕнӕ дӕ ӕфхӕрой. Библи кӕй ахуыр кӕныс, уый тыххӕй дӕм дӕ хиуӕттӕй иуӕй-иутӕ, гӕнӕн ис, тынг смӕсты уой. Иннӕтӕ та дыл, чи зоны, худой. Фӕлӕ дын цард чи радта? Сайтаны фӕнды дӕу фӕтӕрсын кӕнын, цӕмӕй Библи мауал ахуыр кӕнай ӕмӕ Йегъовӕйы ма базонай. Ма дыл фӕуӕлахиз уӕд! (Матфейы 10:34–39; 1 Петры 5:8, 9). Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар куы лӕууай, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕндзынӕ ӕмӕ равдисдзынӕ, йӕ фарс кӕй дӕ, уый (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

[Нывтӕ 9 фарсыл]

Мӕнг дин, хинтӕ-кӕлӕнтӕ ӕмӕ национализм хӕццӕ кӕнынц адӕмы зонд

[Ныв 9 фарсыл]

Дарддӕр дӕр архай Йегъовӕйы хуыздӕр базоныныл ӕмӕ афтӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар лӕуу