Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кувын куыд хъӕуы?

Кувын куыд хъӕуы?

БИРӔ динтӕм сӕйрагдӕр у, цӕмӕй-иу адӕймаг кувгӕйӕ, зӕгъӕм, лӕугӕ кӕна кӕнӕ бадгӕ кӕна, цавӕрдӕр бӕлвырд ныхӕстӕ дзура кӕнӕ цавӕрдӕр ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕна. Фӕлӕ Библийӕ базонӕн ис, уыдӕттӕ афтӕ ахсджиаг кӕй не сты. Библи нын не ’ргом здахы ноджы ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕм.

Библийӕ базонӕн ис, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ-иу кӕй куывтой алы рӕтты, стӕй-иу куывтой, зӕгъӕм, бадгӕйӕ, лӕугӕйӕ, сӕ сӕр ӕркъул кӕнгӕйӕ ӕмӕ сӕ уӕрджытыл лӕугӕйӕ. Сӕ уавӕртӕм гӕсгӕ-иу куывтой сӕхинымӕр кӕнӕ хъӕрӕй. Кувгӕ-кувын уыдон нӕдӕр фӕрдгуыты халтӕй пайда кодтой, нӕдӕр иконӕтӕй, нӕдӕр куывдтыты чингуытӕй. Фӕлӕ куывтой зӕрдиагӕй ӕмӕ сӕхи ныхӕстӕй. Уӕдӕ-иу сын Хуыцау сӕ куывдтытӕм цӕмӕн хъуыста?

Айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй уыдон куывтой иунӕг ӕцӕг Хуыцаумӕ, Йегъовӕмӕ. Фӕлӕ ма ис иу ахсджиаг хъуыддаг. 1 Иоанны 5:14 стихы фыст ис: «Мах ӕй фидарӕй зонӕм, ӕмӕ Хуыцауӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм, – хъусы нӕ». Уӕдӕ нӕ куывдтытӕ хъуамӕ уой Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ. Уый куыд ӕмбаргӕ у?

Цӕмӕй нӕ куывдтытӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ уой, уый тыххӕй хъуамӕ зонӕм, йӕ фӕндон цы у, уый. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъӕуы Библи ахуыр кӕнын. Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Библи кӕрӕй-кӕронмӕ куы нӕ зонӕм, уӕд нын Хуыцау нӕ куывдтытӕ нӕ хъусдзӕн? Нӕ. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын йӕ фӕндон базонӕм, бамбарӕм ӕй ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайӕм (Матфейы 7:21–23). Ӕмӕ нӕ куывдтытӕ дӕр хъуамӕ уой, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ.

Цӕмӕй нын Хуыцау нӕ куывдтытӕм хъуса, уый тыххӕй хъуамӕ уой йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ, хъуамӕ нӕм уа уырнындзинад ӕмӕ йӕм хъуамӕ кувӕм Йесойы номӕй

Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндоны тыххӕй цас фылдӕр базонӕм, уыйас нӕ уырнындзинад фидардӕр фӕкӕны. Ӕмӕ уый дӕр у ахсджиаг хъуыддаг, цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕм хъуса. Йесо загъта: «Уырнындзинад уӕм уӕд, ӕндӕр Хуыцауӕй цыфӕнды ма ракурат,– сӕххӕст уын кӕндзӕн уӕ курдиат» (Матфейы 21:22). Уырнындзинад нӕм уа, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ алцӕуылдӕр хъуамӕ ӕнцонтӕй ӕууӕндӕм. Уырнындзинад уый у, ӕмӕ адӕймаг цӕуыл ӕууӕнды, уымӕн ын фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы уа, ӕмӕ уый фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты (Дзуттӕгтӕм 11:1). Йегъовӕйы нӕ бон цӕстӕй фенын нӕу, фӕлӕ Библийы ис бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Хуыцау ӕцӕгдӕр кӕй ис, кӕй нын ӕххуыс кӕны ӕмӕ йыл чи ӕууӕнды, уыдоны куывдтытӕм кӕй фӕхъусы, уымӕн. Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон у Йегъовӕйӕ фылдӕр уырнындзинад курын, ӕмӕ нын Йегъовӕ та ӕхсызгонӕй фӕдӕтты, цы нӕ хъӕуы, уый (Лукайы 17:5; Иаковы 1:17).

Кувын куыд хъӕуы, уый фӕдыл ма Йесо иу ахсджиаг хъуыддаджы кой скодта. Уый загъта: «Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоанны 14:6). Уӕдӕ Йесойы фӕрцы нӕ бон у, ӕмӕ баввахс уӕм нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕмӕ. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕмӕ хъуамӕ кувӕм Йесойы номӕй. Ӕмӕ Йесо дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй афтӕ куывтаиккой (Иоанны 14:13; 15:16). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ Йесомӕ кувӕм. Хъуамӕ кувӕм Йесойы номӕй, ӕмӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йесойы фӕрцы нын кӕй ис ахӕм фадат, цӕмӕй баввахс уӕм нӕ сыгъдӕг Хуыцаумӕ.

Иухатт Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ загътой: «Хицау, сахуыр-ма нӕ кӕн кувын» (Лукайы 11:1). Бӕрӕг у, ацы статьяйы цы хъуыддӕгтӕм ӕркастыстӕм, уыдон сӕ кӕй нӕ фӕндыд базонын. Уыдоны фӕндыд базонын, кувӕн цӕй тыххӕй ис, уый.